«Адæймагадмæ бирæ нæй, адæмæн сæ хæрзæгъдауы намыс чи у, сомбоны ныфс æмæ ивгъуыд дуджы мысынад кæй номимæ баст сты, ахæм поэттæ. Хетæгкаты Къоста дæр у уыцы чысылнымæц бинонтæй».

Мариэттæ Шагинян

Абон ирон дзыллæ нысан кæнынц ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, стыр поэт, прозаик, драматург, нывгæнæг, революционер, растдæр зæгъгæйæ та  — стыр генийы юбилей.

Къоста йе сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон куысты сæйраг нысаныл нымадта, æрмæст ирон адæмы бартыл нæ, фæлæ Кавказы æппæт адæмты сæрибардзинады сæрыл тох. Уый йæ зæрдæмæ райста йæ радтæг адæмы талынг æмæ фæстæзаддзинадыл сагъæс, æмæ цы фæцард, уымæй тох кодта Ирыстоны дзыллæты ′хсæн рухсад тауыныл. Уый уырныдта йæ адæмы рухс фидæн.

Йæ радтæг ирон адæмы бæллицтæ йæ зæрдæмæ æввахс кæй иста, уый фæстиуæгæн иудадзыг архайдта  Ирыстоны культурæйы артдзæстытæ байгом кæныныл.

Хетæгкаты Къоста йæ адæмы тынг бирæ кæй уарзта, йæ бирæнымæц хъизæмæрттæн дæр уымæн фæрæзта, тых дæр ын уыцы уарзт лæвæрдта.

Йæ мад раджы кæй амард æмæ сидзæрæй кæй хъомыл кодта, уый йæ дарддæры цардуагыл, йе сфæлдыстадыл тынг бандæвта. Уый уыд мæгуырты, сидзæргæсты æмæ сидзæрты хæлар, мæгуыр адæмы æвæллайгæ фарсхæцæг æмæ сæ барты сæрыл æгъатыр тохгæнæг.

Хетæгкаты Къоста уыдис йæ адæмы æцæг хъæбул, йæ адæмы сæрхъызой. Йæ уацмысты ирдæй æвдыста йæ адæмы сагъæстæ, йæ адæмы бæллицтæ.

Къостайы тыххæй Абайты Васо афтæ фыста: «Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ алы ирон дæр йæ адæмæн цæй бæрц аккаг фырт у, уымæн саргъгæнæн ис, йæхæдæг Къостайæн куыд аргъ кæны æмæ йæ цас уарзы, уымæ гæсгæ».

Хетæгкаты Къоста йæ æнæмæлгæ сфæлдыстадæй стыр лæггад бакодта канд ирон адæмæн нæ, фæлæ Кавказы æппæт адæмтæн дæр.

«Хæххон адæмты поэттæй Къостайы хуызæн æввахс æмæ уарзон ничи ис Цæгат Кавказы адæмтæм. Уымæн йæ поэзи бахæццæ цæцæн, мæхъæл, авайрæгты иууыл дæрддагдæр хъæутæм, уыдонæн сæ фылдæрмæ сæхи фыссынад дæр куы нæма уыд, уыцы азты. Ныр-тæккæ та «Ирон фæндыр»-ы зæлтæ хъуысынц ноджы тыхджындæр, ноджы зæллангдæрæй», — фыста советон публицист æмæ сценарист Роман Фатуев.

Къоста æрмæст иронау нæ, фæлæ йæ уацмыстæ фыста уырыссагау дæр, уымæн æмæ уарзта уырыссаг аив ныхас.

«…Къоста уырыссаг æвзаг, уырыссаг аив ныхас тынг бирæ кæй уарзта, уымæн æнустæм æвдисæнтæй баззайдзысты, уырыссагау цы æмдзæвгæтæ æмæ уацхъуыдтæ, очерктæ æмæ пьесæтæ ныффыста, уыдон. Къоста канд ирон поэт нæу, фæлæ ма у уырыссаг поэт æмæ фыссæгыл нымад дæр», — фыста уырыссаг поэт, прозаик æмæ публицист, æхсæнадон архайæг Николай Тихонов.

Ирон литературон дзырды бын-дурæвæрæг иттæг хорз поэт кæй уыд, уый банысан кодта зынгæ уырыссаг фыссæг Максим Горький дæр.

«Хетæгкаты Къостайæн æз сæйраджыдæр зонгæ дæн йæ поэтикон сфæлдыстадимæ. Уый у иттæг хорз поэт, йе сфæл-дыстад адæймаджы зæрдæ агайы йæ социалон рæстдзинад æмæ зæрдæагайæг, арф мидис-джын æмдзæвгæтæй», — фыста М. Горький.

Генийы тыххæй йæ хъуыдытæ фыста советон уырыссаг фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг, журналист æмæ æфсæддон уацхæссæг Александр Фадеев дæр.

Уый фыста: «…Зæронд Ирыстоны талынг, уæззау уавæрты уыцыиу рæстæг поэт дæр у, прозаик дæр æмæ драматург дæр, публицист дæр æмæ стыр курдиаты хицауы къухы бафтдзысты æппæт уыдæттæ,  уымæй дæр йæ адæмы æнæкæрон уарзтæй куы уарза, уæд.

Хетæгкаты Къоста уыдис йæ адæмы æцæг хъæбул, йæ адæмы бартыл тохгæнæг. Йæ уац-мысты ирдæй æвдыста йæ адæмы сагъæстæ, йæ адæмы бæллицтæ. Фæлæ Къоста, уыцы Къоста не суыдаид, уырыссаг адæмы хуыздæр минæвæрттимæ, ивгъуыд æнусы дыккаг æмбисы революцион демок-раттимæ йын идейон æмæ сфæлдыстадон бастдзинæдтæ куынæ уыдаид, уæд.

Мах, уырыссаг фысджытæ, сæрыстыр стæм, Къоста йæ æвидигæ курдиат Чернышевскийы, Добролюбовы, Некрасовы идейæты тæвагæй кæй фæхайджын æмæ уыдон æрд-хæрæны куырдадзы кæй бахсыст, уымæй».

Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон куыд загъта, афтæмæй: «Къостайы хуызæн адæймæгтæ æнцон радтæн куы уаиккой, уæд дзы иннæ нацитæм дæр уаид. Махмæ тæхуды кæнынц, Къоста нын кæй ис, уый тыххæй. «Ирон фæндыр» нын кæй ис, уымæ. Къостайы зонынц Кавказы æндæр æмæ æндæр адæмтæ. Махæн нæ сæрыл куыд тох кодта, афтæ тох кодта уыцы адæмты бартыл, æфхæрд адæмы барты сæрыл дæр æмæ йын стыр кад уый тыххæй кæнынц. Къостайы хуызæттæ кæмæн ис, уыдон хъуамæ сæрыстыр æмæ сæрбæрзонд уой. Къостайы фарн егъау у æмæ дзы нæ адæм фæрнджын цы уой, уый амонд нæ уæд. Къоста ирон æвзаг афтæ ныззæлланг кæнын кодта, æмæ йæ, æгæрыстæмæй, чи нæ зоны, уыдон дæр æм хъусын-тыл фæвæййынц. Къоста цы ‘взагыл фыста, уыцы ‘взаг мах хъуамæ ма бауадзæм мæлын æмæ йæ уый цы бæрзæндыл æвæрдта, уыцы æмвæзадыл æй мах дæр хъæуы хæссын».

Къоста цæры ирон адæмы зæр-дæты, ирон адæмы хъуыддæгты. Уый у не ‘мдугон. Цæудзысты азтæ æмæ Къостайы ном кæндзæн бæрзондæй-бæрзонддæр, кадджынæй -кадджындæр.

Наверх