Ирон адмæй ацы бæрæгбон чи нæ зоны, æвæццæгæн, ахæм нæй. Вæййы сусæны мæйы дыккаг хуыцаубоны. Бæрæгбон афтæ кадджын уыди, æмæ ирæттæ уыцы мæр Кæхцгæнæны мæй хуыдтой.

Алы ноггуырд лæппуйæн дæр скæнынц кæхц. Раздæрты æрмæстдæр фыццаг лæппуйæн кодтой кæхц, фæлæ куыдфæстæмæ кæхц кæнын райдыдтой алы ноггуырд лæппуйæн дæр Ноггуырд лæппуйы фæзынд ирон хæдзары стыр хъуыддаг уыди, уымæн æмæ хæххон фыдуавæргы сæйраг уæз нæлгоймагыл хауд, уый уыди бинонтæн сæ ныфс, сæдарæг.

Кæхцгæнæны бонмæ ма-иу дыууæ къуырийы куы баззад, уæд-иу, фыццаг лаеппу кæмæн райгуырд, уыцы сылгоймаджы йæ сывæллонимае хуынимæ йæ цæгатмæ кæхцагур арвыстой. Чызджы бинонтæ-иу хуынмае сыхæгты æрхуыдтой, чызгæн йемæ чи уыд, уыдонæн-иу фæарфæтæ кодтой, хорз-иу сæ сбуц кодтой.

Æрыгон мадмæ-иу цы æрæмбырд, уыдон иу уæрдоны сæвæрдтой, лæвар байраг кæнæ гал-иу уæрдоны фæстæ бабастой, лыстæг фос дæр скъæрдтой фæсте, æмæ-иу æй йæ хæдзармæ арвыстой.

Кæхцагур сылгоймæгтæ сæ хæдзæрттæм здæхтысты хуыцаубоны, æмæ-иу адæм æнхъæлмæ кастысты, уæдæ сывæллонæн йæ мадырвадæлтæ цы балæвар кодтой, зæгъгаг.

Кæд æмæ-иу сывæллонæн ницы балæвар кодтой, уæд-иу йæ бон уыд, куы бахъомыл, уæд йæ мадырвадæлтæй бæх аскъæрын. Афтæ дæр-иу уыд, æмæ, мадырвадзæлтæм бæх нæй, зæгъгæ, уаед-иу лаеппу, мадырвадæлты ‘рдыгæй уæнгхæс тæгдæр чи уыд, уыдонæй аскъжрдта бæх.

Лæппуйы хæдзар дæр-иу сцæттæ кодтой сæхи кæхцгæнæнтæм, аргæвстой-иу уæныг, кæнæ фыркъа, кæмæн йæ фадат куыд амыдта, афтæ. Куывдмæ-иу æрхуыдтой хъæубæсты, сывæллоны мадырвадæлты. Фынджы хистæрмае-иу бахастой лæппуйы ног надæй, ног уæлæдарæсы, æмæ-иу ын йæ мадырвадæлтæ цы хуын рарвыстой, уый скуывтой. Фылдæр куывтой Мады Майрæммæ, Уастырджимæ. Хистæр-иу куы фæци куывд, уæд-иу сывæллоны райста, йæ рахис къухы æнгуылдз ын-иу дзыккайы къусы атъыста.

Кæхц не скæнын худинаг уыди, стæй-иу афтæ дæр дзырдтой, зæгъгæ, Кæхцгæнæны арфаетæ кæй номыл нæ уа, уыцы лæппу рынчынтæгæнаг уыдзæн. Уымæ гæсгæ-иу кæхц скæнын афоныл кæмæн нæ бантыст, уыдон-иу æй фæстæдæр дæр сарæзтой.

Куыдфæстæмæ сылгоймаг йæ цæгатмæ кæхцагур нал цыд, цæгат сæхæдæг райдыдтой кæхц хæссын. Чызджы бинонтæ хуын саразынц; ноггуырдæн алы дзаумæттæ æмæ хъазæнтæ балхæнынц, семæ æрбаласынц кусæрттаг-фыс. Лæппуйы хæдзармæ æрæмбырд вæййынц хионтæ, сыхæгтæ æмæ сæ уазджыты сбуц кæнынц.

Наверх