Хъайтмæзты Аслæмырзæмæ сфæлдыстадон гоймаджы миниуджытæ бирæ кæй уыд, уый хорз зыдтой, йæ фарсмæ чи цард, æрвылбон дæр æй чи уыдта, уыдон. Уымæн æмæ Аслæмырзæ хорз арæхсти æмдзæвгæтæ фыссынмæ, зындгонд уырыссаг фысджыты уацмыстæ тæлмац кæнынмæ. Уымæй дарддæр ма Аслæмырзæ æмбырд кодта, йæ размæ чи фыста, фæлæ цыдæр аххосæгтæм гæсгæ адæм кæй уацмыстимæ нæ базонгæ сты, уыдоны сфæлдыстадон уацмыстæ дæр.

Хъайтмæзты Аслæмырзæ райгуырд 1866 азы Цæгат Ирыстоны Зæрæмæджы хъæуы, йæ цард зæххы куыстæй чи кодта, ахæм бинонты ‘хсæн. Аслæмырзæйы фыд Бекмырзæ уыд сабыр æмæ уæздан, йæ адæмыл æнувыд, куыстуарзаг адæймаг. Зонгæтæ-иу сæ кой куы фæкодтой, уæд-иу арæх банысан кодтой Аслæмырзæ бирæ цæмæйдæрты кæй у йæ фыды хуызæн, уый. Хæрз æвзонгæй дæр Аслæмырзæ уарзта йæ фыдимæ цæуын. Арæх-иу иумæ цыдысты быдыры куыстмæ дæр. Кæд-иу хъыг дардта йæ фыды, уæддæр йæ цуры кæй уыд уымæй иста стыр æхцондзинад æмæ йæ фæллад хатгæ дæр нæ кодта, йæ æрвылбонон куыстæй та-иу рухс кодта йæ зæрдæ.

Аслæмырзæ цас стырдæр кодта, уыйбæрц фыд æмæ фырты ахастытæ кодтой æн-гомдæр æмæ хуыздæр. Сæ сыхæгтæ æмæ зонгæтæй сæм бирæ чидæртæ тæхуды дæр кодтой. Тæхуды ма сæм кодтой уымæй дæр æмæ Аслæмырзæйæн æппæтмæ дæр йæ ахаст æмæ йæ зонд йæ азты разæй кæй цыдысты, уый тыххæй дæр. Куыд бинонтæ, афтæ дзы хъæуы цæрджытæ дæр æвæрдтой стыр ныфс. Дзырдтой, зæгъгæ, куы рахъомыл уа, уæд нын нæ уавæртæ фæхуыздæр кæндзæнис. Уымæ гæсгæ Аслæмырзæ горæтмæ цæуы, уый хъæуыл куы айхъуыст, уæд уырнгæ дæр никæй кодта, дзырдтой, зæгъгæ, уыцы ныхæстæ дам-думтæй уæлдай ницы сты. Йæ фæндыл разы бæргæ нæ уыдысты бинонтæ дæр, фæлæ сын бамбарын кодта ахуырдзинад райсын æй кæй фæнды æмæ уыдон дæр ницыуал загътой.

Æрцыд горæт Гурмæ, бацыд ахуыргæнджыты семинармæ æмæ йæ каст фæцис хорз бæрæггæнæнтимæ. Семинар каст фæуыны фæстæ дæр Аслæмырзæ нал бафтыд, зивæгæй йæ цы бинонтæ æмæ хъæубæстæ фæндараст кодтой, уыдонмæ. Æцæг у, ныццыд хъæумæ, скъолайы ахуыргæнæгæй чысыл акусыны фæстæ ацыд æмæ ахуыргæнæгæй куыста Лабæйы, Армавиры, Кæсæг æмæ Фæскавказы хъæууон скъолаты. Се ‘ппæтæй тынгдæр йын фæпайда,  Лабæмæ кæй ныццыд, уый. Уымæн æмæ, кæд уæдмæ хъуыста Къостайы кой, уæддæр йемæ зонгæ нæ уыд. Ныр базонгæ, арæх æмбæлдысты æмæ йын уый хорзæрдæм бандæвта йæ сфæлдыстадон æнтыстытыл. Æмæ æрмæст уый нæ, фæлæ ма Аслæмырзæ базонгæ Къостайы хо Уæлгъаимæ, дыууæ æвзонджы бауарзтой сæ кæрæдзи æмæ бацардысты. Аслæмырзæ æмæ Къоста но-джы тынгдæр схæлæрттæ сты, иумæ æрвыстой бирæ рæстæг, иумæ скъуыддзаг кодтой царды æмæ поэзийы иуæй иу фарстытæ. Уыцы ахастыты фæрцы Аслæмырзæ ссис, уæд ирон сфæлдыстад чи æмбырд æмæ мыхуыр кодта, уыдонæй иу.

Уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæй Аслæмырзæ рæвдз уыдис тæлмац кæнынмæ. Йæ ныфс бахаста æмæ Нарты эпосæй уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодта цалдæр кадæджы. Уымæй дарддæр ма ирон æвзагмæ ратæлмац кодта бирæ уырыссаг фысджыты уацмыстæй.

Аслæмырзæ ахуыргæнæг кæй уыд, æрыгон фæлтæры кæй уарзта, семæ иудзинад æнцонæй кæй уардта, уый йын фæахъаз йе сфæлдыстадон куыстæн. Семæ ныхас кодта хуымæтæг, бæлвырд, ирд фæлгæндзтæ æвдисгæйæ,  арæхстджынæй пайда кодта йæхи цæвиттонтæй.

Абон Аслæмырзæйы æмдзæвгæтæй зонæм хæрз цъус. Кæй зонæм уыдонæй дæр бæрæг у æмæ ма Аслæмырзæйæн кæй уыдис æндæр фыст æмдзæвгæтæ дæр. Æнкъарæм æй, фæлæ иу рæстæджы ссыгъд йæ хæдзар æмæ бирæ басыгъд йæ къухфыстытæй. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, сфæлдыстадон кусæгæн у стыр æнамонддзинад.

Аслæмырзæйы æмдзæвгæ «Сидзæр» кæд фыст у сабитæн, дзырд дзы цæуы сæныккыл, уæддæр æй æнæуарзгæ не сты хистæр кары адæймæгтæ дæр. Уымæн æмæ дзы цасдæрбæрцæй æвдыст цæуы цард. Æмдзæвгæйы æмбæрстгонд у цард зæрдæйы фæндиаг алы хатт иугъуызон лæгъз кæй нæ вæййы, фæлæ зындзинæдтæй ныфс ма хъуамæ сæтта.

Мæнæ цы зæгъы Аслæмырзæ йæ ацы æмдзæвгæйы райдианы.

 

Сæныккæн хизæнæй

Фесæфт йæ мад.

Баззади сидзæрæй,

Алы бон тад.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æнамонддзинад у, фæлæ ма æркæсæм, дæлдæр автор ахæм уавæры бахауæджы цæуыл цайдагъ кæны, уымæ.

Уалынмæ базыдта

Хизын кæрдæг,-

Цъæх фæзмæ райдыдта

Уайын цæрдæг.

Аслæмырзæ хъæуы кæй райгуырд æмæ схъомыл, йе ‘взонджы бонтæ уым кæй арвыста, уый чи нæ зыдта, уыдон ын йе ‘мдзæвгæ «Хосгæрдæн» куы бакæсой, уæд банкъардзысты хъæууон цард æмæ куыстытæм цахæм ахаст ис, уый.

Хосдзаутæ зарынц

Фæзты цæлхъæй,

Кæрдæг фæлдахынц

Зæхмæ рæнхъæй.

Ацы æмдзæвгæйы æрмæст хъæууон царды нывыл цин кæнын нæ хъæуы, фæлæ ма поэты арæхстдзинад æмæ фæлтæрддзинадыл дæр.

Æвæццæгæн, нæй ахæм поэт, кæцы æмдзæвгæ нæ ныффыста фæллойыл, фæллой кæныныл. Алкæмæн сæ иугъуызон кæм сты, фæлæ мæм афтæ кæсы æмæ Аслæмырзæйы æмдзæвгæ «Фæллой» ис хуыздæр æмдзæвгæты æмрæнхъ. Ацы хъуыдытæ бафидар кæнынæн ма фаг сты мæнæ ацы рæнхъытæ дæр:

Дæхицæн дон хæссыс,

Кæныс миййаг куырой,

Йе скъолайы кæсыс,-

Цыдæрид у фæллой.

Аслæмырзæйæ уыдис стырдæр ныфсæвæрæн, чи йæ зыдта уыцы зындгонд поэттæ дæр дзы æвæрдтой стыр ныфс, фæлæ йæ фыстытæ, фыццаг судзгæ кæй бакодтой, уый фæстæ та 60 аздзыдæй йæ бинонтæ, йе сфæлдыстадон куыстытæн ын чи табу кодта, уыдон æхсæнæй кæй фæхъуыд, уый аххосæй йе ‘нтыстытæ ныллæууыдысты, абон ын дзы кæй зонæм, уыдоныл.

Гæззаты Иван

Наверх