Ацы мæймæ ирон адæм сæхи дæргъвæтин рæстæг цæттæ кодтой рагæй фæстæмæ. Сæ чындзæхсæвтæ, куывдтæ-иу аргъæвтой Джеоргуыбайы мæймæ, сæ фæззыгон куыстытæ-иу куы бакодтой, сæ тыллæг-иу куы бафснайдтой, бабæстон кодтой, уыцы рæстæгмæ. Ныр дæр æм не ‘мбæстæгтæ афæдзы дæргъы æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсынц. Стыр циндзинад æмæ æгæрон бæркад хæссы йемæ ацы бæрæгбон, фæлæ уыимæ иумæ Хуссар Ирыстон æрымысы, цы дудгæбон ыл æркодта 23 ноябры, уыцы æвирхъау цаутæ.

Фæлæ уый фæстæ ирон адæм цы мæнгард знаджы агрессийы амæттаг фесты, уый сын сног кодта ивгъуыд геноцид. Тугмондаг сырдтæ Хуссар Ирыстоныл туджы зæйтæ раджы рауагътой — 20-æм азты…

Гуырдзыстон уæды Уæрæсейы скондæй куы рахызт, уæд йæхи схуыдта демократон паддзахад. Фæлæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты фидар фæнд та уыд Уæрæсеимæ баззайын — ирон адæмы Уæрæсеимæ кæддæриддæр фæндыд æмдзу, æмархайд кæнын хъæрмуд æмæ хæларæй. Ирон лæджы никуы фæндыд Гуырдзыйы сконды уæвын, Уæрæсейы сконды куы уыдаид Гуырдзыстон, уæддæр, уымæн æмæ уыдон махæн уыдысты æмæ сты не знæгтæ.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæ се ‘нæразыдзинад документалон æгъдауæй куы сфидар кодтой, уæд гуырдзыйы тугмондаг сырдтæ сфæнд кодтой æнæсæттон ирæтты скуынæг кæнын!

1920-æм азы Гуырдзыстоны меньшевиктæ æрбабырстой Хуссар Ирыстонмæ: цагътой ирон адæмы, сыгътой сын сæ хæдзæрттæ, куынæг кодтой ирон хъæутæ. 5 мин адæймагæй фыл-дæр фесты æгъатыр знаджы амæттаг, 50 мины та хæхты сæрты ахызтысты Цæгат Ирыстонмæ. Уæд уый уыд ирон адæмы фыццаг геноцид.

Уый фæстæ, Гуырдзыстоны ногæй Советон хицауад куы фæуæлахиз, уæд 1922 азы 20 апрелы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны автономон область ГССР-йы сконды. Уыцы хъуыддаг Ирыстоны адих кодта дыууæ хайыл: Хуссар æмæ Цæгатыл. Иу адæм, иу туг, иу стæг — кæрæдзийæн æцæгæлæттæй хъауджыдæр нал уыдысты.

Хуыдтой сæ «хуссайраг ирæттæ» æмæ «цæгаттаг ирæттæ», æвдисæндары, паспорты дæр сæ наци афтæ нысан цыд.

Æмæ кæд нæ цæгаттаг æфсымæртæ се ‘нæмæт цард кодтой, уæд Хуссар Ирыстон автономон областы ном цы хаста, уый йедтæмæ дзы ирон адæм хорзæй ницы уыдтой, кæд куыстой, фыдæбон кодтой, архайдтой ног цард аразыныл, уæддæр сын Гуырдзыстоны хицауад сæ хурхытыл афтæ ныллæууыд æмæ сын размæ цæуынæн, æндидзынæн къахдзæф дæр не ‘нтыст.

Уыдæттæм нæ кæсгæйæ, ирон лæг быхста, йæ мæгуыры цард кодта, гуырдзиаг æнæфсис гуыбынтæ та йын йæ фæллой хордтой.

Бынтон фыдбоны хай фесты Хуссар Ирыстоны ирæттæ, 1938 азы ирон фыссынад, ахуырад (уæдмæ латинаг дамгъуатыл) гуырдзиагмæ куы ракодтой, уæд. Ирæтты фæрсгæ дæр ничи бакодта, гуырдзиаг «рухстауджыты» нæдæр æндæвта нæ хъуыды. Мингай ахуырдзауы, ахуыргæнæджы баззадысты уынджы — гуырдзиагау фыссын, кæсын, дзурын нæ зыдтой. Нæ наци æрдæг æнусæй фылдæр аззад фæсте, ивгъуыд рæстæджы.

Уый фæстæ кæд сабырдзинад æрфысым кодта Иры зæххыл, уæддæр гуырдзыйы национ политикæ æппæтварсонæй дæр архайдта, цæмæй Ирыстон, ирон адæм мацæмæй уой размæдзыд — сæ удхæссæг уыдтой ирæттæй. Ирон лæг сæм уæларвæй куы ‘рхызтаид сыгъзæрин дзаумæтты, уæддæр-иу дзырдтой: «Къаргиа, маграм осиа» (Хорз у, фæлæ ирон у). Хуыздæр куыстуат, хуыздæр хæдзар, уæрæхдæр, хъæздыгдæр зæххытæ — гуырдзиæгтæн. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзт уыд бынтон ныллæг æмæ ницæйаг æмвæзадыл. Нæ цыфыддæр сыхæгты национ политикæ афтæ хъазуатонæй архайдта, æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты нымæц бæрæг фæкъаддæр — фæлыгъдысты хуыздæр цардагур Цæгат Ирмæ, афтæмæй гуырдзиæгтæ та фылдæрæй-фылдæр кодтой нæ фыдæлты зæххыл æмæ æндидзыдтой сæ уды дзæбæхæн!

Фæлæ Гамсахурдиа цы фыддуг æрхаста йемæ, уымæн дзы æмбал нæ уыд. 20-æм азты йе ‘мзонд лæгмартæн цы нæ бантыст, уый кæронмæ акæнын уыд йæ сæйраг хæс æмæ рагон бæллиц.

Уæд, 1989 азы 23 ноябры гуырдзиаг тугмондаг æвдиутæ рафсад кодтой Цхинвалмæ, цæмæй Театралон фæзуаты ауагътаиккой «æфсымæрдзинады æмæ сæрибардзинады митинг». Фæлæ ирон лæппутæ знаджы сау фæнд бамбæрстой æмæ сæ къахдзæф дæр не ‘рбауагътой Ирыстоны зæхмæ, кæд æгъатыр уазджытæ мингæйттæ уыдысты, уæддæр. Уыдон нæ бауагътой сфæлхат кæнын 20-æм азты тугкалд.

Фидисы амæттаг фесты, афтæмæй аздæхтысты Гамсахурдиайы «хъæбатыр æмæ сæрибархæссæг æфсад». Фæстæдæр гуырдзыйы раздзог ныхъхъæр кодта «Гуырдзыстон — æрмæстдæр гуырдзиæгтæн!» Ирыстоны зæхх, йæ дæттæ, йæ фæндæгтæ — иууылдæр рахуыдтой сæхи, æгæрыстæмæй, сæрибарæй ирæттæн сулæфæн дæр нал уыд, уымæн æмæ уæлдæф дæр гуырдзыйы уыд.

Уæд ирон лæг сдзырдта уæндонæй æмæ ныфсджынæй йæ бартыл. Æмæ кæд бирæ фыдмитæ фæкодтой гуырдзиаг лæгхортæ Хуссар Ирыстоны адæмæн, уæддæр нал фæцудыдта хъæбатыр нарты фæдон, нал алыгъд Цæгат Ирмæ, фæлæ фидарæй слæууыд æд хæцæнгарз йæ фыды уæзæг бахъахъхъæныны сæраппонд. Йæ фарсмæ балæууыдысты йе ‘мбæлттæ, йе ‘мбæстæгтæ, йæ цæгаттаг æфсымæртæ. Нал фæтых знаг ирон хъæбатыртыл.

Бирæ тугуарæн бонтæ арвыста Хуссар Ирыстон дыууын азы дæргъы, бирæ æвзонг лæппутæ фæмард знаджы къухæй, фæлæ уыцы цæссыг æмæ туджы æртæхтыл сырæзт хæдбар паддзахад, сæрибар бæстæ!

Абон Хуссар Ир æндидзы, размæ цæуы, у нымад республикæ, ис ын фидар хæлар — Уæрæсейы Федераци. Стыр æххуыс бакодта æмæ кæны Стыр Уæрæсе Ирыстонæн, ирон адæмæн алы къабазы дæр. Ирон адæм сулæфыдысты сæ риуыдзаг, кусынц, хъуыды кæнынц сæ амондджын фидæныл, сæ хъæбулты хъæлдзæг, æнæмæт цардыл. 23 ноябрь та кæддæриддæр уыдзæн сæ хъуыдыйы — уыцы бон акодта ирон лæг йæ фыццаг къахдзæф фыдвæд фæндæгтыл хæдбардзинадмæ, уæд райдыдта ног дуджы рæстæг.

Цгъойты Аринæ

Наверх