Ирон адæм бирæ зындзинæдтæ æмæ æфхæрæнты сæрты рахызтысты, фæлæ нæ рагфыдæлтæ — алантау хъайтар æмæ фæразон кæй сты, уымæн æвдисæн у нæ абоны цард дæр. Кæд æппæтæй раппæлинаг нырма не стæм, уæддæр дыууын азæй фылдæры дæргъы зын рæстæджы сæрты рахизыны фæстæ, нæ райгуырæн бæстæ цæуы размæ.

Кæй  зæгъын  æй  хъæуы,  уый  тынг хорз хъуыддаг у, фæлæ  нæ абоны æмæ нæ сомбоны рæсугъд цард цы историон цаутыл амад æрцыд, уыдоны ‘хсæн бирæ ис трагикон цаутæ дæр æмæ уыдон та махæй хъуамæ рох макуы уой. Мах сæ хъуамæ мысæм æрвылаз дæр, зонгæ сæ кæнæм рæзгæ фæлтæрæн, кад æмæ сын аргъ кæнæм, куыд нæ ивгъуыды сæйрагдæр хай, афтæ.

1991 азы 29 апрель Ирыстоны историйы æмæ нæ хъуыдыкæнынады баззад радон сау тæлмæй куыд тас, зæрдæрыст æмæ трагикон бон. Уыцы бон нæ адæмыл рахæтыд æрдз дæр, нызмæлыд зæхх æмæ скуынæг кодта æнæхъæн хъæу, баззадысты æнæ цæрæн хæдзæрттæй сæдæгай бинонтæ, ныппырх сты æмæ фесæфтысты зæххы уæлцъарæй Дзауы районы хисæрмагонд æмæ паддзахадон уагдæтты арæзтæдтæн сæ фылдæр. Уыцы бон æрцыд, рагфыдæлтæй фæстæмæ Ирыстоны историйы чи никуы ма æрцыд, ахæм стыр зæххæнкъуыст, æмæ кæд ныр рацыд æнусы цыппæрæм хайæ фылдæр, уæддæр уыцы бон, куыд абоны бон, афтæ баззад ирон адæмы зæрдæты. Сæ мысынады æрвылаз дæр сног вæййынц уыцы тæссаг æмæ адæймаг æдых кæй разы у æмæ хи бахизæй кæмæн нæй, уыцы æрдзон æнамонд цауы нывтæ.

«Уыцы азты нæ тугдзых сыхæгтимæ ахастытæ карзæй карздæр кодтой æмæ 1991 азы 27 апрелы Гуырдзыстоны парламент ауагътой æмбырд, цы ран рахастой тæрхон, Хуссар Ирыстоны Знауыры æмæ Дзауы районтæ аивыны тыххæй. 28 апрелы Дзауы районы цæрджытæн фехъусынчындæуыд, зæгъгæ дыккаг бон райцентры уыдзæн митинг, ацы фарсты фæдыл адæм сæ хъуыды кæм зæгъой. 29 апрель уыд къуырисæр бон æмæ адæм тырныдтой чи йе скъоламæ, чи та йæ куыстмæ. Уымæ гæсгæ хæдзæртты бирæ адæм нæ баззад. Чи ма дзы уыд, уыдон дæр рацыдысты боны 12 сахатыл райцентры уагъдцæуæг митингы хайад райсынмæ. Митинг сорганизаци кодта, уæды райкомы партийы нымæрдар, ныртæккæ дзæнæттаг  Джиоты Заирæ.  Ма-дзал бæргæ райдыдта, фæлæ Заирæ, æгæрыстæмæй, митинг цæй тыххæй сарæзтой, уый адæмæн æххæстæй æмбарын дæр нæма бакодта, афтæмæй растад æнахуыр тыхдымгæ, йемæ рахаста, хъустæ кæмæй къуырма кодтой, ахæм æнæмбаргæ хъæлæба, сыстад рыг æмæ цæст ницыуал уыдта. Сызмæлыд бæстæ, къæхты бын зæхх дыууæрдæм кæнын райдыдта, хæдзæрттæ, арæзтæдтæ  сæ мидбынаты «кафын» райдыдтой æмæ иугай дыгай, хъазæнтæй амад къоппытау, зæхмæ згъæлдысты. Райдианы мах æппындæр нæ бамбæрстам, цы нал æрцыд,  фæлæ ма нæ къæхты бын зæхх арф скъуыдтæ кæнын куы райдыдта, уæд не ‘хсæнæй чидæртæ рахъæр кодтой, зæххæнкъуыст кæй у. Уыцы уысм мах æппындæр ницыуал æмбæрстам, цы хъуамæ саразæм, алчи дæр, чи куыд расдтæр æнхъæлдта, афтæ кодта…», — радзырдта Дзауы районы цæрæг Битеты Вильям.

«Цымæ, афтæ цæуыл фæхæрам ис ирон адæммæ се сфæлдисæг, æмæ сæм куынæг кæнынмæ æрхъавыд, — хъуыды кодтой не ‘мбæстæгтæ, — сусæг æргомæй уал знаджы нæмыгæй фæцагъды стæм, ныр та нæ æнæхъæн хъæугай аныхъхъуырдта не сфæлдисæг зæхх…» Уыцы тыхст рæстæджы æвæццæгæн, хорзыл æппындæр ничиуал хъуыды кодта, фæзындысты цавæрдæр æнахуыр, бамбарæн кæмæн нæй, ахæм æнкъарæнтæ. Æмæ уæдæ цы хъуамæ хъуыды кодтаиккой, Дзауы районы  Синагуры хъæусоветы Хахеты хъæуы сæфты хъуыддаг йæхи цæстæй чи федта, уыдон?!  Чи уыд æнхъæл, æмæ уыцы рæсугъд уалдзыгон бон, хахеттæгтæ сæ бон куыд хъæлдзæгæй райдыдтой,  афтæ хъæлдзæгæй сыл нал баизæр уыдзæн. Уый нæ, фæлæ ма æгас дунейыл диссагæн баззайдзæн сæ хъысмæт, æнусты дæргъы цы хæхты ‘хсæн æнцад æнцойæ фæцардысты, кæм рæзтысты сæ сабитæ, уыцы уарзон райгуырæн хæхтæ сыл абон кæй рахæтдзысты, сæ быны сæ кæй ануæрддзысты æмæ афтæмæй кæй ссардзысты сæ адзал æнæхъæн хъæуæй.

Хъыгагæн, махæй, хуымæтæджы адæмæй, ничи фæзоны, цы йæм фенхъæлмæ кæсы разæй, æмæ уымæ гæсгæ махæн нæ бон нæу нæхи бааууон кæнын фыдбылызæй. Уый у царды фæтк æмæ йын нæй аивæн, цасфæнды йыл ма фæлварæм, уæддæр  æрцæуинаг цы вæййы, уый æрцæуы.

Хахеты хъæумæ æввахс хъæуты цæрджы-тæй бирæтæ федтой сæхи цæстæй, кинонывты дæр тасы æнкъарæнтæ чи сæвзæрын кæны, ахæм нывтæ. Хъыгагæн,  уыдон нæ уыдысты кадртæ, уыдон уыдысты реалон цаутæ, кæдонæн адæймаджы хъуыдыкæнынадæй нæй ферохгæнæн.

«Уыцы бон, куыд æрвылбон дæр, афтæ та ацыдыстæм нæ куыстмæ, Синагуры астæуккаг скъоламæ. Хахеты хъæуы нæ уыд скъола æмæ куыд иннæ æввахс хъæутæй, афтæ уырдыгæй дæр сабитæ цыдысты не скъоламæ. Æдæппæт уæд скъолайы ахуыр кодта 120 скъоладзауы.  Нæ зонын, цы æнкъарæнтæ уыд цæрæгойтæм, фæлæ хæдзарон фос иууылдæр ралыгъдысты сæрвæттæй, стыгуыр сты хъæумæ æввахс æмæ цæф сырдау унæргъыдтой. Мах æнхъæлдтам, тæвд бон кæй у, уымæ гæсгæ сæхи афтæ дарынц. Адæмæй та бирæтæ хъаст кодтой, зæгъгæ сæ туджы æлхъывдад æгæр бæрзонд кæй схызт, уымæ гæсгæ сæхи æнкъарынц æвзæр. Чи уыд æнхъæл, æмæ  хъуыды дæр кæуыл никуы акодтам, ахæм фыдбæллæх нæм кæй æнхъæлмæ каст. Боны 12 сахат æмæ 13 минутыл райхъуыст цавæрдæр æнахуыр тæссаг уынæргъын, уалынмæ сыстад тыхдымгæ æмæ райхъуыст, бамбарæн дæр кæмæн нæ уыд, ахæм гуыбар-гуыбур. Мах фенхъæлдтам, нæ фыдбоны сыхæгтæ та ныл цавæрдæр æхсæн-гарзæй æхсын райдыдтой, фæлæ фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уый уыд ноджы тæссагдæр хъуыддаг: рацыд та хинæй Ирыстоныл йæ райгуырæн къуымы æрдз дæр, æмæ æрцыд, абон дæр ма нæ дисы чи ‘ппары, ахæм æвирхъау  цау — цалдæр уысммæ бабын сты æгас хъæуы цæрджытæ», — радзырдта нын Синагуры хъæуы цæрæг Бестауты Мери.

Кæй зæгъын æй хъæуы, раст загъта Мери, уый уыд хæстон архайдтытæй тæссагдæр хъуыддаг. Знаджы нæмыгæй ис хи бааууон кæнæн, æххормагдзинадæй дæр ис ссарæн фервæзыны фæрæзтæ, фæлæ æр-дзон катаклизмæтæй нæй нæдæр хи бааууон кæнæн æмæ нæдæр сæ  ныхмæ  тохгæнæн.

Фæстæдæр дунейы алы къуымтæй Ирыстонмæ æрцыдысты тынг бирæ ирвæзынгæнджытæ, ахуыр-гæндтæ-сейсмологтæ æмæ уыдон куыд загътой, аф-тæмæй зæххæнкъуысты уылæнтæ цыдысты хæрдмæ нæ, фæлæ фæрсæрдæм æмæ уæд сæ тых вæййы хъомысджындæр.

Синагуры астæуккаг скъолайы директор Бестауты Аркъади куыд радзырдта, афтæмæй Хахеты хъæуы рагæй фæстæмæ тасдзинад æвзæрын кодта, цæгатварс цы 4 километры бæрзæндæн хох уыд, уый. Уымæн йæ бындур уыд чъырæй æмæ тас уыд, йæхигъæдæй дæр куы ракалдаид, уымæй. 1991 азы зæххæнкъуыст уыд 8-9 баллы онг амплитудæйы æмæ хох нæ бафæрæзта хъомысдждын зæххæнкъуыстæн.

Хахетæй Синагуры хъæуты ‘хсæн сæ уалдзыгон куыстытæ кодтой Бæззаты бинонтæ. Уыдон сæхи цæстæй федтой Хахеты хъæуы цæрджыты бынсæфт. «Зæххæнкъуысты фыццаг бæрджыты нысæнтты фæстæ райхъуыст тынг гуыбаргуыбур, рыг сыстад æмæ мах бæлвырдæй нал уыдтам цы ‘рцыд, уый дæр, фæлæ æнæфенгæ нæ уыд, галиуæрдыгæй хох кæй ралæбырд. Йæ разæй рахаста æнæхъæн хъæуы æд цæрджытæ, æд фос. Мах цы уыдтам, ууыл дæр нал æууæндыдыстæм, фæлæ бæстæ иучысыл куы ‘рсабыр, уæд бамбæрстам, зæххæнкъуысты уылæн-тæй хъæуы цæрджыты буæрттæ уæлдæфы кæй ныскъуыдтæ сты», — дзырдтой уыдон.

«Дыууæ хохы ‘хсæн раздæр цы ком уыд, уым æр-бынат кодта, чи ралæбырд, уыцы хох æмæ уым цы дон цыд, уымæн æрæхгæдта йæ фæндаг. Дон æрæм-бырд ис, раскъуыд  æмæ йæхицæн фæндаг айгæрзта Гуырдзыйы ‘рдæм. Уырдыгæй нæм æрвылбон дæр ирвæзынгæнджытæ æрвыстой Хахеты æнамонд цæрджыты буæртты хæйттæ. Ам, нæхи территорийыл дæр кодтам ирвæзынгæнæн-агурæн куыстытæ  æнæ-хъæн цалдæр мæйы дæргъы æмæ-иу цъыфы æр-фæнты ссардтам, кæмæн йæ цонг, кæмæн та буары æндæр хæйттæ. Баныгæдтам-иу сæ иу ран æмæ сын фæстæдæр уыцы бынаты сарæзтам иумæйаг уæлмæрд»,- радзырдта Бестауты Аркади.

Ныййарæджы хъæбыс — æппæтæй адджындæр, мады гуыбын та — æппæтæй æдасдæр бынат, фæзæгъынц, фæлæ Гæбæраты Людæйæн йæ бон нæ бацис нæдæр йæ хъæбысы цы иу аз æмæ æрдæгдзыд хъæбул уыд, æмæ нæдæр, чи йын нæма райгуырд, йæ уыцы хъæбулты бахъахъхъæнын. Людæ уыд Бæззаты Петърейы чындз, æмæ уыцы бон Пъетрейы бинонтæ 16 бинойнагæй бынсæфт фесты иу уысммæ.

Бестауты Фаризæт та уыцы бон рацыд Дзауы митингмæ. Цæмæй йæ зыдта, уыцы бон фæстаг хатт кæй уыдта, йе ‘ввахс хиуæтты æмæ йæ цардбæллон хъæбул Эммæйы. Эммæ скъолайæ куы рацыд, уæд йе ‘намондæн ацыд Хахеты хъæумæ йæ хæстæджытæ Бæззаты Пъетретæм. Хъæумæ æххæстæй дæр нæма бахæццæ, афтæмæй бацис æгъатыр мæлæты амæттаг, ссардтой ма йын æрмæстдæр йæ уæнгтæй иу цалдæр хайы. «Эммæ кæд нырма 11-æм къласы ахуыр кодта, уæддæр нымад уыд, комбæсты æппæты рæсугъддæр æмæ зондджындæр кæстæр-тæй сæ иуы. Ахуыр кодта тынг хорз, уыд фердæхт-джын æмæ æппæтмæ дæр æвзыгъд хъæбул»,- загъта Эммæйы æввахс хион Джиоты Залинæ.

«Рацыд 26 азы Хахеты хъæуы 42 цæрæджы зæх-хæнкъуысты фæстиуæгæн æд хъæу зæххы уæлцъа-рæй куы фесæфтысты, уæдæй нырмæ, фæлæ уыцы хъуыддаг йæхи цæстæй чи федта, чи йæ бавзæрста, уыдонæй никуы ферох уыдзæн уыцы æвирхъау тугуа-рæн бон. Абон мæн бирæ фæндит радзурын уыдоны тыххæй, сæ æдзард удты тыххæй сын лæмбынæгдæр æрдзурын, фæлæ мæ зæрдæ нырма дæр у хъæдгом æмæ мын æнæ цæстысыгæй се ‘рымысын у тынг зын. Уым бабын сты ме ‘ввахс хиуæттæ, цæргæ цæрæн-бонты адджынæй кæимæ фæцардыстæм, уыцы адæм, уыдоны ‘хсæн уыдысты не скъолайы 18 æна-хъом ахуыргæнинаджы дæр», -загъта йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ Синагуры скъолайы ахуыргæнæг Бестауты Мери.

Нæ баззадысты æвыдæй Дзауы районы иннæ хъæутæ, афтæ Къуайсайы поселок дæр. Уыцы бон æдæппæт бабын сты 200 мæ æввахс хуссарирыстойнаджы, ныппырх сты хисæрмагонд цæрæн хæдзæрт-тæ æмæ æндæр нысаниуæджы бæстыхæйттæ. Æп-пæты зындæр та у, уыцы бонтæ ирон адæмы зæрдæ-ты цы хъæдгæмттæ ныууагътой, уыдон байгас кæнын. Уыдон æнустæм баззайдзысты риссаг хъæдгæмттæй нæ адæмы зæрдæты

 Хуыгаты М.

 

Наверх