Нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд Абайты Васойы мысæн изæр. Мадзал бацæттæ кодтой ацы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ  æмæ Дыгъуызты Заринæ 5, 7 æмæ 8-æ кълæсты ахуыргæнинæгтимæ.

Мысæн изæрмæ æрбацыдысты профессор Битарты Зоя, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады минæвæрттæ, горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайы сæргълæууæг Лолаты Жаннæ æмæ æндæр уазджытæ. Скъолайы актон залы æвæрд уыд Абайты Васойы портрет, йæ уæлæ фыст уыдысты Плиты Грисы æмдзæвгæйы рæнхъытæ: «Ды цы бон фæзындтæ Ирæн, уый уæд арфæйаг æнусмæ»!

Мадзалы райдианы экранæй райхъуыст Абайты Васойы уæздан хъæлæс, уый бакаст Къостайы æмдзæвгæ. Мадзаламонджытæ Коцты Инал, Джиоты Елисей, Харебаты Данæ æмæ Уалыты Ликæ æгасцу загътой æрæмбырдуæвджытæн æмæ уый фæстæ æрдзырдтой стыр ахуыргонды  цардвæндагыл. «Дунесфæлдисæг æмæ хъысмæт Ирыстонæн балæвар кодтой Стыр Адæймаджы. Уый æппæт йæ цард æмæ курдиат снывонд кодта йæ радтæг адæмæн лæггад кæнынæн. Зынгæ ирон æмбæстаг у филологон зонæдты доктор, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы зонæдты сгуыхт архайæг, Советон Цæдисы Паддзахадон премийы лауреат, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, Стырбритани æмæ Цæгат Ирландийы Азиаг Королаг æхсæнады æцæг уæнг, Хельсинкийы финаг-угораг æхсæнады уæнг-уацхæссæг. Куыд ахуыргонд, афтæ Абайты Васойы ном у дардыл хъуыстгонд.

Васо у зонад нартологийы бындурæвæрджытæй иу. 1945 азы мыхуыры рацыд йæ монографи «Нарты эпос», кæцы у нартологийы тæккæ ахадгæдæр иртасæн куыстытæй иу. 1949 азы мыхуыры рацыд йæ чиныг «Ирон æвзаг æмæ фольклор». Уый куыста Ленинград æмæ Мæскуыйы æвзагзонынады иууыл стырдæр центрты. Æдæппæтæй Васо ныффыста 300 зонадон куыстæй фылдæр. Уыдон хауынц зонады алыгъуызон къабæзтæм — ирон æвзаджы истори æмæ диалектологи, лексикографи, иумæйаг æвзагзонынад, фольклор, литературæ æмæ æндæртæм. Васойы размæ кæд ирон æвзаджы дзырдуæттæ сарæзтой академик Анрей Шегрен æмæ фæстæдæр та академик Всеволод Миллер, уæддæр Васо цы уырыссаг-ирон æмæ ирон-уырыссаг дзырдуæттæ сарæзта, уыдонæн ис хи сæрмагонд бынат.

Уый æрмæст лингвист æмæ фольклорист нæ уыд, фæлæ уыд зынгæ этнограф дæр. Ахуыргонд ирон адæмы этнографийы фарстытыл дзуры лæмбынæг. Васо йæхи къухæй самадта йæ кады цырт. Уымæй буц стæм æрмæст, мах, ирон адæм нæ, фæлæ ма ирайнаг æвзаджы истори чи иртасы, уыцы зынгæ ахуыргæндтæ дæр, — дзырдтой мадзаламонджытæ.

Англисаг ахуыргонд, профессор И.Гершевич фыста: «Ирæтты цардвæндаг ахуыр кæныны хъуыддаджы профессор Абайты Васойы фарсмæ æрæвæрæн никæмæн ис. Уымæн йæ зонындзинæдтæ иранистикæ хъæздыгдæр кæнынц 1926 азæй фæстæмæ». «Ирон адæм буц æмæ сæрыстыр сты сæ пахуымпар ахуыргонд, сæ уарзон хъæбул Абайты Васойæ. Уый йæхи снывонд кодта, йæ тых, йæ зонд æнæхъæнæй радта стыр хорз ахсджиаг хъуыддагæн — зонадæн, культурæйæн», — афтæ ма фыста философон зонæдты доктор, профессор Гæбæраты Сослан. Васойы тыххæй йæ ныхас загъта историон зонæдты доктор, профессор Цыбырты Людвиг дæр. «Алы адæмы историйы дæр вæййы ахæм фæзындтæ, æнæ кæцытæй зын у бамбарын йæ монон рæзт. Иу минут нæ цæстытыл ауайын кæнæм, цыма ирон адæмæн нæ уыд нæдæр Къоста æмæ нæдæр Васо. Уæд бамбардзыстæм, зæгъгæ, æнæ Хетæгкаты Къоста æмæ Абайты Васо ирон адæм нæ уыдаиккой, абон чи сты, уый».

Васойы куыстытæ сты иттæг мидисджын. Алкæцыйы дæр дзы ис цахæмдæр ногдзинад. Йæ «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат»-æн ис стыр нысаниуæг. Ахæм куыст бакæнын æрмæстдæр кæддæр иу ахуыргонды къухты бафты. Ацы дзырдуат уæлдай зынаргъдæр у ирон адæмæн, конд у фондз егъау чиныгæй, кæцыты ис мингай ирон дзырдты равзæрды æмæ ивынады бæрæггæнæнтæ, — дзырдтой мадзаламонджытæ.

Мадзалы рæстæджы цалдæр хатты экранæй райхъуыст Васойы диссаджы тыхдæттæг хъæлæс. Бакаст Къостайы æмдзæвгæ «Халон æмæ рувас» æмæ йæм адæймаг хъусынæй не фсæсти. «Арæх-иу мæ бафарстой, зæгъгæ, цы у амонд. Амонд у уый æмæ адæймаг куы архайы йæ уарзон хъуыддаджы. Æз æвæндонæй нæ куыстон. Нæ мын хъæуы цыт кæнын. Æз ацы куыстытæй балæггад кодтон ирон адæмæн», — дзырдта экранæй Васо.

Мысæн изæры ахуыргæнинæгтæ сæххæст кодтой зарджытæ æмæ ирон кæфтытæ Козаты Маринæ æмæ Асаты Николайы къухдариуæгадæй. Сывæллæттæ кастысты Васойыл фыст æмдзæвгæтæ, кæцыты ныффыстой поэттæ Хъодалаты Герсан, Харебаты Леонид, Икъаты Владимир, Чехойты Оля, Хъодзаты Æхсар, Ходы Камал æмæ æндæртæ.

Мадзалы раныхас кодта æмæ Васойы тыххæй йæ мысинæгтæ радзырдта профессор Битарты Зоя. «Васоимæ ныхас кæнгæйæ-иу тынг тыхстæн, зæгъын, мыййаг æм цыдæр раст куынæ фæкæса æмæ йæ иннæ  хатт куынæ уал бафæнда мемæ амæблын. Васо зонады бæрзæндтæм хизгæйæ сæмбæлд бирæ  ныхдуртыл, фæлæ-иу сыл алыхатт дæр фæуæлахиз ææ-иу сæ сæрты ахызт. Хетæгкаты Къостайы нын Стыр Хуыцау радта 19-æм æнусы æмæ 20-æм æнусы та — Васойы», — дзырдта уый.

Мысæн мадзалы организатортæн бузныджы ныхæстæ загъта Колыты Аксойы номыл Аивæдты лицейы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ.

Æрæмбырдуæвджытæн та арфæйы ныхæстæ загъта Дыгъуызты Лианæ. Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта  РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрадæн,  мадзал ауадзынæн сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Джиоты Екатеринæ

Наверх