2017 азы 31-æм январы Хуссар Ирыстоны адæм йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтой йæ радтæг адæмы аккаг фырт, Ирыстоны нырыккондæр историйы азфыссæг Мæргъиты Алекси Георгийы фырты. Ахæм ацæргæ, куырыхон адæймæгтæ нæ фарсмæ куынæ уал вæййынц, уæд цыма адæймаг фæсидзæргъуыз вæййы, афтæ нæм фæкæсы.

Алекси Георгийы фырт йæ цардæй куы ахицæн, уыцы бонæй нырма кæд дыууæ азы йеддæмæ нæ рацыд, уæддæр мæм афтæ кæсы, цыма айрох йæ ном. Æмæ мæм уый раст нæ кæсы, ахæм гоймæгты нæмттæ-иу афтæ тагъд ма хъуамæ ферох уаиккой æмæ-иу сын кæддæрты уæддæр хъуамæ æрæмысæм сæ нæмттæ.

Ацы диссаджы куыстуарзаг адæймаг  зындгонд уыд Хуссар Ирыстоны йæ арфæйаг хъуыддæгтæй. Йæ зонындзинæдтæ æмæ куыстуарзондзинады тыххæй йын кодтой уæлдай кад æмæ аргъ.

Мæргъиты Алекси райгуырд 1927 азы 20-æм декабры Ленингоры районы Уæллаг Цъолды хъæуы, бирæсывæл-лонджын зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Уый  раджы фæцайдагъ физикон куыстыл, раджы банкъардта царды уæз. Уæдмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст, хæстхъомнæлгоймæгтæм æрсидтысты Райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ. Хъæуты ма баззадысты сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ сывæллæт-тæ. Ахæм уæззау уавæрты  8-æм къласы ахуырдзау Мæргъиты Алекси нысан æрцыд Цъолды хъæуы колхозы бригадирæй.

Фæстæдæр та, рауагъдон къласы ахуыргæнинаг уæвгæйæ, Алекси районы ахуыры хайады бардзырдæй нысан æрцыд, цы скъолайы ахуыр кодта, уым математикæйы ахуыргæнæгæй. Уый фæстæ та ахуыр кодта Тбилисы университеты механикон-математикон факультеты. Университет каст фæуыны фæстæ уайтагъд нысан æрцыд нырма Захъоры астæуккаг скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæгæй æмæ уый  фæстæ та — ацы скъолайы директорæй. Бæрзонд организаторон æмæ профессионалон миниуджыты тыххæй йæ районы къухдариуæгад раразмæ кодта районы ахуыры хайады сæргълæууæджы бынатмæ. 1961 азы та ссис Ленингоры районы райæххæсткомы сæрдары хæдивæг, æмæ дыууæ азы фæстæ та æвзæрст æрцыд ацы районы партийы райкомы фыццаг секретарæй. Ацы бынаты Мæргъиты Алекси бакуыста дæс азы дæргъы. 1973 азы Алексийы ракодтой Цхинвалмæ, автономон областы облæххæсткомы сæрдары хæдивæгæй. Арæзтады къабазы йын зынгæ æнтыстытæ кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ уый фæстæ та снысан кодтой Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы фæндæгты хайады сæргълæууæгæй. Ацы бынаты уый бакуыста æнæхъæн фынддæс азы дæргъы. Уыцы рæстæджы йæ къухдариуæгады бын арæзт æрцыдысты 56 хиды æмæ 300 километрæй фылдæр хуырвæндæгтæ. Алекси йæ сæрибар рæстæджы æмбырд æмæ ахуыр кодта Ирыстон æмæ ирон адæмимæ баст истори æмæ сæ адæмы ‘хсæн пропагандæ кодта.

Мæргъиты Алекси ма зындгонд уыд йæ диссаджы хъæздыг хæдзарон библиотекæйæ дæр, цыран ын уыд мин чингуытæ. Уым ссарæн уыд нæ адæмы историмæ хауæг æппæт чингуытæ, бирæ дзы уыд рагон, стæм рауагъдтæ, гæнæн ис зæгъæн — иугай экземпляртæ. Чингуыты тæрхджытыл дунеон литературон классикæ сыхагиуæг кодта дзырдуæттимæ, философи, истори, мемуарты фæдыл куыстытимæ.

Алекси Георгийы фырт бирæ азты дæргъы хæлар уыд Абайты Васоимæ. Уый хайад иста ирон адæмы стыр ахуыргонды юбилейон мадзæлтты Мæскуы æмæ Дзæуджыхъæуы. Хæларæй цард нæ адæмы иннæ зынгæ минæвæрттæ — Джусойты Нафи, Исаты Мæхæмæт, Къусраты Анатоли æмæ æндæртимæ. Афтæ ма йын æввахс æмæ хъарм ахастытæ уыд Кучиты Юри æмæ Тедеты Павелимæ. Уавæртæ сæхæдæг, фæндвидар характер, царды фæлтæрддзинад, алцæмæ йæ цымыдисдзинад æмæ куыстуарзондзинад Алексийæ са-рæзтой азфыссæг, æмбырдгæнæг, бæстонгæнæг. Ныртæккæ зын ахъуыды гæнæн у ууыл, цахæм уавæры уыдаиккой нæ ногдæр историмæ хауæг документтæ, æрмæджытæ, газетон-журналон публикацитæ, Алекси сæ куынæ æмбырд кодтаид, уæд. Гуырдзыстоны национализмы сытынгы фыццаг бонтæй фæстæмæ лæмбынæг йæ хъус дардта цауты цыдмæ. Æмбырд кодта газетон-журналон публикацитæ, официалон документтæ, алыгъуызон сидтытæ, æндæр фактон æрмæджытæ. Азфыссæг арæзта цауты лæмбы-нæгдæр боныг.

Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты сырæзты фыццаг бонтæй фæстæмæ Мæргъиты Алекси ссис йæ кусæг — тæлмацгæнæг æмæ архивариус. Фæлæ, уæддæр куыстæй сæрибар рæстæджы архайдта, Фыды-бæстæ хъахъхъæнджыты хъайтардзинæдтæ æмæ аргессорты фыдракæндтæ æвдыст кæм цыдаиккой, ахæм æрмæджытæ æмбырд кæныныл. Æрмæджытæ æмбырд кодта, йæ цардæн тæссаг уавæрты дæр. Ахæм бынæттæм-иу бацыд, цыран гæнæн уыд иууыл растдæр информаци райсынæн, иууыл фыццаг, хицауиуæгады органтæм, ныхмæлæуды штабтæм, рынчындонмæ, цыранмæ ласт цыдысты цæфтæ æмæ мæрдтæ…

Йæ бакæнгæ куысты фæстиуджытæ дисы æппарынц адæймаджы. Арæзт æрцыдысты дæсгай тематикон томтæ. Зæгъæм, Хуссар Ирыстоны трагедийы тыххæй æрмæст периодикон мыхуыры æрмæджыты æмбырдгонд  конд у 88  томæй, 1989-1992 азты цауты политикон хроникæ — 20  томæй, Ирыстон æмæ ирæтты тыххæй гуырдзиаг агрессийы æрмæджыты тæлмацтæ та йын рауадысты 13 томы. Гуырдзыстоны мидæг-гагон уавæры тыххæй периодикон мы-хуыры информаци бацахста 4 томы. Уымæй дарддæр ма æмбырд кодта æрмæджытæ ирон-мæхъæлон конфликты тыххæй, уыдон та сты 11 гуырахстджын томы.

Алекси æрæмбырд кодта æрмæджытæ, Беслæны цы  æвирхъау трагеди æрцыд, уый тыххæй дæр. Уыдон рауадысты 19 томы. Æмбырд кодта æр-мæджытæ нæ зындгонд æмзæххонты тыххæй. 5 томы сарæзта Хетæгкаты Къостайыл, 7 томы — Абайты Васойыл, 3 томы —  Кучиты Юрийыл, 9 томы та — Иосиф Сталины тыххæй. Æппæт бацамынд æмбырдгæндтæ арæзт цыдысты цалдæргай экземпляртæй. Уыдонæй бирæты балæвар кодта Ирыстоны цæгат æмæ хуссары зонадон библиотекæтæн, æрвыст æрцыдысты Ленины номыл библиотекæмæ, АИШ-ы Конгрессы æмæ Бритайнаг музейы библиотекæтæм, хайгай сæ амал кодтой РХИ-йы Хицауад æмæ Парламент.

Мæргъиты Алекси бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта чиныг «Южная Осетия глазами журналистов» (1991-1992 гг), кæцымæ бацыдысты нæ республикæйы историйы иууыл трагикондæр рæстæджыты хуыздæр публицистон уацмыстæ.

Алекси ма кодта активон æхсæнадон архайд. Уый уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур Хистæрты советы сконды уæнг. Мæргъиты Алексийы удуæлдай куыстæн стыр аргъ скодта республикæйы къухдариуæгад. Хорзæхджын æрцыд бирæ  паддзахадон хорзæхтæй — ордентæ, майдантæ, Кады грамотæтæй, афтæ ма йын  лæвæрд æрцыдысты кадджын нæмттæ. Алекси Георгийы фырт уыд РХИ-йы Журналистты цæдисы уæнг æмæ Уæрæсейы æрдззонæдты академийы академик, хорзæхджын ма æрцыд РХИ-йы Кады орденæй дæр.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Алекси йæ фæстæ цы хъæздыг библиотекæ ныууагъта, уыцы нымæцы ирон адæмы ныхмæ гуырдзыйы агрессийы тыххæй цы бирæ томтæ сарæзта, уыдоны  хъысмæт абон бæрæг  кæй нæу, уый тыххæй дæр. Бæрæг куыд у, афтæмæй куы фæзиан, уæд йæ чингуыты фылдæр хай æвæрд кæм уыд, уыцы хатæныл æвæрд æрцыд мыхуыр, фæлæ уымæй уæлдай абон ницы бæрæг ис. Хъæугæ та æнæмæнгæй кæнынц, уымæн æмæ уыцы томты æвдыст цæуы ирон адæмы нырыккондæр истори.

Джиоты Екатерина

Наверх