Зынаргъ хиуæттæ æмæ хæстæджытæ!

Зынаргъ Ирыстоны адæм!

Мах абон йæ фæстаг фæндагыл æрвитæм адæймаджы нæ, фæлæ ирон адæмы зæды. Уыцы зæды, кæцы Ирыстонмæ æрцыдис ирон адæмы ʻхсæнмæ, цæмæй сæ кады ном ноджыдæр ныхъхъæр уа, цæмæй зæгъой, зæгъгæ, Ирыстоны адæм кадджын адæм сты, æмæ кадджын стæм, кæй загъын æй хъæуы, Нафийæ.

Махæй хицæн кæны ʻнæхъæн дуг, кæцыйæн йæ ном хуыйны Нафи. Махæн не ‘хсæнæй хицæн кæны адæймаг, кæцыйы мах иууылдæр, гыццылæй стырмæ, хуыдтам: нæхи Нафи. Нафийыл цас фæнды азы ма цыдаид, уæддæр абон мах дзурæм, зæгъгæ, Нафи ацыдис æнæрæстæджы.

Æнæрæстæджы уый тыххæй, æмæ йæ æрма бирæ фæндыди саразын. Уый тыххæй æмæ йæм фæстаг хатт куы уыдыстæм, уæд йæ разы уыд бирæ гæххæтытæ, æмæ нын афтæ загъта, зæгъгæ, мæнæ ма адонмæ куы ʻркасин æмæ ма мын ацы куыстытæ куы фæуиккой, уæд мын æнцондæр уаид.

Адæймаг, кæцыйы мах мысдзыстæм, адæймаг, кæцыйы мах уарздзыстæм, адæймаг, кæцыйæн мах кад кæндзыстæм.

Уæдæ, фæндараст æмæ рухсаг у, нæхи Нафи!

Наверх