Тбилисы централон республикон архивмæ цæмæннæ уадзынц, гуырдзиаг чи нæу, ахæм адæмы?..

Уымæн æмæ дзы бирæ ис ахæм æрмæджытæ, кæцытæ дзурæг сты ирон адæмы хъæздыг историйыл. Историон æгъдауæй гуырдзиаг хицауиуæггæнджытæ, сæхи мидæггагон ныхмæлæудтæм æнæкæсгæйæ кæддæриддæр архайдтой ирон адæмы сæ дæлбар бакæныныл, ирæтты хсæн иудзинад кæй нæ уыд, хицæн кæмттыл дихгонд кæй уыдысты, уымæй пайда кæнгæйæ.

Гуырдзиаг интеллигенцийы сæйраг нысан уыд æмæ у мононационалон гуырдзиаг паддзахад саразын. Уымæ тырнгæйæ æдзæсгомæй зыгъуыммæ, кæнæ куынæг кæнынц ирон адæмы историон фæдты. Æмæ цас тынгдæр сайынц, уый бæрц сæ мæнгдзинад тынгдæр æндавы сæ дунеæмбарынадыл.

Уыцы нысанмæ тырнгæйæ гуырдзиаг интеллигенци архайдта æмæ архайы, цæмæй ирон адæмæн ма уа сæхи интеллигенци, уымæн æмæ интеллигенци цы адæмæн ис, уыдонæн ис националон хиæмбарынад, рæзы сæ национ стратеги, политикæ, фидар кæны æхсæнадон хъуыды, тырны рæсугъддæр фидæнмæ, тыхсы йæ фæстагæтты сомбоныл.

Гуырдзиаг интеллигенци иууон Ирыстоны фæаххосджын кодта, раздæр, ома, 1774 азы кæй баиу ис Уæрæсеимæ æмæ 1801 азы Уæрæсейы скондмæ кæй бакодтой Гуырдзыстоны дæр. Уæды онг гуырдзиаг аргъуанты кусджытæ æмæ сæудæджертæ зылдысты Уæрæсейы алы къуымты æмæ æппæт тыхтæй дæр архайдтой, цæмæй Ирыстон Уæрæсеимæ ма баиу уыдаид. 1740-1747 азты гуырдзиаг сæудæджер Арчил Амилахвари йæхи æлдар хонгæйæ Хъызлары уæй кодта сæн æмæ Кайхосро Махателовæн ныфс æвæрдта, йæ хæрæфырты йын усæн кæй ратдзæн, ноджы дзы æлдар кæй скæндзæн, кæд Елиханты (Магкæты) Зурабы амара, уæд, кæцы архайдта Ирыстоны Уæрæсеимæ баиу кæныныл.

Ирыстоны, ома ирон адæмы фыдæлты фæрцы Гуырдзыстон абон паддзахады ном кæй хæссы, уыдæтты кой никуы скодтой æмæ нæ дæр скæндзысты. Гуырдзы сæ паддзахиуæгады тыххæй ирæттæй стыр бузныг кæй хъуамæ уой, уый тыххæй бирæ историон факттæ ис æрхæссæн, кæцытимæ зонгæ сты æндæр адæмтæ дæр, фæлæ иуæй-иу лыстæг хабæрттæ зын ссарæн сты историон чингуыты. Ивгъуыд æнусы дыууынæм азты геноцид, уый фæстæ азты, ома советон дуджы культурон геноцид æмæ æппынфæстаг нæуæдзæм азты райдианæй фæстæмæйы геноцид бæлвырд æмæ зынгонд у, фæлæ дыууынæм азæй бирæ раздæр райдыдтой Ирыстоны хуссар хайы цæрæг ирæтты хъизæмæрттæ гуырдзиаг тыхгæнджыты æрдыгæй. Сæхи бон цы нæ уыд, уый та арæзтой Кавказы наместникты æххуысæй.

1982 азы Хуссар Ирыстоны цæрæг ирæттæй алы æфсæнттæ æмæ фæлывд миты фæрцы Карелы районы æрцæрын кодтой бирæ адæмы, уæлдайдæр Дзамскъы комы, уырдæм-иу Ахалкалак æмæ Ахалцихы рдыгæй æрбафтгæ туркæгтæ арæх кæй ныббырстой, уый тыххæй.

Карелы районы сырæзт 42 ирон цæрæн пункты, кæцытæ советон дуджы уыдысты хицæн колхозтæ.

Гуырдзыстоны хицæуттæ тынг зæрдиагæй ахъаз кодтой, цæмæй ирæттæ Хуссар Ирыстонæй Къахетгоммæ лыгъдаиккой цæрынмæ, уымæн æмæ уырдæм æгæр арæх бырстой кисттæ æмæ сæ фæндыд уыцы район бахъахъхъæнын ирæтты фæрцы, иннæмæй та, ирон адæм Хуссар Ирыстонæй æндæр рæттæм лыгъдаиккой, уый пайда уыд гуырдзыйæн, уымæй Ирыстоны адæмы нымæц бынаты къаддæр кæй кодта, уый хынцгæйæ.

1864 азы гуырдзиаг феодалтæ зæххы реформæтæй сызнæт уæвгæйæ Тифлисы губернийы хицæутты æххуысæй райдыдтой хотыхджын къордтæ аразын æмæ Хуссар Ирыстоны ирон цæрджытæм бырсын: истой фос, тыллæг, сыгътой сын сæ хæдзæрттæ, цæмæй сфæлмæцой æмæ сæ къух сисой Хуссар Ирыстоныл.

1905 азы Хуссар Ирыстоны райдыдтой сæрибары сæрыл тохмæ сидæг змæлдтытæ. Уыцы растадты басæттыны нысанæн Кавказы наместник Воронцов-Дашков Хуссар Ирыстонмæ арвыста уырыссаг æфсæдты, гуырдзиаг æлдар инæлар-адъютант Амилахварийы сæргълæудæй, кæцыйы ныхмæ ирæттæ растадысты хъæбатырæй. Уый фæстиуæгæн мард фесты помещиктæ: Везиришвили, Павленишвили, Амиреджиби, Элиозишвили æмæ Палавандов.

1920 азы инæлар Джугъели Хуссар Ирыстонмæ бакодта гуырдзиаг æфсад, ирон адæмы физикон æгъдауæй куынæг кæныны уæлдай хъæуты фæнык фестын кодта. Ирон растадонтæ йæ нал ауагътой Ручъы æфцæгæй дарддæр, йæ фæн-дæгтæ йын æрæхгæдтой æндæр æфцгуытыл ахизæнты дæр. Уæд Ирыстонмæ фæзынд  Рамишвили, йæхи скодта ирæтты сæрылхæцæг, æрсидт сæм, цæмæй фæстæмæ æрыздæхой сæ цæрæн бынæттæм. Хъыгагæн ыл ирон лигъдæтты иу хай баууæндыдысты æмæ сæ фæндæгтыл ныццагътой.

Геноциды ахæм æгъатырдзинад æмæ геноциды формæ, æвæццæгæн, гуырдзы райстой, сæхиуыл кæй бавзæрстой, уыцы Ага-Махмед-Ханы æгъатырдзинадæй, кæцы Иракли II рæстæджы Тифлисмæ ныккодта йе фсæдты æмæ дзы, гуырдзыйæн сæхи æххуысæй, скуынæг кодта 80 мин гуырдзиаджы.

Æппæт уыдæттæ зæрдыл даргæйæ гуырдзиаг хицауад æмæ интеллигенци агуырдтой алыгъуызон аххосæгтæ, цæмæй бафхæрой, мононационалон республикæ аразынæн сæ чи хъыгдардта, уыцы æнæсæттон ирæтты.

Æмæ сæм фæзынд идейон фæтæг, рагæй фæстæмæ советон хицауадæй йæ уæнгæл уынæг, националист, гуырдзиаг фыссæг Къита Буачидзе, æмæ уый ссардта фæрæз Хуссар Ирыстонимæ хъуыддæгтæ скарз кæнынæн. Йæхæдæг «Сау чиныг» кæй схуыдта, 1990 азы рауагъдад «Ганатлеба»-йы чи рацыд мыхуыры, уыцы чиныджы, Ирыстон æмæ ирон адæмыл тугтæ мысгæйæ æмæ цъыфкалæн кæнгæйæ фыссы, ирон фыссæг Джусойты Нафи 1972 азы газет «Литературная газета»-йы кæй фыста, Хуссар Ирыстон йæ райгуырæн бæстæ кæй у, уыцы зæххыл йæ адæм фондз мин азы кæй цæрынц… Ома, ирæттæ нын нæ истори исынц…

Уыцы чиныджы къухфыст æргом фыстæджы хуызы 1981 азы æрвыст æцыд Партийы Гуырдзыстоны Централон Комитеты секретарь Эдуард Шеварднадземæ, Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Григол Абашидземæ, дыууæ мины бæрц экземпляры та дзы байуæрста йе ууæнчы адæймæгтыл, кæцыты карзæй бафæдзæхста, цæмæй чиныджы текст макæй къухмæ бахауа гуырдзиæгты йед-тæмæ. Уымæн æмæ уæд нырма советон дуг уыд, алцы сын афтæ æнцонæй нæ батадаид.

Йæ чиныджы фыста: «Нæ республикæйы æнæгуырдзиаг цæрджытæм интеллигенци кæй фæзынд, уый тыххæй рæзы сæ мæнг хиæмбарынад, фæзынд сæм претензитæ. Мах, гуырдзиаг адæм, хатыргæнаг, быхсаг адæм стæм, æрмæст «динамо-динамо» хъæр кæнгæйæ нæ фервæздзыстæм не знæгтæй…»

Дарддæр — ноджы фыддæр: «Революцийы агъоммæ ирæттæ иууылдæр сæ мыггæгтæ фыстой гуырдзиаг суффикс «швили» æмæ «дзе»-имæ. Æмæ рæстæг куыд цæуы, афтæ сæ мыггæгтæ ивынц «ев» тæ æмæ «ов»-тæй.

Æмæ сæм чи гуырын кæны ахæм æнкъарæнтæ? Уæлдæр кæй кой скодтон, ахæм интеллигентгæндтæ, ахуыргонды хуыз æвдисджытæ.

Нæ адæмуарзондзинадæн нын æгæрыстæмæй гуырдзиаг дзуттæгтæ дæр не саргъ кодтой, сæ чъылдым нæм фездæхтой, æмæ афардæг сты Израилмæ. Кæй ацыд нæ нæ фæнды, уыдон цæуынц, кæй ацыд нæ фæнды, уыдон нæ цæуынц…»

Стыр диссагæн уыцы «Сау чиныг»-ы къухфыст æрзылд æппæт гуырдзиæгтыл, бакаст æй алчи дæр.

Буачидзейы сидт фехъуыст Эдуард Шеварднадземæ. 1982 азы Хуссар Ирыстоны автономон областы сырæзтыл 60 азы сæххæсты цытæн цытджын æмбырды йæ бирæ афтид æмæ стауæн ныхæсты фæстæ уæддæр бардхъирæн код-та, зæгъгæ, хатырмæ ма æнхъæлмæ кæсут, фыдызгъæл, æхсыр æмæ хъæдуры плæнттæ куынæ сæххæст кæнат, уæд…

Уыцы аз Шеварднадзе фæзылд Гуырдзыстоны æппæт регионтыл æмæ алы ран дæр йæ сæйраг фæдзæхст уыд, цæмæй уæлдай хъусдард здæхт цæуа сывæллæтты гуырынады рæзтмæ. Уыцы ныхас дзы нæ райхъуыст æрмæстдæр… Хуссар Ирыстоны.

Афтæмæй гуырдзиаг шовинисттæ æмæ сæ сæрхъызойтæ æппæт гуырдзиæгты хъуыдыкæнынады ныффидар кодтой, ирæттæ кæй сты тугцъиртæ, гуырдзиаг туг баназынмæ чи бæллы, ахæмтæ.

Гуырдзиаг интеллигенци рахаста ахæм уынаффæ: куыдфæндыйæ дæр хъуамæ ирæттæн бауырнын кæной, Кавказы хохрагъæй ацырдæм, ома, Хуссар Ирыстоны территорийыл ХVI æнусы фæудтæм ирон лæг йæ къах дæр кæй никуы æрæвæрдта, ууыл. Уыцы верси нымадтой тынг æнцон æххæстгæнæныл, уымæн æмæ сæм афтæ каст, цыма ирæттæм нæй ахæм ахуыргонд адæм, гуырдзиаг историкты ныхмæ исты зæгъын чи бафæраза.

Дисдзинад æвзæрын кæны, ирон историктæ гуырдзиаг «нацийы патриотты» ных цæмæннæ къуырынц, кæцытæ зыгъуыммæгондæй рæгъмæ хæссынц З. Чъичъинадзейы чиныгæй хицæн цитатæтæ æмæ уымæй уырнын кæнынц, цыма ирæттæ Кавказы хохрагъы ацы фарс фæзындысты æрмæстдæр ХVI æнусы кæрон.

Æвæццæгæн хъæуы, гуырдзиаг историктæ æмæ æппæт интеллигенцийы кæй уынын нæ фæнды, З. Чъичъинадзейы чиныг «Ирыстоны истори»-йæ уыцы  моментты рæгъмæ рахæссын.

З. Чъичъинадзе фыссы: «Дыууæ поэмæйы «Алгъуызы кадæг» æмæ «Стайы цармдарæг» кæрæдзийыл абарын æмæ сын аназиз кæнгæйæ се стил æмæ дзырдуаты скондмæ гæсгæ Н. Гамрекели æмæ Корнели Кекелидзе æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, дыууæ поэмæйы автор дæр кæй у Дауыт Сослан».

Кæнæ: «1320 азы Картлийы паддзах уыд Георги V, кæцыйы гуырдзиаг гуырæнтæ нымайынц «Тæмæнкалæгыл». Уыцы рæстæджы ирæттæ ахстой къуары доны былы онг зæххытæ æмæ сæ къухы уыд Гуры фидар».

Георгийæн йæ мад уыдис ирон. Уымæ гæсгæ уый хорз зыдта ирон адæмы традицитæ æмæ цардуагон фæтк. Ирæты раздзæуджытимæ æмбæлгæйæ Георги V раразмæ кодта ахæм домæн, цæмæй йын радтой, сæ къухы цы зæххытæ уыд, уыдоны иу бæрæг хай. Ирæттæ не сразы сты йæ домæныл. Уæд сæм бахатыд, цæмæй йын бакæной хæстон æххуыс Аястаны ныхмæ. Ирæтты æххуысы фæрцы Георги V байста ныры Марнеулы, Болнисы, Тетрицхъаро æмæ Дманисы районты зæххытæ.

…Уæд Георги V сфæнд кодта ирæттыл хинæй рæцæуын. Æртæ азы дæргъы сусæгæй цæттæ кæнын райдыдта хæстон къордтæ, уæлдай æнувыд ыл чи уыд, ахæм адæмæй. Куы йын сцæттæ сты, уæд Цивгомборы уæлвæз сæвæрдта стыр фынгтæ, ирæттæ, дам, мын, активон æххуыс кæй бакодтой, уый цытæн, дам… Сæрмагондæй фæхуыдта, уæлдæр загъдгонд районты зæххытæ байсынæн ын чи æххуыс кодта, уыцы ирон хæстонты. Ирæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сразы сты йæ хуындыл.

Фынг сæвæрдта цалдæр мин адæймагæн. Цалынмæ адæм фынгтыл æрбадтысты, уæдмæ, æртæ азы цы æфсад цæттæ кодта, уыцы æфсад къордтæ-къордтæй æмбæхст уыд Цивгомборы уæлвæзы алфæмблай хъæдты.

Фынг йæ тæмæны куы бацыд, уæд дзуры ирон уазджыты раздзæуджытæм, цæмæй йын радтой, уымæй размæ сæм кæй тыххæй бахатыд æмæ йын кæй нæ радтой, уыцы зæххыты. Ирæтты раз-дзогтæ та ацы хатт дæр не сразы сты йæ домæныл.

Уæд гуырдзыйы паддзах фæсидт йе ‘мбæхст æфсадмæ, æфсад рафсæрста хъæдæй æмæ цæгъдын райдыдтой æнæхотых ирон уазджыты сæ раздзогтимæ. Уыцы бонæй фæстæмæ рай-дыдта Ирыстоны хъæуты йæ дæлбар бакæнын æмæ куынæг кæнын Мцхетайæ суанг Сурамы æфцæгмæ. Цагъдуæлдай ирæттæн æндæр гæнæн нал уыд — сæхи айстой Гуры фидар æмæ йæ алыварс цæрæн бынæттæй.

Чъичъинадзе йæхæдæг афтæ фыста йæ чиныгы тыххæй:

«Чиныг «Ирыстоны истори» мыхуыры куы уагътон, уæд мын мæ цæстмæ дардтой, цæмæн, дам, дæ бахъуыд ирæтты историйы тыххæй чиныг фыссын?!. Æз сын æмбарын кодтон: уыцы чиныгæн зонæнтæ сæрмагондæй кæй не ‘мбырд кодтон. «Гуырдзыстоны истори»-йыл кусгæйæ мæм æрбахаудысты Ирыстоны тыххæй уыцы зонæнтæ. Ницы дæр сæ æппаргæ акодтон, ницы дæр сæм æфтаугæ бакодтон. Куыд мæм бафты-дысты, афтæмæй сæ бахастон чиныгмæ».

Нырыккон гуырдзиаг ахуыргæндтæ архайынц ууыл, цæмæй дунейæн бауырнын кæной, фыс-сынад сæм нæ эрæйы VI æнусы кæй нæ фæзынд, фæлæ раздæр, Иберийæн Фарнаваз куы пад-дзахиуæг кодта, уæд. Уымæй цасдæрбæрцæй фидар кæнынц, Чъичъинадзейы верси гуырдзиаг дамгъуаты сырæзтмæ ахасты.

Гуырдзиаг фыссынад иртасæг А. Пъатаридзе 1984 азы Тбилисы машинæтæаразæн техникумы ацы темæйы фæдыл лекци кæсгæйæ банысан кодта:

«Гуырдзиаг дамгъæ «А» æвзæры иероглиф «А»-йæ, ома, «аг»-ы формæйæ, «аг» та у ирон дзырд».

Уæдæ хорз уаид, гуырдзиаг «нацийы патриоттæ» сæ хъус фылдæр æмæ хуыздæр куы дариккой сæхи ахуыргæндтæ æмæ классикты куыстытæм. Хъуамæ сын сæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, сæ номдзыд ахуыргонд æмæ иртасæг Ахвледиани йæ зонадон куыст «Ирон æвзаджы фæдыл равзæрстгонд куыстыты æмбырдгонд»-ы куыд фыссы, уый:

«Хуссар Ирыстоны бындурон цæрджытæн абоны онг дæр ис сæхи — ирон æвзаджы туаллаг диалект. Туалтæ цардысты централон Кавказы хуссар фарс æмæ хохрæбынты суанг нæ эрæйы I æнусæй фæстæмæ».

Ныр та байхъусæм сæ академик Иуане Джавахишвилимæ. Уый йæ чиныг «Гуырдзиаг наци»-йы фыссы:

«Гуырдзиаг адæмы истори чи иртасы, уыдонæн сæ уавæр вазыгджын у уымæй дæр, æмæ  бæрæг куыд у, афтæмæй Кавказ гуырдзиæгтæн сæ фыццаг райгуырæн бæстæ нæу, уымæ гæсгæ сын нæ хъæуы сæ культурæйы гуырæнтæ ам агурын».

Æндæр гуырдзиаг ахуыргонд Геронти Кикодзе цы загъта, Фæскавказы гуырдзыйы фæзынды тыххæй, уый та алкæмæн дæр зындгонд у.

Мæ зæрдыл лæууы ахæм хабар: Нæуæдзæм азты геноциды хæдразмæ Тбилисы машинæтæаразæн техникумы кæсæн залы та гуырдзыйæн радон хатт бацайдагъ карз быцæу ахæм фарсты фæдыл: «куыд ис фервæзæн гуырдзиаг адæмы знæгтæй, уæлдайдæр та — ирæттæй», ома, уыдон нæм бынтон æввахс сты æмæ уыдонæй фылдæр тасдзинад хъуамæ æнкъарæм. Уыцы рæстæджы залмæ бахызт «Илья Чавчавадзе»-йы æхсæнады уæнг С. Контрикадзе æмæ райдыдта кæсын цæттæ текст:

«1.Демографион уавæр иртасыны фæдыл ауадзгæ анализы фæстиуджытæм гæсгæ рауæрæхгонд æмбырды хайадисджытæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ: ирон чызджытæ æмхиц сты æмæ тырнынц гуырдзиаг лæппутæм чындзы цæуынмæ, уымæй дæр сæ фылдæр вæййынц бирæсывæллонджынтæ. Гуырдзиаг чызг иронæй куы смой кæны, уæд та æнæхъæн бинонты дæр сгуырдзиæгтæ кæны, уымæ гæсгæ ацы хъуыддаг уромын нæ хъæуы, хъæуы йын ахъаз кæнын, цæмæй дарддæр дæр рæза!

2.Ирæттæ историон æгъдауæй сты фосдарджытæ æмæ ахъаз кæнын хъæуы, цæмæй уыдон бындуронæй кæной фосдарды куыст. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм бартæ хъуамæ радтæм, æрмæстдæр чи сгуырдзиаг уа, уыцы ирæттæн.

3.Ирæттæй чидæриддæр милицийы кусы, уыдон хъуамæ цыбыр рæстæгмæ сæрибар æрцæ-уой алыгъуызон аххосæгтæм гæсгæ.

4.Цыфæнды сферæйы дæр бюджетон куыст чи кæны, уыцы ирæттæ хъуамæ иууылдæр ист æрцæуой сæ бынæттæй.

5.Ирæттæм нæй национ хиæмбарынад, æнцонæй уæй кæнынц сæ кæрæдзи, уымæй спайда кæнгæйæ, мах хæрзæнцонæй уыдонæн æрæмбырд кæндзыстæм æгæрыстæмæй сæ цуангæнæн хæцæнгæрзтæ дæр, уымæн æмæ нæ сæ ныхмæ хæцын куы бахъæуа, уæд нын, цуангæнæн хæцæнгæрзты йедтæмæ сæм куы ницы уа, уæддæр тынг фæзын уыдзæн.

6.Ирæттæй уæлдæр ахуырдзинад кæмæ ис, уыдоны хъуамæ иууылдæр фæсурæм нæ рес-публикæйæ, цæмæй се ‘хсæн мауал фæзына Джусойты Нафийы хуызæн «ахуыргæндтæ», кæцы йæ адæмæн уырнын кæны, гуырдзиаг зæх-хыл фондз мин азы размæ кæй æрцардысты, уый.

7.Мад кæнæ фыды ‘рдыгæй гуырдзиаг чи нæ уа, уыцы сывæллæттæ хъуамæ æрдыст цæуой гуырæн хæдзæртты. Уыцы хъуыддаг æххæст кæндзысты гинекологтæ, ныридæгæн уыдонæн ис ахæм хæслæвæрд. Ахæм хуызы æнæгуырдзиаг цæрджыты нымæц рæзыны хъуыддаг урæд æрцæудзæн.

8.Мах уыдоны дæлдзиныг кæндзыстæм, фидис сын кæндзыстæм, сæхи ирæттæ хонынæй æфсæрмы куыд кæной, æмæ сæ уыдæтты фæрцы æркæндзыстæм уый онг, цæмæй сгуырдзиæгтæ ой. Стæй сæ, куыд иууыл дæлдæр категорийы адæм, афтæ сæ пайда кæндзыстæм рæнхъон салдаттæй, хъæууонхæдзарадон куыстыты сæ пайда кæндзыстæм, куыд аслам кусæгдых, афтæ.

9.Историон æгъдауæй ирæттæ уыдысты не ‘ххуырстытæ, нæ фыдæлтæ сæ пайда кодтой, куыд æххуырст æфсад, афтæ æмæ сæм нырæй фæстæмæ дæр нæ ахаст уыдзæн ахæм. Ирæттæ се ‘рдзы скондмæ гæсгæ сты нымудзджытæ æмæ сæ ардаудзыстæм кæрæдзийыл.

10. Мадæлон æвзагыл литературæ æмæ истори фидар кæнынц алы адæмы дунеæмбарынад дæр, æмæ иугæр уыдонæй сæ иу дæр нæй ирон адæммæ, уæд сæ æнцонæй сассимиляци кæндзыстæм.

11.Мах не ‘ппæт тыхтæ дæр аздахдзыстæм уыдоны сайынмæ, сæ материалон æмæ монон æргъадтæ сын баивдзыстæм мæнгдзинадæй æмæ сæ баууæндын кæндзыстæм уыдæттыл.

12.Мах се ‘хсæн ссардзыстæм æмцæдисонтæ (уæйгæнджытæ) æмæ сын уыдон æххуысæй эпизод эпизоды фæдыл араздзыстæм æнæсæттон адæмы сафæг трагедитæ, цæмæй бынтондæр ахуысса сæ хиæмбарынад.

13.Фидар сæм кæндзыстæм æнæууæнкдзинад, нозт кæнын, кæрæдзимæ æнæуынондзинад.

Ахæм хинæйдзаг методтæй скъуыддзаг кæн-дзыстæм, гъе, ирон фарст!

Фæлæ уал уый тыххæй мах хъуамæ рахизæм ССРЦ скондæй».

Развæлгъау бакуыстгонд сценаримæ гæсгæ гуырдзиаг интеллигенци равдыста спектакль 1989 азы 9 апрелы. Сæйраг идеолог Кита Буачидзе йæ чиныг «Сау чиныг»-ы 248 фарсыл фыссы:

«1989 азы 9 апрелы æхсæвы гуырдзиаг туг куы ныккалд, уыцы цаутæ райхъал кодтой гуырдзиаг нацийы æмæ нæ æрбангом кодта иууылдæр кæрæдзимæ. Ныр махæн нæ къухы бафтдзæн нæ нысан. Æвæццæгæн гуырдзиаг туг кæй нык-калд, уый Джусойты Нафийæн æрхаста стыр циндзинад, уымæн æмæ уыдонæн сæ рагон бæллиц у, цæмæй мах, гуырдзиæгтæ, скуынæг уæм.

Уымæ гæсгæ 1989 азы 9 апрелы цаутæ кæронмæ суагътой гуырдзиаг интеллигенцийы къухты баст.

Райдыдтой аразын алыгъуызон центртæ æмæ æхсæнадон организацитæ, ирæтты ныхмæ. Райдыдтой митингтæ. Афтæхуыйнæг национ сæрибаргæнæг змæлды центры цæттæ кодтой сидтытæ Гуырдзыстоны ССР Уæлдæр Советы сæрдары номыл Гуырдзыстоны мидрайонты цæрæг ирæтты номæй, цæмæй аивтаиккой Хуссар Ирыстоны автономон область æмæ уыцы сидтытыл  сæ къухтæ тыхæй фыссын кодтой алыгъуызон куыстуæттæ æмæ ахуырадон организациты кусæг ирæттæн.

Цыфæнды хъуыддаджы дæр пайда кодтой архайæг закъæттæй нæ, фæлæ дæластæрдон закъæттæй. Гуырдзиаг наци йæхицæн сæвзæрс-та национ лидер — гуырдзиг антисоветон фыссæг Константине Гамсахурдиайы фырт, психикон æгъдауæй рынчын Звиады. Уый дæр уыд Кита Буачидзейы фæндон.

Уырдыгæй райдыдта Гуырдзыстоны ССРЦ-æй ахицæн кæныны процеcс. Звиад Гамсахурдиа расидт йæ фыццаг лозунг: «Гуырдзыстон —  æрмæстдæр  гуырдзиæгтæн». Цæмæй йын йæ авторитетыл схæцыдаиккой, уый тыххæй йын цыбыр æмгъуыдмæ гуырдзиаг университеты зонадон совет нырма радта кандидатон, йæ уæлвæд та — философон зонæдты докторы ном.

1989 азы 5 ноябры газет «Æрыгон коммунист» мыхуыр кæны уац «Тымбыл фынг»-ы тыххæй, цыран адæмон фронты ревизион къамисы уæнг Каха Лориа журналисттимæ ныхас кæнгæйæ, зæгъы:

«Сахаровы концепци у тынг тæссаг, йæ нысан дардмæ у, конкретонæй махæн, гуырдзиæгтæн у сæфты варинат. Хъуыды ма йыл акæнут: хæдбар республикæ Хуссар Ирыстон… Уæд ма мах, гуырдзиæгтæ та кæм цæрдзыстæм?!»

Æмæ райдыдтой сæхи цæттæ кæнын 1989 азы 23 ноябры горæт Цхинвалы «Сабырадон митинг» ауадзынмæ. Сæ фæнд уыд æбуалгъдзинад саразын! Райдыдтой ирæттæй хæцæнгæрзтæ исын, æнæхъæн сæрды дæргъы архайдтой, цыдæриддæр сæ къухы бафтыд, уыдон æруи-дзыныл. Ахæстæттæй къордгæйттæй сæрибар кодтой ахстыты æмæ сæ ифтонг кодтой хæцæнгæрзтæй. Афганистаны чи службæ кодта, уыдонæй райдыдтой мобилон къордтæ аразын. Ахæм къордтæ арæзтой студентон фæсивæды бархионтæй дæр. Æфсадмæ кæныны рæстæг кæмæн уыд, уыдонæй дæр спайда кодтой. Ахæм дзырдæй, Хуссар Ирыстонмæ хæцынмæ чи ацæуа, уыдон сæрибар уыдзысты алцæмæй дæр. Хæцæнгарзимæ архайын чи нæ зыдта, уыдоны цалдæр мæйы дæргъы цæттæ кодтой гуырдзиаг кадрон афицертæ. Ахуыр та сæ кодтой Гуырдзыстоны Коммунистон Партийы Централон Комитеты агъуысты бын.

Се сценаримæ гæсгæ митинггæнджытæ Цхин-валмæ хъуамæ бацыдаиккой 400 Икарусыл. Фыццаг æхсæз автобусыл хъуамæ бадтаиккой, амæттæгтæн сæ чи хъуыд, ахæм адæм, æмæ ахæмтæн хъуамæ равзæрстаиккой ирон нацийæ адæмы.  7-12 автобустыл та хъуамæ бадтаиккой хотыхджын афгайнæгтæ, бацæттæгонд ахæстæттæ æмæ æндæртæ, уыдоны фæстæ цæуæг ссæдз автобусыл та хъуамæ бадтаиккой, милицийы дарæс кæуыл уыдаид, ахæмтæ æмæ дарддæр — хуымæтæджы адæм, ома, массæ…

«Митинггæнджыты» бацыдмæ гуырдзиаг При-сы развæлгъау æрбадтысты гуырдзиаг «афгай-нæгты» чысыл къордтæ, уыдонæн уыд ахæм хæс: куыддæр колоннæ горæтмæ бацæуа, афтæ хъуамæ фæмидæг уой горæты æмæ ныццæгъдой фыццаг æхсæз автобусыл бадджыты (ома, ирæтты), цæмæй афтæ рауайа, цыма цхинвайлаг ирæттæ ныццагътой сабырдзинады митинг уадзынмæ цæуæг гуырдзиæгты. Уый æфсон фæуыдаид, цæмæй гуырдзиæгтæ афсæрстаиккой æнæхъæн горæтыл æмæ ныццагътаиккой ирон цæрджыты.

Фæлæ горæтмæ куы æрбахæццæ сты, уæд сæ ахæм сценари сæххæст кæнынæн Мæскуыйæ Эдуард Шеварднадзейæ райстой категорион «Нæ!»… Ноджы сын æнæнхъæлæджы сæ фæндаг æрæхгæдтой ирон патриоттæ, кæцытæ кæрæдзийы къухтыл æрхæцгæйæ, цæттæ уыдысты мæлæтмæ дæр. Æмæ гуырдзиаг фарсы бахъуыд ахæм сценарийыл къух сисыны сæр, Эдуард Шеварднадзейы ирон схонгæйæ… Кæй зæгъын æй хъæуы, Шеварднадзе ирæттыл нæ тыхст, уый тарст, ахæм сценари сæххæст кæныны тыххæй Гуырдзыстон æфхæрд куы баййафа  Советон Цæдисы ‘рдыгæй  уымæй.

Фæстæдæр, Тбилисы Хицауады хæдзары раз митинджы Звиад Гамсахурдиа ирæтты «æнæахуыргонд», «хъæддæгтæ», «æнæмбаргæ бырæттæ» схонгæйæ æмæ Эдуард Шеварднадзей-æн «къуындæгзонд ирон» æмæ «цыбыркъух политик»-ы характеристикæ ратгæйæ, ныхасы бар дæтты митингы хайадисджытæй сæ иуæн, кæцы загъта:

«Æз мæ сабибонтæй фæстæмæ зонын Эдуард Шеварднадзе æмæ йе ‘фсымæры дæр, уыдон кæрæдзийæн уыдысты æнæуынон. Æз сын сахуыр кодтон сæ национ равзæрд æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон сты ирæттæ. Уымæ гæсгæ æз фæндон хæссын, цæмæй ацы митинджы райсæм уынаффæ уымæн «Шеварднадзеты» мыггаг хæссыны бар байсыны тыххæй æмæ бахатæм ЗАГС-мæ, цæмæй мыггаг «Шеварднадзе» ивд æрцæуа мыггаг «Шаверданты»-йæ.

Гуырдзыстоны къухдариуæгад кæддæриддæр пайда кодта, ирæттæм национ стратеги æмæ хиæмбарынад кæй нæй, уымæй. Хъыгагæн, уыцы процеcс нырма дæр дарддæр кæны. Уæдæ куыд бамбæрстæуа ахæм хабар: 100 мин ироны кæм цæры, уыцы Гуырдзыстоны нæй иунæг ирон скъола дæр, цыран ахуыр кæной мадæлон ирон æвзаг, 1200 гуырдзиаджы йедтæмæ кæм нæ цæры, уыцы Дзæуджыхъæуы та ис гуырдзиаг астæуккаг скъола, кæцы æрвылаз дæр цæуы капиталон цалцæг.

Æмæ уымæй мах ноджы фидардæр кæнæм гуырдзиаг идеологи, кæцы идеологимæ гæсгæ гуырдзиæгтæ сты Хуыцауы сфæлдисгæ сæрмагонд наци …

Елбачиты Афранг, газет «Хурзæрин»

Наверх