Иры Паддзæхтæ истори райдыдта нæ эрæйы агъоммæ, æгæрыстæмæй Картлийы паддзахад куынæ уыд, уæд. Мцхетайы цард æрыгон лæппу Парнаоз. Уый бахатыд Иры поддзахмæ, цæмæй йын баххуыс кодтаид Александр Македонскийы урæд лæг Язоны Мцхетайæ фæсурынæн. Иры паддзах Уобос баххуыс кодта Парнаозæн. Тохы быдыры Язон фæмард. Хæсты фæстæ Парнаоз ссис Картлийы фыццаг паддзах. Ахæм стыр лæггад ын кæй бакодта  Уобос, уымæ гæсгæ йын Парнаоз йæ хойы усæн радта . ацы хабæрдтæ фыст сты «Картлис Цховреба» — йы фыццаг томы 13 – 24 фæрстыл. Уым ма 45 – 46 фæрстыл фыст ис Иры паддзахтæ каей уыдысты æфсымæртае Базыр æмæ Æмбазыр. Уыдон фæмард сты Гуырдзыстоны сæрыл карз тохтыл. Базыры ныв Архæццæ абоны онг. Уымæн йæ уартыл – скифаг – алайнаг гербы символ.

«Кортлис Цховреба – йы цыппæрæм томы фыст сты ирон паддзах Перош æмæйе фсады раздзог Кафцийы хабæртæ. Уыдон цардысты нæ эрæйы IV æнусы. Перошæн уæ ус уыдис гуырдзиаг паддзах мирианы чызг

V æнусы Ос – Бæгъатыр фæмард гуырдзиаг паддзах Вахтанг Горгасалы къухæй. Уый Никозы аргъуаны ирæттæн бакодта епископон кафæдрæ. XIX æнусы дæр ма Никозы ирæттæ кæй цард, уыцы хабар фыст æрцыд Кавказы археологион къамисы акты 5 – æм томы.

Уый фæстæ ирон паддзахты тыххæй иуæндæсæм æнусмæ ницыуал ныффыста гуырдзиаг азфыссæг, æрмæст «Картлис Цховреба» — йы 1 – аг томы банысан кодта, 980 азæй 1020 азмæ Ирыстоны Дургулел кæй паддзахиуæг кодта, уый тыххæй. Уымæн йæ хо Борена уыдис гуырдзаг паддзах Баграт Цыппæрæмы æмкъай. Дургулел йае сиахс Багратимæ æххуысмæ ракодта 40 мин хæстоны Ораулоны ныхмæ тохмæ.

Абайты Васо йæ чиныг «Ирон æвзаг æмæ фольклор» — ы 310 фарсыл фыста, зæгхгæ, Алайнæгты стыр паддзах Дургулел Абхазыл ныццыд Тифлисмæ йæ хо Боренæйы уынынмæ. Уыимæ Васо бафипайдта, Алайнæгты бæстæ ныззылд тынг дардыл, зæгъгæ.

Дургулелаен йае нывы зыны ариаг – хъобайнаг — скифаг – алайнаг аертаетигъон гербы символ. Боренаейы къам нывгонд уыд Гелуаты аргъуаны кулыл. Дарддæр «Картлис Цховреба» — йы фыццаг томы 297 фарсыл сты Иры паддзах Урдуры хабаерттæ.

«Картлис Цховреба» — йы ис Иры паддзах Худаны хабар. Уымæн йæ чызг Бурдухан уыд Тамар – паддзахы мад. Гуырдзиаг азфыссæг æй хоны «Хурты хур».

Дауыд – Сосланы та азфыссæг хоны Гуырдзыстоны паддзæхты паддзах æмæ Ирыстоны паддзах. Æвæцаегæн, уый Ирыстоны паддзахиуæг кодта, цалынмæ Тамары нæ ракуырдта, уæдмæ. Нывы йæ уæлæфта у сырды цармæй. Уый та у Ирыстоны гербы символ.

Ахуыргонд Тогойты Георги сбæлвырд кодта, Дауыт Сосланы ныв æртæ аргьуаны къулыл арæзт кæй уыд, уый. Уыдонæй сæ иу уыд Карелы районы Хъинцъисы аргъуаны къулыл. Фæлæ йæ чидаер фыддæрадæн акъахта.

Абайты Васо сбæлвырд кодта, Дауыт-Сослан Гелаты аргьуаны ныгæд кæй ис, уый.

Ос-Бæгъатыр Гуры фидар байста XIII æнусы æмæ йы разамынд фæлæвæрдта 30 азы. Афтæ фыста гуырдзиаг азфыссæг. Йæ ныв ныр дæр ис Мцхетайы музейы. 40 азы размæ Мцхетайы сау джын загьта, зæгъгæ, Oс — Бæгъатыры ныв арæзт уыд дис Светъис Цховелийы аргъуаны цъуппыл.

Ирыстоны фæстаг паддзах цардис XVIII æнусы. Йæ нывы йыл ис сырды цармай уæлæфтау. Иры паддзæхты нывты ирдæй зынынц дзуæрттæ æмæ Ирыстоны фыццаг гербы символтæ — æртæсæрон сырды нывтæ. Ахæм герб Тъехты Баграт ссардта Дзауы район Тлийы уæлмæрды. Ныртæккæ уый ис Дзæуджыхъæуы музейы æфснайд.

Алайнæгты бæсты ныр дæр бирæ ис Чырыстон аргьуантæ æмæ сæ пырхæтæ. Ахæм аргъуантæ Хуссар Ирыстоны ис Спекъы, Дменисы, Тъбеты, Билуртайы Къастауы, Сохты, Залдайы, Кæсаджджыны, Къуайсайы, Надарвазы, Додоты æмæ бирæ æндæр рæтты.

Дæлдæр мыхуыр кæнæм ирон паддзæхты нывтæ.

Цхуырбаты Иван, историон зонаедты кандидат

 

Наверх