Амонд æххæстæй адæймагмæ йе ‘ргом никуы раздахы. Иууыл амондджындæр кæй фенхъæлæм, уый дæр кæмдæр цыдæр хъуыддаджы æнамонд вæййы. Нæй ахæм адæймаг æмæ алцæмæй æххæст уа: иу ран дын æнтыст куы уа, уæддæр æндæр ран алцы къухы бафтын фæзын уыдзæнис.
Цы агуырдта йе ‘взонг царды Цоциты Тома та? Цæмæ бæллыд йæ мидхъуыдыты, æмæ йе ‘рвылбонон царды йæ уаздæр бæллиц цы уыдис? Æмæ цы хорздзинæдтæм æнхъæлмæ кастаид, йе ‘взонгад фыддугмæ кæмæн æрхауд æмæ йæ равзæрст фæндагыл æнæзæрдæхудтæй чи фæцыд, уыцы Тома?
О, уæззау, мæгуыр дуг уыдис. Ортъеуы хъæуккаг лæппуйæн йæ сабидуг, йе ‘взонгад æрхауд, ивгъуыд æнусы райдианы цы стыр цардивæн цыдис, уæдмæ æмæ йæ йæ тымыгъты рахæсс-бахæсс кодта.
1872 азы мæгуыр зæхкусæг лæджы хæдзары райгуырдис Цоциты Исахъы фырт Тома (Фома). Уый уыд хистæр фырт æмæ йæм раджы æрхауд хæдзары куыстытæ кæнын. 7-8 аздзыдæй балæууыд йæ фыды æнцой æмæ йын архайдта алыгъуызон куыстыты йæ къух фæрог кæныныл. Æвзонг лæппу бацыд уæды рæстæджы Уанаты цы дины приходон скъола уыд, уырдæм. Ахуыр кодта тынг хорз æмæ цыппар азы фæстæ хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис уыцы скъола.
Бинонтæ мæгуыр цард кодтой, тыхстысты æмæ Исахъ Томайы 1887 азы æххуырсты радта Цхинвалы иу хъæздыг лæг Мебурнутов Уасилмæ. Иу цалдæр азы Мебурнутовмæ бакусыны фæстæ амардис йæ фыд Исахъ æмæ уæд æрбаздæхт фæстæмæ Ортъеуы хъæумæ. Хæдзары æппæт куыстытæ дæр æрæнцадысты Томайы уæхсджытыл. Æвзонг Тома-йæн зын уыдис бинонты дарын. Уымæ гæсгæ 1894 азы йæ фыдыфсымæр Цоциты Георги-имæ куыстагур ацыд Тифлисмæ. Уым кусын райдыдта уынгтæмæрзæгæй, æмæ фæстæ-дæр та Шулаверы станцы тæрхонгæнæджы канцылары регистраторæй.
1896 азы Тома йæ куыст раивта Хъарсы æфсæнвæндаджы арæзтады конторæмæ. Æххуырсты кусыны рæстæджы Тома бамбæрста социалон æнæрастдзинад. Кусджыты ныхæстæм хъусгæйæ, уый бамбæрста, æппæт уыцы æнæрæстдзинæдты аххосаг уæды цардæвæрд кæй уыд, уый. Афтæ цадæггай рæзтис æвзонг Томайы къласон хиæмбарынад.
Бинонтыл аудындзинад, куыстагур рахау-бахауы цард бандæвта Томайы æнæниздзинадыл æмæ æрбаздæхт фæстæмæ Ортъеуы хъæумæ. Ам уый кусын райдыдта Ортъеуы хъæууон управленийы фыссæгæй. 1905 азы революцийы рæстæджы уый æххуыс кодта, ардæм цы революционертæ цыд, уыдонæн зæхкусджыты æхсæн æмбырдтæ аразыны хъуыддаджы. Бацыдис зæхкусджыты сырхсæдæйон къордмæ æмæ архайдта революцион змæлдмæ фылдæр зæхкусджытæ æрбакæныныл, се ‘хсæн хæлиу кодта революцион прокломацитæ. Йæ службæйон уавæр – хъæууон фыссæджы куыст дæр уый снывонд кодта революцийы хъуыддагæн. Тасдзинад ницæмæ даргæйæ, революционертæн лæвæрдта паспорттæ. Тифлисы æрмдæсныйадон ахуыргæнæндоны директор Тедеты Пъетремæ æрвыста паспортты сыгъдæг бланктæ æмæ сæ уый та лæвæрдта революционертæн.
Афтæмæй Цоциты Тома паддзахы хъузæтты фæдагуырдæй фервæзын кодта бирæ революционерты. Цоцийы фырты ацы æххуысæн стыр аргъ кодтой революционертæ, æмæ кæд партийы рæнхъыты нæма уыд, уæддæр æй нымадтой идейон партионыл æмæ цæсгомджын фæллойгæнæгыл. Томайы революцион куыст зындгонд уыд паддзахы хъузæттæн æмæ уыдон Цоцийы фырты тыххæй Тифлисы губернаторæн хъусын кодтой, цæмæй йæ административон æгъдауæй арвыстаиккой Кавказæй.
Йæ сывæллæттæ скъоламæ цæуынхъом кæй фесты, уымæ гæсгæ 1917 азы Тома ногæй ацыд Тифлисмæ. Бирæ рæстæджы фæцагуырдта куыст æмæ фæстæдæр кусын райдыдта милицийы.
Ацы рæстæджы дæр уый дарддæр кодта йæ революцион куыст. Гуырдзыстоны Со-ветон хицауад сфидар кæныны онг уый тох кодта меньшевикты ныхмæ, хайад иста сусæг большевикон организациты хæцæнгарзæй ифтонг кæныны хъуыддаджы. Партийы уæнгтæ стыр аргъ кодтой Цоциты Томайы революцион куыстæн.
1921 азы Цоциты Тома бацыд коммунистон партийы рæнхъытæм æмæ дарддæр куыста милицийы органты. Уый йæхи равдыста партийы æнувыд æмæ фидар уæнгæй. Йæ цæсгомджын куысты тыххæй йын цалдæр хатты лæвæрд æрцыд премитæ. 1934 азы Цоциты Томайæн, йæ революцион сгуыхтдзинæдтæ æмæ бирæазон (40 азы) пайдайон куысты тыххæй, нысан æрцыд персоналон пенси. 1957 азы ахицæн ис а-дунейæ, фæлæ йæ чи зыдта, уыдоны зæрдæты Тома баззад, куыд æнувыд æмæ хъæбатыр революционер, фидар большевик, афтæ. Абон дæр ын йæ рухс ном арæх æрымысынц Ортъеугомы адæм æмæ сæрбæрзондæй фæдзурынц йе сгуыхтдзинæдтыл.
Афтæ у цард. Вæййы ахæм адæймæгтæ, кæцытæ райгуырынц сæ адæмы, сæ райгуырæн уæзæджы амондæн, цин æмæ йын хорздзинæдтæ хæссынæн. Уыдон сæ равзæрст фæндагыл фæцæуынц æнæзæрдæхудтæй. Сæ адæмы рис, вæййы сæхи рис, сæ циндзинад та вæййы сæхи цин. Уыдонæй уыдис Цоциты Тома дæр æмæ дзы сæрбæрзонд дæр уымæн сты йæ радтæг адæм. Уымæн ын мысынц хорз зæрдæйы равгимæ йæ рæсугъд удыхъæд, йæ адæймагон хорз миниуджытæ, кæд не ‘хсæн нал ис, уæддæр.
Бестауты Валя, газет «Хурзӕрин»
↑ Наверх