Махыл, хуссайраг ирӕттыл, ахӕм рӕстӕг скодта ивгъуыд ӕнусы, 80-ӕм азты кӕрон — 90-ӕм азты райдиан, ногӕй та гуырдзиаг фашизм куы бавнӕлдта 20-ӕм азты геноцид сфӕлхатт кӕнынмæ. Ахӕм рæстæджы нацийӕн йӕ къухдариуӕгад ӕмӕ йӕ интеллигенци растынц адӕмы сӕрвӕлтау, цӕмӕй  худинаг ма ‘руадзой сӕ фыдӕлты ном, кад ӕмӕ намысыл, бахъахъхъӕной сӕ адӕмы сомбон. Хъыгагӕн, цы рӕстӕджы кой кӕнын, уым нӕ адӕмы иу хайӕн, фӕлмӕндӕр дзургӕйӕ, нӕ бантыст лӕгдзинад равдисын. Цхинвалы куыд дзырдтой: «Къутӕрты бынтӕй ракӕс-ракӕс кодтой сӕ алфӕмблай цы цыдис, уымӕ». Се ‘мбисонд — сӕхи, ам ныхасы аккаг не сты, фӕлӕ сӕ кой ракодтон уый тыххӕй, цӕмӕй дарддӕр цы адӕймаджы тыххӕй дзурдзынӕн, уый фӕлгонц ирддӕрӕй разына дуджы цӕхӕры…

Мӕ ныхас у нӕ зынгӕ поэт, публицист, ахуыргонд ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг, дзӕнӕтыбадӕг Ӕлборты Хадзы-Умары тыххӕй, кӕцыйы райгуырдыл сӕххӕст 80 азы. Йӕ хайбавӕрды тыххӕй ирон литературон ӕмӕ ӕвзагзонынады къӕбицмӕ мӕнӕй компетентондӕр чи у, уыдон зӕгъдзысты. Мӕн та фӕнды цалдӕр мысинаджы рахӕссон рӕгъмӕ йе ‘мбӕстагон патриотон позици ӕмӕ ӕхсӕнадон архайды тыххӕй.Уыцы уӕззау дугивӕны рӕстӕг куы ныллӕууыд ӕмӕ та истори ирӕтты раз фарст куы сӕвӕрдта: «Уыдзыстут ма куыд адӕмы хатт ӕви нӕ?..»

Цыдысты 1989-1990 азтӕ. Гуырдзыйы ӕнӕформалон ӕмӕ формалон ӕхсӕнад, йӕ партион ӕмӕ советон къухдариуӕггӕнджытӕ ӕргомӕй райдыдтой архайын Советон Цӕдисӕй рахизыныл ӕмӕ хицӕн паддзахад саразыныл, Гуырдзыстоны сконды цы автономитӕ уыдис (Абхаз, Ачъара ӕмӕ Хуссар Ирыстон) уыдон нӕ бафӕрсгӕйӕ. Уымӕй уӕл-дай ма раргом кодтой сӕ хъуыды: фидӕны паддзахад федералон нӕ, фӕлӕ унитарон бындурыл арӕзт кӕй цӕу-дзӕн. Сæвзæргӕ ӕхсӕнадон-политикон уавӕр базмӕлын кодта ацы Советон республикӕйы нымӕцӕй чысылдӕр цы адӕмтӕ цард, уыдоны. Иууыл тӕссаг-дӕр уавӕр сӕвзӕрд Ирыстонӕн йӕ хуссар хайы. Амы цӕрӕг ирӕтты бар-ӕнӕбары бахъуыдис растын сӕ бартӕ бахъахъхъӕныны сӕрвӕлтау, ссӕдзӕм ӕнусы ссӕдзӕм азты сыл цы фыдбылыз ӕрцыдис, уый хынцгӕйӕ. Хъыгагӕн, уӕлдӕр ма куыд загътон, ацы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны къухдариуӕггӕнджытӕм нӕ разынд уыцы ныфс ӕмӕ лӕгдзинад, цӕмӕй, сӕ адӕмы сӕргъы лӕугӕйӕ, уымӕн йӕ конституцион ӕмӕ политикон бартӕ бахъахъхъӕной. Уавӕр уыйонг ӕрцыд, ӕмӕ дзы иутӕ сӕ бынӕттӕй сырд ӕрцыдысты, иннӕтӕ та сӕхӕдӕг лидзынмӕ фесты. Цасдӕр рӕстӕг Хуссар Ирыстон баззад бынат  ӕххӕстгӕнджыты дӕлбар, уыдонӕй дӕр фыццаг уыдис гуырдзиаг…

Фӕстӕдӕр (1990 азы) обкомы фыццаг секретары бынатмæ ӕрбарвыстой гуырдзиаг-ироны Валнин Цховребашвилийы, кӕцы куыста кӕмдӕр санаторийы сӕйраг дохтырӕй.

Фӕлӕ кӕд уый Тбилисӕй ӕрвыст уыдис, уӕддӕр ӕй хъуыдис бынӕттон обкомы пленумы сӕвзарын. Уыцы рӕстӕджы обкомы уӕнгтӕ уыдысты не ‘хсӕнады нымаддӕр ӕмӕ бӕрнондӕртӕ.

Мах, обкомы иу цалдӕр кусӕгӕй, ӕмбӕрстам ацы адӕймаджы ӕрбацыд Хуссар Ирыстонӕн хорзӕй кӕй ницы ӕрхӕсдзӕн, ӕмӕ архайдтам, цӕмӕй пленумы уӕнгтӕ радтой хъӕлӕс йӕ ныхмӕ ӕмӕ равзарой ӕндӕры. Фӕлӕ… уыдон (цыппорӕй фылдӕр уыдысты) нӕ бауӕндыдысты Тбилисӕй ӕр-выст лӕджы ныхмӕ исты зӕгъын. Ӕрмӕстдӕр дыууӕйӕ, куы сын бамбарын кодтам, хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уӕд сӕ иу Ӕлборты Хадзы-Умар бадзырдта йе ‘мбалмӕ, уый дӕр зындгонд поэт — Дзуццаты Хадзы-Муратмӕ: «Ам мах ницы хъуыддаг ис…». Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕргомӕй ныууагътой ӕмбырд, кӕд ӕмӕ ахӕм демонстративон уагахаст хорзӕй ницы хаста сӕ фидӕнӕн, уæддæр… Ахӕм лӕгдзинад, уӕлдӕр ма куыд бахахх кодтон, афтæмæй цыппорӕй фылдӕры ‘хсӕн, разынд ӕрмӕстдӕр ацы дыууӕмӕ…

9 декабры 1990 азы Хуссар Ирыстоны ацыдысты ӕвзӕрстытӕ республикӕйы фыццаг Парламентмӕ. Уӕлдӕр Советы ӕмӕ хицауады сӕрдарӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Хъуылымбегты Торез. Ацы политикон къахдзӕф, кӕд нӕ цӕгаттаг ӕфсымӕртӕ банымадтой сӕрхъӕн, ӕнӕрцӕф мийыл, уӕддӕр фарст махӕн ӕмразыгонд уыд Советон Цӕдисы къухдариуӕггӕнджытимӕ, кӕцытӕй ма чидӕртӕ архайдтой иумиаг паддзахад бахъахъхъӕныныл. Райдыдта 1991 аз. Ныллӕууыд «тугӕйдзаг цыппурс»: гуырдзыйы ӕхсӕнгарзæй ифтонгтыхтӕ ӕрбабырстой Хуссар Ирыстонмӕ, бацахстой Цхинвалӕн йӕ административон хай. Январы мӕйы кӕрӕтты горӕтӕй адавдӕуыд Хуссар Ирыстоны адӕмы ӕвзӕрст къухдариуӕггӕнӕг Хъуылымбегты Торезы. Уӕлдӕр Совет йӕ бартӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй сӕвзӕрста мӕн. Цы уӕззау уавӕр ныл скодта, ууыл ӕндӕр ран дзургӕ у, фӕлӕ кӕд нӕ асастыстӕм, нӕ басастыстӕм знагӕн, уӕд ӕрмӕстдӕр нӕ иудзинады фӕрцы: къухдариуӕггӕнджытӕй, Уӕлдӕр Советы депутаттӕй рӕнхъон ӕмбӕстӕгты онг (иумийагæй сисгӕйӕ нӕ адӕмы иу 90 % хай) фидарӕй ӕмбӕрстам, гуырдзыйы паддзахады скондмӕ Хуссар Ирӕн фӕндаг кӕй нал ис, кӕд ӕмӕ нын Мӕскуыйы дӕр ӕмӕ Цӕгат Ирӕй дӕр ӕндӕр дзымандытӕ дзурджытæ бирӕ уыдис, кӕцытӕ нын нӕ сомбон уыдтой ӕрмӕстдӕр Гуырдзыимӕ ӕмӕ арӕзтой алцыдӕр, цӕмӕй сӕркъулӕй ӕрлӕууӕм знаджы раз, сразы уӕм йӕ фӕндоныл.

Ӕнӕ зӕгъгӕ йын нӕй: Торезы аиуварс кӕнын ӕмӕ йӕ ахӕстоны скуысси кӕнын дӕр арӕзт ӕрцыд Гуырдзыйы, Советон Цӕдисы ӕмӕ, хъыгагӕн, Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕггӕнджыты иумийаг уынаффӕмӕ гӕсгӕ. Хъуыды кодтой: Торезы фӕстӕ сӕ бон бауы-дзӕн сӕ сау фӕндон ӕнцондӕрӕй сӕххӕст кӕнын — ома, ногӕй Ирыстоны Хуссар хай Гуырдзыйы сконды фӕтъыссын. Тӕккӕдӕр уӕд ӕрлӕууыд нӕ историйы тӕссагдӕр рӕстӕджытӕй сӕ иу. Бахъуыдис ӕппӕт тыхтӕ дӕр смобилизаци кӕнын, цӕмӕй Хуссар Ирыстон, куыд нацийӕн йӕ зынгӕ историон-географион хай — ма фесæфа историйы. Ацы стыр хӕс ӕххӕстгӕнджытӕ ‘рмӕст иугай адӕймӕгтӕ нӕ уыдысты. Сӕндидзыдта та ногӕй нӕ адӕмӕн, куыд алы хатт дӕр — ахӕм тӕссаг уавӕр сӕвзӕргӕйӕ, фӕлтӕрты ӕнгомдзинад ӕмӕ иудзинад: ӕвзонгӕй зӕронды кары онг ирӕттӕ растадысты сӕ фыдӕлты кад ӕмӕ намыс, сӕ амӕлӕттаг зӕхх бахъахъхъӕныны сӕраппонд. Ахӕм рӕстӕджы нӕ зынгӕдӕр ӕмӕ нымаддӕр сфӕлдыстадон интеллигенцийы минӕвӕртты раст позици ахста стыр бынат. Ӕнусон фарста: «Чемӕ стут культурӕ-йы бӕрнылӕгтӕ?» — дзуапп лӕвӕрдта нӕ уӕды уӕлфӕдзӕхст тохӕн.

Ӕлборты Хадзы-Умар, уӕлдӕр ма йӕ куыд бахахх кодтон, ӕргомӕй равдыста йӕ патриотон ахаст… Иуӕй-иутау нӕ бавӕрдта йӕхи, нӕ бафснайдта ӕдас ран йӕ бинонты, фӕлӕ ӕрлӕууыд знаг арт ӕмӕ мӕлӕт цы горӕтыл бафтыдта, уый хъахъхъӕнджыты ӕмрӕнхъ. Хъуыдыйаг мын у царды, Торезы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй куы баззадтӕн, уӕд мӕм ӕрбацыдысты, цалдӕр боны фӕстӕ Хадзы-Умар ӕмӕ Хъотайты Гришӕ — нӕ зындгонд нывгӕнӕг. Уымӕй цалдӕр мӕйы раздӕр, Цхинвал ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны хицауад баппӕрстой транспортон, энергетикон, экономикон ӕмӕ финансон блокадӕйы. Цхинвалмӕ ӕхгӕд ӕрцыд горӕтмӕ донуадзӕн. Январы райдианӕй та нын знаг расидт тугкалӕн хӕст. Цӕдисон центрӕй нӕм цы финансон-материалон, хӕлцадон ресурстӕ цыд, уыдон иууылдӕр задысты Гуырдзыстоны. Ӕнӕ ӕхца, ӕнӕ ‘ндӕр исты царды фӕрӕзтӕй иппӕрд республикӕйӕн нӕ уыд фӕцӕрӕн. Цӕгат Ирыстон, лыгъдӕтты уӕззау уӕз хӕсгӕйӕ, йе ‘ххуысы къух бӕргӕ радардта бахъуыды сахат йӕ хуссайраг ӕфсымӕртӕм, фӕлӕ уымӕн дӕр йӕ бон цас уыд?

Хъуыдис ссарын ӕмӕ спайда кӕнын мидӕггагон цӕрӕн ресурстӕй. Ацы фарстатыл дзургӕйӕ Гришӕ бахаста фӕн-дон, цӕмӕй саразӕм адӕмон фонд «Возрождение», кӕцыйы фӕрцы нӕ бон уыдаид скъуыддзаг кӕнын нӕ бирӕ ахсджиаг мадзӕлттӕ. Уый ма загъта, адӕммӕ кӕй ис бирӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕ, ӕмӕ сӕ фылдӕр нӕ бахӕлӕг кӕндзысты ахӕм уӕззау рӕстӕг Фондмӕ сæ хай бавӕрын.

Ацы фарстайыл бӕстондӕр дзургӕйӕ, ӕз бахатыдтӕн Гришӕмӕ, цӕмӕй уый, куыд инициатор, цы Фонд саразын сфӕнд кодтам, уый хистӕрæй слӕууа. Фӕлӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр се ‘ргом хъуыды баиу: «Ды дӕ абон республикӕйы къухдариуӕггӕнӕг, ӕмӕ хуыздӕруыдзӕн, куы райсис ацы хӕс дӕхимӕ». Нӕ ацы фӕндон сфидар кодтам хицауады ӕмӕ Фонд йӕ куыст райдыдта…

Мӕ хӕдивджытӕй ӕвзӕрст ӕрцыдысты Хъотайты Гришӕ ӕмӕ Зӕгъойты Евгения, кӕцы хицауады дӕр уыд мӕ хӕдивӕг. Хадзы-Умар бацыд Фонды правленийы уӕнгӕй.

Фонды филиалтӕ фӕстӕдӕр арӕзт ӕрцыдысты Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ ма Уæрæсейы регионты иу цалдӕр ран. Уыцы-иу рӕстӕг бахъуыд саразын гумманитарон къамис, кӕцыйы сконды бакодтон Гришӕ ӕмӕ Хадзы-Умары дӕр.

Уыдоны хайбавӕрд ацы дыууӕ органы куысты дӕр уыдис тынг ахадгӕ. Мӕ бахӕсмӕ гӕсгӕ Хадзы-Умар уӕлдай хъусдард здӕхта культурӕйы кусджыты ӕмӕ уагдӕтты уавӕрмӕ ӕмӕ цас гӕнӕн уыд, уыйас сын рогдӕр кодта сӕ къух. Цыбыр ныхасӕй, цӕмӕй хӕсты цӕхӕры нӕ культурӕ ӕмӕ ахуырады уагдӕтты куыст бынтон ма банымӕг уа, уый тыххӕй мын, хицауады бӕрнон кусджыты уӕлдай, ӕввахсдӕр уынаф-фӕгӕнджытӕ систы Гришӕ ӕмӕ Хадзы-Умар. Хицауады иумӕйаг куыст та бахъуыдис рацаразын афтӕ, ӕмӕ уӕлдӕр цы дыууӕ органы кой скодтон ӕмӕ ма хӕдӕфсады цы центрон штаб сарӕзтон, уыдонӕн хӕстон рӕстӕджы домӕнтӕм гӕсгӕ лӕвӕрд ӕрцыд уӕлдӕр бартӕ. Зӕгъӕн ис — систы ӕхсӕнадон-паддзахадон уӕламад структурӕтӕ. Нӕ паддзахадон арӕзтады историйы аналоги ацы фӕзындӕн нӕ уыд. Нӕ уыд аналоги махмӕ раздӕр дӕр ӕмӕ фӕстӕдӕр дӕр — уӕд цы хъусдард аздӕхтам нæ культурӕмӕ, йӕ райрӕзтмӕ, уымӕн. Ӕнӕнхъӕлæджы нӕ уыд Цхинвалы фӕсхӕсты феномен — ирон театралон, музыкалон, кафӕн-зарыны, нывкӕныны сфӕлдыстадмæ ӕвзонг фӕлтӕр куыд æрбакалдысты.

Цыма, цагъды куы кодтам, сӕфты къахыл куы ныллæууыдысты, уӕд нӕ лицей аразыны сӕр бахъуыдис?! Кӕнӕ та сывӕллӕтты ирон классикон хореографион скъолайӕн йӕ райрӕзты тыххӕй обкомы хӕдзары кинозал лӕвӕрд куы ‘рцыд?! Нӕ зындгонд аивӕдты скъола та йӕ дыууӕ уынгӕг кабинетӕй хицӕн хӕдзармӕ ракӕнын цас ӕнӕмӕнг хъӕугӕ уыд? Гъе та нӕ ӕндӕр мӕт нӕ уыд ӕмӕ тыхстаиккам музыкалон скъола йӕ кӕлӕддзаг хӕдзарӕй ӕндӕр, хуыздӕр ранмӕ ракӕнын?! Кӕннод та нӕ зындгонд ансамбль «Симд»-ӕн (кӕцыйӕн никуы уыд йӕхи бынат) «Вибромашинӕйы» культурæйы хӕдзар радтын?! Кӕнæ та фӕстӕдӕр, куы рахастам фӕндон ӕмӕ куы сарӕзтам алцыдӕр, цӕмӕй Советон Цӕдисы раздӕры иннӕ автономиты уӕлдай нӕ пединститутӕй рацаразӕм университет?..

Кӕй ранымадтон, ӕмӕ ма ӕндӕр бирӕ фарстатӕ, кӕцытӕ хаудысты культурон ӕмӕ ахуырадон арӕзтадмӕ — ӕнӕ уынаффӕгондӕй ист никуы цыдысты. Ӕмӕ нын кӕд нӕ уыд алыварсон экспертты къордтӕ, уӕддӕр пайда кодтам, фарста хорз чи æмбӕрста, уыцы адӕймӕгтӕй. Ахӕм рӕстӕг-иу Хадзы-Умар алы хатт дӕр уыд нӕ фарсмӕ. Хистӕр уӕвгӕйӕ, уый ӕмбарын кодта: «Ма ‘фсӕрмы кӕнут. Бахӕс мын кӕнут, бафтаут мӕ цыфӕнды куыстыл дӕр. Кӕм сбӕззон, уым мӕ пайда кӕнут».

Ӕмӕ бӕзгӕ алкӕддӕр кодта. Йӕ пайдайы уӕз нӕ адӕмы уӕлахизы къӕбиц-мӕ ӕнӕрынцойӕ хаста… Йӕ хъӕуын-дзинады тыххӕй та ма иу мысинаг. Цыдысты цӕттӕ кӕныны куыстытӕ ирон адӕмы ӕртыккаг съездмӕ. Челӕхсаты Хъазыбегимӕ, кӕцы уыд «Стыр Ныхасы» правленийы сӕрдары фыццаг хӕдивӕг ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хайады сӕрдар, цӕттӕ кодтам ӕрмӕджытӕ, кӕцыты хъавыдыстӕм ацы ‘мбырдмӕ рахӕссын, уӕлдайдӕр та Хуссар Ирыстоны ӕмӕ йӕ алыварс цы ӕхсӕнадон-политикон уавӕр æвзæрд, уый тыххӕй. Бахатыдыстӕм Ӕлборты Хадзы-Умармӕ, кӕцы дыккӕгӕм ирон адӕмы съезды, куыд зынгӕ ирон поэт, ӕхсӕнадон архайӕг ӕвзӕрст ӕрцыд «Стыр Ныхасы» фыццаг правленийы уӕнгӕй, цӕмӕй нын баххуыс кӕна нӕ куысты, куыд махӕй ирон ӕвзаджы бирӕ дӕсныдӕр.

Фӕндыд нӕ, цӕмӕй съезд бӕстондӕр ӕркастаид Хуссар Ирыстоны мидӕггагон политикон уавӕрмӕ ӕмӕ сарӕзтаид хъӕугӕ хатдзӕгтӕ. Ӕмӕ дзуринӕгтӕ та куы нӕ уыд. Нӕ нымадмӕ гӕсгӕ (ӕмӕ уый кӕройнаг нӕ уыд) 1993 азы дыккаг ӕмбисӕй 1996 азы онг мидӕггагон, афтӕхуыйнæг «разборкӕты» мард ӕрцыдысты 120 бӕрц лӕп-пуйы. Афтӕмӕй та 1991-1992 азты хӕсты знаджы къухӕй, ӕрмӕст тохы быдыры чи фӕмард, уыдоны нымӕц нӕ хызт 80-йӕ уӕлӕмӕ.

Суткӕйы бӕрц фӕбадтыстӕм ӕртӕ-йӕ ӕмӕ бацӕттӕ кодтам съездмӕ хъӕугӕ ӕрмӕджытӕ. Ӕцӕг ма Хадзы-Умар фӕстагмӕ сдзырдта: «Цымӕ нӕ куыст дзӕгъӕлы нӕ фӕуыдзӕн?»

Куыд загъта, афтӕ рауад. Нӕ ба-цӕттӕгонд уынаффӕтӕ съезды делегаттӕм фӕхӕццӕ кӕныны правленийы фылдӕр хай йӕ сӕрдаримӕ нӕ бауӕндыдысты адӕмы ‘хсӕнмӕ цы цыргъ фарстатӕ сӕвӕрдтам, уыдоны фылдӕр хай рахӕссын.

Ацы хъуыддаг мӕстаг уыд Хадзы-Умарӕн, фӕлӕ йӕ сабыр кодтон: «Мах цы проблемӕты кой скодтам, уыдон ирон ӕхсӕнадмӕ фӕхӕццӕ уыдзысты ӕмӕ не ‘мбӕстагон хӕс уымӕй сӕххӕст кӕндзыстӕм. Стӕй 1989-1992 азтӕ чи сфӕрӕзта ӕмӕ бахъуыды рӕс-тӕджы йӕ адӕмимӕ ӕмцард, ӕмдзу, ӕмтох чи кодта, уыдон уыцы хӕс уӕд бафыстой. Ӕнхъӕлын, мах дӕр сӕм хауӕм…»

Ацы ныхӕстӕ куы загътон, уӕдӕй рацыд дзӕвгар рӕстӕг… Мысын Хадзы-Умары бӕрзонд, хӕрзконд, рӕсугъд фӕлгонц. Хъуыды кӕнын йӕ уӕздан, сабыр, аппджын сныхас. Уынын ын йӕ арфуынаг каст ӕмӕ мӕ нӕ уырны йӕ ацыд а дунейӕ. Нӕ мӕ фӕнды дзурон ӕм ацӕугӕ дугмӕ. Ӕмӕ йӕм дзурдзынӕн: «Дӕ ном нын ӕнустæй цӕринаг фӕуӕд!»

Хуыгаты Резо

Наверх