Адӕймагӕн ӕрдзӕй лæвæрд цӕуы иу цард æмæ йæ афтæ хъуамæ фæцæра, цæмæй дзы фæсмонгонд мацæмæй уа, гæнæн уæвгæ. Æмæ, цы дæсныйады фæндагыл ныллæуыд, уый хъуамæ хæсса æхцондзинад, пайда æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ алфæмблайы цы адæм ис, уыдонæн дæр.

Ирон адæммæ бирæ профессионалон бæрæгбонтæ ис, фæлæ уыцы бæрæгбонты номхыгъды се ‘гасæй кадджын дæр æмæ хуыздæр у, абон кӕцы нысан кӕнӕм уый – Ахуыргӕнӕджы бон, уымæн æмæ цыфæнды профессийыл кусæг адæймаг дæр рацæуы уыдоны къухæй.

Дзырд «ахуыргæнæг» куыд фæлмæн, зæрдæмæдзæугæ æмæ хъарм æнкъарæнтæ ‘взæрын кæны! Уый мидæг бамбырд сты ахæм æмбарынæдтæ куыд «хъомылгæнæг», «фарнхæссæг», «зондамонæг», «æгъдауыл аудæг». Ахуыргæнæг у уый, Райгуырæн бæстæм, æхсæнадмæ, алфæмблаймæ уарзондзинад чи банкъарын кæны, рæзгæ фæлтæры раст фæндагыл чи фæцайдагъ кæны, йæ зонындзинæдтæ чи не ‘вгъау кæны.

Уæлдæр цы миниуджытæ ранымадтам ахуыргæнæгæн, уыдонæй се ‘ппæтæй дæр хайджын у Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Тедеты Циалæ.

«Ахуыры уæлдай-ма ахуыргæнæг хъомылгæнæг дæр у. Сывæллæтæй алчидæр хайджын у йæхи удыскондæй. Уыцы удысконд цæмæй раст бамбарай, уый тыххæй алкæй зæрдæмæ дæр хъуамæ ссарай фæндаг. Уый дæ къухы куы бафта, уæд дæ дарддæры куыст уыдзæнис æнцондæр», —  дзуры Циалæ.

Ахуыргæнæгæн йæ куысты фæстиуджытæн аргъгæнæг вæййынц æппæты фыццаг йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ стæй та – Ахуырады министрад. Уымæн дæр Циалæйы æвæллайгæ хъазуатон куыст æнæзындгонд нæ баззад. Куысты ветеран, Республикæ Хуссар Ирыстоны Сгуыхт ахуыргæнæг Тедеты Циалæ хорзæхджын æрцыд бирæ Цытджын грамотæтæй æмæ Æппæлæн гæххæтытæй, у Колыты Аксойы номыл премийы лауреат.

Тедеты Циалæ райгуырдис Знауыры районы Хъорнисы хъæуы, уым фæци астæуккаг скъола æмæ уый фæстæ бацыди Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон-уырыссаг хайадмæ æмæ йæ фондз азы фæстæ фæци стыр æнтыстытимæ. Уæдæй фæстæмæ фæндзай азы дæргъы кæны педагогон архайд. Уыдонæй дæс азы куыста Гуырдзыстоны Лагодехы районы. Афтæ уыд уæды дуджы закон: уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ æвзонг специалисты ‘рвыстой, йæ куыст кæм хъæуы, уырдæм. 1977 азы та фæстæмæ ‘рыздæхт Ирыстонмæ æмæ уæдæй суанг ныры онг кусы Цхинвалы дыккæгæм скъолайы.

«Сывӕллонӕн ӕппӕты фыццаг йӕ ӕппӕрццаг миниуджытӕ хъуамӕ ма райдайай ӕфхӕрын, фӕлӕ дзы хъӕуы фыццаджыдӕр раппӕлын, цӕмӕй ӕвзӕрдзинадыл ма цайдагъ кӕна. Бирӕ сывӕллоны куы ‘фхӕрай ӕмӕ йын куы уайдзӕф кӕнай, уӕд ныкъуырма вӕййы ӕмӕ раст фӕндагӕй ахизы. Уымӕ гӕсгӕ, сывӕллоны хъӕуы рӕвдауын. Фыццаджы уал ын базонын хъӕуы йа царды уавӕртӕ, йе ‘нӕниздзинад. Кӕсын хъӕуы йӕ дарддӕры цардмӕ, йӕ хъомыладмӕ ӕмӕ йӕ хъуамӕ афтӕ рацаразай, цӕмӕй раст фæндагыл ныллӕууа. Фыццаг дзы хъуамӕ рацӕуын кӕнай хорз адӕймаг. Уый у ахуыргӕнӕджы сӕйраг хӕс ӕмӕ йӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕна. Сывӕллонӕй ӕвзӕр нӕ вӕййы. Хъуамӕ йӕ рацаразай ӕмӕ дын уӕд ӕнтыстытӕ уыдзӕн», — фидарæй зæгъы ахуыргӕнӕг.

Номдзыд ахуыргæнæг Тедеты Циалæйы къухӕй цы бирӕ рацыди рауагъдонтӕ рацыди, уыдон æхсæн ис ахуыргӕнджытӕ, дохтыртӕ, журналисттӕ, экономисттӕ æмæ æндæр професситы минæвæрттæ.

«Ацы аз дӕр мын рауагъд уыдис, ӕмӕ мын иууылдӕр систы студенттӕ. Тынг буц сӕ дӕн, мӕ куысты фастиуджытӕ кӕй разынынц, уый мӕнӕн тынг ӕхсызгон вӕййы. Тынг сӕрбӕрзонд дӕн, царды алы фадыджы кӕй кусынц ӕмӕ пайда кӕй хӕссынц нӕ Ирыстонӕн, – зæрдæрухсæй дзуры Циалæ. – Ӕнгом ахастытӕ мын кӕддӕриддӕр уыдис ныййарджытимӕ. Ахуыргӕнӕг, ныййарӕг ӕмӕ ахуыргӕнинаг сты иу рæхысы ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ цæгтæ. Уыдон иумӕ куы кусой, уӕд сæ куыст уыдзӕн æнцондæр, æрхæсдзæн хорз фæстиуджытæ. Ахуыргӕнинаг ӕмӕ ахуыргӕнӕг кӕрӕдзи куы ‘мбарой, уӕд ахуыргӕнӕгӕн уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис – йӕ куыстӕй зæрдæ куы райа».

Циалæ йæ хъус дары йæ ахуыргæнинæгты дарддæры цардмæ дæр.

«Мӕ рауагъдонтӕй хуыздӕр ӕмӕ кадджындӕр професси равзӕрста Хуриты Батрадз. Уый йӕ бакастӕй куыд рӕсугъд у, – йӕ уды скондӕй дӕр ахӕм у! Нӕй йӕм иу чысыл хиндзинад дæр. Царды у раст адӕймаг, ӕмӕ йӕ куы фенын телеэфиры, уӕд мӕ зӕрдӕ барухс вӕййы, иннӕтӕй дӕр – афтӕ», – æргомæй нын радзырдта йе ‘нкъарӕнтӕ Циалæ Абелы чызг.

Уый йӕ ахуыргӕнӕджы архайды дыууиссæдз азы бӕрц у къласгӕс. Кодта скъоладзауты бирӕ цымыдисон экскурситӕм, балцтӕм. Иууыл зæрдылдаринагдæр экскурси та рауади Дӕргъӕвсмӕ, Мӕрдты горӕтмӕ.

«Уым сӕ базонгӕ кодтон нӕ рагон фыдӕлты цардимӕ, сӕ ӕгъдӕудтимӕ. Тынг хъæлдзæг æмæ цымыдисон рæстæг арвыстам уыцы ран, скъоладзаутæ сæхæдæг дæр радзырдтой цы цымыдисон цаутæ сыл æрцыдис сæ ахуыры рæстæджы уыдон. Иу хатт-та сын цавæрдæр урок нæ уыд æмæ рацыдысты кафе «Сæрмæт»-мæ, фæдзырдтой мæм телефонæй æмæ мæ æрбахуыдтой уырдæм. Уым сæ куы ауыдтон, уæд фæдисау дæн, ома, уым цы аразынц. Уыдон та рацыдысты физкультурæйы урокæй æмæ сæм цæмæй ма фæхыл кодтаин, уый тыххæй мын мæхи дæр æрбахуыдтой», – радзырдта нын йæ мысинæгтæ Тедеты Циалæ.

Ацы уац куы фыстон, уæд æй мæ хæлæрттæн хъæрæй бакастæн æмæ Кокойты Альбинæ бахудт, зæгъгæ, уый мах кълас уыд, æмæ йæ бафæндыд Циалæ Абелы чызджы тыххæй дыууæ ныхасы зæгъын.

«Хуыцауæй ахуыргæнæг кæмæй фæзæгъынц, раст ахæм у Тедеты Циалæ Абелы чызг. Мæнæн мæ бон у зæгъын æппæт ахургæнинæгты номæй, Циалæ Абелы чызг нын кæй уыдис растдæр нæ дыккаг мады хуызæн. Мады лæггад нын кодта. Ахæм диссаджы ахаст ын ис йæ ахуыргæнинæгтæм. Ныхæстæй зын у равдисын йе ‘ппæт хорз миниуджытæ. Æз æй фидарæй зонын, ахæм адæймаг нæй, кæцы мемæ ма сразы уа. Циалæ Абелы чызг нын царды мидæг баххуыс кодта раст фæндагыл слæууын. Уый нын бауарзын кодта нæ райгуырæн æвзаг, нæ райгуырæн бæстæ… Ныр дæр мæ зæрдыл æрбалæууынц йæ ныхæстæ, зæгъгæ, кæм фæнды ма уæм, мах хъуамæ хæссæм бæрзонд Ирыстон æмæ æппæт ирон адæмы ном. Фæнды мæ зæгъын стыр бузныг Циалæ Абелы чызгæн, уый ныл йæ тыхтæ цæстуарзонæй кæй хардз кодта, йæ зæрдæйы хъарм æмæ уарзт нын кæй лæвар кодта», — банысан кодта Кокойты Альбинæ.

Абоны бæрæгбоны цытæн Тедеты Циалæ йæхæдæг дæр раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны ахуыргæнджытæн.

«Нæ республикæйы ахуыргæнджытæ тынг стыр удыгъæды хицау сты. Уыдон нæ бакумдтой сæттын 1989-2008 азты хæстыты цæхæры, нæдæр зæйтæн, нæдæр зæххæнкъуыстытæн, нæдæр донивылдтæн, нæдæр уæззау уавæртæн. Уыдон æдзух скъолайы дуарттæ дардтой гомæй æмæ сæ ахуырадон-хъомыладон куыст никуы ‘руагътой дæлæмæ. Æмæ æз зæрдиаг арфæ кæнын нæ республикæйы, кусгæ чи кæны, уыцы ахуыргæнджытæн дæр, æмæ ма, пенсийы чи ацыдис, уыдонæн дæр сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Фæнды мæ, цæмæй уой æнæниз, куыстхъом æмæ сæ зæрдæ рухс кæна сæ хъомылгæнинæгты æнтыстытæй», – кæронбæттæны загъта Куысты ветеран, Республикæ Хуссар Ирыстоны Сгуыхт ахуыргæнæг Тедеты Циалæ.

Бязырты Мадинæ

Наверх