Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон аккаг бынат бацахста нæ бæстæйы уарзондæр бæрæгбонты хсæн. Фыццаг хатт 23 февраль, куыд Гарзджын тыхты бæрæгбон, афтæ нæ раздæры Цæдисы бæстæйы нысан æрцыд 1923 азы, Сырх Æфсадæн граждайнаг хæсты азты фыццаг уæлахизтæ йæ къухты кæй бафтыд, уый фæстиуæгæн. Уыцы бардзырд сбæрæг кодта Реввоенсовет. Сырх Æфсады хъæбатыр хæстонтæ аккаг ныхкъуырд радтой кайзерон Германы ныхмæ Псков æмæ Нарвæйы бынмæ тохты. Фыццаг азты ацы бæрæгбон хуынд Сырх Æфсады бон, 1946 азæй та хуынд Советон Æфсад æмæ Æфсæддон-Денджызон флоты бон. 1993 азæй та райста уæрæхдæр ном æмæ йæ схуыдтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Уæлдай сæрыстырæй ацы бæрæгбон нæ адæм нысан кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон салдаты æгæрон хъайтардзинады фæстиуæгæн. Уыцы уæззау æмæ тугуарæн азты фæсчъылдым æмæ фронты  та нæ Гарзджын Тыхтæ бахъахъхъæдтой Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад, знагæн ныккодтой сæрсæттæн цæф. Уый фæрцы Европæйы сабыруарзаг адæмы фервæзын кодтой фашизмæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы хъайтардзинад кæй равдыстой, уымæ гæсгæ æфсад æмæ флоты хæстонтæй 7 милуаны хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй, 11600 адæймагæй фылдæр систы Советон Цæдисы хъайтартæ, 115 хæстоны та ацы ном райстой дыууæ хатты.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон уæлдай кадджынæй нысан кæнынц Ирыстоны адæм. Нæ фыдæлтæ — скифтæ, сæрмæттæ æмæ аланты кад æмæ намыс, се сгуыхтдзинад зындгонд уыд Рагон Греци æмæ Рагон Римы. Се сгуыхтдзинад сын хорз зыдтой Уæрæсейы дæр æмæ семæ дардтой хæларадон ахастытæ. 1774 азы Ирыстон бархийæ бацыд Уæрæсейы скондмæ æмæ уæдæй ирæттæ намысджынæй æххæст кодтой сæ хæс. Уæрæсейы æфсады сконды рæнхъыты ирæттæ тынг фесгуыхтысты уырыссаг-туркаг хæсты, Кавказ, Хъырым æмæ Балканы хæстыты, 1904-1905-æм азты та æхсардзинады цæвиттон равдыстой уырыссаг-япойнаг хæсты, афтæ — 1914-1917-æм азты фыццаг дунеон хæсты. Æдæппæт зæронд уырыссаг æфсады ирæттæй уыд 40 инæлары, æртæ мин афицерæй фылдæр æмæ хорзæхджын æрцыдысты хæстон хорзæхтæй. Сæ ном дардыл айхъуыст Уæрæсейы æфсады кавалерийы инæлар Абациты Дзамболат, инæлар-лейтенанттæ Борыхъуаты Алыксандр, Байаты Михаил, инæлар-майортæ Тугъанты Асланбег, Мыстулаты Елæмырзæ, Цæлыккаты Данел æмæ æндæртæн. Георгийы Дзуары кавалертæ систы Гугкаты Димитр, Медойты Даукуй, Тагуырты Къоста, Дзабраты Федыр, Дзæхаты Тимофей, Гæздæнты Елдзарыхъо, Нæкуысаты Бимболат æмæ æндæртæ. Ирон сахъгуырд фæсивæд фæстæ нæ фæлæууыдысты, советон Райгуырæн бæстæм гитлерон фашизм гадзрахатæй куы æрбабырста, уæддæр. Райгуырæн бæстæйыл ирон хæстонты æнувыддзинадæн æвдисæн у уый дæр, æмæ се ‘хсардзинады тыххæй ирæттæ кæй сты фыццаг бынаты. Ирыстон зындгонд у йæ хъайтар æфсæддонтæй — Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтар, Монголты Адæмон Республикæйы Хъайтар Плиты Иссæйæ, афтæ, Советон Цæдисы Хъайтартæ Хетæгкаты Габо, Мамсыраты Хаджумар, Дзусаты Ибрагим, Советон Цæдисы фыццаг ирон Хъайтар Остъаты Алекси, Цоциты Уасил, Кобылты Серги æмæ æндæртæй.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон нысан кæнгæйæ, æнæ зæгъгæ нæй Хуссар Ирыстоны хъæбатыр адæмы тыххæй. Нæ чысыл зæхмæ гуырдзиаг лæгмартæ куы æрбабырстой, уæд фæстæ нæ фæлæууыдысты, фæлæ æцæг хъайтарон сгуыхтдзинад равдыстой. Уал дæргъвæтин азы бафæрæзтой æппæт зындзинæдтæн, разынд сæм фæразондзинад, Райгуырæн бæстæмæ æгæрон уарзондзинад æмæ фервæзтысты цыфыддæр знаджы дзæмбытæй. Ныр абон Хуссар Ирыстоны сабыруарзаг адæм сæхи фæразондзинад æмæ Стыр Уæрæсейы æххуысы фæрцы сси хæдбар паддзахад  æмæ уæндон къахдзæфтæй цæуы йæ рухс фидæнмæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала, газета «Хурзæрин»

Наверх