Нæ дуджы ХХ æнус афтæ йедзаг уыдис алыхуызон тæригъæдтæ æмæ цаутæй, æмæ сыл иу адæймаджы бон æххæстæй ахъуыды кæнын дæр нæу. XVIII æнусимæ абаргæйæ XIX æнусы чингуытæ мыхуыр æрцыд 4 хатты фылдæр, ХХ æнусы та, йæ размæ æнусимæ абаргæйæ — 8 хатты фылдæр, ома, 50 милуан чиныджы бæрц (экземпляртæ нæ).

XXI æнус цахæм цыдæй ахæцыд, ууыл куы ахъуыды кæнæм, уæд дæр срисдзæнис адæймаджы сæр. Æмæ цас ног газеттæ, журналтæ æмæ æндæр æрмæджытæ фæзынынц, хъæуынц æви нæ хъæуынц, уæддæр!

Е.С.Лихтенштейн куыд фыста: «Недавно на заседании ученого совета Всесоюзной книжной палаты один доктор биологических наук говорил примерно так: «Я должен предупредить, что люди находятся сейчас в таком же положении, в каком оказались динозавры миллионы лет назад. Тогда обстановка на земле резко изменилась, поступал огромный поток новой информации, а голова динозавров была маленькая, информация не помещалась в их головах, и динозавры погибли. Сейчас мы в положении динозавров — мы не в состоянии переварить все огромное количество поступающей информации». Уый — хъазгæйæ, фæлæ алы хъазæн ныхасы дæр цыдæр рæстдзинад вæййы, æмæ дарддæр зондджын, цыргъ ныхæсты тыххæй уымæн загъта: «Это как раз те искры, которые могут зажечь факел в сердцах миллионов, это те строки, о которых говорил Гете: «Каждый день следует… прочитать хоть какое-нибудь мудрое изречение».

 

В коротких, ярких, легко запоминающихся фразах, в этих средоточиях «лучей ума и знаний» мы находим ответы на волнующие нас сегодня вопросы, находим вдохновение для решения новых задач. Ибо, как заметил Ленин, «бывают такие крылатые слова, которые с удивительной меткостью выражают сущность довольно сложных явлений», — æмæ цæвиттонæн æрхаста Дидройы ныхас — «…глубокие мысли это железные гвозди, вогнанные в ум так, что ничем не вырвать их».

Мæ хъуыдыйы дæр уымæн баззадысты. Фæлæ мæ сæ дзурыны сæр бахъуыд, алыхуызон афоризмтыл Ходы Камалы сфæлдыстады алы уысм дæр цæст скъуырæн кæй ис, уый тыххæй. Поэт йæхæдæг Дзаболаты Хазбийы тыххæй дзургæйæ, нысан кæны, зæгъгæ: «Сфæлдыстадон скъолайау ын уыдысты классикон литературæйы хъомысджын традицитæ. Уый ирдæй зыны суанг йæ фыццаг æмдзæвгæты дæр: сты æлвæст, техникон æгъдауæй — æмбæлгæ æмвæзадыл, агайынц зæрдæ, зыны сыл, лæппу æрдзæй кæй фæци цырддзаст æмæ къæрцхъус, кæй æмбары æцæг сфæлдыстадон кусæджы бæрзонд нысаниуæг».

Уыцы хъуыдытæ комкоммæ ахæссæн ис Камалæн йæхимæ. Уый дæр хæрз æвзонгæй фæхæст литературон аивады рахæцæнтыл. Куыд ма загътам, афтæмæй, йæ фыццаг æмдзæвгæтæй бирæтæ цыма раст йæ лæгау-лæджы кары фæлтæрд армæй фыст сты, афтæ зынынц. Æвзонджы бонты риуызмæлд æмæ сыл æнæраны ныхас нæ зыны. Æмæ уый дзурæг у йе ‘рдзон курдиатыл. Йе ‘лвæст хъуыдытæ, йæ зырнæйзылд зæгъинæгтæ уырдыгæй цæуынц.

Нæ цардæн æмбæлон аргъ кæнын кæй нæ зонæм, афтæмæй нæ кæрæдзийы нуæрттæ кæй фехалæм, уый тыххæй поэт йæ зондамонæн æмдзæвгæйы æрхæндæ-гæй зæгъы («Мæ хæлæрттæн»):

Кæд базондзыстæм царды бонтæн аргъ?

Адзал хъызт зымæг! — къæсæргæрон ниуы…

Нæхи йедтæмæ никæй хъæуæм мах,

Нæхæдæг та

Нæ ауæрдæм нæхиуыл.

Уый царды рæстдзинад у — адæм, нæ кæрæдзийæ дарддæр никæй хъæуæм, афтæмæй, хъыгагæн, нæ кæрæдзийы сæфтмæ бæллæм. Царды цыд кæм хæлы, уым цардæн æнæзыгъуыммæгæнгæ нæй. Адæймаджы, стæй адæймагад сафæг хъуыддæгтæ иууылдæр, цард кæй сзыгъуыммæ кæнæм, уырдыгæй райдайынц. Фылдæр хатт сæ ирвæзæн нæ вæййы.

Уыдон та поэты удæн алы хатт дæр вæййынц хъизæмайраг. Камал уый тыххæй зæгъы философон хъуыды («Ис алкæмæн йæхи фæндаг мæрдтæм»):

Ис алкæмæн йæхи фæндаг мæрдтæм.

Хъысмæты цур зæххон адæймаг — ронбæгъд…

Хуыцау ныв кæны амæндтæ:

Зæронд бæх

Фæласы арæх байраджы цæрмттæ.

Адæмон сфæлдыстад рагæй фæстæмæ дзырдаивады фæндагамонæг у. Нывыл æм бацæуынмæ чи арæхсы, пайда кæнын дзы чи базоны, уымæн сыгъзæрин тыллæг фæдæтты.

Ам дзы Камал куыд спайда кодта, уый хурæргом у. Ис адæмон æмбисонд: «Зæронд бæх байрагдзармыл нæмыг бирæ хатт бахæры». Поэт дæр æй тынг нæ фæивта, чысыл æй фендæрхуызон кодта, фæлæ кæм æмбæлдис, уым æй æрæвæрдта, æмæ йыл джиппыуагъдау абадт.

Уыйхыгъд, хъысмæты раз æдых, бынтон æдых кæй стæм, мæлæт азты сæрыл кæй нæу, уыцы æгъатыр рæстдзинад нын ныххафы нæ зæрдæтæ, уæцъæфхафæгау. Зæронд бæхæн байраджы цæрмттæ ласинаг кæй фæвæййынц, уымæй ныл нæ фыддуг æртæфсы ноджы тынгдæр.

Камал стыр хъуыды бæрц дзырдты бавæрынмæ кæй арæхсы, уымæ гæсгæ йæ бон у аив цыппаррæнхъонтæ фæлдисын, æмæ сæ фæд ныууадзынц нæ зæрдæты. Цæвиттонтæ — бирæ. Куысты бæсты нозт чи февзары, уыдоны тыххæй зæгъы («Мæ Ирыдзыхъхъы номдзыд лæг куы сдæн»):

Мæ Ирыдзыхъхъы «номдзыд» лæг куы сдæн,

Уæд бамбæрстон: зæрæстон у мæ хосгæрст…

Мæ цард æвгъау фæкодтон æз куыстæн,

Фæлæ йæ, оххай, не ‘вгъау кодтон нозтæн!

Карз нозт дæхирдæм ракъул кæн, уый адæймагæн йе ‘нæниздзинады, стæй йе скæнæджы раз фыдракæнд у. Абайты Васо карз нозтæй иунæг агуывзæйы бын дæр кæй никуы сзынын кодта, уымæн мæхæдæг æвдисæн. Токаты Гокки дæр афтæ уыд. Плиты Иссæйы, дам, къуымæлдзæфæй никуы ничи федта. Стыр лæг æмæ сын стыр хъуыддагимæ, нозтæй зæгъын, иу бынат къуындæг у, поэты дзырды сæр æмдзæвгæйы уый уыд.

Камал йе ‘мдзæвгæ цы дуджы ныффыста — Советон дуджы — уым æрвонг царды тыххæй уыд Æппæтцæдисон хæдбар æхсæнад. Дзыллæйыл парахат кодтой плакаттæ, стыр адæймæгтæ нозты ныхмæ цы загътой, уый тыххæй. Зæгъæм: «От вина гибнет красота, вином сокращается молодость» (Гораций); «Вино скотинит и зверит человека, ожесточает его и отвлекает от светлых мыслей, тупит его» (Ф. М. Достоевский); «Люди от употребления вина становятся грубее, глупее, злее» (Л. Н. Толстой) æмæ æндæр ахæмтæ.

Камал æй загъта поэтиконæй. Æмæ йæ уацмысы нысаниуæг абон у стырдæр. Уымæн ын æххуыс кæны, йæ дзырд искæмæн бауайдзæф кæнын, искæуыл бахудыны тыххæй кæй нæ вæййы. Ам, нозт адæймаджы хорз фæндагыл кæй нæ ардауы, ууыл зæрдæрисгæйæ кæй дзуры, уымæн æмбулы.

Уыцы хъуыддаджы поэты сарæзта, уацмысы хъуыдыйыл чи æрбæстон, ахæм формæ йын кæй равзæрста, уый дæр. Лирикон хъайтар искæй азымы дарыны бæсты, катайгæнгæ, йæ миднымæры хæцы йæхимæ: «Мæ цард æвгъау фæкодтон æз куыстæн, Фæлæ йæ, оххай, не ‘вгъау кодтон нозтæн!»

Йæ цард нозтæн чи не ‘вгъау кæны, афтæмæй йæ астæу куыстмæ кæмæн нæ тасы, ахæм адæймагæн, ай-гъай, йæ хосгæрст æнæдызæрдыгæй фестдзæнис зæрæстон, æмæ поэт йæ иузæрдыг адæмы хизы уыцы æлгъысты, бынсæфты фæндагæй.

Раджы чи ницы уыд, æмæ ныр дæр адæмы фæлло-йæ, дзæгъæл хъæр кæнынæй йæхи тых-«патриот» чи кæны, уыдонæй «Дзыхъхъынног «патриоттæ»-йы зæ-гъы, чиныгкæсæг сыл куыд худа, афтæ уайдзæфгæнгæ:

Нæртон минас цырен артыл фыцы,

Фæкæлынц уæд парахатæй йæ фынчытæ…

Тæккæ знон дæр ныгъуылдæй чи бадт хуынчъыты,

Ныр уыдоныл цы дзыхтæ базад, цы!

Раст уыцы дзыхджынты, ома, уæгъддзыхты аххосæй бафтыдысты æнæхъæн нацитæ сæ кæрæдзийы кæрд-тыл. Лæбургæ кæмæ нæ кæнынц, æргæвдгæ кæй нæ кæнынц, уыдон та маст æмæ стонгæй ныццагъды сты.

Цæуыл маст кæнæм, уыдæттæ нын ссардтой. Ой, куыд нын сæ ссардтой! Кæм цы гæды гадздза Сырдон уыдис, уыдоныл не ‘ууæнк бафтыдтам, нæхи куырмæй бакодтам сæ бар, æмæ нæ æд хъомысджын паддзахад сæ уæцъæфтæ æмæ сæ дзыппыты пайдайæн ныууæй кодтой нæ фыдызнæгтæн. Уыдон дæр ма æндæр цы хъæуы нæ рухс кувæндæттæй нын хынджылæг кæнынц. Фыдæй-фыртмæ цы хæзнатæ фæтымбыл кодтам, уыдон сæхи бакодтой, сæ бæсты нын ракалдтой æвзалытæ æмæ нын куыдзы бæлæгъы дарынц дон.

Мах сæ цæджджинаджы фынчытæ, — басæй кæй сисынц æмæ кæй акалынц, уыдон æнхъæлдтам, фæ-лæ уыдонæй ноджы фыддæртæ разындысты — ницыйæ æвзæртæ систы нæ цардсафджытæ. Нæ райгуырæн уæзгуытæ нын фæныхъуырынц æд дæттæ, æд хъæдтæ. Цæмæй нæ фæхицæн кæной нæ раттæг зæххæй. Цæмæй нæ удты æвæтчиагæй мацыуал баззайа.

Ахæм рæстæджы йæхи йæ адæмы хъæбул æцæгæй чи хоны, уый хъуамæ фæдисы æртытæ ссудза. Поэт йæ афоризм — «Нæртон минас цырен артыл фыцы, фæкæ-лынц уæд парахатæй йæ фынчытæ»-йы фæстæ чиныг-кæсæгæн уымæн амоны не сафæг «дзыхджынмæ». «Грамматика в Риме, — повествует Гай Светоний — не пользовалась не только почетом, но даже известностью, потому что народ, как мы знаем, был грубым и воинственным, и для благородных наук не хватило времени». Мах та, хъыгагæн, аивадмæ не ‘вдæлы.

Йæ дзуринæгтæ, йе ‘лвæст хъуыдытæ Ходы Камалæн иу æмæ дыууæ не сты. Фылдæр хатт сæ балхынцъ кæны йе ‘мдзæвгæ, æмæ уый уацмыс скæны бирæ зæрдæмæдзæугæдæр.

Лирикон хъайтар-иу æхсæв æрæгмæ куы бацыд сæ-химæ, уæд-иу йæ мад тыхст, куы йыл æрцæуа исты, фæ-лæ йæ уарзон чызгимæ куы ныффæстиат вæййы, уæд æй, кæм вæййы, уымæй фæрсгæ дæр нæ кæны («Æвæц-цæгæн»):

Æвæццæгæн, дæ хъарм дзыккуты уддзæф

Бахæссын мæ уатмæ…

Æмдзæвгæ «Сæумæрайсом»-ы лирикон хъайтар, Мысакайы къуылдымыл йе ‘взонджы бонты цы æрдзы нывтæ уыдта, уыдон нывæнды, стæй уацмыс фæцис æнкъардæй:

…Кæддæр уыдысты адæттæ,

Ныр сыл

Æмдзæвгæтæ æнуд сахары ‘ндидзын…

Лирикон хъайтарæн «Мæ царды фæндагыл æз дардæй фæлгæсын»-ы цыдæр судзгæ сагъæс йæ зæрдæ нырризын кæны — сылгоймæгтæм кæсгæйæ бахауы дисы: йæхæдæг лæг уыд æмæ йæ сыхаг чызг-саби кæуылты асылгоймаг? Дызæрдыг дæр фæвæййы, кæд, зæгъгæ, уый мæ сыхаг нæу, рæдигæ фæкодтон. Стæй — кæрон:

Бæлонау ызнон дæр ма ме уæхскыл бадтæ,

Ныр, акса, дæхæдæг сывæллæтты мад дæ!

«Денджызæй куы не ‘рбаздæхы нау», «уæд уылæнтæ æхсæвыгæтты саумарой» куыд фæкæнынц, идæдзæй аззайæг устытæ сау куыд фæдарынц, чиновниктæ сæ бынæттæн тæрсгæйæ, матростæн тæригъæд кæнгæйæ, æддæг-мидæг куыд ауайынц, газеттæ цытæ фæмыхуыр кæнынц æмæ адæм куыд сдзолгъо-молгъо вæййынц, уыдон куы фæнымадта, уæд уацмыс схæццæ йæ диссаджы кульминацимæ:

Денджызæй куы не ‘рбаздæхы нау,

уæд тархъæды, —

науы райгуырæн бæстæйы, —

бындзарæйлыг бæлæсты зиллаччытæй

хъарм цæссыгтæ схъары.

Камалы æмдзæвгæты ахæм диссаджы кæрæттæ бирæ ис.

Бирæ æмæ алыхуызон. Цы цауы кой фæкæны, уымæ чиныгкæсæджы развæлгъау бацæттæ кæны, хъуыддаг куыд бамбара, афтæ йын æй радзуры, стæй, зæгъинаг кæй уыдис, уыцы хъуыды, куыд уынæм, афтæмæй æлвæст æмæ дыз-дызгæнгæ авæры нæ разы.

Зæрдæ ахæм æнæнхъæлæджы хабæрттæй баризы: цины рыст дæр, масты рыст дæр, тасы рыст дæр… Уый, цы фæдзуры, уымæ гæсгæ вæййы. Æмæ уыцы курдиат Камалæн йæ туджы ис. Нæдæр ын æй раскъæфæн ис, нæдæр — байсæн. Курдиат у аивадон хæзнатæ фæлдисыны æрдзон, объективон бындур æмæ мадзал. Фæлæ курдиат йæ хæс уæд æххæст кæны æнтысгæйæ, кæд йæхицæй бирæ дома, йæхимæ æнауæрдон, æгъатыр уа, кæд критикон æгъдауæй йæхицæн йæ бон аргъ кæнын уа, разы макуы уа, цы сарæзта, уымæй, тырна йæхи хуыздæр æмæ арфдæр раргом кæнынмæ», — дзырдта Дзуццаты Хадзы-Мурат. Камалмæ ис ахæм курдиат. Хъæздыг дзы кæны йæ аивадон дуне. Æмæ — табу Хуыцауæн, уымæн зыны хурæргомæй йæ чингуытæй кæцыфæндыйы дæр.

Уый нæ, фæлæ уыцы кæрæттæ семæ расайынц дисса-джы цыбыр æмæ æлвæст æмдзæвгæтæ. Ома, æмдзæвгæ йæ асæй цы нæ вæййы, уый бафты йæ хъуыдыйыл, æмæ йын уацмысы фæлгæттæ къуындæг кæй вæййынц, уый тыххæй æрцæрынц поэзиуарзджыты зæрдæты.

Цæвиттонтæ — фагæй фылдæр. Нæ ныхас бабæлвырд кæныны тыххæй дзы æркæсæм, нæ хъуыды тагъддæр кæй æрцахса, уыдонæй иу-цалдæрмæ:

1. Армукъайы уынæрæй скъуыддзаг

К æ с а г у æ й г æ н æ г:

…- Кæй ма хъæуы кæсæгтæ?!

Сæрджынты кило — сомырдæг!

Æнæсæртæ та — сом!..

2. Чилиаг катай

Нæ рæстæг — тугхъулæттæ, сау.

Йæ тыл ныццæвы галиугæнæг растæн.

Æмбал кæмæн нæй, уыцы стыр Хуыцау,

Æмбал кæмæн нæй, ахæм лæг мæ ма скæн!

Цахæмфæнды хотых дæр зондджын адæймагæн хи хъахъхъæнын æмæ царды хос у, æдылыйы къухы йæм фыдбылызæй дарддæр мацæмæ æнхъæлмæ кæс. Фæлæ йыл дыууæ хъуыддаджы дæр тых кæны хицауиуæг кæнын. Хицау йæ хъуыддаг куы зона, зондджын куы уа, уæд йæ бон бирæ у. Æдылыйы бон та ноджы фылдæр у… æдылы митæ кæны-нæй. Ноджы фыддæр та — Крыловы загъдау: «Услужливый дурак опаснее врага».

Адæймаг социализмæй хуыздæр ницыма æрымысыд рæстаг фæллойгæнæгæн: куыд æмбæлы, афтæ арæзт куы цæуа, уд дзы сæрибарæй куы улæфа, уæд. Фæлæ уый тыххæй, уый аразынæн стыр куырыхон зонд фæхъæуы. Дзуццаты Хадзы-Мурат ыл кæд Горбачевы фыдбоны рацарæз-тæй фæстæмæ цъыф калдта, уæддæр дзы йæ рæстæджы нæ нымад лæгтæй уымæй тынгдæр ничи æппæлыд: «Революцийы заман, 1917 æмæ 1921 азты тохы заман ирон адæмы историйы даргъ, уæззау, тугхъулон фæндагыл зыны бæр-зонд æмæ номхæссæн хохау. Бирæ æнусты дæргъы, суанг монголты ныббырстæй фæстæмæ, Кавказы хæхты астæу дунейæ иппæрд уæвгæйæ, йæхимидæг цъæх арт уадзгæйæ, ирон уды хъару революцион «Аврорæ»-йы гæрæхтæм йæ бындзарæй нынкъуыст æмæ парахатæй сæргом кодта йæхи». Æмæ раст дзырдта. Фæлæ-иу æй цæхджын дæр фæкодта: «Ленин не ‘ппæтæн дæр у адæймаджы иууыл хуыздæр æмæ бæллиццагдæр идеал».

Абон ма цы бæллиццаг царды фесæфтыл фæкæуæм, уый ныппырхы сæйраг аххосæгтæй дыууæ уыдысты: кадртæ зондмæ гæсгæ, арæхстдзинадмæ гæсгæ нæ, фæлæ хионизм æмæ гæртам исыны принципмæ гæсгæ кæй цыдысты æвзæрст; æдылы хицау йæ фарсмæ зондджынты кæй нæ быхсы æмæ нæм æргом, рæстаг дзырдыл цъутта æвæрд кæй уыдис, уыдон. Æфсæн хыз сæрибар хъуыдыйы нæ уромы.

Цы ис ацы цыппаррæнхъоны ахæмæй, æмæ йæ адæмы рæгъмæ ма уадзай, æхгæнай йын йæ фæндæгтæ? «Нæ рæстæг тугхъулæттæ, сау» кæй уыдис æмæ у, уый? Æмæ ХХ æнус æнæхъæнæй тыхмиты, хæстыты, геноцидты æнус куы уыдис, уæд кæм рæдийы поэт?

Уæдæ, цæргæ-цæрæнбонты галиугæнæг растæн йæ тыл кæй цæвы, йæ хурхмæ йын марæн кард кæй дары, уый адæмæн сусæггаг никуы уыд. Ныр та уыцы æнаккагдзинæд-тæ иууылдæр куыдфыддæрæй цæуынц нæ цæстыты раз! Адæмон æмбисæндтæ æмдзыхæй хуымæтæджы нæ дзурынц: «Сыл дæ, нæл дæ, уæддæр — фыркъа», «Сырддонцъиуæн хъазы айк æфтауын кæнынц», «Нæ дзыхæй нын нæ комдзаг исынц»… Æмæ нæ комдзаг нæ, нæ удтæ кæд уыдзысты нæ бар, уый дæр нæ зонæм. Стæй йæ искуы базондзыстæм, уый дæр бæрæг нæу.

Уыдæттæ фыссæг куынæ кала хурмæ, уæд æндæр чи?

Фæлæ Камал «рæстæг тугхъулæттæ, сау» кæй схуыдта, кæй федта, «йæ тыл ныццæвы галиугæнæг растæн», уый тыххæй ацы замманайы цыппаррæнхъон рухс хъуамæ ма федтаид. Рæстаг уæвын, Хуыцау уæвын цæмæн никæй фæнды, ууыл хъуыды кæнынæй æмдзæвгæйы фæндаг рухс-мæ æрæхгæнын æнцондæр уыдис. Йæ чиныг «Ном»-ы йæ «Чилиаг катай» уый тыххæй схуыдта. Цензурæ нæм куынæ ис, уæд ын поэт йе ‘ннæ чиныг «Мыртæ»-йы аппæрста йæ уарт-ном, æмæ тынг раст бакодта — нæхи катай Чилимæ кæ-дæм скъæфæм?

Фæлæ нæ ныхас Ходы фырты æлвæст, цыбыр-стыр æмдзæвгæтыл уыдис, æмæ сæм æркæсæм ноджыдæр.

3. Зарæгмæ хъусгæйæ

Фыдæлтыккон нæргæ зарджытæм хъуыстон:

уыдтон нæ Ивгъуыд —

тармылазон, сау…

Дæ зарæг дæр уыд хъарæгау, Ирыстон, —

Цæмæн дæм афтæ феххæлыд Хуыцау?

 

Адæймаг фæндтæ кæны, Хуыцау — скъуыддзаг. Ироны зарын кæд фæнды, уымæй нæ, хъыгагæн, нæ фæфæрсы Хуыцау. Æмæ нын хъæлдзæг зарджытæ кæнынæн рæстæг нæ ратты. Джусойты Нафи Темырболаты æрдиаггаг хъысмæтыл сагъæсгæнгæйæ афтæ уымæн загъта: «Цæмæй райгуыры зарæг? Бирæ дзуаппытæ ис. Алыхуызон сты зарджытæ, æндæр æмæ æндæр у сæ ратæдзæн дæр. Фæлæ ирон зарджытæн сæ фылдæр æмæ сæ хуыздæр хай, — историон-хъайтарон зарджытæ, — трагикон цаутæй равзæргæ сты. Зæронд Иры стыр зарæг стыр фыдбылыз æмæ стыр мастæй гуырдис. Зæрдыл æрлæууынц Горькийы ныхæстæ: «Маст галы дæр булæмæргъау сзарын кæндзæн». Æмæ уæд адæймаджы та?»

Стæй Нафи ноджы дарддæр зæгъы: «Зарæг æмæ хъарæг кæрæдзи ивтой. Нæ, ивгæ нæ, æнгом быдæй, дыууæ фидар къухау, иу карды фистоныл хæцыдысты — фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæрæдзи ивтой, зæрдæйы мидæг иу аджы фыцæгау кодтой æмæ сæ гуырди хъайтарон зарæг. Æмæ кæд хъарæг, иронвæндаг фыццаджы-фыццаг сылгоймæгты, ныййарæг мад æмæ саударæг хоты репертуар уыд, уæд зарæг та, — хъайтарон зарæг, — нæлгоймæгты, тохвæллад лæгдзинады хъæлæс уыд». Æмæ уыцы хъуыды Камал снывæста аивадон хуызы. Бавæрдта дзы дзырдаивады уд, æмæ дзы рауад æмдзæвгæ. Нигеры загъдау — хъарæгæй чи зары, ахæм æмдзæвгæ.

4. Рагон гаджидауæй

Дæ мæрддзаг — урс,

Дæ ингæн — рухс,

цæуыс ды де ‘цæг дунемæ нæ цурæй.

Бæмбæг дын — зæхх,

дæ бæркад — хæрх,

æрмæст дын хай ныр нал уыдзæни хурæй…

5. Ныхас къæдзæхимæ

— Лæууыс æдзæмæй…

Уазал уа, æнтæф уа —

нæ кæныс хъаст,

нæ агурыс æххуыс…

— Къæдзæх дæн æз —

куы мыл рацæуы къæвда,

уæд авд ахæмæй равдисын мæ хуыз.

Цалдæр цæвиттоны, цалдæр чысыл æмдзæвгæйы. Фæлæ, мæ уд акæн, сæ хъуыды чысыл нæу. Нæдæр — сæ ахадындзинад. Алчидæр сæ, рæстдзæвин хæстоны фатау, сæмбæлы йæ нысаныл.

«Армукъайы уынæрæй скъуыддзаг» мыхуыры куыддæр фæзынд, афтæ æцæг рухс федта. Поэзиуарзджытæй йæ æвиппайды айстой адæм. «Сæрджынты кило — сомырдæг! Æнæсæртæ та — сом!..» — бирæтæн хаста йæ фæлхат кæнын æхцондзинад. Сæхæдæг сæ зæрдæтæм сусæгæй ныдздзурын кæй нæ уæндыдысты, уый Камалы поэзийы фæрцы, хъазгæ-худгæйæ, бирæтæ, тынг бирæтæ дардтой сæ былы алгъыл.

Худæг у, зæгъгæ, уый тыххæй нæ. Йæ рæстдзинадæй. Царды рæстдзинадæй. Фæлæ уыцы рæстдзинад ис цардæн йæхи рæстдзинады: йæхицæй зондджындæры нæм ничи уарзы. Иугæр хицауы бынатмæ бахаудтæ — цыфæнды хуызы дæр фестæд, — уæд, цæмæй зæххы бикъ æмæ комы дæгъæл фестай, табу дын кæной, уый тыххæй бæллиццаг кадмæ иууыл цыбырдæр æмæ асламдæр фæндаг у — дæ алыварс дæхицæй æвзæрдæрты тымбыл кæнын. Æгæрыстæмæй, дæхицæй ныллæгдæртæ æмæ фыдхъуындæртæ куы уой, уæд — ноджы хуыздæр. Стæй, цъус нæ, фæлæ — бирæ хуыздæр. Цæмæй сæ цуры, фысты разæй сæгъ куыд цæуа, афтæ фидауай. Дæ бынатæй, ома, дæ къæлæтджынæй дæ раппарой æмæ дзы исчи сбада, уый йæ хъуыдыйы дæр ма-кæмæн батæлфа. Ахæм скойæ та, дæ хуыз æрбаймысгæйæ, зæрдæхъæрмттæ куыд кæной. Фæлæ адæймагæн Хуыцау æрхъуыды уымæн радта, цæмæй дзы пайда кæнын фæраза. «Только ложь всегда вредна людям; и если заблуждение — единственный источник их бедствий, то разум — истинное лекарство от них», — дзырдта францаг филосов-материалист П. Гольбах, æмæ Камал йе ‘рхъуыдыйы фæрцы уыцы низæй ир-вæзын кæны адæмы, æхсæнад кæд йæ хъæнтæ фер-вæзынмæ тынг нæ тырны, уæддæр.

Ахæм æхсæнады зондджын адæймагæн сомырдæг нæ, фæлæ сау къапеччы аргъ дæр нал вæййы. Фæлæ йæ æргом дзурын нæ фæуадзынц. Паддзахадон сусæгдзинадæй сын сæ уыцы æлгъаг ми æмбæхсын ахсджиагдæр вæййы. Уымæ гæсгæ дзырдхъом адæмы дзыхтыл гуыдыртæ конд вæййы. Камалы царды фыдуаг æнæрæстдзинады ныхмæ йæ хъуыды фæсномыгæй зæгъын уымæн бахъуыдис. Уымæй дæр юморы, фæлмæн юморы хуызы. Ома, афтæмæй мæ къух никæй хайы фæтъысдзынæн. Уæхст дæр нæ басудздзæнис æмæ физонæг дæр.

Æмæ фæраст йæ хъуыддаг: йæ бæрц дзырдтæй арæзт фат сæмбæлд тæккæ нысаныл. Сæмбæлд адæмы зæрдæтыл дæр. Фæлæ æнæсæр хицæутты дымысдæртæ фынæй нæ кодтой. Уыдон алы хатт дæр мыхуыр дзырдмæ биноклтæй кастысты. Æмæ поэты дзуапп кæныны сæр куы бахъуыд, «сæрджынтæ» æмæ «æнæсæртыл» кæй дих кæныс, зæгъгæ, уæд сын кæсагуæйгæнæн дуканийæ бавдыста бæлвырдгæнæн, ома, дæлгоммæ хъуыды мæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыдис æмæ нæй.

Ацы хабар дæсгай азты размæ æрцыд, фæлæ уацмыс абон дæр йæ тых нæ сафы. Рæстæджы цыдимæ кæны тыхджындæр. Дзуры, сæрджынты аргъ дæлдæрæй-дæлдæр кæй хауы, æнæсæртæ зынаргъдæр кæй сты, ууыл.

Æмæ, куыд акæнынц, цалынмæ фæтк нæ уа, уæдмæ къæрныхтæ, абырджытæ дæр уыдзысты. Уыдоны ныхмæ æмбæлы тох кæнын. Поэт та йæ царды у æнусон тохгæнæг. Нæ йын æхсæв ис, нæ — бон.

Æмæ уыдæттæ кæм фæцæуынц, уыцы зæххыл зарæг, æхсæрдзæны кæл-кæлау, фæрдыггай никуы згъæлдзæнис. Ирон зарæг — хъарæг, цæссыгау, иу фæдыл кæд уымæн фæцæуы.

Афтæ куынæ уаид, уæддæр нæ уырны поэты ныхасæй.

Хъазиты Мелитон

Наверх