Поэт Гобозты Валерийы райгуырдыл сæххæст 70 азы

Ирыстон чысыл у, фæлæ йын хъуыддагæй чи лæггад кодта æмæ кæны, уыдон та бирæ сты. Иу барæнæй сæ не сбардзынæ, кæмæн йæ хуынтæ фылдæр сты, кæмæн та къаддæр, фæлæ се ‘хсæн Гобозты Валерийæн дæр йæхи бынат ис. Йемæ зонгæ чи уыд, кæимæ куыста, йæхицæн хæлæрттыл кæй нымадта æмæ йæ йæ хæлар чи хуыдта, уыдон æй фыццаджы фыццаг зыдтой, куыд æнæхин, сайдæй дыл чи нæ рацыдаид, гæнæн уæвгæйæ, дæ тыхст рæстæджы ныфсæвæрæн ныхас кæмæй фехъуыстаис æмæ йæ бон цæмæй уыд, уымæй де ‘нцой чи балæууыдаид, ахæм адæймагæй. Уыимæ куыд уарзта йæ адæмы, Ирыстоны! Уый мах, газет   «Хурзæрин»-ы кусджытæ нæ зæрдыл хорз бадардтам уартæ 90-æм азты, Хуссар Ирыстоны зæххыл хæсты арт куы сыгъд, уæд. Махæй, уацхæсджытæй, алчидæр цыд, кæм цы цаутæ цыдис, уырдæм — лигъдæттæ кæцы хъæуæй ралыгъдысты, æхсæвы кæдæм æхстой гуырдзиæгтæ, уды зиæнттæ кæуыл æрцыд… Валери никуы фæзивæг кодта ахæм бынæттæм ацæуын, кæд боныгон дæр æхстой æмæ цардæн тæссаг уыд, уæддæр. Уæды газеткæсджытæ абон дæр хъуыды кæнынц, 1990 азы цыппурсы горæт куы бацахстой æмæ фыццаг амæттæгтæ куы фæзындысты, уый хæдфæстæ нæ газеты йæ уац «Тугæйдзаг цыппурс», зæгъгæ.

Куыд журналист æмæ куыд поэт, афтæ нæ адæмы æппæт трагикон цауты уый рауагъта йæ æнкъараг зæрдæйыл æмæ сæ адæмы размæ хаста газетон уацты хуызы дæр æмæ поэтикон уацмысты хуызы дæр. Сагъæсы йæ æппæрста, хуссарирыстойнаг ирæттæн сæ фидæн цы уыдзæн, уый. Æмæ 2007 азы цы æмдзæвгæты æмбырдгонд рауагъта, уымæн дæр йæ ном схуыдта «Сагъæс Ирыстоныл». Ам бакæсæн ис бирæ номарæн æмдзæвгæтæ — йæ адæмы сæрыл сæ сæр нывондæн чи æрхастой, Ирыстонæн чи скад кодтой, уыдонæй бирæты тыххæй. Чиныджы ма ирдæй зыны, ныййарæгæн цы стыр аргъ кодта, уый дæр. Уымæн æвдисæн — йæ мад Верæ æмæ йæ фыд Лентъойы тыххæй цы поэмæтæ ныффыста, уыдон.

Уæвгæйæ, ацы чиныг ныффыссынмæ Валерийы сфæлдыстадон цæхæр уæззау дуг аздæхта. Уый размæ йын цы поэтикон æмбырдгæндтæ рацыдысты мыхуыры: «Æмдзæвгæтæ» (1985 аз) æмæ «Арвæрдыны дидинæг» (1989 аз), зæгъгæ, уыдон йедзаг уыдысты царды цинты, уарзты, хæлардзинады æнкъарæнтæй, фæлæ, куыд ма загътам, афтæмæй дуг йæ дæрзæг арм æрæвæрдта поэты сфæлдыстадыл дæр æмæ йæ не суæгъд кодта йæ амæлæты бонмæ. Уый бæрæг у йæ фæстаг чиныджы номæй дæр — «Зæрдæйы цæссыгтæ» (2011 аз). Хъыгагæн, ацы чиныджы йын йæ къухмæ райсын нал бантыст — æрбахастой ма йæм æй йæ æвæрæн бон…

Нæ мысæн, юбилейон уацы фадат нæй æмæ мæ ныфс дæр нæй, йе сфæлдыстадыл лæмбынæг æрдзурын. Уый фылдæрбæрцæй хауы нæ литературæиртасджытæм, хъыгагæн, чи нымæг кæны, нæ уыцы литературон критикæмæ. Фæлæ æнæзæгъгæ нæй, журналистикæ æмæ поэзийы дарддæр йæ царды сæйрагдæртыл цы нымадта, уыдоны тыххæй.

Поэт уæвын иу у, фæлæ дунейы æндæр æмæ æндæр зындгонд поэтты уацмыстæ мадæлон æвзагмæ ивын, тæлмацгæнæджы курдиат дæм уа, уый кæд бынтон æндæр цыдæр нæу, уæддæр æм алчи нæ арæхсы. Æмæ ацы хъуыддаджы дæр Гобозы фырт иттæг сарæхст. Хъуыды йæ кæнын Иван Бунины «Листопад» ирон æвзагыл йæ тæлмацæй куы рацыд, уæд мын æй цæй райзæрдæйæ лæвар кодта. Уый уыд тæлмацы хъуыддаджы, мæнмæ гæсгæ йæ фыццаг æнтыст æмæ йыл базыртæ дæр куыннæ басагътаид. Æндæра нæ фæзындаиккой Александр Пушкины поэмæтæ «Бахчисарайаг фантан», «Æрхуы барæг», «Борис Тодунов» йæ тæл-мацæй. Афтæ ма ратæлмац кодта Михаил Лермантов, Евгени Баратынский æмæ æндæр зындгонд поэтты уацмыстæ. Нæ паддзахадон драмтеатрæн дæр тæлмац кодта драматикон уацмыстæ.

Кæд йе ‘рыгон азты нæ, уæддæр ын поэзи æнцойад кæй нæ лæвæрдта, йæ тыхтæ дзы кæй хардз кодта æнæ-ауæрдонæй, уымæ гæсгæ æрыв-нæлдта поэзийы фадыджы зонадон куыстмæ дæр. Æвналгæ та бакодта нæ литературæйы бындурæвæрджытæй сæ иумæ — Гæдиаты Секъамæ. Æмæ бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци ахæм темæйыл: «Художественное мастерство Секъа Гадиева — поэта». Ам æвзæры, Валеримæ чи нæ хауы, ахæм фиппаинаг: ирон филологийы фарстыты фæдыл цæмæн хъæуы уырыссаг æвзагыл диссертаци фыссын?

Куыд ма банысан кодтам, афтæмæй Валери бирæ азты дæргъы нæ коллегæ уыдис. Уый нæ, фæлæ ма нæ газет ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл куы фæхицæн, уæд йæ сæйраг редактортæй иу ссис уый. Куыста Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ирон литературæйы хайады зонадон кусæгæй, нæ паддзахадон университеты журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæгæй. Йæ уæзгæ хайбавæрд хаста нæ республикæйæн журналистон кадртæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ.

Валери, зæгъæн ис, уыд бирæварсон курдиаты хицау. Йæ царды сæрмагонд бынат ахстой шахмæттæ æмæ шашкæтæ. Йе ‘взонджы бонты уый хайад иста уæды областы, Гуырдзыстоны æмæ Советон Цæдисы æндæр æмæ æндæр ерысты æмæ-иу бацахста призон бынæттæ. Уыд Гуырдзыстоны чемпион шашкæтæй, авд хатты та бацахста дыккаг бынæттæ. Хорз æнтыстытæ йын уыд шахмæттæй дæр. Ацы интеллектуалон хъазт æппæт йæ царды дæргъы æмдзу кодта йемæ. Кæд йæхæдæг нал хъазыд, хайад нал иста ерысты, уæддæр спорты ацы хуызыл цайдагъ кодта рæзгæ фæлтæры. Йæ лæгæдтæ ацы къабазы дæр зынгæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ республикæйы шахматты федераци ныр цалдæр азы ауадзы йæ номыл турнир шахматтæй. Зæгъын хъæуы уый дæр æмæ шахматты федерацийы президент Саулохты Георги дæр кæй у Валерийы раздæры хъомылгæнинаг.

Гобозты Валери гуырдзыйы агрессийы рæстæджы, æдзух йæ адæмимæ уыдис. Цы уæззау дуг ныккодта, уымæн æппæт йæ зындзинæдтæ дих кодта семæ, фæлæ йын 2008 азы августы хæст цы бавзарын кодта, уый уыд йæ царды иууыл уæззаудæр фæлварæн æмæ йын йæ царды бонтыл дæр, æнæдызæрдыгæй, бандæвта. Цæвиттон, йæ хæдзар горæты бæстыастæу ис, зонад-иртасæн институтæй чысыл дæлдæр. Ацы районы та августы хæсты рæстæджы уæлдай тынгдæр æхстой. Бинонты бахъуыд сæ хæдзар ныууадзын æмæ æдасдæр ран сæхи бааууон кæнын. Хæсты фæстæ йæм æрбаздæхтысты, фæлæ дзы нал æрбынат кодтой — нал сбæззыд цæрынæн. Афтæ йын хæст æрæхгæдта йæ хæдзармæ фæндаг æмæ уынджы баззад. Уынджы нæ, æрцард йæ хо Лялямæ, фæлæ хи хæдзар, уæддæр хи хæдзар у. Нал ын банкъардта йæ ад, йæ иувæрсты-иу цы ацыд æмæ-иу æм æрхæндæгæй цы каст, æндæр йæ къуымты никуыуал азылд, никуыуал дзы райста фыссæн сис йæ къухмæ, афтæмæй ацыд  а-дунейæ.

Ацы бынаты бирæ хæдзæрттæ ныппырх ис. Сæ бынæтты сырæзтысты ног, райдзаст хæдзæрттæ, фæлæ цæмæдæр гæсгæ Валерийы хæдзар абон дæр хъæдхъиутæй лæууы горæты астæу…

Валери цардæй бирæ нæ домдта. Домдта æрмæстдæр, цæмæй кусын йæ бон уыдаид, кусыны фадат ын уыдаид. Фæлæ йын уыцы хæрзиуæг дæр хъысмæты цæст нæ бауарзта æмæ 64  аздзыдæй, йæ тæккæ сфæлдыстадон тыхы уæвгæйæ, ахицæн не ‘хсæнæй…

Биазырты Роланд

Наверх