Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Статистикон управленийы сæргълæууæг Тыбылты Инал

Уый журналистты базонгæ кодта, йæ дæлбар уæвæг управлени цы куыст кæны æмæ йæм цы зонæнтæ ис 2020 азæн РХИ-йы адæмы царды æвзæзад, куыстифтонгад, экономикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон райрæзты, афтæ ма арæзтад æмæ æндæр фадгуыты.

«Фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны æрæмбырдгонд статистикон зонæнтæн ис ныфсæвæрæн фæстиуджытæ. Мах æххæст кæнæм вазыгджын хæстæ – республикæйы министрадтæ, уагдæттæ, организацитæй æмбырд кæнæм статистикон информаци. Уыцы зонæнтæм гæсгæ аразæм нæ куыст. Саразæм дзы экземпляртæ æмæ лæвæрд æрцæуынц министрадтæ æмæ профилон организацитæм. Уыдон сæ пайда кæнынц сæ куысты нывæстыты», – фехъусын кодта Тыбылты Инал.

Уый журналисттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2020 азы куыд æппæт дунейы, афтæ нæ республикæйы дæр уыд уæззау эпидемиологон уавæр коронавирусы инфекцийы аххосæй. Уæддæр статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ гуырынад фæфылдæр мæлыны бæрæггæнæнтæй. «Нæ управленийы кусджытæн уый уыд тынг æнæнхъæлæджы. Уымæн æмæ пандемийы уавæрты мах æнхъæлдтам, демографи  кæй æрхаудзæн. Æнæуый æрвылаз дæр бæрæггæнæнтæ вæййынц æмхуызон. 2020 азы нæ республикæйы 73 адæймаджы фылдæр райгуырд, чи амард, уыдонæй. Уый кæд афтæ бирæ нæу, уæддæр фадат дæтты оптимизмимæ кæсын фидæнмæ. Зæгъæм, республикæйы 2019 азы фæмардуæвджыты нымæц уыд 507 адæймаджы, гуыргæ та ракодта 496 сабийы».

Статистикон управленийы цы зонæнтæ ис, уыдонмæ гæсгæ фæхуыздæр æгуыст адæмы куыстæй сифтонг кæныны хъуыддаг дæр. 2019 азы куыстæй сифтонг кæныны бюройы хыгъды кæд 1875 адæймаг уыд, уæд 2020 азы кæрон та уыдон уыдысты 1637 адæймаджы. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ 4-5 азы размæ уыдоны нымæц уыд бæрæг фылдæр. Уый ма æрдзырдта куыстмызды тенденцийы тыххæй дæр. Азæй-азмæ бюджеты кусджытæн бафты сæ мыздмæ. Рæзы сæудæджерадон продуктты гуырахст. Раст у, зæрдæйы фæндиаг нæу хъæууон хæдзарады министрады архайд, фæлæ уæддæр республикæ кæй рæзы, ууыл дзурæг сты статистикон зонæнтæ. Æмкъайад фехæлыны цаутæ дæр бæрæг фæкъаддæр сты раздæр азтæм абаргæйæ. Æмæ ацы цау дæр хорзыл банымадта.

Тыбылты Инал сæ куысты сæйраг проблемæйыл банымадта иуæй-иу организациты мæгуырау хыгъдон дисциплинæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ бирæ организацитæ рæгмæ æрбавдисынц статистикон хыгъдтæ. Æмæ уый та статистикон бæрæгуат мыхуыр кæныны рæстæг фæстиат кæны. «Ис ахæм структурæтæ, кæцытæ бæрнон ахаст дарынц ацы фарстмæ. Сæхæдæг рæстæгыл æрбавдисынц æппæт хъæуæг информаци. Фæлæ кæцыдæр организацитæй тыхæй фæдомынц информаци нæ кусджытæ. Æппынæдзух сын сæ зæрдыл лæууын кæнынц, бæрæггæнæнтæ æрбавдисын кæй хъæуы. Махмæ цы чысылнымæц кусджытæ ис, уыдон уæхсчытыл ис уæззау уаргъ, уымæн æмæ информаци æмбырд кæнын афтæ æнцон нæу. Бонæй-бонмæ зонæнты гуырахст рæзы, фæлæ кусджыты нымæц цалдæр азы размæ куыд уыд, афтæ баззад», – загъта уый.

Статистикон управлени Тыбылты Иналы ныхæстæм гæсгæ æдзух кусы йæ методтæ æмæ авналæнтæ уæрæхдæр кæныныл. Уыцы хъуыддаджы сын æмбæлон æххуыс кæнынц сæ Уæрæсейаг коллегæтæ. Уыдонмæ стыр  фæлтæрддзинад ис æмæ семæ зонгæ кæнынц нæ управленийы кусджыты. Цалдæр азы размæ дыууæ управленийы ‘хсæн бафыстæуыд бадзырд, афтæ ма сарæзтам иумæйаг программæ дæр. Уый ма куыд загъта, афтæмæй Паддзахадон статистикон управлени Цæгат Ирыстон æмæ Абха-зы коллегæтимæ дæр кæны æнгом архайд. Статистикон управленийæн ис официалон портал дæр, цыран бакæсæн ис статистикон бæрæгуаттæ æмæ управленийы архайды хабæрттæ. Статистикæйы управленийы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй сæ управлени республикæйы цæрджыты сфыст фæстаг хатт ауагъта цыппар азы размæ. Ацы куыст уагъд цæуы дæс азы иу хатт. Кæд бахъæуа уыцы ахсджиаг хъуыддаг бакæнын исты аххосæгтæм гæсгæ, уæд паддзахадон статистикон управленийы кусджытæ цæттæ сты ахæм сфыст ауадзынмæ.

Уазæгты Марфа, газет «Хурзæрин»

Наверх