Нæ историйæн йæ ахсджиагдæр хабæрттæ нæ иувæрсты аивгъуыдтой, нæ бон сæ раздахын дæр нал у æмæ, ма сыл риссæм, уый бар дæр нын нæй… Уæддæр ма иу хорз у, бонхуыздæрæй бонвыддæрмæ кæй нæ цæуæм. Хъуамæ кæддæриддæр нæ зæрдыл дарæм иу хабар: нæ цыфыддæр знæгтæ — гуырдзы нын дыууынæм азы геноцид куы расидтысты, уæд Хуссар Ирыстоны цъыбыртты сыгъд бакодтой æнæхъæнæй, фæлæ уый сæ къухы нал бафтыд, 1989 азы дæр та нæм ахæм фæндиагимæ куы æрбафсæрстой, уæд.

Æмæ ма иу хабар: дыууынæм азы геноциды тыххæй ницы уадиссаг æрмæджытæ баззад, фæстаг геноциды фæстæ рæстæгимæ абаргæйæ. Уыцы геноцид æмбæлонæй æвдыст не ‘рцыд аивадон литературæйы дæр — æрмæстдæр Беджызаты Чермен æмæ Хъуылаты Сикъойы кадавар фыстыты фæрцы разынд нæ адæмы геноцид нæ дзырдаивады. Фæлæ махæн ныртæккæ бар нæй ахæм абарстытæ аразынæн. Махæн бар нæй, цæмæй азымы дарæм, уыцы дуджы геноциды хабæрттæ фыссын кæмæ хауд, фæлæ фылдæр кæмæн нæ бантыст, уыцы фæлтæры. Чизоны сæ махæй тынгдæр фæндыд, цæмæй сæ фæстагæттæн ныууагътаиккой хъæздыг истори, фæлæ сæ къухтæ баст уыдысты, советон системæ сын нæ лæвæрдта уый бар. Гуырдзы нын цы æнагъæдтаджы митæ фæкодтой, уыдон гуырдзиаг национализмыл сæвæрын нæ бафæндыд нæ иумæйаг райгуырæн бæстæйы къухдариуæгады, партион системæйы. Æппæт тæригъæдтæ дæр сæвæрдтой уæды меньшевикон хицауадыл, ома, гуырдзиаг наци нæ уыд аххосджын ирон адæмы раз.

Уымæ гæсгæ абон мах иу гæххæтты гæбазыл дæр хъуамæ дæндагæй хæцæм, кæд уыцы гæххæтты гæбаз ирон адæмы геноцидыл дзурæг у, уæд. Махæн абон уæлдай ахсджиаг сты, уæды цаутæн удæгас æвдисæн чи уыдысты, уыцы адæмы мысинæгтæ агурын æмæ сын Ирыстоны нырыккон историйы азфысты фылдæр æмæ арфдæр бынæттæ ссарын. Уыдонæй алы мыхуырон дзырд дæр удæгас æвдисæн у. Рæгъмæ дзы хæссæм иу-цалдæры: 1920 азы Хуссар Ирыстоны революцион комитеты уæнг Гæдиаты Никъала афтæ фыста йæ мысинæгты: «Дыууынæм азы июны мæйы райдианы растадонтæ рахызтысты активон архайдмæ. Июны æхсæзæм бон райсомæй фыццаг тох самадта Дзуццаты Арсены хæстон къорд. Дзауы хъæуы меньшевикты æфсæдтæ баййæфтой сæрсæттæн цæф, дæсгæйттæ фæмард сты, фондзсæдæйы бæрц дзы ист æрцыд уацары. Иннæтæ схъомпал сты, афтæмæй фæстæмæ алæууыдысты Цхинвалы ‘рдæм. Уацайраг гвардионтæ æфцæджы сæрты æрвыст æрцыдысты Цæгат Ирыстонмæ, фæлæ сæ Терчы зылды уæды облæххæсткомы сæрдар Квирквелияйы бардзырдмæ гæсгæ фæстæмæ рарвыстой Гуырдзыстонмæ. Ирон растадонты хæстон къордтæ æрæмбырд сты Дзауы, абырстой Цхинвалы ‘рдæм æмæ йæ уæззау тохы фæстиуæгæн бацахстой июны мæй 7 бон».

Уыцы боны карз æмæ æнæмсæр тох Хуссар Ирыстоны Ревкомы сæрдар Абайты Лади йæхæдæг та ахæм хуызы ныв кæны йæ мысинæгты:

«Июны мæйы 7 бон æнæхъæн изæр Цхинвалы уынгты хъуыст æхстытæ. Æхсæвы æхстытæ куы фæсабырдæр сты, уæд мæм партизанты штабæй æрæрвыстой Хъуылаты Сикъо æмæ Джиоты Цепкъæйы. Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ бахæццæ дæн штабмæ, цыран баййæфтон Дзадтиаты Алыксандр, Гæдиаты Никъала, Санахъоты Мате, Беджызаты Чермен æмæ æндæрты. Æмбисæхсæвæй аивгъуыдта, афтæ райдыдта растадонты Ревкомы æфсæддон советы æмбырд. Фыццаграды уынаффæ цыдис дарддæры хæстон операциты тыххæй. Уыцы фарсты фæдыл бахастæуыд æртæ фæндоны. Къордты командиртæ, уæлдайдæр та, Санахъоты Мате, фæндон бахастой, цæмæй адарддæр кодтаиккам размæбырст, цæмæй меньшевикты хæстон дæлхæйтты аппæрстаиккам Мцхетайæ дæлæмæ. Дыккаг фæндон уыд мæ фæндон — Хуссар Ирыстоны Советон хицауад расидыны фæстæ нæхи æрфидар кæнæм Чъехы нарæджы, цыран бынаты равæрд махæн арæзта нæ къух. Фæлæ ист æрцыд Дзадтиаты Алыксандры фæндон — хъуамæ баззайæм Цхинвалы. Цымыдисон уый уыд, меньшевикты командæкæнынадимæ баныхæстæ ауадзын кæй ничи домдта.

1920 азы 8 июны Цхинвалы арæзт æрцыд митинг гарзджын партизанты, афтæ ма æнæхъæн горæты æмæ горæтмæ æввахс хъæуты цæрджыты хайадистæй. Митингы раныхас кодтой: Дзадтиаты Алыксандр, Гæдиаты Никъала, Мебурнутов Ели-оз…

12 июны нын меньшевиктæ сарæзтой контрразмæбырст. Партизантæ Чъехы нарæгмæ сæхи куы айстой, уæд горæтмæ бабырстой меньшевикты æфсады дæл-хæйттæ æмæ знæт сырдтау райдыдтой бынæттон цæрæг ирæтты куынæг кæнын».

Ирон адæмы номдзыд фырт, курдиатджын фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг, дыууынæм азы Рукъы хъæуы растадонты организацийы къухдариуæггæнæг Беджызаты Чермен та афтæ зæгъы йæ мысинæгты:

«Знаджы æрдонгтæ бирæ фылдæр æмæ тыхджындæр уыдысты махæй. Уыцы сæйраг тохы рæстæджы нæ гарзджын тыхтæ нæ уыдысты фондзсæдæйæ фылдæр. 12 июны райсомы 4 сахатыл Цхинвалмæ бацæуæнты райтынг удуæлдай тох, мах бахъуыд 10 километры фæтæнæн территорийыл нæ позицитæ бахъахъхъæныны сæр. Райдыдта, уæды онг хъусгæ дæр кæй никуы фæкодтам, ахæм æгъатыр вандализм. Цхинвалы ирон сабыр цæрджытæ куынæг æрцыдысты, хъæуты фæкодтой сармадзанты æхсты бын, æгъатырæй æргæвстой зæрæдты, сылгоймæгты æмæ сывæллæтты. Уыцы сырдон митæй хи бахизыны охыл тарст цæрджытæ сыстадысты сæ райгуырæн уæзгуытæй æмæ райдыдтой лидзын Цæгаты ‘рдæм. Æнæорганизацигонд растадонтæ фронт ныууадзгæйæ, сæхи айстой сæ бинонты фервæзын кæнынмæ. Командæкæнынады сконды ма баззад хæрзцъус хæстонтæ».

Ревкомы иннæ уæнгтæй сæ иу — Гæззаты Лади йæ мысинæгты фыста, Санахъоты Матемæ куыд бацыд растадонтæй сæ иу — Къæбулты Бетъре æмæ йын куыд равдыста, цы фондз нæмыджы ма йæм баззад, уыдон, адонæй цы хъуамæ саразон, фондз нæмыгимæ куыд хæцон, зæгъгæ… Мате йын дзуапп радта:

— Фондз меньшевикы куы амарай, уæд дæуæй уый фаг у…

Гуырдзыйы лæгмартæ сырдон æгъдауæй мардтой алы ироны дæр, цы кары уыд æмæ цы аххосджын уыд, уымæ нæ кæсгæйæ, фæлæ та уыцы дуджы дæр æндæр уыдис ирæтты ахаст нæ цыфыддæр знæгтæм. Хъуылаты Сикъо кæмæн разамынд кодта, уыцы развæдсгарджыты къорд Никозы хъæуы цæхæрадæтты æрцахста, гуырдзиаг скъолайы чи ахуыр кодта, ахæм æртæ лæппуйы. Зæрдæ сæм æхсайдта шпионажæй, фæлæ сæ комендатурæмæ куы ‘рбакодтой, уæд сæ ауагътой, нырма æнахъомтæ кæй уыдысты, уый тыххæй.

Зынгæ революционер, Хуссар Ирыстоны Хъорнисгомы зылды растадонты хæстон командир Хаситы Мидтайы мысинæгты къаддæр цымыдисон хабæрттæ нæй: «12 июны æз бацахстон Мугърисы хъæуæй Дуаны онг позици æмæ йæ хъахъхъæдтон, цалынмæ зæхкусджытæ сæхи хъæды нæ бааууон кодтой, уæдмæ. Стæй нæхæдæг дæр ацыдыстæм сæ фæдыл. 24 июны нæм хъæдмæ ссыд зæхкусæг Пæррæстаты Сандыр æмæ нын фехъусын кодта, сæ хъæумæ кæй æрбацыд бæхджын æфсад. Æз мемæ акодтон Хъоцыты Сандро, Дзадтиаты Хъырым, Пæррæстаты Иликъо æмæ Санахъоты Асланы. Фæндагмæ куы æрхызтыстæм, уæд федтон, Цъорбисæй хъæдыл чи рахызт, ахæм 5 бæхджын гвардионы. Мах ацыдыстæм сæ фæдыл. Гвардионтæ байстой зæхкусджыты фæллой æмæ сæ ластой фондз уæрдоныл, семæ ратардтой хъæуы фос æнæхъæнæй æмæ ракодтой 15 æрыгон чызджы. Æз рахызтæн сæ размæ æмæ сын загътон, цæмæй сæ хотыхтæ æрæвæрой. Уыдон уайтагъд фæзылдысты фæстæмæ. Дыууæйы дзы фехстам… 5 июлы æз дыууæ растадонимæ фæдсгæрсты ацыдтæн Оконайы районмæ. Лисийы хъæуы æрлæууыдыстæм мæ хæстæджытæм. Уыцы рæстæджы нæм бацыдысты гуырдзиаг гвардионтæ æмæ нын загътой, цæмæй сæм нæхи уацары радтæм. Æз сын дзуапп радтон, нæ хотыхтæ кæй нæ æрæвæрдзыстæм. Зæгъын сын, сихор кæй цæттæ кæнынц, басихор кæндзыстæм æмæ ацæудзыстæм. Гвардионты хистæр Жгъенти мæ фелгъыста. Райдыдтам кæрæдзи æхсын. Тых кæнын сыл куы райдыдтам, уæд Жгъенти ныхъхъæр кодта:

— А, мæнæ уын мæ хæцæнгарз!

Æмæ аппæрста йæ къæрæбин, фæлæ йæм дамбаца кæй уыд, уый не схъæр кодта. Æз хæдзарæй куы рахызтæн æмæ мæ ных йе ‘рдæм куы сарæзтон, уæд мæ фехста, фæлæ мыл нæмыг нæ сæмбæлд. Уæд æй фехстон мæхæдæг».

Рæнхъон растадон Гаглойты Никъалайы мысинæгтæм гæсгæ: «Гаглойты Тъотъойы хæстон къорд йæхи айста Джеры коммæ, иннæтæ та — Чъехы нарæгмæ. Джиоты Андрейы къорд архайдта знаджы знæт размæбырст схъомпал кæныныл. Хеиты хъæумæ хæстæг мæнæн фесты мæ нæмгуытæ. Чъехы нарæджы нæ сифтонг кодтой нæмгуытæй æмæ æз баиу дæн, Серы хъæуы комкоммæ комы нарæг чи хъахъхъæдта, уыцы фынддæс партизанимæ. Ам иумæ тох кодтам Коцты Дауыты къордимæ, кæцы уæдмæ æрбынат кодта Чъехы фидары æмæ дыууæ бон æмæ дыууæ æхсæвы дæргъы урæдтам знаджы размæбырст. Уырдыгæй нæ ацыдыстæм, цалынмæ нæ нæмгуытæ иууылдæр нæ бахардз сты, уæдмæ»…

 Газета « Хурзæрин»

Наверх