Лæджы ном дардмæ хъуысы, — дзырдтой нæ фыдæлтæ, — æрмæст ахæм лæджы, æгъдау, фарн, намыс кæмæ ис, йæ фыдæлты æвзагыл йæ сагъæстæ æмæ йæ уынаффæтæ рæгъмæ рахæссын чи фæразы.

Абон мæ ныхасы сæр у ме ’мцахъхъæн, æнувыд хæлар, сабибонтæй абонмæ кæй зонын, Бурсамдзелы цъуппæй Ресы хохмæ кæимæ фæтезгъо кодтон фыййауы лæдзæг æмæ тæбæкк хызынимæ, уыцы Плиты Гацыр.

Нæ царды бонтæ фæсаджил сты, æз сдæн ногираг, Гацыр — цхинвайлаг, æцæг зæрдæйæ нæ фæхицæн стæм, арæх æмбæлæм кæрæдзийыл, арæх æрымысæм Ручъы скъолайы бонтæ, Цхинвалы пединституты азтæ. 1943 азæй абонмæ не ’рдхорддзинад нæ мынæг кæны, мах руаджы нæ ныййарджытæ дæр сæ рæстæджы систы иу хæдзары бинонты хуызæн.

Гацыр стыр æмæ гуыргъахъхъ фæндæгтыл рацыд. Йæ сабион бонтæй фæстæмæ бауарзта куыст, райдыдта йæ галты сæрылхæцæгæй, фыййауы лæдзæгæй æмæ схызт профессоры къæлæтджыны онг.

«Лæг фыдæбæттæн гуырд у», «лæджы фыд хæрынæн нæ бæззы» — ацы æмбисæндты бындурыл æнцайгæйæ, Гацыр цынæ куыстытæ бакодта, цæмæ нæ бавнæлдта — æххæстис алцæуыл дæр, фæлæ дзы чиныг æмæ ахуыр рох никуы уыдысты. Йæ фыййауы хызын-иу кæрдзынæй хъуаг уыд, фæлæ-иу дзы чиныг алы хатт дæр уыд.

Гацыр райгуырдис Ручъы зылды Есеты хъæуы. Уæд Рукъ нæргæ комбæстæ уыд, нæргæ хæдзарвæндагæй у Гацыр дæр. Цъалагомы абон дæр дисæн хæссынц Къуыдзыты хæдзарвæндаджы (Къуыдзы — Гацыры рагон фыдæл) сæ нæртондзинадæй, сæ уæздан æмæ кæрдзындæттонæй; сæ уазæджы æгадæй никуы арвыстой, цыбыр дзырдæй, Цъалагомы дæр, стæй æгас Рукъгомы дæр уыдысты хæлардзинады хидтæ аразæг.

Плиты Гацыры ном хъуыстгонд у дыууæ Ирыл дæр. Ирон æвзаг, æгъдау, фарн, намыс кæй туджы сты, уыдонæй иу у Гацыр дæр. Мæнæн мæ бон у æмæ йæ рахонон, канд хъомылгæнæг æмæ зонадон кусæг нæ, фæлæ ма литературон зиууон дæр.

Йæ чингуытæй, йæ зонадон уацтæй, бæлвырдæй зыны иу хъуыддаг — æнувыдæй кусы ирон литературон зиууæтты сфæлдыстадыл, национ литературæйы ахсджиаг фарстытыл, не ’гъдæуттæ æмæ не ’взаджы фарныл.

Гацыримæ скъоладзауæй абонмæ стæм кæнгæ æфсымæртæ.

Гацыр царды зын фæндæгтыл рацыд, федта 1941-1945 азты æххормагдзинад, Гуырдзыстоны ног геноцид, цæмæ æрцыд Хуссар Ир лæджы фыдхор сыхæгты къухæй.

Егъау у Гацыры цин, Хуссар Ирыстон сæрибар паддзахад кæй ссис, ууыл. Æрвылбон дæр зæрдæрухсæй кæсы, куыд рæзы нæ сахар, нæ хъæуты фæрныгад.

«Æз райгуырдтæн хохы», — уый Гацыры уарзон ныхас у.

Хæхтæй рæсугъддæр сты хæхтæ. Рæсугъд сты Ирыстоны хæхтæ Цæгаты ’рдыгæй дæр, Скæсæн æмæ Ныгуылæны ’рдыгæй дæр. Рæсугъддзинæдтимæ иумæ æвдадзы хос сты йæ æрдз, йæ уæлдæф, йæ дæттæ. Уыцы хæхты райгуырд æмæ схъомыл Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр Гæбилайы фырт.

Рукъ Гацыры рæстæджы нæргæ Рукъ уыд, цард дзы цæджджинагау фыхт, сæ лыстæг фосæн нымæц нæ уыд, кæуылты уыдысты сæ хъом рæгъæуттæ.

Рукъ фыдæлтæй фæстæмæ дих кæны æртæ хайыл: Уæллаг, Астæуккаг æмæ Дæллаг.

Астæуккаг Ручъы хъæутæй иу хуыйны Есеты хъæу. Легендæтæм гæсгæ Рукъ æмæ Дзомагъы Плитæн сæ фыдæл Есе уыд. Плийы мыггаг абоны-бон дæр сæ фынгыл рауадзынц ахæм рæгъ: «Есе бирæ цæра».

Уым райгуырд Плиты Гацыр 1935 азы иуæндæсæм июлы, уым арвыста йæ сабион бонтæ, уым фæцис каст астæуккаг скъола дæр. Гацыр арæх æрымысы йæ директорты: Плиты Лаверы, Плиты Валодяйы, Плиты Хаджумары, Дзеранты Федыры, Джиоты Георгийы, Коцты Яковы. ‘рымысы йæ ахуыргæнджытæй дæр бирæты — Табуты Раисæйы, Дзеранты Дусяйы, Багаты Самсоны, Хъуылаты Габриелы, Къозонты Махарбеджы, Санахъоты Маргойы, Плиты Сергейы, Къозонты Федыры, Гасситы Борисы æмæ æндæрты.

Гал кæмæн нæ вæййы, уый уæныджы дæр аифтындзы, зæгъы ирон æмбисонд. Къаннæг лæппуйæ бавнæлдта Гацыр хохаг хæдзарон куыстытæм.

Адæмæн сæ цард зæххæй у. Рукъгомы иунæг гæппæл дæр æнæконд нæ уыд, галтæн та сæрылхæцæг хъуыд. Хистæр колхозонтæ иууыл Гацыры агуырдтой, йæ мæллæг, æдых цæнгтæ- иу цы бафæрæзтой бон изæрмæ галты сæрбос райваз-байвазæй, стæй дæ нæ хъæуы, бон изæрмæ фæрацу-бацу кæн хуымæн йæ иу кæронæй иннæмæ.

Цард тæбæгъы донæй хъауджыдæр нæу: кæд фæкъул уыдзæн, уый ничи фæзоны.

Революцийы хъæр базмæлын кодта бæстæ, сыстад Ирыстон дæр йæ барты сæрыл тохмæ.

1920 аз. Меньшевикон Гуырдзыстоны нæ бафæндыд ног хицауад райсын æмæ Хуссар Ирæн сарæзтой геноцид. Басыгъд Хуссар Ир, адæм сæ ных сарæзтой Цæгатмæ, цъыбыртты сыгъд бакодтой Цъалагомы хъæуты. Федзæрæг Рукъгом, фæлыгъд æд бинонтæ Тъато дæр — Гацыры фыды фыд.

Ралæууыд 1921 аз, фæуæлахиз ног дуг, лигъдæттæ здæхтысты сæ сыгъд уæзгуытæм, раздæхт Гæбилайы фыд Тъато дæр, фæлæ йæ сыгъд хæдзаруатыл нал сæмбæлд, Дзомагъгомы йæ дон фæласта. Баззадысты сывæллæттæ æнæ дарæгæй, æнæ хæдзарæй. Уæд Гацыры фыд Гæбилайыл цыд 12-13 азы. ‘фсымæртæ бацарæзтой иу хæдзаргонд æмæ уал уым æрцардысты.

Рæстæг уæззаугай хылдис размæ, адæм сындæггай цæрдхъом кæнын байдыдтой, ног хицауадæн йæ бон цы уыд, уымæй æххуыс кодтой æрлидзæг адæмæн.

Гæбилайы цардæмбал Гыгы — Саулохон, хуыздæр фæндæгтыл нæ рацыд йæ сабион бонты. 8-аздзыдæй уый дæр уыд лидзæг адæмимæ 1920 азы. Цæгат Иры зæххыл, уыцы фыддуг рæстæджы байсæфт йæ фыд Хъæрæсе.

Гыгы Къуыдзытæм чындзы æрцыд 1932 азы. Уæдæй бавнæлдтой сæхицæн хæдзар аразынмæ. Уыцы хæдзар фидар бындур æрæвæрдта Гæбила æмæ Гыгыйæн, уым райгуырдысты сывæллæттæ аст дæр. Уыдон сты: Ирæ, Гацыр, Тауырзæт, Риммæ, Тотрадз, Заирæ, Тотырбег æмæ Ляля.

Цард хæхбæсты уæззау уыд, фæлæ Гæбила æмæ Саулохон сæ зæнæгæн лæвæрдтой фæндаг ахуырмæ. Ручъы астæуккаг скъолайы ацы сывæллæттæ уыдыстæ цæвиттойнаг се ’гъдау æмæ сæ ахуырæй.

Хъуыддаг уый мидæг уыд,æмæ бинонтæ цардхъуаг кæнын куы байдыдтой, уæд Гæбила 1952 азы алыгъд Комгæронмæ, балхæдта зæронд кауын мæхъæлон хæдзар. Ам дæр та йæ ногæй бахъуыд хæдзар аразын.

Гæбила æмæ Гыгы уæхскуæзæй бавнæлдтой куыстмæ, быдырон куыстыты фæллад нæ зыдтой, сæ куысты сын æххуыс кодтой зæнæджы хистæртæ æмæ хæдзар цыбыр рæстæгмæ йæ къахыл слæууыд.

Гæбила æмæ Гыгы сæ зæнæджы ныууагътой цæргæ хæдзæрттæй, Гæбилайы иунæг хæдзар бацис 9 хæдзары. ‘нæмаст хæдзарвæндаг, фæлæ цард мæнгард у; хæдзар стыр зиæнтты бахауд.

Ныхас сæйраджыдæр Гацырыл цæуы æмæ адарддæр кæнæм уыцы ныхас. 1955 азы ссис Сталиниры паддзахадон педагогон институты ирон-уырыссаг факультеты студент. Каст æй фæцис æнтыстджынæй 1960 азы.

Фыццæгæм курсæй фæстæмæ Гацыр аныгъуылд ахуыры æмæ сфæлдыстадон куысты. Кафедрæйæн уæд арæхстджынæй разамынд лæвæрдта дзæнæтыбадинаг Бекъойты Димитр. Гацыр кæддæриддæр æрымысы Димитры, Мамиты Гигайы, Цхуырбаты Елизаветæйы, Медойты Боболкæйы.

Студентæй Гацыр активон хайад иста куыд нæхи институты конференциты, афтæ Цæгат Ирыстоны Къостайы номыл паддзахадон æмæ Налцыччы паддзахадон университеты студентты зонадон конференциты дæр.

Кафедрæйы доценттæ Бекъойты Димитр æмæ Мамиты Гига фидарæй аскъуыддзаг кодтой, цæмæй Гацыр баззайа кафедрæйы æмæ райдайа лекцитæ кæсын ирон литературæйы историйæ.

Гацыр фыццаг бонтæй фæстæмæ бав-нæлдта дарддæр йæ ахуыры хъуыддагмæ, зонад-иртасæн куыстмæ. Фæсаууонмæ æн-тыстджынæй каст фæцис Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты аспирантурæ профессор Ӕлборты Барисы, ирон литературæйы истори иртасджытæ Ардасенты Хадзыбатыр æмæ Хæдæрцаты Азæйы разамындæй.

Уæдмæ Гацыры ном рарттывта журналтæ «Фидиуæг» æмæ «Мах дуг»-ы, газеттæ «Советон Ирыстон» (абоны «Хурзæрин») æмæ «Рæстдзинад»-ы фæрстæй.

1973 азы Гацыр æнтыстджынæй йæ диссертацион куыст бахъахъхъæдта Тбилисы Шота Руставелийы номыл институты ахæм темæйыл: «Туаты Дауыты драматурги».

Йæ куысты азты бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста Плийы фырт. 1976 азæй 1986 азмæ разамынд лæвæрдта ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйæн, 1986-1991 азты та уыдис ирон филологи æмæ РАМП (райдиан ахуыры педагогикæ æмæ методикæ) факультеты декан, 1994 азæй 2002 азмæ та куыста университеты зонадон куысты проректорæй. Дзæвгар азты уыд ахуырады проректор.

Ӕппæт фадгуыты дæр Плийы фырты цæсгомджын куысты фæд бæрæгæй зыны. Егъау у йæ кад студентты цæсты дæр æмæ цы коллективы ’хсæн кусы, уыдоны цæсты дæр.

Плиты Гацыр 55 азы кæны куыд ахуыр-хъомыладон куыст, афтæ сфæлдыстадон куыст дæр. Ирон фысджытæй, уæлдайдæр 1917 азы онг кæй кой нæ ракодта, кæй тыххæй нæ загъта йæ хъуыдытæ, ахæм дзы стæмтæ разындзæн. Йæ зонадон куыстытæн сæ нымæц у 250 фылдæр. Мыхуыр сæ кодта æмæ кæны журналтæ «Фидиуæг» æмæ «Мах дуг»-ы, газеттæ «Хурзæрин», «Южная Осетия», «Рæстдзинад», «Аланты ныхас»-ы, университеты зонадон уацты æмбырдгæндты. Сæ сæйрагдæртæ сты: Колыты Аксо, Мамсыраты Темырболат, Къоста, Секъа, Бласкæ, Хъайтмæзты Аслæмырзæ, Нигер, Арсен, Цомахъ, Цæголты Георги, Гулиты Ефим, Брытьиаты Елбыздыхъо, Кочысаты Розæ, Коцойты Ленæ, Тугъанты Батырбег, Хъороты Дауыт, Гулиты Андрей, Беджызаты Чермен, Хъамбердиаты Мысост, Хозиты Яков, Уырыймæгты Езетхан, Ардасенты Хадзыбатыр, Нига, Плиты Грис, Туаты Дауыт, Дзесты Куыдзæг, Дзаттиаты Тотырбег, Токаты Алихан, ‘рнигон Илас æмæ æндæрты цард æмæ сфæлдыстадыл кæй ныффыста, уыцы æрмæджытæ.

Плийы фырт студенттæн бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта ахæм ахуыргæнæн чингуытæ: «Ирон литературæ сывæллæттæн», 1-11 хæйттæ — 2007 аз, «II æнусы ирон литературæйы истори (1900-1917)» — 2009 аз.

Плиты Гацырæн йæ бастдзинæдтæ егъау сты нæ театры историимæ. Дзæвгар сты йæ куыстытæ, ирон актерты цард, удыгъæд, сæ дæсныйад æмæ сæ егъау хайбавæрдыл ныхас кæм цæуы, уыцы статьятæн.

Нæ театры историйы егъау фæд чи ныууагъта, уыдон та сты: Дзаттиаты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Гуыбиаты Георги, Таугазты Гаврил, Цоциты Къæдзæх, Гæбæраты Дауыт, Харебаты Федя, Хетæгкаты Владимир, Хъайырты Владимир, Магкæты Алихан, Цæбиты Нинæ, Гаглойты Зинæ, Дзæхаты Дзæбидыр, Туаты Зураб, Саулохты Мухтар, Цхуырбаты Барис, Джелдыты Андрей, Еналдыты Вахтанг, Зæгъойты Руслан æмæ æндæртæ.

Ирон драматурги æмæ нæ театры æнтыстытæ цахæмтæ уыдысты 1956-1964 азты дæр, уыцы драматургтыл, сæ пьесæтыл бындурон куыст бакодта Плиты Гацыр. Йæ чингуытæ «Ирон литературæйы хрестомати скъолайы кары агъоммæйы сывæллæттæн»-2010 аз; «Ирвæдæны зиууæттæ» (театры актертæ)-2011 аз; «Давид Туаев»-2012 аз; «Ирон сывæллæтты литературæ»-2013 аз; «Ирон советон драматурги»-2013 аз; «Ирон литературæйы истори» — 2009 аз; «Фæлтæртæ æмæ азтæ» — 2012 аз. Аккаг хайбавæрд сты нæ аивады хæзнадоны.

Гацыр арæх æрцæуы хуынд Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты зонадон конференцитæм, юбилейон бонтæм, сæ аспирантурæйы кандидатон диссертацитæ хъахъхъæдгонд куы фæцæуынц, уæд Гацырæн бахæсгонд æрцæуы, цæмæй оппоненты хæстæ сæххæст кæна.

Гацыры лæггæдтæ рох никуы уыдысты не ’взонг Республикæйы хицауадæй. 1998 азы, раздæры Президент Цыбырты Людвиг Гацырæн саккаг кодта «Республикæ Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайæджы» кадджын ном, Республикæйы 10 азы бæрæгбоны та хорзæхджын æрцыд кадджын майданæй.

2004 азы Президент Кокойты Эдуард Гацырæн саккаг кодта кадджын ном «Куысты ветеран» йæ бирæ азты намысджын куысты тыххæй.

Схорзæхджын æй кодта «Хæлардзинады орден»-æй.

Ирон адæмон змæлд «Стыр Ныхас»-ы фæзындæй абонмæ Гацыр уыцы куысты у активон хайадисæг. Йæ 20-æм азы кадджын боны Дзæуджыхъæуы администрацийы хистæр Мамсыраты Таймураз Гацыры схорзæхджын кодта майдан «Ирыстоны намыс» («Во Славу Осетии«)-йæ.

Гацыр у йæ адæм æмæ Ирыстоны патриот, ирон æвзаг, ирон æгъдæуттæ чи хъахъхъæны, рыг абадын сыл чи нæ уадзы, ахæм адæймаг. Уый у Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынады хæлар, арæх сæм вæййы хуынды, арæх ныхас кæны семæ ирон аивад æмæ культурæйы рæзтыл.

Гацыр кæд горæты цæры, уæддæр буц æмæ сæрыстыр у, хохаг кæй у, хæхты хъæбысы кæй райгуырд, уымæй. Уый кæддæриддæр фæзæгъы: «Æз райгуырдтæн хохы». Фырбуцæн ма фæзæгъы уый дæр: «Бæгъиатæй тъунелы онг, Рукъ, Дзомагъ, Згъуыбир, Сба æмæ Захъайы æфцджытыл мæ къахы фæд кæм нæй, ахæм бынат не ссардзынæ».

Гацыр ис йе сфæлдыстадон кары, у уæнгрог æмæ цæрдхъом, куысты — фæразон. Нæ цæст ын уарзы йæ хъæбултæ Светæ æмæ Аланимæ, йæ зæнæджы зæнæгимæ дæргъвæтин азты цæрæнбон.

Цы чингуытæм æнхъæлмæ кæсы: «Къостайы дуне», «Царды къахдзæфтæ», уыдон ыл рæхджы сæмбæлæнт. 100 азы нын ирондзинады сæрыл тох дæлæмæ ма ‘руадз. Адæм се ’взаг æмæ се ‘гъдæуттæй адæм сты. Хайджын сæ у æмæ дæ къухæй макуы ахауæнт.

Уастырджи де ’мбал!

Томайты Мурат

Наверх