Æрæджы Мæскуыйы уагъд æрцыд уæрæсейаг историон æхсæнады сæрдар, Æддагон развæдсгæрсты службæйы директор Сергей Нарышкины пресс-конференци. Прессæимæ ныхас кæнгæйæ, уый раргом кодта авд зынгæ фыдыбæстæйон развæдсгарæджы-æнæлегалты нæмттæ, кæцытæ стыр хайбавæрд бахастой бæстæйы æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддагмæ.

Уыдон сты Уæрæсейы хъайтар Юрий Шевченко, Советон Цæдисы хъайтартæ Евгений Ким æмæ Михаил Васенков, Уæрæсейы хъайтар Виталий Нетыска æмæ йæ цардæмбал Тамара Нетыска, Лохты Владимир æмæ Виталий Нуйкин. Афтæмæй фыццаг хатт уæрæсейаг æддагон развæдсгæрст уыцы иурæстæджы раргом кодта зынгæ кусджытæ-æнæлегалты æнæхъæн къорды нæмттæ. Уыцы адæймæгтæй иуæй-иутæ цардæй ахицæн сты, иутæ та дзы сæрæгас сты абоны онг дæр. Хуссарирыстойнаг цæрджытæн тынг æхсызгон  уыд зынгæ развæдсгарджыты ‘хсæн ирон лæг, не ‘мзæххон Лохты Владимир кæй уыд, уыцы хабар æмæ йын бацымыдис кодтой йæ цардвæндагмæ.

Лохты Владимир Иосифы фырты биографийæ

Отставкæйы булкъон райгуырд Знауыры районы Пичъиджыны хъæуы 1924 азы 22-æм декабры. 1942 азæй 1947 азмæ службæ кодта мидхъуыддæгты министрады æфсæдты дивизийы взводы командиры курсант æмæ æххуысгæнæгæй. Демобилизацийы фæстæ 1948 азы апрелы онг куыста Знауыры райкомы инструкторæй. 1953 азы тынг хорз нысæнттыл каст фæцис Азербайджаны паддзахадон университеты юриди-кон факультет. 1952 азы 4-æм курсы студент уæвгæйæ, Азербайджаны коммунистон партийы Ворошиловы райкомы рекомендацимæ гæсгæ, службæ кæнынмæ ист æрцыд паддзахадон æдасдзинады органтæм. Владимир йæхи равдыста цæсгомджын æмæ инициативон кусæгæй, агентурæимæ  куысты фæлтæрддзинад райсгæйæ. 1957 азы цæттæдзинад цыд паддзахадон æдасдзинады комитеты развæдсгарæг-æнæлегалы куысты фæдыл. Йæ сæрмагонд æмæ хъуыддагон миниуджытæ сбæрæг кæныны нысанæн æрвыст æрцыд Мæскуымæ æмæ уым дæр йæхи равдыста æрмæстдæр æвæрццагæй. 1958-1959 азты Владимир цард Астæуккаг Азийы советон республикæтæй сæ иуы, цыран æххæст кодта йæ зонын-дзинæдтæ фæсарæйнаг æвзагæй йæ куысты тыххæй. 1960 азæй 1962 азмæ уыд командировкæйы фæсарæйнаг бæстæтæй сæ иуы. Йæ балцы рæстæджы æххæстæй базыдта бынæттон æвзаг æмæ йæ зонындзинæдтæ скодта уыцы къæпхæны онг, цæмæй йæхи æвдыстаид цæрæнбонты ацы бæстæйы чи фæцард, ахæм адæймагæй.

1963 азы та æрвыст æрцыд Азийы бæстæтæй сæ иумæ бынæттон цæрæджы документтимæ. Равдисгæ инициативæ æмæ хъæддыхдзинады фæстиуæгæн цыбыр рæстæгмæ йæ къухты бафтыд куыстæн æнæмæнгхъæуæг уавæртæ саразын. Коммерсант-фæсарæйнаджы уавæр, кæцы кодта æнтыстджын бизнес, æмæ йын развæдсгарæджы хисæрмагод бæрæггæнæнтæ, фадат радтой, бынæттон коммерцион зылды къорд бастдзинæдтæ саразынæн. Æмæ афтæмæй, йæ арæхстджын архайдтыты фæрцы иста актуалон информаци.  Лохты Владимир бирæ азты дæргъы æнтыстджынæй фæллой кодта развæдсгарæг-æнæлегалы хуызы Ази, Европæ, Хурскæсæны   къорд бæстæты. Бæрнон хæслæвæрдтæ æххæст кæныны рæстæджы бабæрæг кодта бацамынд регионты дæсгай паддзахадты. Уый æххæстæй зыдта цалдæр æвзаджы, тынг хорз зыдта æгъдæуттæ æмæ традицитæ, динон æмæ национ фæтктæ, алыгъуызон менталитетты хицæндзинæдтæ. Афтæ ма къухдариуæгад кодта развæдсгарджытæ-æнæлегалты къорды архайдыл.

Фæлтæрдджын æнæлегал уæвгæйæ, развæдсгарæг Лохы фыртæн йæ хъуыддаджы иу къуыхцы дæр никуы уыд æмæ афтæмæй стыр хайбавæрд бахаста бæстæйы æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддагмæ. 1966 азы Владимир æрæздæхт Мæскуымæ, цыран йæ фæлтæрддзинад амыдта æвзонг развæдсгарджытæн. Владимиры егъау фæлтæрддзинад хынцгæйæ, уый бирæ хæттыты æрвыст æрцыд цыбырæмгъуыдон командировкæты Ныгуылæнмæ конкретон бæрнон хæслæвæрдтæ сæххæст кæныны тыххæй, кæцытæ йæ къухты æфтыдысты æнтыстджынæй. 1973 азы нысан æрцыд Советон Цæдисы Паддзахадон æдасдзинады комитеты 1-аг сæйраг управленийы хайадтæй сæ иуы хистæры хæдивæгæй. 1975 азы рацыд Дзержинскийы номыл Уæлдæр Сырхтырысаджын скъолайы паддзахадон æдасдзинады комитеты дæлхæйтты къухдариуæггæнæг сконды ахуыргæнæн сбортæ. 1979 азы январы нысан æрцыд Управлени «С»-йы 1-аг хайады хистæрæй. Лохты Владимир, схызт булкъоны цины онг. Владимир сæрмагонд  уавæрты æмæ централон аппараты куысты азты, йæхи срекомендаци кодта инициативон æмæ фæндвидар оперативон кусæгæй. Вазыгджын æмæ критикон уавæрты уыд куыстхъом. Пенсийы ацæуыны фæстæ дæр активон хайад иста развæдсгарджыты ног фæлтæртæ схъомыл кæныны хъуыддаджы. Йæ коллегæтæ æмæ ахуыргæнинæгтæ Владимиры тыххæй дзурынц, зæгъгæ, уый уыд  цæсгомджын, инициативон æмæ уæндон  адæймаг. 1991 азы июлы мæйы ацыд отставкæйы æцæг æфсæддон службæйæ йæ кармæ гæсгæ, æфсæддон уæлæдарæс дарыны баримæ.

Йæ ахсджиаг куысты къухты бафтгæ конкретон фæстиуджыты тыххæй Лохты Владимир Иосифы фырт хорзæхджын æрцыд «За боевые заслуги»-йы майданæй,  Сырх Стъалыйы æмæ Фæллойы Сырх Тырысайы ордентæй, бирæнымæц юбилейон хорзæхтæ æмæ майдантæй, 1970 азы йын лæвæрд  æрцыд «Паддзахадон æдасдзинады кадджын кусæг»-ы ном.

Ирон развæдсгарæг йæ цардæй ахицæн 2002 азы. Æфсæддон кадимæ ныгæд æрцыд Троекуровы уæлмæрды.

Пичъиджынаг зынгæ развæдсгарæгæй буц æмæ сæрыстыр у йе ‘фсымæры лæппу, паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы паддзахадон унитарон куыстуат телерадиохызæджы сæйраг инженер Лохты Владимир (Вадим). Уый нын афтæ радзырдта: «Владимиры хиуæттæ æмæ хъæубæстæ зыдтой Мурманæй, фæлæ документтæм гæсгæ та уыд Владимир. Мæ фыды фыд Лохты Иосифæн уыд фондз сывæллоны. Уыдон иууылдæр уыдысты ахуырмæ æвзыгъд æмæ размæдзыд. Хистæр æфсымæр Иосиф (мæ фыд) бирæ азты дæргъы куыста Хуссар Ирыстоны  облæххæсткомы финансты управленийы хистæрæй. Владимир ссис зынгæ развæдсгарæг, Шота бирæ азты дæргъы уыд Хуссар Ирыстоны ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты директор, кæстæр æфсымæр Зауыр та куыста горæт Цхинвалы горæххæсткомы сæрдары хæдивæгæй æмæ æндæр бæрнон бынæтты. Афтæ ма цыппар æфсымæрæн уыд иу хо Верæ.

Владимир йæ фæстæ ныууагъта хорз бинонты. Йæ цардæмбал уыд зынгæ уырыссаг фыссæг Лев Толстойы хъæбулы хъæбулы хæрæфырт  Нонна Толстая, кæцы абон дæр у сæрæгас. Сæ лæппу Игорь Мæскуыйы куыста бæрнон бынæтты, сæ чызг Аллæйæн йæ цардæмбал уыд дипломат æмæ бирæ рæстæджы цард Австрийы. Абон Игорь, Аллæ æмæ сæ мад Нонна цæрынц Мæскуыйы цур фысджыты поселок Переделкинойы. 2018 азы Игорь йæ хъæбулы хъæбулимæ æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ кæрæдзийыл фæцин кодтам. Иумæ бабæрæг кодтам нæ дада Иосифы (Асаны) уæлмæрд. Ивгъуыд аз дæр Игорь æрцыд Цхинвалмæ æмæ уæд та среставраци кодтам нæ дадайы уæлмæрд. Ис нын æнгом бастдзинад. Кæд уыцы рæстæджы чысыл уыдтæн, уæддæр мæ зæрдыл бадардтон иу цау. Владимирæн, йæ развæдсгарæн бæрнон архайдмæ гæсгæ, сæрибар рæстæг никуы уыд. Фæлæ уæддæр иу сæрдыгон рæстæджы æрцыд йæ райгуырæн зæххмæ. Мæ фыд баххуырста автобус æмæ хиуæттæ иууылдæр ацыдыстæм Чеселтгоммæ нæ уазæгимæ хъæлдзæг рæстæг арвитынмæ. Иу чысыл куы абадтыстæм, уæд нæ уæлхъус алæууыдысты формаджын нæлгоймæгтæ — паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытæ. Уыдонæй сæ иу Владимиры хъусы цыдæр бадзырдта æмæ уый дæр уайтагъд фестад фынгæй, хæрзбон нын загъта æмæ рацыд. Ацыд Тбилисмæ æмæ уырдыгæй та атахт Мæскуымæ. Фæстæдæр куыд базыдтам, уымæ гæсгæ йæм фæдзырдтой Мæскуыйæ цыдæр ахсджиаг хæслæвæрд сæххæст кæныны тыххæй. Абоны онг дæр йæ рухс фæлгондз мæ цæстыты раз лæууы».

Фæлтæрдджын развæдсгарæджы командировкæтæй бирæтæй абоны онг  «сусæгдзинады» гриф нæ систой. 2019 азы 22 декабры Владимиры райгуырдыл сæххæст  95 азы. Уый цытæн йæ бинонтимæ фæмбæлд Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр. Фембæлды фæлгæтты минæвар загъта, зæгъгæ, легендарон развæдсгарæджы архайд фæахъаз уыдзæн ирон фæсивæды монон хъомыладæн. Лохты Владимиры царды хъайтарон истори уыдонæн уыдзæн æхсардзинады æмæ профессионализмы цæвиттон. Уый йæ ном цæрæнбонтæм бахаста советон æддагон развæдсгæрсты историмæ.

Джиоты Екатеринæ, газет «Хурзӕрин»

Наверх