Ацы зайæгойы тыххæй дыргъгуыстгæнджытæ, фыццаджыдæр, сæ хъусдард аздахынц, зынтонæн кæй вæййы, уымæ. Æмæ, æцæгæйдæр, цалынмæ йæ гагатæ не срæгъæд вæййынц, уæдмæ сæ ницы хуызы æртондзынæ. Куы срæгъæд вæййынц, уæд та къухты мидæг фæцъæл кæнынц, уыимæ сæм сындзджын къалиутæй бавналæн дæр нæ вæййы æмæ сæ не ‘ртондзынæ æнæ исты тонæн фæрæзтæй.

Кæркмысындзæг хауы, иууыл арæхдæр фембæлæн кæуыл ис æмæ иууыл пайдадæр чи сты, уыцы зайæгойты номхыгъдмæ. Йæ гагатæ хъæздыг сты алыгъуызон витаминтæ, микроэлементтæ, органикон туагадтæ, каротин æмæ æндæр буарадтæй. Цахæм хуызы фæнды дзы ма пайда кæной, уæддæр у пайда. Аразынц дзы фыхтæг, джем, сой, тадтаг… Зайы алы ран дæр — Сыбырæй хуссар бынæттæм, вæййы бæласы æмæ къутæры хуызæн дæр, йæ къалиутæ сты тынг сындзджын. Йæ гагатæ сты тымбылгонд, сæ хуыз та — бур. Уыдон срæгъæд вæййыц фæззæджы æмбистæм, ис сын туагадджын ад.

Рагзаманты кæркмысындзæг зындгонд уыд, куыд эффективон хосгæнæн фæрæз æмæ деликатесон продукт.

Хуссары регионты уый дидинæг æфтауы апрелы фыццаг æмбисы, сыфтæр æфтауын куы райдайы, уæд.

Ацы зайæгойы талатæ садзгæйæ, сæ хъомыл кæнынмæ хъæуы уæлдай стырдæр хъусдард здахын. Рухс бирæ кæй уарзы, уымæ гæсгæ йæ аууон бынаты садзын нæ хъæуы.

Греци, Китай, Монголи, Сыбыры кæркмысындзæгæй пайда кодтой куыд æнæниздзинады иумæйаг фидаргæнæн, витаминтæ баххæстгæнæн, склерозы ныхмæ, хъæдгомгасгæнæн фæрæз, афтæ. Цармы низты, къæдзнизы, подаграйы, ахсæнтъæнгты, улæфæн органты низты, æгæрыстæмæй, рæуджыты хроникон судзаджы рæстæджы дæр нымад цæуы хосгæнæн фæрæзыл.

Кæркмысындзæджы биологон æгъдауæй активон буарадтæ бæрзонд кæнынц иммунитет, инфекцитæм организмы ныхмæлæууынад.

Кæркмысындзæг йæ биохимион скондмæ гæсгæ у уникалон зайæгой. Йæ дыргъы сконды ис органон туагадтæ (4 проценты онг), сæкæр (7 проценты онг), флавоноидтæ, 5 проценты онг сой йæ дыргъы æмæ йæ тауинаджы та — 8-12 проценты онг. Витамин  С йæ сыфтæрты ис йæ гагатæй фылдæр.

Адæмон æмæ нырыккон медицинæйы æмæ косметикæйы пайда кæнынц йæ донæй æмæ йæ фæлмæнæй, афтæ ма йæ зетийæ. Зайæгой тагъд гас кæны хъæдгæмттæ, ахъаз у æнæниздзинад æндидзынгæнæн процесстæн, ахсæны доны секрецийæн, ис ын антибиотикон миниуæг. Сойтуагадты, сойы батайæг витаминты (А, К, Д, Е), фосфолипидты æмæ стеринты фæрцы лæууы  атеросклерозы ныхмæ, цæмæй ма фæтынгдæр уа.

Адæмон медицинæ кæркмысындзæджы зетийæ пайда кæны рагæй. Зетийæ хос кодтой ахсæн æмæ ахсæны бын тъанджы (двенадцатиперстная кишка) сынчъытæн, тъæнгты низтæн æмæ геморройæн. Ацы низты рæстæджы, хæрдæй æрдæг сахаты размæ, бон æртæ хатты нуазын хъæуы цайы уидыджы дзаг зети.

Ахсæн æмæ ахсæны бын тъанджы сынчъытæн амонынц æрдæг хæрæн уидыджы дзаг зети бон æртæ хатты, хæрдæй 40 минуты размæ.

Ацы зетийæ нæй хос кæнын холецистит, ахсæны бын рæзынæг, диарейæ, масты дзæкъулы дуртæ куы уа, уæд.

Кæркмысындзæджы зетийæ сæрдынц буары сыгъд бынæттæ, пайда дзы кæнынц сылгоймæгтæн гинекологон низты рæстæджы. Æххуыс кæныны курс у 10-15 процедурæ, бон дыууæ хатты, райсом æмæ изæрæй.

Буары цармы низтæн хос кæнынц, кæркмысындзæджы сой æмæ хуыйы тъæнгты цы сой ис (1:1), уыимæ иумæ.

Кæркмысындзæджы зети ис, бактериты ныхмæ цы препараттæ ис, уыдоны. Ацы препараттæй пайда кæнынц гастроэнтерологийы, гинекологийы, проктологийы æмæ цармы низтæн хос кæнынæн.

Цæмæй кæркмысындзæджы сыгъ-дæг (100%) зети æрцæттæ кæнат, уый тыххæй æхсад, сур  дыргътæ хъуамæ ныллæмарат æмæ дзы цы дон рацæуа, уый ныккæнут авгын мигæнæны, ныууадзын æй хъæуы иу суткæ талынг ран. Зети доны сæрмæ ссæудзæн æмæ йæ арæхстгай исын хъæуы уидыгæй, кæннод пипеткæйæ. Бавæрын æй хъæуы уазалгæнæны. Бафснайын хъæуы йæ дон дæр, бирæ витаминтæ дзы кæй ис, уымæ гæсгæ. Лæмарæнты бахус кæнын хъæуы. Уыдон пайда сты зымæг-уалдзæджы цай аразынæн.

 

 

Наверх