(Мамиты Гигайы райгуырдыл сæххæст 110 азы)

Ирон национ культурон-рухсадон рæзтыл дзургæйæ, нæй ахизæн доцент, филологон зонæдты кандидат, ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы гæс, филологон факультетты декан, æрыгон фæлтæры хъомылгæнæг, Мамиты Гигайы иувæрсты.

Нæ ахиздзынæ уымæн, æмæ уый йæ туг фæкалдта хæсты быдырты, æрыздæхт цæфæй, фæлæ уæлахиздзауæй æмæ  дарддæр бавнæлдта ахуыр-хъомыладон куыстмæ. Зæгъæн ис, Гига йæ царды фæстаг бонтæм уыд нæ университеты (пединституты) активон зиууæттæй иу. Ирондзинад, мадæлон æвзаг, нацийы хорз æгъдæуттæ — уыд сæ амонæг, сæ сæрыл дзурæг, сæ хъæздыггæнæг.

Йæ дæргъвæтин царды бонты Гига йæ Ирыстонæн бирæ лæггæдты бацыд. Ахуыры æмрæнхъ уый ифтонг кодта методикон литературæйæ йе студентты дæр æмæ скъолайы ахуыргæнджыты дæр. Абоны бон дæр, куыд скъолайы ахуыргæнджытæ, афтæ студенттæ дæр пайда кæнынц Гигайы чингуытæ: «Ирон литературæйы методикæ» æмæ «Ирон литературæйы чиныг»-æй (фыст у скъолайы ахуыргæнджытæн).

Егъау у сæ нымæц ахæм уацтæн дæр, кæцыты Гига фæфыста ирон фысджытыл. Уыдонимæ арæзта фембæлдтытæ æмæ студентты семæ зонгæ кодта.

Гига бирæ фæкуыста ирон фольклоры ахуыргæнæн чиныгыл, фыст дæр æрцыд, фæлæ Цхинвал цæхæр арты куы бахауд йæ хæдзаримæ, уæд нал рабæрæг, хæдзары фесæфт æви рауагъдады. Бантыст ма йын ирон советон литературæйы историйыл чиныг ныффыссын дæр. Кæд гуырахстджын чиныг нæ рауад, уæддæр не студенттæн, скъолайы ахуыргæнджытæн сæ къух тынг рог кæны.

Гига Иры сывæллæттæн фæкодта фыды лæггад, йæ адæмæн та — фырты лæггад.

Дарддæр ма нæ ныхас уыдзæн Гига æмæ сывæллæтты литературæйыл. Литературон куыст, сæйраджыдæр, уыдоны тыххæй фæ-кодта.

Диссаг мæм кæсы чиныг «Писатели Осетии» — мæ кæй нæ бахауд, уыцы хъуыддаг.

1967 азы Цхинвалы мыхуыры рацыд чиныг «Хуссар Ирыстоны фысджытæ». Уым бæстыастæу ис Мамиты Гига, схуыдтой йæ фæскомцæдисон поэт, кæцы активонæй йе ‘мдзæвгæты мыхуыр кодта ирон периодикон мыхуыры фæрстыл. Схуыдтой ма йæ ноджы æртынæм азты литературæйы хъазуатонтæй иу. Нӕ литературӕмӕ 1930 азты цы фӕлтӕр ӕрба-цыд, уыдонӕй иу уыд Мамиты Алексийы фырт Гига.

Уый райгуырд 1909 азы 10 марты Хуссар Ирыстоны Цъунары — Къостайыхъӕуы, мӕгуыр зӕхкусӕг лӕджы хӕдзары. Райдианы ахуыр кодта сӕхи хъӕуы скъолайы, уый фӕстӕ — Цхинвалы хъӕууон фӕсивӕды скъолайы. 1931 азы каст фӕцис Цӕгат Ирыстоны педагогон техникум. Куыста ахуыргӕнӕгӕй Хъобаны, Елхоты, Уанаты. 1936 азы каст фӕцис Цӕгат Ирыстоны педагогон институт. Уый фӕстӕ йӕ ахуыр адарддӕр кодта аспирантурӕйы, уый ӕмрӕнхъ кастис лекцитӕ Дзӕуджыхъӕуы пединституты ирон литературӕйӕ.

Мамиты Гига уыдис Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисӕг. Йе ‘фсӕддон хӕс ахицӕн кодта 1949 азы. Уырдыгӕй ӕрыздӕхгӕйӕ, ногӕй йӕ тыхтӕ радта ахуыр-хъомыладон куыстмӕ, 1958 азы бахъахъхъӕдта кандидатон диссертаци.Йӕ амӕлӕты бонмӕ уый куыста Хуссар Ирыстоны педагогон институты лекторӕй.

Мамийы фыртæн йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд мыхуыры фӕзынд 1941 азы Дзӕуджыхъӕуы. Уым рацыд йӕ дыккаг ӕмбырдгонд дӕр 1942 азы ахæм номимӕ: «Мӕлӕт фашизмӕн», зæгъгæ.

Гига, сӕйраджыдӕр, фыста сабитӕн. Йӕ ра-дзырдты фыццаг ӕмбырдгонд схуыдта «Ви-тя» (1952 аз), дыккаг ӕмбырдгонд «Бӕлон»  (1956) аз, ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд «Уал-дзӕг»  (1962 аз), «Хӕстӕн — нӕ» (1966 аз).

Йе сфӕлдыстады тематикӕ алыгъуызон у: рӕзгӕ фӕлтӕр, райгуырӕн бӕстӕйы ӕрдз, колхозон быдыртӕ, фӕллойгӕнӕг лӕджы ӕрмдзӕф, фашизмы цӕсгом, сабырдзинад ӕмӕ ӕндæртæ.

Уалдзӕджы ралӕуд, ӕрдзы хуызивд автор арӕхстджынӕй бӕтты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты цаутимӕ. Йе ‘мдзӕвгӕ «Дидинӕг рафтыдта бал»-ы. Бал дидинӕг рафтыдта, цин ыл кӕнынц сабитӕ, фӕлæ сын поэт зӕгъы:

«Дидинӕг рафтыдта,

Дидинӕг бал…

Хӕстӕй йӕ ныссадзӕг

Нал ‘рыздӕхт, нал».

Чи уыд йӕ ныссадзӕг, цахӕм тохы фӕмард, йӕ тох цӕй тыххӕй уыд, ууыл дӕр дзу-ры поэт, цӕмӕй йӕ зоной сабитӕ:

«Нал ис уый… ‘Рыгонӕй

Тохы фӕмард.

Абоны сӕрвӕлтау

Радта йӕ цард».

Йӕ цард адӕм ӕмӕ бӕсты сӕрвӕлтау чи радта, уымӕн та рохгӕнӕн нӕй. Уымӕн зӕгъы поэт:

«Адӕмӕн, бӕстӕйӕн

Баззад фыртӕн,

Адӕмы уарзт ын

Ӕнусон цыртӕн».

Урс бӕлоны кой нын ракодта автор йӕ радзырд «Бӕлон»-ы. Фыд ӕмӕ фырт — Хӕмӕт ӕмӕ йӕ астаздзыд лӕппу Ӕхсар ацыдысты цуаны. Хъӕды федтой урс бӕлоны, куыд ленк кодта ӕрвон тыгъдады; федтой, бӕлоныл йӕхи куыд ныздыхта цъиусур. Цъиусуры амардтой цуанонтӕ, бӕлоны ӕрхаста Ӕхсар, базылд ын йӕ хъӕдгӕмттӕм, сдзӕбӕх ӕй кодта, стӕй йӕ ауагъта ӕрвон тыгъдадмӕ. Егъау у сабиты цин, æгайтма бӕлоны знаг цъиусур мард ӕрцыд. Ахӕмтӕ хъуамӕ куынӕггонд цӕуой, цӕмӕй ӕнӕхъыгдард, адӕмуарзон бӕлуӕттӕ та сӕрибарӕй ленк кӕной арвы тыгъдады.

Мӕргътӕ ӕмӕ сабитӕ. Ацы темӕ егъау бынат ахсы Гигайы сфӕлдыстады. Йӕ радзырд «Сырддон цъиу»-ы сывӕллон архайӕг нӕй, змӕлынц сӕхӕдӕг мӕргътӕ, рох сӕ нӕу, хӕдзарон гӕды дӕр се знаг кӕй у, уый дӕр.

Сывӕллӕттӕ бирӕ уарзынц, мӕргътӕ сӕхицӕн ахстӕттӕ куыд аразынц, бирӕ хатт сын сӕхӕдӕг дӕр куыд ӕххуыс кӕнынц, чыргъӕдтӕ сын куыд аразынц. Фӕцин кӕнынц, ахстӕтты цы лӕппынтӕ фӕзыны, уыдоныл. Ацы радзырды сюжеты уынӕм, мадӕлон цъиу йӕ лӕппынтӕм куыд зилы. Иу райсом та сын зӕгъы, рӕсугъд хур бон у, ратӕх-батӕх кӕнынц иннӕ мӕргътӕ, афон у сымахӕн дӕр атӕхынӕн. Сӕ иу бафӕлвӕрдта, фӕлӕ ӕрхауд зӕхмӕ. Гӕды йӕ федта, асдӕрдта йӕ былтӕ, фӕлӕ йӕ хъавд фӕмӕнг, мады ‘руаджы лӕппын стахт бӕласы цонгмӕ. Гӕды ма мӕстӕй аныхта йӕ сӕр, скаст ма сӕм хӕрдмӕ, стӕй хъуыр-хъуыргӕнгӕ ацыд.

Нӕ хъӕуы ӕфхӕрын, хъыгдарын ӕнӕхъыгдард цӕрӕгойты. Ахӕм у радзырды хъуыды, ууыл хъуамӕ хъуыды кӕной сабитӕ.

Сӕрибардзинад алкӕй дӕр хъӕуы. Ирон ӕмбисонд ахӕм ис: «Цъиу авд ӕвзаджы зыдта, фӕлӕ йӕ цъиусур куы ‘рсырдта, уӕд йӕхи ӕвзаг дӕр нал зыдта». Ацы темӕ цасдӕр бӕрцӕй зыны Гигайы радзырд «Уыци-уыци»-ы.

Радзырды сӕйраг архайӕг у ӕхсӕзаздзыд Ваня. Райсом раджы хъусы булӕмӕргъы зардмӕ. Тынг фӕцыд ацы маргъ йӕ зӕрдӕмӕ, ӕрфӕндыд ӕй, йемӕ хӕдзары куы уаид ӕмӕ йын зарджытӕ куы кӕнид. Бафтыд йӕ къухты булӕмӕргъ, дары йӕ хӕдзары, лӕгъстӕ йын кӕны, цӕмӕй азара, фӕлӕ булӕмӕргъ нал зары. Ваняйы бӕллицц нӕ сӕххӕст. Булӕмӕргъ Ваняйӕн загъта, кӕд ӕмӕ базонай, ӕз кӕд фӕзарын уый, уӕд дын ныззардзынӕн.

Булӕмӕргъ ныззарыд, фӕлӕ — кӕд. Автор домы сабитӕй, зӕгъут, булӕмӕргъ кӕд ныззарыд. Къостайы «Цъиу ӕмӕ сывӕллӕттæ»-йы цъиу ныззарыдаид? Нӕй! — уымӕн ӕмӕ къалатийы ахӕстон схуыдта. Ваняйы уаты къуым дӕр булӕмӕргъӕн ахӕстон уыд. Куы йӕ ауагъта, сӕрибарӕй куы аленк кодта, уӕд та ныццӕлхъ ласта булӕмӕргъ йӕ зарӕг. Зарӕг ӕмӕ сӕрибардзинад кӕрӕдзийыл баст сты. Арӕхстджынӕй ныв кӕны, Гига хӕдзарон мӕргътӕ ӕмӕ сабиты ахастытӕ цахӕмтӕ вӕййынц, уыдӕтты дӕр.

«Дыууӕмӕ хъавӕджы, дам, иу дӕр нӕ фӕвӕййы», — зӕгъы нӕ фыдӕлты ӕмбисонд. Уый бындурыл амад у Гигайы къаннӕг радзырд «Цы ‘рцыд бабызыл». Йӕ сюжеты уынӕм:

Ӕфсин кӕрчытӕн ракалдта кӕрдзыны къӕбӕртӕ. Иу къӕбӕр дзы аскъӕфта бабыз, иннӕйы та — къӕбыла. Бабыз йӕхи къӕбӕр дуры аууон фӕуагъта, бауад къӕбылайы къӕбӕрмӕ, фӕлӕ фӕтарст йӕ тызмӕг ахастӕй, фӕстӕмӕ ратындзыдта йӕхи хаймæ, фӕлӕ уым нал уыд, гӕды йӕ афардӕг кодта.

Зыддзинад нӕ бӕззы, искӕйы фӕллоймӕ ма ӕвнал, цы дын ис, ууыл хӕц, кӕннод дӕ дӕхиуӕттӕ дӕр нал фӕуыдзысты.

Мад мад у, мады узӕлд ӕндӕр у. Цӕ-рӕгойтӕ дӕр зонынц ӕмӕ ӕмбарынц мад ӕмӕ цоты ахастытӕ. Уырнинаг нывты ӕвдисы ацы фарст автор йӕ къаннӕг радзырд «Гино»-йы. Сывӕллӕттӕ кӕцӕйдӕр рахастой гӕдыйы лӕппыны. Лӕггад ын кӕнынц сӕхирдыгонау, фӕлӕ уый йӕ уасынӕй не ‘нцайы, мысы йӕ мады. Ӕппынфӕстаг, сывӕллӕттӕ ӕрцыдысты иу зондмӕ, ахӕссын ӕй хъӕуы йӕ мадмӕ. Афтӕ дӕр бакодтой, мад йӕ лӕппыны ахаста, лӕппын банцад йе ‘рдиагӕй.

Гига арӕхстджын у сывӕллӕттӕн аргъӕуттӕ фыссынмӕ дӕр. Цы аргъӕуттӕ ныффыста: «Диссаджы дурын», «Цы ӕрцыди Аланыл», «Нӕ, нӕхимӕ цӕуын», «Рувас сыгъзӕринтӕ куыд хаста», «Лӕппуйы аргъау», «Хорздзинад нӕ сӕфы», «Уасӕг ӕмӕ бабыз», «Хъӕбатыр сӕгъ», «Хивӕнд байраг», «Уыци-уыци», «Мӕнӕ дӕн ӕз дӕр» ӕмӕ ӕндӕртӕ, хуымӕтӕг сюжеттыл амад не сты, сӕ нысаниуӕг сывӕллӕтты хъомылады егъау у.

Ацы аргъӕутты хорздзинад ма уый мидӕг ис, ӕмӕ автор ӕрдзӕй цы ӕнӕуд предметты-фӕлгӕнцты райсы, уыдоны ӕрӕвӕры удӕгас предметты ролы, бафтауы сӕ ныхасыл, хабӕрттӕ равдисыны охыл. Зӕгъӕм, аргъау «Мӕнӕ дӕн ӕз дӕр»-ы архайӕг фӕлгӕнцтӕ сты мӕнӕу ӕмӕ нартхор.

Мӕнӕу ӕппӕлы йӕхицӕй, фӕлӕ нартхор дӕр адӕмӕн пайдайы хос кӕй у, уый йын бам-барын кодта нартхор.

Аргъау «Хивӕнд байраг»-ы сӕйраг нысаниуӕг у: мадмӕ, хистӕртӕм хъусын хъӕуы, хивӕнд куы уай, дӕхи фӕндтӕ куы скъӕрай, уӕд ӕрцӕудзынӕ рӕдыд фӕндагмӕ. Байраг-иу иунӕгӕй куы скъӕрай, уӕд ӕрцӕудзынӕ рӕдыд фӕндагмӕ. Байраг иунӕгӕй афардӕг дард, фӕдзӕгъӕл, фӕстӕмӕ фӕндаг нал ардта, ӕрталынг, бахаудта бирӕгъты уацары. Самадта семӕ тох, фӕлӕ балбирӕгътӕн иунӕгӕй цы хъуамæ ракодтаид. Кӕд ма фӕсмон кодта, уӕддӕр байраджы бахордтой бирӕгътӕ.

Сӕрбахъуыды рӕстӕджы хъуамӕ фидар уай, дӕ ныфс ма асӕтта, тас мӕлӕтӕн ӕххуыс нӕу. Ацы темӕйыл фыссы Гига йӕ аргъау «Хъӕбатыр сӕгъ». Сӕгъ хизы хъӕды, кӕсы, ӕмӕ уыны, лидзынц рувасӕй, тӕрхъусӕй, бирӕгъы тасӕй сӕхицӕн бынат нал арынц, фӕдзӕхсынц сӕгъы дӕр, дӕхи бахиз, зӕгъгӕ. Сӕгъ лидзыныл не схӕцыд, ӕрфӕндыд ӕй бирӕгъимӕ фембӕлын. Сӕгъ ныфсджын у, нӕ фӕтарст бирӕгъӕй, ныххурх ӕй кодта, фервӕзын кодта ӕдых тӕрхъусты ӕмӕ рувӕсты се знагӕй. Сулӕфыдысты ӕмӕ арфӕтӕ кодтой сӕгъӕн.

Зӕрдӕмӕдзӕугӕ у сæ ныхас уасӕг ӕмӕ бабызӕн (аргъау «Уасӕг ӕмӕ Бабыз»). Уасӕг — рӕсугъд уындджын, буц у йӕ сӕры конд ӕмӕ йӕ дымӕгӕй, йӕхи уӕлдӕр ӕвӕры кӕд-дӕриддӕр бабызӕй. Бабызы хоны къуылых, худы йыл, фӕлӕ бабыз дӕр йӕхи ӕгуыдзӕг ранмӕ нӕ уадзы, тых ӕм уасӕгӕй къаддӕр кӕй нӕй, уый йын бамбарын кодта бабыз.

Цӕрӕгойтӕ се ‘рдзон скондмӕ гӕсгӕ дих цӕуынц зондджынтыл, ӕдылытыл, тыхджын-тӕ ӕмӕ ӕдыхтыл, арӕхстджынтӕ ӕмӕ ӕнæарӕхстджынтыл. Аргъау «Рувас сыгъзӕ-ринтӕ куыд хаста»-йы уынӕм, рувас сыгъзӕринты голджыты нӕ фӕрӕзта, фӕсайдта пылы, бахӕссын ын сӕ кодта хӕдзармӕ. Стӕй уӕд пылӕн бамбарын кодта, голджытӕ куыд хӕсгӕ сты, уый.

Зӕрдӕмӕдзӕугӕ у радзырд «Хорздзинад нӕ сӕфы». Ам автор сиу кодта адӕймаг ӕмӕ цӕрӕгойты. Радзырды бӕлвырдӕй зыны, кӕд сырдтӕ, мӕргътӕ дзурын нӕ зонынц, уӕддӕр хорз ӕмбарынц рӕвдыд ӕмӕ хорздзинад.

Радзырды цыбыр сюжеты уынӕм: ӕвзонг чызг Фари ацыд хъӕдмӕ. Адзӕгъӕл, иу ран ссардта цъиуы ахстон лӕппынтимӕ. Хъуамӕ сӕ рахастаид, фӕлӕ йын цъиу-мад куы балӕгъстӕ кодта, уӕд ын сæ нал рахаста.

Цӕуы дарддӕр, федта фынӕй рувасы, фелвӕста йӕ йӕ фӕстаг къӕхтӕй. Зилы йӕ, хъуамӕ йӕ амара, фӕлӕ йын рувас лӕгъстӕ кӕны, мӕ сывӕллӕтты мын сидзӕрӕй ма ныууадз, зӕгъгӕ. Фари йӕ ауагъта, фӕтӕригъӕд ын кодта. Рувас та йын загъта, исты хорзы дын бацӕудзынӕн, зӕгъгӕ.

Чызг фӕдзӕгъӕл, нал ары йӕ фӕндаг. Уӕдмӕ йӕм ӕрбатахт цъиу ӕмӕ йын зӕгъы:    ”Бирӕгъ æрбацӕуы, хӕрдзӕн дӕ, сбыр бӕласмæ”.

Фари сбырыд бӕласмӕ, бирӕгъ ӕрбадт бынӕй ӕмӕ йӕм дзуры, зӕгъгӕ, уым ӕххор-маг ӕмӕ дойныйӕ кӕдмӕ бафӕраздзынӕ.

Уӕдмӕ фӕзынд Фаримӕ рувас, азгъордта бирӕгъы рӕзты. Суры йӕ бирӕгъ, рувас иу ран саджил бӕласыл агӕпп ласта. Йӕ фӕдыл бирӕгъ дӕр, фӕлӕ дзы бирӕгъ ныффидар. Цъиу, Фари ӕмӕ рувас бирӕгъы ныммардтой, рувас ма чызджы сӕ хъӕумӕ дӕр фӕхӕццӕ кодта. Сывӕллон чызг Фари бамбӕрста, хорздзинадӕн сӕфӕн кӕй нӕй.

Хъомылады ахсджиаг фарстытыл дзурӕг у Гигайӕн йе ‘ннӕ радзырд «Лӕппуйы аргъау». Лӕппуйӕн автор ном нӕ дӕтты. Дзуры, цахӕм лӕппу у, ууыл: мад, фыды коммӕ нӕ кӕсы, чы-сыл сывӕллӕтты нӕмы, ахуырмӕ йӕ хъус нӕ дары. Фӕзынд зилгӕ-дымгӕ, систа лӕппуйы ӕмӕ йӕ афардӕг кодта. Хӕссы лӕппуйы, тарст лӕппу ӕххуыс куры мӕйӕ. Авд хойӕ, тулдз бӕласӕй, фӕлӕ йӕм ӕххуысы охыл иу дӕр йӕ арм нӕ фӕдардта. Лӕппу старст, бамбӕрста йӕ рӕдыд, дзырд радта зилгӕ-дым-гӕйӕн.

Зилгӕ-дымгӕ ӕрӕргъӕвта лӕппуйы ӕмӕ йын загъта: куы ма рæдиай, уӕд та дӕм фӕзындзынӕн. Лӕппу сраст бинонты ‘хсæн дæр, стæй уæд уынг ӕмӕ хъӕубӕсты ‘хсӕн дӕр.

Мамиты Гига егъау литературон бынты хицау нӕ уыд. Йӕ сӕйраг куыст уыд ӕрыгон фӕлтӕры хъомыл кӕнын, методикон чингуытӕ аразын, ирон литературӕйы историйы фарстытӕ ӕвзарын.

Ацы бонты йæ райгуырдыл æххæст кæны 110 азы. Махæн, йæ хъомылгæнинæгтæн, Иры интеллигенцийæн, æрымысинаг у йæ ном.

Плиты Гацыр

Наверх