Аларды у ӕппӕты карздӕр бардуаг. Карз ӕмӕ ӕгъатыр бардуаг кӕй уыд Аларды, адӕм ын кад ӕмӕ табу дӕр уымӕн кодтой. Алардыйы къухы уыдысты фадынӕг, цӕстниз, дзуар ӕмӕ ноджы ӕндӕр низтӕ. Низ-иу  кæй фæзынд, уый-иу ӕнахуыргонд адӕм кодтой Алар­дыйы аххос, уый нӕм фӕхӕрам, зӕгъгӕ, ӕмӕ ныл йӕ низтӕ бафтыдта.

Рагон Ирыстоны-иу фадынӕгӕй сабитӕ дзӕвгартӕй цагъды кодтой, цы сывӕллон-иу дзы фӕрынчын, уымӕн-иу сдзӕбӕх æнхъӕл ничиуал уыд. Афтӕ карз уыд ацы низ, ӕмӕ дзы ирон адӕм тынг тарстысты. Уый тыххӕй дзы нымд кодтой, йӕ фӕсномыгӕй йӕ хуыдтой «дзуар». Дзуары бынаты йӕ сӕвӕрдтой. Аларды та уыд йӕ бардуаг. Уымӕ гӕсгӕ алы хъӕуы дӕр Алардыйы номыл арӕзтой кувӕндӕттӕ ӕмӕ йын тасмӕ табу кодтой.

Сывӕллӕттӕ ӕмӕ сылгоймӕгты бардуагыл нымад кӕй уыдис Аларды, уымӕ гӕсгӕ ӕвзонг чызджытӕ дӕр цыдысты Алардыйы кувӕндӕттӕм. Алардыйы бӕрӕгбон афӕдз вӕййы дыууӕ хатты: уалдзӕджы ӕмӕ рагвӕззӕг, бонтӕй та — къуырисӕры. Фӕлӕ цы рӕстӕгмӕ ӕййафы йӕ бон, уый Ирыстоны алы ран иухуызон нӕу. Уымӕ куывтой, уымӕй агуырдтой, цӕмӕй сын сӕ цотмӕ фадынӕг ма ӕрбауадза. Алардыйы хуыдтой рухс, сыгъзӕрин. «Рухс, сыгъзӕрин Аларды, табу дӕхицӕн, — куывта-иу хистӕр. — Зӕхмӕ куы ӕрцӕуыс, уӕд-иу нӕ хъазгӕ-худгӕйӕ ныууадз! Де ‘ргом нӕм макуы равдис. Дӕ чъылдыммӕ дӕм сыгъзӕрин тӕбӕгъты кувдзыстӕм».

Рынчыны цур хъӕрӕй нӕ ныхас кодтой, чи йӕм каст, уый та хъуамӕ уыдаид сыгъдӕг ӕмӕ аив уӕлӕдарӕсы. Алардыйӕн ӕргӕвстой урс уӕрыччытӕ, кӕнӕ афӕдздзыд фыстӕ. Цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссардтаиккой, уый тыххӕй-иу йӕ номыл куывдтӕ адаргъ сты мӕйы бӕрц дӕр.

Алардыйы кувӕндонмӕ Ир кувынмӕ ӕрмӕст йӕ боны нӕ цыдысты, ӕнӕуый бонты дӕр-иу цыдысты, зӕгъӕм, сывӕллӕттӕ-иу дзуарӕй куы фӕрынчын сты, уӕд. Дзуары низӕн ирон адӕм лӕвӕрдтой ахӕм эпитеттӕ: рухс, сыгъзӕрин базыр, сырх (рӕсугъды нысаниуӕджы) сыгъзӕрин. Алардымӕ-иу куы куывтой, уӕд-иу ӕм дзырдтой ацы нӕмттӕй. Алардыйы зарджыты ма ацы бардуаджы хуыдтой базырджын дӕр. Ирӕтты уырнынадмӕ гӕсгӕ, дзуарӕй рынчын сывӕл-лонӕн хос кӕнын (дохтыры хостӕй) нӕ фӕтчыдис, уæд, дам, рынчын фыддӕр кӕны. Рынчынӕн сӕрмагонд хӕринӕгтӕ нӕ арӕзтой, хӕрын ын кодтой хъӕдурдзӕхдон, хъайла ӕмӕ а. д. Дзуарӕй рынчыны-иу ахастой кувӕндонмӕ кӕнӕ та-иу ӕй дардтой искуы уазал ран. Ацы уавӕр рынчыны кодта фыддӕр, ӕмӕ-иу сывӕллӕттӕ зӕфцыфыдӕй, фӕкӕсынхъуагӕй мардысты. Дзуарӕй рынчын сывӕллон амардис, — уӕд ыл нӕ куыдтой, нӕ фӕтчыдис кӕуын, уӕд, дам, Аларды хъызгӕ кӕны. Дзуарӕй рынчын сывӕллоны бинонтӕ хъуамӕ арӕзтаиккой бӕлвырд ритуалтӕ: нӕлгоймагӕн нӕ фӕтчыдис йӕ бинойнагмӕ ӕввахс бацæуын.

Сӕ куывдты-иу Алардымӕ хатыдысты, цӕмӕй уый хъӕумӕ ӕввахс ма бацӕуа, кӕд, зӕгъы, хъӕуӕй искӕмӕ бафтдзынӕ, уӕд та сӕ хъӕлдзӕг ӕмӕ сӕрӕгасӕй ныууадз. Иӕ карз-дзинадӕй йын тӕрсгӕ кӕй кодтой адӕм, хъӕумӕ хӕстӕг бацыдаид, уый дӕр сӕ уымӕн нӕ фӕндыдис. Алардыйӕ афтӕ тынг тарстысты, ӕмӕ йын йӕ номыл цы кувӕндон арӕзтой, уымӕн фӕрсӕгтӕ нӕ арӕзтой, йӕ дуар та йын кодтой хъӕуӕй иннӕрдыгӕй фарсы ‘рдӕм, цӕмӕй сӕм комкоммӕ ма кастаид. Алардыйы фыдӕхӕй тынг кӕй тарстысты ирон адӕм, уый ма бӕрӕг у уымӕй дӕр, ӕмӕ ард хӕрын, сомы кӕнын ӕмӕ ӕлгъысты арӕх пайда кодтой Алардыйы номӕй.

Алардыйы куывдты сылгоймӕгтӕ нӕ бадтысты, фӕлӕ дзуарыл уыдонӕй тынгдӕр ничи аудыдта: цотгӕнӕг уыдон сты, сомы дӕр дзы уыдон кодтой. Ногбоны-иу Фыссӕн ӕхсӕвы чызджытӕ куывтой, цӕмӕй сын Аларды сӕ фидӕны цот фадынӕгӕй бахъахъхъӕна. Уӕдӕ ӕппӕты тынгдӕр ӕлгъыст та уыд: «Алардыйы фыдӕх ссар».

Фадынӕгӕй-иу цы сывӕллон амард, ууыл Алардыйы тӕсӕй кӕугӕ дӕр нӕ кодтой. Алардыйы зарӕг кӕнгӕйӕ-иу ӕй баныгӕдтой.

 

АЛАРДЫЙЫ ЗАРӔГ

Табу дӕуӕн кӕнӕм, рухс Аларды!

Хуссары мӕнӕуӕй — дӕ чъирийаг.

Уӕй, табу — дӕ бӕгӕныйаг

Табу дын фӕуӕд, рухс Аларды!

Фӕлвӕрайы фосӕй дын урс уӕрыкк нывондаг!

Табу дын кӕнӕм, сыгъзӕринбазырджын рухс Аларды!

Фӕрвы хуымӕллӕгӕй — дӕ бӕгӕныйаг,

Мысираг ӕвзист — дӕ мысайнаг.

Меретаг бӕмбӕг — дӕ ӕвӕрӕн.

Ӕй! Табу, табу дын кӕнӕм, рухс Аларды!

Уӕй! Фидинаг чи у, уыдон дзӕбӕхӕй бафидын кӕнай,

Уӕй! Табу, табу дын кӕнӕм, рухс Аларды!

Наверх