Дыууæ къуырийы дæргъы уагъд цыд Знауыры районы чемпионат футболæй. Ерысты хайад райстой 10 командæйы, уыдон дихгонд уыдысты дыууæ дæл-къордыл. Турниры уагæвæрдмæ гæсгæ æрдæгфиналмæ ахызтысты, сæ дæл-къордты фыццаг дыууæ бынаты чи бацахста, уыдон. Уыдон та уыдысты Сихиат, Мугут, Дзагъина æмæ командæ «Фæсивæд». Фыццаг уал хъазæн фæзмæ рахызтысты Знауыры командæ «Фæсивæд» æмæ Сихиат. Ам æнтысджындæрæй  архайдтой сихиаттæгтæ, рамбылдтой 3:0 хыгъдæй æмæ ахызтысты фи-налмæ. Финалмæ ахизыныл хъазты ма фембæлдысты Мугут æмæ Дзагъинайы командæтæ. Хъазт рауад æндыгъд. Сæйраг рæстæг фæцис æмдыхæй — 1:1. Уымæ гæсгæ сæ бахъуыд уæлæмхас рæстæг ахъазын. Ам дзагъинæйæгтæн бантыст 2 пуртийы ныхмæлæууæг командæйы кулдуары бакæнын æмæ рамбылдтой 3:1 хыгъдæй.

Финалы Дзагъинайы командæ æнцонтæй фæуæлахиз Сихиаты коман-дæйыл æмæ систы Знауыры районы чемпионаты уæлахиздзаутæ.

Чемпионаты 3-аг бынат та бацахста Знауыры командæ «Фæсивæд», кæцы 3:2 хыгъдæй тыхджындæр уыд Мугуты командæйæ.

Бæрæг æрцыдысты турниры хуызыдæр хъазджытæ. Чемпионаты иууыл хуыздæр хъазæгыл нымад æрцыд Гæджиты Алан (Дзагъина), хуыздæр дуар-гæс ссис Гæбæраты Владимир (Мугут) æмæ хуыздæр хъахъхъæнæг та ссис Джиоты Аркади (Сихиат). Сæрмагонд призтæ ма райстой иууыл æвзонгдæр хъазæг Бестауты Альберт (Мугут) æмæ футболы ветеран Багаты Роланд, кæцы хъахъхъæдта Дзагъинайы хъæуы спортивон кад.

Чемпионаты фæуæлахизуæвæг æмæ призон бынæттæ бацахсæг коман-дæтæ хорзæхджын æрцыдысты кубок-тæ, Кады грамотæтæ æмæ æхцайы премитæй.

Ерысты организатор, Знауыры районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Гаглойты Михаил куыд банысан кодта, афтæмæй чемпионат стыр цымыдисдзинад сывзæрын кодта спортуарзджытæм.

«Хъæзтытæ уагъд цыдысты Знауыры поселочы стадионы. Алы хъазты дæр-иу уыд 100-150 спортуарзæджы. Командæтæ цы хъæутæй уыдысты, уырдыгæй-иу сæрмагондæй æрцыдысты спортуарзджытæ, цæмæй сын бакæсой сæ архайдмæ. Тынг æхсызгон мын уыд, турниры ма хайад кæй райстой Зиулет, Уелит æмæ Бахъаты хъæуы иумæйаг командæ æмæ Балта, Метех æмæ Калеты иумæйаг командæ. Ацы командæтæ фыццаг хатт хайад райстой Знауыры чемпионаты. Уымæ гæсгæ сын зæгъын бузныг», — банысан кодта Гаглойты Михаил.  Уый куыд загъта, афтæмæй чемпионаты фæстиуджытæм гæсгæ бацæттæ кодтой районы æмбырдгонд командæ, кæцы стыр æхсызгонимæ хайад райсдзæн республикон турнирты.

Футболæй чемпионаты финалон хъазты фæстæ, кæцымæ кастысты бирæ спортуарзджытæ, уагъд æрцыдысты гиритæ исынæй, бæндæн ивазын æмæ æфсæн къори æппарынæй ерыстæ.

Гиритæ исынæй ерысты иууыл тыхджындæр уыд Сиукъаты Азæмæт (Сиу-къаты хъæу), 2-аг æмæ 3-аг бынæттæ та адих кодтой Джиоты Аслан (Терегуан) æмæ Козаты Давид (Бехъмар).

Æфсæн къори æппарынæй иууыл цæттæдæр разынд Икъоты Арнольд (Дзагъина), 2-аг ссис Джиоты Аслан (Терегуан) æмæ 3-аг бынат та бацахста Козаты Давид (Бехъмар).

Цымыдисон  рауадысты бæндæн ивазынæй ерыстæ. Ам та иууыл хуыздæр архайдтой Дзагъинайы хъæуы минæ-вæрттæ, 2-аг ссис Знауыры районы дзюдойы скъолайы командæ æмæ 3-аг бынатыл та ацыдысты Дзагъинайы дыккаг командæйы спортсментæ.

Ацы ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæн  раарфæ кодта Знауыры районы администрацийы сæрдар Гæбæраты Инал æмæ сæ схорзæхджын кодта майдантæ, кубоктæ, Кады грамотæтæ æмæ æхцайы премитæй.

Хорзæхджын ма æрцыд ацы спортивон ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Алик Тхелидзе.

Гаглойты Михаил бузныгæй баззад парти «Иугонд Ирыстон»-æй, кæцы сын бакодта финансон æххуыс.

ПАУЭРЛИФТИНГ

Цхинвайлаг спортсмен Икъаты Сæрмæт ссис пауэерлифтингæй дунейы чемпион. Уый архайдта 20 азы онг спортсменты ‘хсæн ерысты троеборье кæй хо-нынц, уым. Уый «жим лежа» кæй хонынц, уым систа 150 кг, «приседание»-йы фенын кодта 240 кг бæрæггæнæн æмæ «становая тягайы» та систа 1280 кг. Сæрмæты бацæттæ кодтой тренертæ Плиты Артур æмæ Габатты Ацæмæз.

Хуриты Батрадз

Наверх