25 азы рацыд дыууæ Германы ‘хсæн берлинаг къул пырхгонд куы æрцыд, уыцы бонæй. 9-æм ноябры ацы нысаниуæгджын бон цытджын æгъдауæй банысан кодтой Германы адæм. Уыдоны циндзинадмæ кæсгæйæ тынг бабæллыдтæн, зæгъын, дыууæ Ирыстоны ‘хсæн цы арæнгæрон таможни ис, уый дæр искуы ист куы æрцæуид. Æмæ ист та æрцæудзæн, æрмæстдæр, дыууæ Ирыстоны куы баиу уой, уæд.

Æз политик нæ дæн, фæлæ мæ уæддæр бафæндыд дыууæ Ирыстоны баиу кæныны фæдыл мæ хъуыдытæ адæмы рæгъмæ рахæссын. Цалдæр мæйы размæ Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд зонадон-практикон конференци «Государственность и политическое устройство Алании-Осетии: история, состояние и перспективы развития», зæгъгæ. Конференцийы хайадисджытæ дзырдтой алыгъуызон хъуыдытæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ бацæуыны гæнæнуæвæг уавæртыл æмæ Цæгат Ирыстонимæ баиу кæныны тыххæй. Хъырым æмæ Севастополь Уæрæсейы скондмæ ног субъектты хуызы куы баиу сты, уый фæстæ уадзын райдыдтой параллелтæ Хуссар Ирыстоны тыххæй дæр.

Ацы конференцийы иууыл тынгдæр мæ зæрдæмæ фæцыдысты Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвиджы ныхæстæ: «Фæстаг æртæ мæйы бæстæйы цæуынц стыр цаутæ. Æз æй куы фехъуыстон, хъырымæгтæ референдум ауадзыны тыххæй дзурынц, уæд дывæр цин кодтон, уымæн æмæ кæд, æппынфæстагмæ, Уæрæсеимæ баиу кæныны фæдыл ирон адæмы рагон бæллиц дæр сæххæст уаид. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы политикон момент махæн у пайда, æмæ хъæуы ацы шансæй спайда кæнын. Куынæ дзы спайда кæнæм, уæд мах бæрндзинад хæсдзыстæм æппæт ирон адæмы раз. Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстыты кампани фæуыны фæстæ дыууæ республикæты адæм хъуамæ æрбаиу уой. Уæрæсейы скондмæ бацæуыны инициативæ хъуамæ рацæуа Республикæ Хуссар Ирыстонæй, куыд хæдбар субъект, афтæ, цæмæй уа Уæрæсейы базыры бын, æмæ уый фæстæ та Цæгат Ирыстонимæ баиу уа», — банысан кодта профессор.

Ацы фарстайы фæдыл иу æмæ дыууæ хатты зондджын хъуыдытæ нæ загъта стратегион иртасынæдты Уæрæсейы институты раззагон зонадон кусæг Яна Амелина дæр: — Хуссар Ирыстоны цæрæг ирæтты национ-сæрибаргæнæн тох райдианы цыд ирон адæмы Уæрæсейы паддзахады скондмæ бацæуыны лозунгы бын, кæнæ та хуымæтæг æвзагæй дзургæйæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацимæ баиу кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хъуыддаг уайтагъд саразынæн гæнæн нæ уыд. 2008 азы 26-æм августы Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уый фæстæ æвзонг республикæйы раз байгом сты алыгъуызон перспективæтæ. Ацы чысыл паддзахады Уæрæсемæ баиу кæнын у иууыл зондджындæр æмæ прагматикондæр къахдзæф. Ахæм хъуыдыйы фарс сты республикæйы цæрджыты фылдæр хай. Мæ цæстæнгасмæ гæсгæ, гæнæн ис ахæм вариант дæр, цæмæй Хуссар Ирыстон Уæрæсейы скондмæ бацæуа, куыд хæдбар субъект, Хъырымы куыд æрцыд, афтæ. Уæрæсейы сконды дыууæ «ирон» субъекты — РХИ æмæ РЦИ-Алани фагбæрцæй сразы уыдзысты бынæттон элитæты амбицитимæ, æмæ уыцы иурæстæджы ирон адæмы æнусон бæллиц среализаци кæнын, УФ-йы сконды дыууæ Ирыстоны баиу кæнын. Бæрæг у иу хъуыддаг: уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг интеграци æнæмæнгæйдæр фæтагъддæр кæнын хъæуы æмæ УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн мидæггагон арæн та демонтаж скæнын».

Конференцийы хайадисæг РЦИ-Аланийы Парламенты вице-спикер Хъесаты Станислав та загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны цау Хъырымимæ барын у æнæкорректон. Хъырымы, зæгъ, уагъд æрцыд референдум адæмы фæндонмæ гæсгæ. Цæмæй, зæгъ, дыууæ республикæ баиу уой, уый тыххæй, зæгъ, куыд минимум, афтæ хъæуы, цæмæй куыд Цæгаты, афтæ Хуссары адæмы дæр бафæнда баиу кæнын. Æмæ иууыл сæйрагдæр та баиу кæныны тыххæй хъæуы æмбæлон политикон момент. Историон планы, зæгъ, республикæтæ хъуамæ баиу уой.

Политолог Дулаты Игорь загъта: «Дыууæ республикæты баиу кæныны темæйы ис тынг бирæ фарстатæ, кæцытæ хъуамæ скъуыддзаг æрцæуой практикон архæйдтыты размæ. Дзырд цæуы ууыл, æмæ ирон элитæйы хуссар хаймæ куыд фæкæсдзæн УФ-йы сконды иу субъекты баиу кæнын. Кæд ныртæккæ уым хæдбар республикæйы президент ис, уæд цымыдисон у, уымæн йæ реакци цахæм уыдзæн практикон æгъдауæй Алагиры районы сæргълæууæджы æмвæзадыл куы уа, уæд».

Ацы политолоджы ныхæстæ æппындæр зæрдæмæдзæугæ не сты, уымæн æмæ дзырд цæуы бæрзонд бынæттыл нæ, фæлæ Ирыстоны сомбоныл. Æрæджы, уæрæсейаг каналтæй сæ иуæн РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид йæ интервьюйы дыууæ Ирыстоны баиу кæныны фарстæн бæстон дзуапп радта, зæгъгæ, дам, уыцы хъуыддаг мæ къухдариуæгады бын куы æрцæуа, уæд, зæгъ, нымайдзынæн афтæ, æмæ мæ адæмы раз мæ хæс кæй сæххæст кодтон. Тыбылты Леонид ацы ахсджиаг фарсты тыххæй фыццаг хатт нæ загъта йæ хъуыды, уый йæ интервьюты арæх æргомæй фæдзуры дыууæ Ирыстоны баиу кæныны тыххæй.

Æз политк нæ дæн. Æз дæн ныййарæг мад, куыд æппæт æмбаргæ ныййарджытæ, афтæ йæ хъæбулты æгæрон уарзтæй чи уарзы, æмæ 20 азы дæргъы гуырдзыйы хъизæмæрттæ йæ бинонтимæ йæхиуыл чи бавзæрста, ахæм ирон сылгоймаг. Йæ хъæбул йæ къахы алгъæй дæр макæцы ныййарæгæн схъæрзæт. Макуы мачи фенæд йæ хъæбулты туг калгæ, æз сæ куыд федтон, афтæ. 1992 азы 9-æм июны, мæ чызг Ларисæ йæ 15-азы гуырæн бон æнцад-æнцойæ хъæлдзæгæй йæ хæдзары куы хъуамæ нысан кодтаид, афтæ уый та йæ гуырæн бон «нысан кодта» республикон рынчындоны хирургион фынгыл æмæ йын сывæллæтты хирург Аветисян Павлик йæ уæрагæй цы нæмыджы схъис систа, уый йын балæвар кодта йæ гуырæн боны цытæн ахæм ныхæстимæ, зæгъгæ, мæм ныртæккæйы уæззау рæстæджы æндæр лæвар нæй æмæ мыл фæстæдæрмæ феууæнд. Абоны онг дæр Ларисæ хъæрзы йæ къæхтæй, нæмыджы схъистæ йын сæ кæй баззад, уый аххосæй. Йæ уæраджы стæг ын цы нæмыджы схъис асаста, уый йын Аветисян тынг æхстыты бын куы иста, уæд бирæ туг кæй фесæфта, уымæ гæсгæ йын иннæ нæмыджы схъистæм нал бавнæлдта æмæ абоны онг дæр сты йæ къæхты. Мæйæ фылдæр йæ къах фæцис гипсы Дзæуджыхъæуы рынчындоны. Абоны онг дæр мæ цæстытыл ауайы йæ хæлаф æнæхъæнæй дæр тугæй кæй сахуырст, уый. Мæ иннæ хъæбул Батрадзæн дæр нæмыджы схъистæ байдзаг сты йæ цæсгом æмæ йæ къухты, фæстæдæр ын сæ иугай систой Дзæуджыхъæуы рынчындоны. Иннæ ахæм мæ цардæмбал Хуриты Гиви дæр йе ‘нусон бæстæм бацыд гуырдзиаг «лæваримæ», йæ риуы, зæрдæмæ æввахс 20 азы дæргъы уый дæр хаста егъау нæмыджы схъис. Йæ сывæллæттæ куы фæцæф сты, æмæ сæ агурæг Тъбеты ‘рдæм куы лыгъд, уæд æй снайпер комкоммæ фехста. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсе куы банымадта æмæ афтæ куы загъта, зæгъгæ, ныр гуырдзыйы æфсондзæй фервæзтыстæм æмæ нæ цæрыны йедтæмæ ницыуал хъæуы, афтæ уый та йæ цардæй æнæрæстæджы ахицæн æмæ йæ фæстаг фæндагыл афæндæраст кодтам 20-æм сентябры, республикæйы боны. Ныр æрвылаз дæр хуссарирыстойнаг адæм 20-æм сентябры, республикæйы боны, бæрæгбонвæлыстæй Театралон фæзуатмæ пардамæ куы фæцæйуайынц, уæд æз та мæ сывæллæтты сусæгæй мæ фæндаг уæлмæрдмæ акæнын. Æдзæмæй, цæссыгкалгæ цасдæр рæстæджы фæлæууын йæ уазал цырты цур æмæ йын уый фæстæ мæ уæззау царды хъæстытæ фæкæнын, фæдзурын ын Ирыстоны цауты тыххæй дæр. Мæ цардæмбалæн йæ фæндтæ æрдæгыл кæй фескъуыдысты, уым дæр æз аххосджын кæнын нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгты, уымæн æмæ уый йæ зæрдæмæ æввахс иста ирон адæмы маст æмæ уæззау низ йе уæнгты бацыд. 20 азы дæргъы та нæ царды æвзæр цаутæ йедтæмæ ницы уыд. Нæ йын бантыст хæдбар Ирыстоны цæрынæй бафсæдын.

Æз ракодтон мæ чысыл бинонты кой, фæлæ ма уæ цæст ахæссут, не знæгты азарæй цал ирон адæймаджы бабын сты, цал æвзонг лæппуйæн нал бантыст сæхицæн æмкъæйттæ æркæнын æмæ хъæбулы ад банкъарын, цал мады æмæ идæдзы баззадысты цæрæнбонтæм кæугæ æмæ дзыназгæйæ. Бирæ ныййарджытæ фесæфтой сæ иунæг хъæбулты, бирæтæ та — дыгай хъæбулты. Абон республикон рынчындоны рынчынтæй къух бакæнæн дæр нæй, æгæрыстæмæй, дзы алкæмæн бынат дæр нæ разыны. Уыйбæрц рынчынтæ нæм кæй ис, уый дæр у хæсты фæстиуæг.

Хуссар Ирыстоны растхъуыдыгæнæг адæмæй иу дæр нæу дыууæ Ирыстоны Уæрæсейы сконды баиу кæныны ныхмæ, уымæн æмæ нын гуырдзиаг агресси фенын кодта, ацы ахсджиаг хъуыддаг æнæмæнгæйдæр саразын кæй хъæуы, уый. Бæлвырд куыд у, афтæмæй истори алыхатт дæр фæлхаттгонд æрцæуы, уымæн та æвдисæн у ирон адæмы истори. 20-æм азты геонцид та гуырдзиаг фашисттæ сфæлхатт кодтой 1989-2008 азты. Иу æнусы мидæг дыууæ геноциды ирон адæмы хуызæн чысылнымæц нацийæн! Чи ратдзæн гаранти æмæ мах 20 азы дæргъы «нæ хорзмæбæллæг» сыхæгты аххосæй цы уæззау, дæрзæг æмæ сындзджын фæндæгтыл рацыдыстæм, ахæмыл та нæ рацæудзысты кæддæр нæ сывæллæттæ æмæ уыдоны сывæллæттæ, нæ фæстагæттæ иууылдæр. Уымæн æмæ Гуырдзыстоны сæргъ чи фæнды ма лæууа, уæддæр ирæтты ахасты уыдон сæ политикæ никуы аивдзысты, чысылæй стырæй сæ хъуыды у иу — ирæттæ сты се знæгтæ æмæ сæ хъæуы куынæг кæнын æмæ фæсурын сæ зæххæй. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты мæхъæлæттæ дæр æмæ та сын куыддæр гæнæн фæуа, афтæ та сæ кард ирон адæмы фæсонты ныссадзысты.

Ирон адæм Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр куынæ бамбарой нацийы тых иудзинады кæй ис уый, цалынмæ тынг æрбангом уæм, цалынмæ иу зондыл хæст уæм, уæдмæ нæ хъуыддæгтæ нæхи фæндиаг никуы уыдзысты. Абоны онг дæр Гуырдзыстоны къухдариуæгад алыгъуызон сайæн ныхæстæ кæны ирæтты æмæ абхазæгтæм ахасты, абоны онг дæр сæ уырны сæ «территориты» кæй раздахдзысты, уый.

Бæргæ, Хуыцау куы зæгъид, æмæ тагъд рæстæджы ирон адæмы стыр бæллиц куы сæххæст уаид æмæ дыууæ Ирыстоны куы баиу уаиккой Уæрæсейы сконды. Афтæ цæмæй уа, уый тыххæй та архайын хъæуы. 20 азы дæргъы куынæ тох кодтаиккам нæ бартыл, не ‘взаг бахъахъхъæныныл, знаджы ныхмæ фæлæууын куынæ бафæрæзтаиккам, уæд нын нæ хæдбардзинад нæ банымадтаид стыр Уæрæсе дæр. Хуссарирыстойнаг ирæттæ уал сæ удуæлдай тохы руаджы ныридæгæн сарæзтой иу егъау къахдзæф, стæм хæдбар паддзахад, фæлæ мæм афтæ кæсы æмæ цалынмæ Уæрæсейы скондмæ бацæуæм, уæдмæ нæ хъуыддаг кæронмæ фидарæй скъуыддзаггонд нæу. Сомбоны та хъуыддæгтæ чердæм æрзилдзысты, уый абон ничи зоны æмæ фидары мад та никуы куыдта. Уæрæсейы скондмæ куы бацæуиккам, уæд цæрæнбонтæм скъуыддзаг æрцæуид нæ сывæллæтты сомбон. Уый тыххæй та архайын, кусын хъæуы, науæд сывæллон куынæ фæкæуы, уæд ын йæ мад дзидзи нæ фæдæтты. Бæрзонд бынат фесафыны тыххæй та Уæрæсейы сконды дыууæ Ирыстоны баиу кæныны ныхмæ чи у, уый та нымайын ирон адæмы знагыл…

Джиоты Екатерина

Наверх