Æрæджы Санкт-Петербурджы уырыссаг æвзагыл мыхуыры рацыд æмдзæвгæтæй фыст хъайтарон уацау «Сказания о Николозе, снежном барсе и Святой Георгий» («Кадæг Николоз, митын фæранк æмæ сыгъдæг Георги»). Чиныг цæсты ахадгæ куыст у, фæлæ йæ рагацау зæгъæм, йæ автор Плиты Виктор кæд Рукъæй рацæугæ у, уæддæр æй ирон чиныг-кæсджытæ рæстмæ нæ зонынц. Уымæ гæсгæ, хуыздæр уыдзæн нырма авторы кой ракæнын, стæй та йæ фæллæйтты.

Царды дымгæ тыхджын у, куы сысты, уæд йæ ныхмæ æрлæууæн нал вæййы, кæдæм дæ фæхæсдзæн, уый зонгæ дæр нæ бакæндзынæ. Афтæ рауад сæ хъуыддаг Викторы хæдзарвæндагæн дæр. Хонынц сæ Годжиайы хæдзарвæндаг. Годжиайы фырт Никъолозы ном абон дæр у хъуыстгонд, кæд Рукъæй 1920 азы гуырдзы хуссайраг ирæттæн геноцид куы сарæзтой, уæд алыгъд Ногирмæ, уæддæр.

Никъолоз Ногиры цæргæйæ сарæзта кусæгон бригадæ æмæ цыбыр рæстæгмæ лыгъд адæмы сывæллæттæн сарæзта дурын скъола. Йæ бригады уæнгтæ уыдысты: Плиты Дата, Арчил, Уано, Булацаты Андрей æмæ Симон, Уртаты Зæрæби æмæ Михакъо, Кокойты Димитр, Къуымæллæгкаты Алекси æмæ Алыксандр, Теблойты Тебæ æмæ Сотти.

Викторæн йæ чиныгæй бæрæг у, йе уæнгты ма ирон фыдæлты туг кæй змæлы. Уый зæгъын уымæн, æмæ йæ фыдæлты мæсыджы равæрд йæ бындурæй йæ цъуппмæ нымайы йе ‘нгуылдзты хуызæн: Дауит, Таймураз, Годжиа, Никъолоз. Никъолозы цæуæт Ладо, Феня, Солтанбег, Тæтæрхъан, Раисæ, Петр æмæ Таймураз. Виктор йæхæдæг у Никъолозы хистæр фырт Ладойы (Владимиры) лæппу.  Йæ иннæ уацмысты æмрæнхъ Виктор йæ дада Никъолозыл ныффыста таурæгъ.

Викторимæ лæгæй-лæгмæ мæхæдæг дæр зонгæ нæ дæн, зонгæ дæн йæ фыстытæм гæсгæ, уæлдайдæр та куы фæзынд йæ зынгæ куыст «Знаменитый осетинский род Плиевых», уæдæй фæстæмæ.

Уæлдæр æй загътон, лæджы йæ хъысмæты фæндаг кæдæм нæ фехсы. Рукъаг лæппу, Плиты Виктор райгуырдис 3 августы 1944 азы Хабаровскы зылды хъæу Усть-Омчугы службæгæнæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Владимир йæ рæстæджы зынгæ геолог, згъæры æвæрæнтæ дзæвгар ссардта Ветренск æмæ Чукоткæйы зæххыл, уымæн ахауд Дард Хурыскæсæнмæ дæр.

1952 азы Виктор йæ бинонтимæ æрыздæхт Ленинградмæ, Хабаровскмæ дæр Ленинградæй ацыдысты.

Æвзыгъд уыд ахуырмæ Виктор, æнтыстджынæй каст фæцис Ленинграды 11-æм скъола 1961азы, стæй бацыд политехникон институтмæ. Иттæг хорз бæрæггæнæнтыл каст фæцис йæ факультет æмæ кусын райдыдта Металлургон заводы конструкторон бюройы.

Кæд йæ мадæлон æвзаджы хъæзныг фæрæзтæй рæвдз нæ уыд, уæддæр æй йе ‘взонджы бонты сæхимæ тынг ласта Пушкины æрдхæрæны æвзаг, Лермонтовы поэзийы авналæнтæ, Къостайы уырыссаг поэзи.

Виктор йæ литературон фæлварæнтæ райдыдта скъолайæ, йæ хъæлæс фæфидардæр институты. Цæмæдæр гæсгæ, тынг бауарзта М.Ломоносовы. 1986 азы æрæвнæлдта æмдзæвгæтæй йыл роман ныффыссынмæ. Æнæхъæн азæй фылдæр архайдта ацы темæйыл, рæстæггай-иу ыл ауагъта йæ къух, стæй та-иу æм ногæй бавнæлдта.

Йæ тыхтæ фæлвæрдта прозæйы дæр. Ам йæ хъуыддаг хуыздæр ацыд. Ууыл уал дзурæг у уый дæр, æмæ 1996 азы фæзынд йæ чиныг «Расчлененная на паперти».

Литературон асинтыл уæлæмæ кæй хызт, уый дæр фæбæрæг 2010 азы. Уæд ссис Всеволод Азаровы номыл литературон иугæнд «Путь на моря»-йы уæнг. Ацы æхсæнад дæр хауы Уæрæсейы фысджыты Цæдисы скондмæ.

Уыцы ‘хсæнад Викторæн рауагъта цалдæр æмбырдгонды.

Уæлдæр æй загътон, Виктор йæ «ныхтæ ныссагъта» М. Ломоносовы, уый царды хабæрттæ, стæй йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ йын удæнцойдзинад нæ лæвæрдтой. Ногæй та йæм бавнæлдта 2013 азы. Ныр йæ хъул сах абадт, райгондæй дзы баззад журнал «Литературон Микс»-ы редактор, стæй уæд рауагъдад ЦСЛК диретор Еленæ Мошко.

«Роман получился оптимистичным, духовным и более совершенным, а тройные и парные рифмы в октавах преобразились, что позволило выдвинуть роман в стихах «Михайло Ломоносов» на соискание Всесоюзной премии им.А.К.Толстого на историческую и пат-риотическую книгу» — зæгъы уый романæй.

Адæймаг йæ хæрзгæнджыты хъуамæ зона. Викторæй рох никуы у Николай Сергейы фырт Мухин, поэт дзы уый фæрцы рауад. Н.С.Мухин та уыд литературон зиууæтты ‘хсæнад «Путь на моря»-йы къухдариуæггæнæг. Хорз зонгæ уыд Виктор зынгæ Петербургаг поэт Владимир Морозовимæ, стыр аргъ кодта уый поэзийы оригиналондзинадæн, тынг ын баххуыс кодта, йæ роман «Михайло Ломоносов» æр-тыккаг хатт мыхуыры куы уагъта 2015 азы, уæд. Уæд ын стыр лæггад бакодта альманах «Русское слово»-йы редактор Летушев Витали Николайы фырт дæр.

Абоны бон Виктор цæры æмæ кусы Питеры, у Петербургаг поэт æмæ прозаик.

Йæ уацау-«Таурæгъ Никъолозыл, митын фæранк æмæ Сыгъдæг Георгийыл» та мыхуыры фæзынд 2016 азы. Ацы уацау дæр фыст у æмдзæвгæтæй.

Уацауы бындур амад у историон хабæртты бындурыл, бæлвырддæрæй та, 1920 азты Хуссар Ир Гуырдзыстоны фашистон хицауады къухæй сыгъд æмæ дæрæнгонд куыд æрцыд, уыцы бæллæхты фæдыл.

Уацауы ахадындзинады фæдыл чиныджы разныхасы йæ хъуыдытæ загъта Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг Николай Михин: «Виктор Плиев сумел поднять в данной героической повести огромный пласт из трагической жизни осетинского народа».

Чиныджы разныхасы ис Викторæн йæхи ныхæстæ дæр йæ уацауы фæдыл. Зæгъы, нырма хъавыдтæн уацау ныффыссын æгас Хуссар Ирыстоныл ахæм номимæ: “Исходом осетин из Южной Осетии». Æгæр дардыл кæй æнхъæвзта уацмысы сюжет, уый тыххæй рахызт цыбырдæр сюжетмæ, бавнæлдта йæ фыды фыд Никъолозы царды фæндæгтæм. Уыдон та дæргъвæтин æмæ вазыгджын уыдысты.

Цы зæгъæн ис Никъолозæй. Рукъгомы абоны-бон дæр йæ ном зындгонд у куыд хъæбатыр, ныфсхаст, кусаг, фæрæзджын адæймаг.

Никъолоз 1920 азы цауты фæстæ æрцард Ногиры, фæлæ йæ ном Рукъæгтæй рох никуы у. Лидзгæйæ дæр уыдис йæ фæкæсынхъуаг адæмимæ, уыдис тохгæнæг фæлтæры рæнхъыты, Санахъоты Матейы партизанон къорды. Хорз зонгæ уыд Никъолоз Дзаттиаты Алыксандр, Плиты Арон, Беджызаты Чермен, Дзугаты Гæбила, Гаглойты Рутен æмæ æнд.тохгæнæг фæлтæримæ.

Авторы бирæ чингуыты сыфтæ бахъуыд афæлдахын, дзæвгар адæймæгты йæ афæрсын хъуыд, уæды хабæртты ма чи хъуыды кодта. Тынг бирæ архайæг фæлгæндзтæ стымбыл кодта автор йæ уацмысы сюжет сæвæрынæн.  Уыдон  та  иууыл  иумæ  дзурæг  сты, 1920  азты  тугуарæн  бонтыл, Хуссар Иры дзыллæйы уавæрыл, тохгæнæг æмæ лидзæг дзыллæйы царды нывтыл.

Уацау конд у 11 сæрæй. Сæртæ кæд кæрæдзийыл баст сты сæ дугмæ гæсгæ, уæддæр сæ хицæнтæй райсгæйæ бирæ ахсджиаг фарстытыл цæуы дзырд.

Автор уацауы фæстаг сæры ногæй кæны ныллидзæг адæмы кой, цæрæнбынатæн сæм цы гæппæл æрхауд, уый кой.

Лигъдæттæн Цæгат Ирыстоны лæвæрд æрцыд Терчы галиуварсы зæххы фадыг, бынæттон цæрджытæ йæ хуыдтой Полигон.

Цалынмæ йæ лигъдæттæн нæ радтой, уæдмæ уыцы бынат уыд æфсады къухы, танк-тыл ахуыргæнæн бынат уыд, æфсад дзы уыд, ахуыртæ дзы цыд æмæ йæ хуыдтой Полигон. Æфсадæн дæр æй уымæн радтой, æмæ мæгуырау, цыфдзаст зæхх кæй уыд. Абоны-бон дæр Ногиры иуæй-иу уынгтæн сæ донбадæн цъыфдзаст бынæттæ нæ сур кæнынц.

Адæмы хъару бирæ у, сбæззын æй кодтой цæрынæн, уым уыд Викторы дада Никъолозы хæдзар  дæр. Ног адæм сæ нæуæг бынаты схуыдтой Ногир. Абоны бон Ногир у зынгæ ирон хъæу.

Уацауы кæронбæттæны Виктор рæсугъд хабæртты кой нæ кæны. Амард Никъолоз. Абоны бон гас нал сты йæ фырттæ Ладо, Солтан, Петя, Тæтæрхъан.

Æцæг царды аккаг фæд ныууагътой, чи дзы геолог уыд, чи химик, чи ахуыргæнæг, колхозы раззагон кусæг. Чиныджы автор та у Петербургаг поэт æмæ прозаик.

Зæгъæм: Никъолозы кæстæр фырт Тимур у профессор, физикæ-химийы зонæдты доктор, рауагъта 5 томон монографи органикон химийæ, 1994 азы йæ равзæрстой Нью-Йорчы академийы уæнгæй.

Никъолозы фырттæй сæ иу Солтан — нымад уыд Цæгат Иры ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæй сæ хуыздæртæй иуыл.

Йæ фырттæй иу, Махарбег дзæвгар азты кусы Къостайы номыл паддзахадон университеты ансамбль «Ирыстон»-ы къухдариуæггæнæгæй. Ансамблы ном куыд схызт бæрзонд, ахæм кадджын нæмттæ райста Махар йæхæдæг дæр, у Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны адæмон артист, ансамбль «Ирыстон»-ы аивадон къухдариуæггæнæг.

Æппæтыл æрдзурыны фадат нæй, фæлæ цыбыртæй зæгъдзынæн: ацы хæдзарвæндаг Ирыстоны рæсугъд къæбицмæ хуымæтæджы хуынтæ хæссæг не сты.

Мæхи тыххæй та зæгъын. Ручъы иу ран цардыстæм, хъуыстон Никъолозы хабæртты кой. Йе фсымæртæ — Гариго æмæ Михакъоимæ цардыстæм иу бинонты хуызæн. Мæ фыдыл ном Гариго сæвæрдта.

Гаригойы фырттæ Атто æмæ Мишæ фесæфтысты Фыдыбæстæйон хæсты азты. Æртыккаг фырт Софрон мæнæн уыд ахуыр-гæнæг Ручъы скъолайы, куыста бастдзинады хайады дæр.

Михакъо  фæстагмæ  цардагур балыгъд Къуайсамæ. Йæ хистæр фырт Дзодздзæ уы-дис шахтер, стæй та завод “Эмальпровод”-ы кусæг. Дзодздзæйæн йæ фырт Алан, абон у Цхинвалы районы администрацийы хистæр.

Уæлдæр æй загътон, кæд ацы хæдзарвæндагимæ кæронмæ зонгæ нæ дæн, уæддæр сты нæ хæдзарвæндагæн бынтон æввахс.

Ноджыдæр æй зæгъын, кæд Виктор уырыссагау фыссы, уæддæр махыл зæгъын æмбæлы, кæмдæр та ирон поэт зары.

Плиты Гацыр, университеты профессор, Къостайы номыл премийы  Лауреат

Наверх