Нæ царды сæмбæлæм ахæм адæймæгтыл, кæцытæ сæ адæймагдзинады миниуджытæй, сæ диссаджы зæрдæхæлардзинадæй, се ‘гъдауæй  æмæ сæ алы хъуыддагæй дæр цæрæнбонтæм сæхицæн скад кæнынц æмæ арф фæд ныууадзынц адæмы зæрдæты. Ахæм адæймæгтæн сæ амæлæты фæстæ дæр сæ ном æнустæм цæргæйæ баззайы. Арæх сæ зонгæтæ уыдонæн фæкæнынц сæ хорзы кой æмæ сын афтæмæй фæмысынц сæ нæмттæ, цæвиттонæн сæ фæхæссынц æндæртæн.

Ахæм хорз адæймæгтæм хауд зынгæ ирон фыссæг Букуылты Алыкси Димитры фырт дæр. Ацы аз январы мæйы газет «Хурзæрин»-ы фыццаг номыры рацыдыл 95 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд мæ хæсыл банымадтон ацы диссаджы адæймаджы ном æрымысын.

Уый дæргъвæтин азты æвæллайгæйæ фæлæггад кодта ирон мыхуырæн. Ацы уацы автор 1972 азы хæрзæвзонг чызгæй газет «Советон Ирыстон»-мæ кусынмæ куы æрбацыд, уæд Алыкси куыста газеты бæрнон нымæрдарæй. Куыд коллективы иннæ уæнгтæ, афтæ мæ Алыкси дæр райста хорз, равдыста мæм аудгæ ахаст, раст цыма мæ дыккаг фыд уыд, уыйау.  Æмæ мын цыбыр рæстæгмæ ссис стыр кады аккаг адæймаг. Абоны онг дæр йæ сабыр, фæлæ хатт тыхджын æмæ ныфсхаст хъæлæс мæ хъустыл ауайы æмæ мæ цæстыты раз сысты йæ фæлгондз. Асæй рæстæмбис, зæрдæ-мæдзæугæ æмæ уæздан нæлгоймагæй уыйбæрц хъармдзинад цыд æмæ адæймаг йæ цуры бадынæй, йемæ ныхас кæнынæй не ‘фсæсти. Иннæ ахæм уæлдай адджындæр та уыд мæ дзæнæты бадинаг цардæмбал Хуриты Гивиимæ. Кæд дзы Алыкси бирæ хистæр уыд, уæддæр уыдысты æмкар хæлæртты хуызæн. Афтæмæй дæргъвæтин рæстæджы иумæ хæларæй фæкуыстам, дыккаг хæдзары хуызæн нын чи ссис, уыцы редакцийы. Советон Цæдисы рæстæджы газет «Советон Ирыстон» къуыри цыд фондз хатты æмæ газеты алы номыры рацыдмæ дæр уæзгæ хайбавæрд хаста Алыкси. Уыдис-иу ахæм рæстæджытæ дæр, æмæ-иу ын йæ сæрыл уæлæмæ схæцыны рæстæг дæр нæ уыд газеты уацхæсджыты æрмæджытæ редакци кæнгæйæ. Стыр уæз цыд бæрнон нымæрдарыл. Уый уыд коллективы уарзон адæймаг æмæ зондамонæг. Алчидæрæй бахъуыды кодта хуыцаусконд æмæ æнахуыр уæздан адæймагæй. Уыд диссаджы адæмуарзон æмæ куырыхон, рæдаузæрдæ, фæлæ зынтæн фæразон адæймаг, ирон лæджы ном дæлæмæ никуы æруагъта, æппынæдзух уыд кæстæртыл тайæг æмæ руайæг, цæстуарзон æмæ бæркадарм.

Букуылты Алыкси райгуырд Цхинвалы районы Арцеуы хъæусоветы, Уалыты хъæуы, Ирыстоны зæрдылдаринагдæр бонты ‘хсæн 1920 азы 8-æм июны. Ахуыр кодта сæхи хъæуы райдиан скъолайы. Уый фæстæ æнæххæст астæуккаг скъола каст фæцис Громы. Йæ ахуыр адарддæр кодта Сталиниры педагогон ахуыргæнæндоны æмæ йæ каст фæцис 1940 азы. Уайтагъд кусын райдыдта Чкараулы хъæуы райдиан скъолайы ахуыргæнæг æмæ сæргълæууæгæй. Райзæрдæйæ бæргæ куыста, фæлæ дзы бирæ нæ бафæстиат. Æвзонг лæппумæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Афтæмæй йæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст æрæййæфта æфсады æмæ йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ хайад иста немыцаг фашизм дæрæн кæныны. 1942 азы фидæны зынгæ фыссæг уæззау цæфæй уацары бахауд знæгтæм. Румыны зæххыл бавзæрста æппæт хъизæмæрттæ дæр. 1944 азы уыцы зындонæй куы раирвæзт, уæд ногæй тох кодта немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ. 1945 азы 19 апрелы Уæлахизы къæсæрыл фæцис уæззау цæф æмæ афæдзы бæрц, мæлæты къæсæрыл лæугæйæ, фæхуыссыд госпиталы. 1946 азы стыр хъæдгæмттимæ æрыздæхт йæ Фыдыбæстæм. Фæлæ та йæм дарддæр дæр æнхъæлмæ кастысты стыр фыдæвза-рæнтæ… Æгæрыстæмæй йын зын уыд рæстмæ куыст ссарын дæр. Уацары чи бахаудта, Сыбыры хай чи фæцис, уыдонмæ адæм ахæсты фæстæ æндæр цæстæй кæсын райдыдтой. Фæлæ сæ паддзахад сраст кодта.

1960-1967 азты куыста Хуссар Ирыстоны радиойы редакцийы. 1967 азы йæ раразмæ кодтой газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы бæрнон нымæрдарæй æмæ йæ царды хуыздæр азтæ батыдта ацы бынаты кусгæйæ. Уыдис чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-ы сæйраг редактор, стæй та  областон радиойы сæйраг редактор, журнал «Фидиуæг»-ы редакцийы прозæйы хайады редактор. Абон мæ уацы нæ кæндзынæн, Алыкси ирон литературон сфæлдыстадон хæзнадонмæ цы стыр хæзнатæ æрбахаста, уыдоны кой, уымæн æмæ сыл иу уацы æрдзурæн нæй. Газеты фæрстыл æп-пынæдзух мыхуыр цыдысты  йæ цымыдисон æрмæджытæ æмæ сæ газетгкæсæг дæр агуырдта æхсызгонæй.

Цалдæр азы размæ Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ Букуылты Алыксийæн сарæзтой мысæн изæр. Уырдæм æрбацыдысты йæ хæлæрттæ, йе ‘мсисонтæ. Мадзалы раныхас кодта Джусойты Нафи дæр. Уый Алыксиимæ йæ хæлардзинады тыххæй цы хъарм ныхæстæ загъта, уыдон мæ никуы ферох уыдзысты, цæрæбонтæм сæ бадардтон мæ зæрдыл.  «Мах æртæ лæппуйæ — æз, Букуылты Алыкси æмæ нывгæнæг Къæбысты Къола тынг хæлар уыдыстæм. Æвзонгæй иу хатæны дæр ацардыстæм æртæ азы бæрц æмæ кæд мæгуыр цард кодтам, уæддæр кæрæдзийæн стыр аргъ кодтам æмæ кæрæдзийы хъыджы никуы бацыдыстæм. Иумæйаг нын уыд æппæт дæр: хæрд, нозт, чиныг, уæлæдарæс æмæ дзулы кæрдихтæ. Алыксийы зыдтон 55 азы бæрц æмæ йыл мæ зæрдæ никуы ницæмæй бахудти. Ахъуыды-иу кодтон, зæгъын, цæуыл ис абарæн Алыксийы хæрзæгъдау æмæ уды сыгъдæгдзинадæн. Æмæ-иу мæ зæрдыл æрбалæууыд: Ирд зымæгон райсом бæрзæндты тæхы урс-урсид æхсинæг, арвæй иунæг миты пирæнгом рахауд æмæ абадт уыцы маргъы базырыл… Миты гæбына æхсинæджы базырыл! Уымæй сыгъдæгдæр ницы зонын æмæ чизоны уый бæззы Алыксийы уды сыгъдæгдзинад æмæ фидауц  равдисынæн», — загъта йæ раныхасы Нафи.

Бирæ хъарм ныхæстæ дзы загъта Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон дæр.

1991 азы 19-æм сентябры Чъехы хъæуы Алыксийы иунæг бындар Маиры фыдмардæй амардтой гуырдзиаг фашисттæ. Йæ мард буар ын баивтой гуырдзиаг амынæтыл æрмæстдæр 6-æм октябры. Уыцы дудгæ-бонæн не сфæрæзта уарзæгой мад, Алык-сийы цардæмбал Джиоты Зарæ æмæ йæ зынгхуыст хъæбулы баййæфта цæрынгхъуагæй. Æппæт ацы фыдæвзарæнтæ егъау хъæдгæмттæ ныууагътой Алыксийы уарзæгой зæрдæйыл. Фæлæ бирæ дудгæбæттæ бавзарæг адæймаг иу мисхал дæр нæ фесæфта йæ диссаджы адæймагон миниуджытæй æмæ цæрæнбонтæм баззад Стыр Адæймагæй.

2010 азы, тæккæ уалдзæджы къæсæрыл ирон дзырдаивадыл æрцыд стыр зиан, 23-æм марты йæ фæллад зæрдæ йæ кусынæй банцад Ирыстоны зынгзæрдæ патриот, ирон мыхуыры æнувыд хæлар Букуылты Алык-сийæн. Фæлæ Алыксийы ном никуы амæлдзæн, уымæн æмæ уый йæ фæстæ ныууагъта  диссаджы аивадон уацмыстæ æмæ стыр кад.

Джиоты Екатеринæ

Наверх