Мæ Ирыстон, дæуæй зынаргьдæр нæй

Зæххыл мæнæн, мæ мадау мын адджын дæ.

Дæ хъарм хъæбысы тар фынæй кæнын,

Дæ хæхтæй дымгæ радымы рæвдаугæ.

Сæрыстыр дæн, кæй цæрын æз дæ зæххыл,

Кæй дæн ирон æмæ Алантæн сæ фæдон,

Кæд дын нæ уон аккаг хъæбул, уæддæр,

Дæ сæрвæлтау хæсдзынæн æз мæ сæр!

(Тыджыты Мария, скъола-интернаты 7-æм къласы ахуыргæнинаг)

9-æм апрелы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыд референдум нæ райгуырæн бæстæйы историкон ном – Аланийы Паддзахад раздахыны сæраппонд. Куыд æй зонæм, афтæмæй ирон адæм референдумæн сæ разыйы хъуыды загътой, æмæ ныртæккæ нæ райгуырæн бæстæйы ном иумиййагæй хуыйны Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Паддзахад Алани.

Ирыстоны хæрз æвзонг фæссивæдæн æмæ скъоладзаутæн референдумæн сæ хъæлæс радтыны бар æмæ сæ хъуыды зæгъыны фадат нæ уыд, фæлæ Ахуырады Министрады фæрцы уагъд æрцыд сочинениты конкурс «Мæ Алани», цы ран нæ æвзонг æмбæстæгтæ загътой сæ хъуыды ацы фарсты фæдыл. Иттæг хорз куыстытæ ныффыстой нæ æвзонг фæссивæд, æмæ нæ фæнды, цæмæй нæ зынаргъ кæсджытæ дæр базонгæ уой сæ уацмысты скъуыддзæгтимæ.

Бекойты Янæ, СОШ №3, 10-æм къласы ахуыргæнинаг

Бирæ фыдæвзарæнтæ бавзæрстой ирон адæм, фæлæ нæ ферох кодтой, нæ фыдæлтæй нæм цы хорз æгъдæуттæ баззад, уыдон: хистæрæн кад кæнын, сылгоймагæн аргъуц кæнын æмæ уазæгуарзондзинад.

Ирон адæм сæ сæр никуы æркъул кодтой знаджы раз. Кæддæриддæр худинаджы бæсты æвзæрстой мæлæт.

Ирон адæмæн ис бирæ хæлæрттæ: Уырыс, Абхаз, Венесуэллæ, Никарагуа, Луганцк æмæ Донецкы республикæтæ.

Хетæгкаты Къоста,Абайты Васо æмæ Нафийы хуызæн куырыхон хистæртæ кæмæн уыд æмæ ис, уыцы адæм кады аккаг сты.

Мæн уырны, мæ Фыдыбæстæ азæй-азмæ тыхджындæр кæй кæндзæнис, кæй суыдзæни нæ фыдæлты нæргæ хицауад — Паддзахад Алани! Уыйас фыдæбæдтæ цы адæм бавзæрстой, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсы рæсугъд æмæ рухс фидæн. Тырндзынæн æз, мæ бон цас уа, уыййас лæггад кæндзынæн мæ уарзон Ирæн!

Букулты Виктория, СОШ №1, 11-æм къласы ахуыргæнинаг

Мах, ирæттæ; стæм Алайнаг адæмы фæдонтæ. Цæрæм дыууæ дихæй. Удыгас буар куыд адих кæнай, уыйау дихгонд æрцыд нæ мæгуыр Ирыстон дæр. Уæнгхъуаг адæймагау фыдæбонæй мæлы мæ Ирыстон.

Цæмæннæ хъуамæ цæриккам мах иугонд Аланийы нæ фыдæлтау? Цæмæннæ нын радта Хуыцау ахæм амонд? Нæ цæгаттаг хотæ æмæ æфсымæртимæ иу паддзахады цæмæннæ цæрæм?

Ирон адæм зындгонд сты Аланты фæдонтæй. Абон дæр цæгаттаг бæстæтæ хъавынц нæ истори сæхи бакæнын, уыцы хъуыды сæм æппындæр никæцæй хауы, афтæмæй. Абон нæ Республикæйы дзырд цæуы Хуссар Ирыстоны схонын Алани. Цæуылнæ уыд гæнæн ацы фарст раздæр аскъуыддзаг кæнын, æмæ нæ Республикæ хуындаид ацы рæсугьд номæй?

Мæн уырны, тагъд рæстæджы нæ Хуссар Ирыстон кæй хæсдзæн кадджын ном — Алани. Тагъд рæстæджы нæ Республикæйы ацы фарсты тыххæй уыдзæн Референдум. Мæнæн абон хæлæс кæныны бар нæй, фæлæ мын бар куы уаид, уæд милуан хатты дæр радтин хъæлæс, цæмæй мæ рæсугъд Ир, цæмæй мæ уарзон Ир хæсса кадджын ном — Алани. Мæнæн æхсызгон у, мæ хъуыдытæ кæй загътон. Æз ацы аз фæуыдкаенын астæуккаг ахуыр æнтысгæйæ. Мæн цард кæдæм фæндыдæр куы фæхæсса ахуыры фæндагыл, уæддæр æрыздæхдзынæн мæ уарзон Ирыстонмæ æмæ лæггад кæндзынæн зæрдæбынæй мæ уарзон Аланийæн.

Æз бæллын, цæмæй Ирыстон уа иугонд æмæ раздаха йæ фыдæлтæй баззайгæ ном — Алани. Мах — æвзонг фæлтæр, хъуамæ цæрæм иугонд Аланийы æмæ сæрбæрзондæй дзурæм алкæмæндæр: «Æз Аланийæ дæн!».

Æлборты Оксанæ, СОШ №9, 9-æм къласы ахуыргæнинаг

Абоны политикон-барадон æмæ экономикон фарстытæ скъуыддзаг кæнгæйæ, нæ ивгъуыды цард сахуыр кæныны хъуыддаг ахсы стыр бынат. Уымæн æмæ æнæ ивгъуыд нæй сомбон æмæ æнæ сомбонмæ тырнгæйæ та, нæй адæмæн размæ цæуæн æмæ уæвынад кæнæн.

Кавказы адæмты ‘хсæн разынд абоны боны ахæмтæ, кæцытæ аланты дæр æмæ нæ зынгæ эпос – Нарты кадджыты сæхи бакæнынмæ æрхъавыдысты. Фæлæ уыдон ууыл цæмæннæ хъуыды кæнынц, ирон адæмон сфæлдыстад, аланты культурæ махмæ кæй æрцыдис нæ рагфыдæлтæй дзыхæй-дзыхмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ, уыдон афтæ бадынц ирон зæрдæйы æмæ сын мæнмæ гæсгæ се’стонын тынг фæзын уыдзæнис ирон лæджы хъуыдыйæ.

Цæй уæдæ алайнаг кадыл схæцæм уæлæмæ, бæрзонд æй сисæм, æмæ хуымгæнæны мæйы 9-æм боны расидæм референдум, нæ адæмы уынаффæйæ Ирыстоны бæрзонд дзуæртты æххуысæй æмæ сывæрæм ном нæ Республикæйыл, цæмæй хуыйна – Алайнаг Паддзахад.

Уадз æмæ нæ сомбоны фæлтæрæн йæ ныфс мачи бахæсса зæгъын, алантæ ирæттæн кæй ницы бавæййынц.

Плиты Дианæ, СОШ №2, 10-æм къласы ахуыргæнинаг

Алы ирон адæймаг дæр сæрыстыр у нæ фыдæлтæ: скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæй. Цы тæхудиаджы фыдæлтæ нын уыд! Æппæтæй дæр фæзминаг!

Иу рæстæджы нæ цæгаттаг æфсымæртæм уыд карз дисскуситæ, зæгъгæ, Ирыстонæн раздахæм фыдæлты ном Алани. Уæд мæхинымæр хъуыды кодтон, зæгъын, мах та Хуссар Ирыстон, кæд райсдзыстæм нæ фыдæлты ном. Ныртæккæ мæ мæ рагбæлицмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы Хуссар Ирыстоны адæм дæр уыннафæ рахастой, цæмæй Паддзахад Алани æрфидар уа нæ республикæйы дæр. Мæ кар мын хъæлæс кæныны фадат нæ дæтты, æндæра фыццаг æз бацæуин хъæлæс кæнынмæ.

Ацы паддзахад кæстæр фæлтæрыл стыр хæс æвæры. Ныртæккæйы знæт дуджы мах хъуамæ бахъахъхъæнæм нæ паддзахад знæгтæй, цæмæй дзы сабырадон цард уа, аланты кад бæрзонд дарæм.

Чилæхсаты Батрадз, Xетæгкаты Къостайы номыл гимнази «Альбион»ы 8-æм къласы ахуырдзау

Алайнаг фæдоны фæндийæгтæ

Æз алайнаг фæдон дæн!

Нæй мæ цинæн кæрон дæр:

Тагъд мæ бæстæн йæ буц ном Ног ысуыдзæн Аланыстон!

Дидин калæд мæ бæстæ,

Райæд зæрдæ йæ хæхтæй,

Дымгæ рахæссæд кæмттæй

Зарæг хъæлдзæгæй, рогæй!

Уæм кæддæрид рæствæндаг,

Стæй — хæлары фæндиаг.

Знагæн саст уæд йæ дæндаг –

Не стæм уымæн лæгъзтиаг!

Мах-нæ бæсты рæбинаг!

Уæд нæ саби цæринаг!

Хистæр буц уæд йæ кадæй,

Хайджын мах та — йæ фарнæй!

Кæй зæгъын æй хъæуы, конкурсы хайад райстой бирæ æрыгон фæссивæд, æмæ æрмæст скъоладзаутæ нæ, фæлæ ма студенттæ дæр. Конкурсы хайад райсынмæ хъæппæрис равдыстой куыд Хуссар Ирыстоны фæссивæд, афтæ Ирыстонæн йæ Цæгат фарс дæр.

Конкурс «Мæ Алани»-йы кæронбæттæны иууыл цымыдисондæр уацмыстæ кæмæн уыд, уыцы хайадисджытæ хорзæхджын æрцыдысты дипломтæй æмæ мысæн лæвæрдтæй РХИ-йы архайæг Президент Тыбылты Леонидæй.

Бацæттæ кодта Бязырты Мадинæ

Наверх