Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы национ ахастыты фарстаты фæдыл министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хадыхъаты Сосланы фæхуындмæ гæсгæ «Алайнаг фæд»-ы проекты хайад райсынмæ 16 адæймагæй æрцыдыстæм Ирыстонмæ. Раст зæгъгæйæ, хуынд уыд Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Аланты совет», фæлæ мах  сфæнд кодтам æмæ нæ къордмæ бафтыдтам 13 æвзонг лæппу æмæ чызджы. Уыцы фæсивæд фыццаг хатт уыдысты сæ фыдæлты зæххыл. Ацы хабæртты тыххæй мæ цыбыртæй ныффыссын фæнды.

Нæ фæсивæд ацы балцæй тынг райгондæй баззадысты. Фæстæмæ здæхыны рæстæг куыд хæстæг кодта, афтæ æнкъард кæнын райдыдтой, нал сæ фæныдыд фæстæмæ Туркмæ аздæхын æмæ мысыдысты алыгъуызон æфсæнттæ.

«Мæ цард мæ амæй фæстæмæ ам арвитын фæнды». «Цæй, мæ паспорт фесафон æмæ ам баззайон». «Цы æрыгон æмбæлттимæ базонгæ стæм, уыдон Туркмæ рахуыдтам, æмæ цымæ раст бакодтам? Мах ам куыд суазæг æмæ сбуц кодтой, афтæ сæ Турчы суазæг кæнын нæ бон, мыййаг, куынæ бауа».

Сæ ацы ныхæстæ дæр дзурæг сты сæ арф æмæ сыгъдæг æнкъарæнтыл. Нырма Ирыстоны уæвгæйæ, арæзтой фæстæмæ Ирыстонмæ æрцæуыны плæнттæ.

Ирыстоны кадджындæр æмæ ахсджиагдæр уагдæттæй иу у Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасынадты институт. Ацы институтимæ Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Аланты совет»-æн ныр цалдæр азы ис æнгом ахастытæ, æгæрыстæмæй, не ‘хсæнадæн институты бæстыхайы рахицæн кодтой хатæн дæр, йæ дуарыл ын ныффыстой не ‘хсæнады ном. Уый махæн тынг æхсызгон у æмæ мæ уый тыххæй стыр бузныг зæгъын фæнды институты директор Хъаныхъуаты Зæлинæйæн.

Нæ делегацийæн тынг æхсызгон уыд Республикæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг  æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Æхсæнадæмон культурон-ахуырадон проект «Алайнаг фæд»-ы хайадисджытимæ кæй фембæлдысты, уый. Ацы фембæлдтытæ æрмæст суагъæйон нæ уыдысты, фæлæ зæрдиаг, хъарм фембæлдтытæ кæй уыдысты, уый нын сæвзæрын кодта ныфсы, цины æнкъарæнтæ.

Банысан кæндзынæн уый дæр, æмæ Ирыстоны — хохæй, быдырæй кæм нæ уыдыстæм, уый нал баззад. Уыдыстæм концертты, фæзылдыстæм музейты, амыдтой нын нæртон кафт «Симд», бахордтам сауджынты къухæй арæзт цыхт æмæ мыд цаимæ, уыдыстæм Дыгургомы дæр, уым дæр нæ фæхуыдтой концертмæ.

Дыгургомы уæвгæйæ, мæ зæрдæйы баззад æмæ мæ никуы ферох уыдзæн нæ дыгурон æфсымæр Дагуйты Месут хæхтæм кæсгæйæ йæ мидхъуыдытæ куыд æвдыста, уый.

Бузныг зæгъын мæ фæнды, нæ балц нын чи рæсугъд кодта, уыдонæн –Цæгат Ирыстон-Аланийы национ ахастыты фарстаты фæдыл министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хадыхъаты Сослан æмæ йæ хæдивæг Солнцева Аллайæн, Хуссар Ирыстонæй та – РХИ-йы Президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Къостайæн, æдзух немæ кæй уыдысты æмæ нын кæй лæггад кодтой, уый сæраппонд.

Æнæхъæн къуыри нæ ралас-балас кодтой Батрадз æмæ йе ‘мбæлттæ. Уыдонæй дæр баззадыстæм райгондæй, уыимæ ма нын æхсызгон уыд, семæ кæй базонгæ стæм, уый дæр. Афтæ бузныг стæм æмæ нæ ферох кæндзыстæм, уазæгдоны нæм æнæзивæгæй чи æнхъæлмæ кастысты, уыдоны дæр.

Иууыл æхсызгондæр та нын уыд Нафиимæ фембæлд.

Ирыстонмæ куы цыдыстæм, уæд Нафийы тыххæй дæр пакет сцæттæ кодтам. Хуссар Ирыстоны уæвгæйæ нын бамбарын кодтой, зæгъгæ, Нафи хъæрзгæ у æмæ рынчындоны ис. Рынчындоны йæ абæрæг кодтаиккам, уый рæстæг нын нæ уыдис, фæлæ нæ дис æмæ цинæн кæрон нæ уыд, конференцийы райдайыны рæстæджы Нафи залы дуарæй куы æрбахызт, уæд.

«Дохтыртæ мæ нæ уагътой æмæ семæ фæхыл дæн, афтæмæй рацыдтæн, зæгъын, ме ‘фсымæртæ Туркæй æрцыдысты æмæ æз та рынчындоны куыд хъуамæ хуыссон», — загъта нын Нафи. Ахæм лæггад æмæ хорздзинад куыд хъуамæ ферох кæнæм?!

Тынг æхсызгон нын уыд, Венгрийы цæрæг ясты делегацийы уæнгтимæ кæй базонгæ стæм, уый дæр. Ястæ Венгрийы бынæттон цæрджытæ кæй нæ уыдысты, уый зыдтой, фæлæ кæцæй æрцыдысты, уый бæлвырд нæ зыдтой. Фæлæ венгриаг профессор, археолог Ласло Шелмеци,  йæ иртасæнты фæстиуæгæн сбæрæг кодта, ястæ аланты байзæттаг кæй сты æмæ 800 азы размæ кавказаг Ирыстон-Аланиæй Венгримæ кæй æрцыдысты, уый. Ястæ 20 адæймагæй ссыдысты Ирыстонмæ. Уыдон тынг хæларзæрдæ æмæ хорз адæм сты, семæ кæй базонгæ стæм æмæ иу къуыри иумæ кæй арвыстам, уый нын тынг æхсызгон уыд. 800 азы фæстæ уыдон сæ уидæгтæ кæй ссардта, уый уыдонæн дæр æмæ махæн дæр тынг æхсызгон уыд. Нæ фысымтæ сæ куыд зæрдиагæй райстой, куыд сыл фæцин кодтой, уый мах зæрдæмæ дæр  тынг фæцыд.

Нæ фембæлдтыты рæстæджы дзырд цыд экономикон, культурон æмæ социалон хъуыддæгты фæдыл дæр. Уыцы ныхæстæй практикæмæ куы рахизæм, уæд уыдоны тыххæй дæр ныффысдзыстæм.

Цæмæй ма æнкъард кæнæм, нæ зæрдæ ма фæрисса, уый тыххæй нæ фысымтæ Беслæнмæ ацæуын нæ бахастой программæмæ. Фæлæ нæхæг куы æрдомдтам уырдæм ацæуын, уæд нæ фæстаг бон акодтой Беслæнмæ. Уыдыстæм, трагеди цы скъолайы æрцыд, уым дæр æмæ уæлмæрдты дæр. Нæ цæссыгтæ фæкалдтам, афтæмæй рацыдыстæм. Дагуйты Месуты хъæрæй куыд мæ цæрæнбонтæм дæр нæ ферох уыдзæн.

ФÆСНЫХАС

Ирыстоны нæ тынг чи сбуц кодта, уыдонæн мæ мæ ныхасы кæрон зæгъын фæнды: «Сымах ацы бæрзонд æмæ рæсугъд хæхтæм æрвылбон кæсут, мах та сæ цалдæр бон фенынмæ цалдæгай азты фенхъæлмæ кæсæм. Алы бон Ирыстоны фæндæгтыл рацу-бацу кæнут æмæ фæхъаст кæнут хæлд асфальт æмæ фæндæгтæй. Мах та уыцы хæлд фæндæгтыл ацæуынмæ фæбæллæм бирæ азты. Уый тыххæй мах бамбарын сымахæн тынг зын у…»

Ацы балц срæсугъд кæныныл чи бацархайдта æмæ чи бафыдæбон кодта, уынæн мæ ноджыдæр фæнды сæрмагондæй СТЫР БУЗНЫГ зæгъын.

ХЪУСАТЫ Садреттин, Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг

 

 

Наверх