Æлбегаты Георги ссис Бурятийы оперæ æмæ балеты театры сæйраг дирижер, — уый тыххæй хъусын кæны регионалон культурæйы министрады пресс-службæ. «Стыр тæлмæнтæ мæм æвзæрын кæны дæ биографийы уыцы факт, æмæ ды 15-аздзыдæй фыццаг хатт дирижерæй кæй ралæууыдтæ симфонион оркестрæн. Де ‘взонгдзинадмæ нæкæсгæйæ, дæумæ ис егъау фæлтæрддзинад. Хорз æй хъуыды кæнын дæ къухдариуæгады бын нæ театры оркестр куыд зæлыд, уый. Бакастæн, критиктæ дæу тыххæй цы хорз ныхæстæ загътой, уыдоны дæр. Æгас нæм цу!», — арфæ ракодта Æлбегаты лæппуйæн Бурятийы культурæйы министр Соелма Дагаева. Уый ныфс ис, зæгъгæ, ног æвзонг дирижер театры оркестрмæ кæй бахæсдзæн ногдзинæдтæ, ног цард.
2014 азы Æлбегаты Георги каст фæцис Н.А. Римскаг-Корсаковы номыл Санкт-Петербургы музыкалон колледж «хоры дирижер» æмæ «симфонион дирижеры» дæсныйадтыл. 2016 азы куыд оперон дирижер, афтæ рахызт сценæмæ П.Чайковскийы спектакль «Евгений Онегин»-ы спектаклимæ Санкт-Петербурджы консерваторийы оперæ æмæ балеты театры симфонион оркестр æмæ хоримæ. 2016-2018 азты куыста штатон дирижерæй Цæгат Ирыстоны филармонийы. 2018 азæй куыста æрхонгæ дирижерæй Дзæуджыхъæуы Мариинаг театры. 2019 азы тынг хорз нысæнттыл каст фæцис Санкт-Петербурджы паддзахадон консерватори. Йе студент уæвгæйæ, регулярон æгъдауæй концерттæ дæтта алыгъуызон коллективтæн.
↑ Наверх