Зарæг, кафт æмæ зæлвидыцæн сæ уидæгтæ сты æмбæхст адæймагады ивгъуыдæн йæ арфдæр æмбæхсæнты. Цæхгæр фарст куы æрæвæрæм: чи сæ раздæр фæзынд, сæйрагдæр сæ чи у, уæд бæлвырд дзуапп ничи скæндзæн, уымæн æмæ æртæ дæр кæрæдзийыл сты æнгом баст. Фæлæ æцæг тæрхон куы райдайæм, уæд сæ æппæты æнæмæнгхъæуæгдæр у зæлвидыц, уымæн æмæ зардæн дæр æмæ кафтæн дæр æнæ зæлвидыц уæвæн нæй.

Æнæнымæц сты Зæххы къорийыл зарджытæ, кæфтытæ æмæ зæлвидыцы хуызтæ. Алы сæрмагонд адæймаджы дæр бæлвырдгæнæн куыд хъæуы, афтæ алы нацийæн дæр ис йæхи сæрмагонд цагъд, кафт, зарæг. Уыцы адæмты нымæцмæ хауæм мах, ирон дзыллæ дæр. Саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм диссаджы хæзнатæ нын ныу-уагътой нæ рагфыдæлтæ ирон аивады артдзæсты. Нæхимид дис дæр фæкæнæм: куыд сæ нæ ферох кодтам, куыд нæм æрхæццæ сты, куыд сæ бавæрдтам. Алæмæтон аргъæуттау сæнусон сты уадындз, хъисын фæндыр, дала-фæндыр, дыууадæстæнон фæндыр. Мæ уыцы хъæздыгдзинады къæбицы уæлдæр бынат абон бацахста ирон хъандзал фæндыр.

Ирон хъандзал фæндыры фæзынд абон дæр нымад у æнахуыр диссаджы цауыл. Уыимæ бæрæг фæхъæздыгæдæр, фæаивдæр ис ирон зæлвидыц. Ивгъуыд рæстæджыты стæмтæй дарддæр сылгоймæгтæ иууылдæр тырныдтой, цæмæй сахуыр уыдаиккой фæндырыл цæгъдын. Фæндырыл цæгъдын-иу чызджыты райдыдтой ахуыр кæнын хæрзчысылæй. Уæд фæндырыл цагътой æрмæстдæр сылгоймæгтæ. Фæндырдзæгъдæг-иу куы фæзиан, уæд-иу ын æгъдаумæ гæсгæ йæ фæндыр дæр йемæ нывæрдтой. Æмæ кæд æстдæсæм æнусмæ музыкалон инструменттыл Ирыстоны фылдæр нæлгоймæгтæ цагътой, уæд ХIХ æнусы райдайæнæй абонмæ нырыккон ирон фæндырæн сæхи схицау кодтой куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр.

Хъандзал фæндыры «фыдæл» фыццаг фæзынд Германы. Х1Х æнусы райдайæны йæ сарæзта Бушман æмæ уæдæй абонмæ йæ рæсугъд цагъд зæлы дунеты, Ирыстоны алы къуымы дæр. Фæлæ, хъыгагæн, йæ кад раздæры æмвæзадыл нал ис. Бирæтæм афтæ кæсы, фæндырдзæгъдæг æрмæстдæр куывдты, чындзæхсæвты хъуамæ цæгъда, цæмæй «йæ къæбæры ‘хца куса», фæлæ уый раст хъуыды нæу. Ирон фæндыры цагъд махæн у нæ æвдисæндар аивады уæрæх дунейы. Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны профессионалон фæндырдзæгъдджыты иу къухы æнгуылдзтыл дæр банымайдзынæ, сты хæрзцъус, уый та у стыр мæгуырау хъуыддаг.

Фæндыры зæлтæм хъусгæйæ, адæймаджы æрбайрох вæййынц йæ мæстытæ; цыма йæ цавæрдæр æнахуыр тых йæ базыртыл фелвасы æмæ йæ æрвон тыгъдады ныззилдух кæны, уыйау уæнгрог æмæ зæрдæрайæ фæхъусы нæртон зæлвидыцмæ. Фæлæ ирон фæндыр хъæлдзæг цагъд куыд кæны, цины зарæгæн куыд цæгъды, афтæ зоны хъарæг кæнын дæр. Ирон адæм егъау фыдæвзарæнты бахаудтой, фаг мæстытæ бавзæрстой æмæ сæ фæндыр дæр бирæ фæхъарæг кодта, фæлæ йæ не ‘ппæт дæр бæлвырдæй зонæм: цин æмæ масты цæссыгтæн сæ ратæдзæн иу у, цыфæнды зындзинады фарсмæ дæр йæхицæн бындуронæй æрбынат кæны æнæбасæтгæ ныфсдæттæг тых. Уыцы ныфсæй адæймаг, уадз, æнкъард зæрдæйы уагимæ, фæлæ уæддæр фæнывæнды йæ дарддæры царды цыд, ног фæндиæгтæ ахæм у йæ æрдзон сконд.

Рагæй фæстæмæ дæр не ‘хсæнады, хъæбатырты æмрæнхъ, номдзыд æмæ кадджын адæмыл нымад уыдысты, хъисын фæндырыл чи цагътой, уыцы кадæггæнджытæ. Сæ алыварс-иу æнгом æрбатымбыл сты адæм æмæ-иу сæм хъуыстой. Уыцы кадджыты æмæ таурæгъты фидар цæгтæй кæрæдзийыл æмбаст сты нæ æнæмæлгæ истори æмæ хъазуатон тохты уæлахиздзинад, нæ адæмы фидар удысконд æмæ зæрдæйы рис, ирон фарн æмæ фыдæлты æнæфыст фæткæвæрды арф хъуыды. Уыцы зарджытыл хъомыл кодтой фæлтæртæ, уыцы кадджыты хъайтартæ сын уыдысты царды фæзминаг дæнцæгтæ; сæ мелоди-иу сын сси царддæттæг æвдадзы хос, стæй-иу æй уыдон дæр сæхи цотæн бацамыдтой, цæмæй сæ ма рох кодтаиккой ног дуджы цæхгæр фæзилæнты.

Ирон адæммæ бирæ ис, сæ ном æгас дунейыл кæмæн айхъуыст, ахæм фæндырдзæгъдджытæ. Уыдон æгасæй дæр сæ цард снывонд кодтой ирон фæндыры зæлвидыцæн æмæ ныр дæр фæндыры кой куы фæкæнæм, уæд сын барæнæбары дæр æрымысæм сæ нæмтæ. Хъыгагæн, цард æмæ мæлæт æмдзу кæнынц, æмæ фæндырдзæгъдджытæй дæр бирæтæ аивгъуыдтой се ‘нусон дунемæ. Сæ фæстæ ныууагътой диссаджы ирон цæгътытæ, фæлæ рæстæг куыд цæуы, афтæ фæндырдзæгъдджыты нымæц абон бæрæг фæкъаддæр. Хуссары дæр æмæ Цæгат Ирыстоны дæр музыкалон ахуыргæнæндæтты, аивæдты лицейты, музыкалон скъолаты ис фæндыры хайадтæ, фæндыр уæй-йаг у музыкалон инструментты дуканиты, ис саразын кæнын сæрмагондæй фæндыр дæр, фæлæ фæндырæй цæгъдын уадиссаг никæйуал фæнды абон, «уый нырыккон нæу, фæндыр ма кæй хъæуы, уыцы ‘хцайæ синтезатор кæнæ зынаргъ телефон балхæн — уый хуыздæр». Бæргæ ма фæнды ныййарджытæй бирæты, цæмæй сæ уарзон хъæбул сахуыр кæна фæндырыл цæгъдын, ссарынц ахуыргæнджыты, фидынц æхца дæр, фæлæ алкæмæ нæй уыцы диссаджы курдиат, стæй дæр сабийæн йæхи куынæ фæнда, уæд тыхмийæ ми кæд уыд? Афтæмæй та ирон цагъд, ирон зарæг рох кæнынц. Рæзгæ фæлтæрæй стæмтæй дарддæр иунæг ирон зарæг дæр ничи зоны, фæсарæйнаг зарджытæ та зарынц сæрæй кæронмæ, æппындæр сын сæ мидис не ‘мбарынц, æвзаг нæ зонынц, афтæмæй.

Мæ зонгæтæй иу æрæджы дохтыры бафарста: «Халсартæ æмæ дыргътæй пайдадæр кæцытæ сты?» Уый йын дзуапп радта: «æппæты пайдадæр дын сты, æрмæстдæр дзы дæ фыдæлты зæххыл чи зайынц, уыдон». Афтæ у музыкæ, зарæг æмæ кафты хъуыддаг дæр. Ирон зæлвидыц ирон лæгæн æхцондзи-над хæссы, йæ миддунейы арф уидæгтæ ауагъта æнустæм æмæ, цæмæй нæ царды бындур фидар æмæ æнæфæцудгæ уа, цæмæй царды хæрзиуджытæй æппæтварсонæй дæр æххæст уай, уый тыххæй нырма хъуамæ нæхи зонæм æмæ уарзæм, стæй та искæй. Кæй уæрдоныл бадай, уый зарæг хъуамæ кæнай, — зæгъы ирон æмбисонд, фæлæ мах нæ Райгуырæн бæстæйы цæргæйæ дæр кæйдæр зарджытæ кæнæм, æцæгæлон адæмы зæлвидыцмæ фæкафæм нæ чындзæхсæвты!

Гæздæнты Булат, Цæукъаты Хуыме, Мыстулаты Иринæ, Реуазты Симæ, Плиты Настя, Хъазиты Гиви, Æлборты Шоренæ, Сосранты Валерæ æмæ бирæ æндæрты нæмттæ зонгæ дæр ничи кодтаид, дæсны фæндырдзæгъдджытæ куынæ суыдаиккой, уæд. Бирæ зынгæ ирон композитортæ сæ нструменталон уацмысты баххæст кодтой ирон фæндыры зæлтæй æмæ уымæй бæрæг фæхъæздыгдæр æмткæй оркестры цагъд.

Цы ис уымæй рæсугъддæр, ирон чызг, ирон лæппу фæндыры тæгтæ куы айвазы, йæ рæсугъд даргъ æнгуылдзтæ рæвдз куы сралидзба-лидз кæнынц фæндыры клавиатурæйыл. Æмæ, цæмæй рæзгæ фæлтæрмæ фæндырыл цæгъдынмæ тырнынад фæзына, уый тыххæй та йын хъуамæ хъуса йæ цагъдмæ, æмбара ирон зарæг æмæ кафты нысаниуæг, монон хъæздыгдзинады тых.

Нæ Хуссар Ирыстоны фæсивæдæй абон ирон фæндырæн сæхи чи снывонд кодтой, уыдонæй иу у æрыгон фæндырдзæгъдæг Дудайты Сæрмæт, куыд Уæрæсейы Федерацийы, афтæ фæсарæйнаг бæстæты цалдæр конкурсы æмæ фестивалты уæлахиздзау. Курдиатджын лæппу ныр йæ цард æнæ фæндыр уынгæ дæр нæ кæны.

Бирæтæ ахуыр кæнынц музыкалон ахуыргæнæндæтты фæндыры хайады дæр æмæ сæм уыцы тых разынæд, цæмæй сæ курдиат райхæла, сæ ахуыр дзæгъæлы ма фæуа, цæмæй дарддæр æмæ хъæздыгдæр кæной, зынгæ фæндырдзæгъдджытæ сын цы ныууагътой, уыцы диссаджы фæндыры цагъд, уаз дæсныйад, цæмæй нæ Ирыстоны уарзæгой æмæ фæлмæн зæрдæйы ирон фæндырæн уа кадджын бынат.

КОЦТЫ А.

 

Наверх