Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдиагæй арфæ кæнын ирон адæмæн, Ирыстоны цæрджытæн се ʻппæтæн Джиуæргуыбайы бæрæгбоны цытæн.

Ирæтты сæйраг удварнон бæрæгбонтæй иу – Джиуæргуыба – рагæй ссис ирон адæм, кæм фæнды ма цæрой, уымæ нæ кæсгæйæ, стæй Ирыстоны цæрæг адæмы иукæнынады фæрæз. Нæ адæм бæрзонд аргъ кæмæн кæнынц, уыцы стырбон биноныг кæны сæйраг адæймагон хæзнатæ – æнæхиндзинад, иудзинад, ирд сомбонмæ æмæ рæсугъд фæндæгтæм тырнынад.

Рагон æгъдæуттæм гæсгæ, ацы бонты алы хæдзары дæр уыдзæн фæрнджын фынгтæ. Æртæ чъири æмæ гаджидæуттимæ нæхи æмæ нæ адæмы фæдзæхстдзыстæм Дунескæнæг, Уастырджы æмæ Ирыстоны дзуæрттæн. Курæг дæн нæ уæларвон Дунескæнæг æмæ сыгъзæринбазыр Уастырджыйæ нæ адæмæн сабырад, алы хæдзарæн та – зæрдæхæлардзинад æмæ размæдзыд. Сæ цæст нын бауарзæд, цæмæй абон æмæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, Къостайы фæдзæхст «Ирон адæм, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут» ма рох кæнæм.

Уадз æмæ ацы бæрæгбон алы адæймагæн дæр балæвар кæна амонд, æнæниздзинад æмæ фæрныгад.

Стыр Хуыцау æмæ уæ Уастырджыйы хорзæх уæд, мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

 

Наверх