Президент Тыбылты Леонид раарфæ кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн Уастырджыйы бонты цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт,

Арфæ кæнын Дæуæн æмæ æфсымæрон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æппæт адæмæн Уастырджыйы бонты цытæн.

Ацы æппæтадæмон стырбоны бындур лæууынц Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгат, дунейы алы бæстæты цæрæг ирæтты иугæнæг удварнон аргъадтæ. Ацы стырбон зынаргъ у, Фыдыбæстæ чи уарзы, фыдæлты традицитæ æмæ æгъдæуттæн чи кад кæны, уыдонæй алкæмæн дæр.

Уæдæ нын Сыгъдæг Уастырджы фыдæбæттæй æмæ фыдбылызтæй бахизæд æмæ бахъахъхъæнæд нæ Райгуырæн бæстæ, нæ адæмы, баххуыс нын кæнæд цыфæнды зындзинæдтыл дæр уæлахиз кæнын, алы бинонтæн дæр схæлар кæнæд фарн æмæ бæркад, Ирыстоны та уæд сабырдзинад æмæ дидин æфтауæд.

Ацы стырбоны мæ зæрдæ зæгъы Дæуæн æмæ æфсымæрон Цæгат Ирыстон-Аланийы æппæт цæрджытæн фидар æнæниздзинад, хорздзинад æмæ амонд».

 

Наверх