Нæ республикæйы фермерон æмæ хицæн хæдзарадтæ æрæвнæлдтой уалдзыгæнд культурæтæ тауыны куыстытæм. Уыдонæй иутæ рæстæгыл бацархайдтой мæр бацæттæ кæнынмæ, тауинæгтæ æрæввонг кодтой афоныл æмæ сын уый фæстиуæгæн æнтысгæ дæр бакодта ацы ахсджиаг æмæ æнæаргъæвгæ куыстытæ сæххæст кæнын. Уыцы хъуыддаджы фæстæ нæ лæууынц Цхинвалы районы Къостайыхъæуы хицæн хæдзарадтæ дæр æмæ тагъд кæнынц тауыны куыстытæ ахицæн кæныныл. Цæвиттон Джиоты Ацæмæз цыппар азы размæ хæдзарады зæххытæй кусынмæ райста цалдæр гектары, фыццаджыдæр уый ахъуыды кодта уыцы фæзуат æрæхгæныныл, цæмæй хызт уа знаггадæй. Уый афоныл бавналы тауыны куыстытæм æмæ та фæстæ нæ фæлæууыд ацы аз дæр. Æрæджы 20 гектары фæзуатыл байтыдта хъæбæрхор æмæ 10 га – та цъойы культурæ, куыстуарзаг зæх-кусæджы ныфс ис, ацы аз дæр бæркадджын кæй уыдзæн сæ тыллæгæрзад.

Æфсирон культурæты куыстмæ ацы бонты бавнæлдта Хуыбиаты Батрадз дæр, уый дæр цалдæр азы фæллой кæны æмæ йыл зæрдæ нæ бахуддзæн, кæддæриддæр йæ хуымы фæзуатæй æркæны зæрдæйы фæндиаг тыллæг. Ацы зæхкуысты фæллойгæнæг дæр бацархайдта мæр афæлдахын, тауинаг æрцæттæ кæнын æмæ йæ байтауыныл. Уымæ гæсгæ хъæбæрхор байтыдта 21 гектары. Уалдзыгæнд культурæтæ тауыныл кусынц раззагон зæхкусæг Хуыбиаты Уасил, Ибрагим æмæ æндæр хæдзарадты разамонджытæ дæр.

Хуыбиаты Никъала, газет «Хурзæрин»

 

Наверх