Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы
арфæ Ирон æвзаджы æмæ литературæйы боны цытæн.

— Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Абон мах, ирон адæм, цытджын æгъдауæй нысан кæнæм нæ мадæлон æвзаджы бон. Уый у, нæ кадджын фыдæлтæ нын цы æвидигæ хæзнатæ ныууагътой, уыдонæй сæ рæсугъддæр, сæ бæркадджындæр.
Абоны бонмæ ирон æвзаг рацыд историйы фæндæгтыл бирæ фыдæбæттæ бавзаргæйæ. Уыдон æй мæгуырдæр нæ кодтой, фæлæ хъæздыгдæр. Ирон æвзаг афтæ фæлмæн, рæсугъд, аив æмæ æхцон у, æмæ йæ арфæйаг зæлтæ æндæр адæм куы фехъусынц, уæд æвиппайды сæ зæрдæмæ фæцæуы, йæ уацары сæ бакæны.
Ирон æвзагыл фæлдыстой сæ æнæмæлгæ уацмыстæ адæмон кадæггæнджытæ, фыццаг ирон поэт Мамсыраты Темырболат, ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста, ирон адæмы рухстауджытæ.
Ивгъуыд, ХХ æнусы, ирон æвзаг бахауд уæззау фыдæвзарæнты. Йæ алфавит ын раив-баив кодтой, бар нæ лæвæрдтой иронау фыссын, скъолаты ирон æвзаджы уроктæ æхгæдтой.
Фæлæ ирон æвзагæн амæлæн нæй. Æртын азы размæ Хуссар Ирыстоны адæм стох кодтой ирон æвзаг ногæй ныддæлдзиныг кæныны бафæлвæрды ныхмæ. Къухы бафтыд хæдбар паддзахад расидын, йæ бахъахъхъæнын æмæ сфидар кæнын. Уый нымад у ныртæккæ Уæрæсейы Федераци, стæй къорд æндæр паддзахадты фарсæрдыгæй.
Махмæ ист æрцыд ирон æвзаджы рæзты фæдыл программæ. Ирон æвзаджы флагмантæ – журнал «Фидиуæг» æмæ газет «Хурзæрин»-æй дарддæр æрвылаздæр мыхуыры цæуынц дзæвгар чингуытæ, теле- æмæ радиоалæвæрдтæ ирон æвзагыл.
Фæлæ уый фаг нæу. Мах дарддæр дæр архайдзыстæм ирон æвзаджы кад æмæ ахадындзинад ноджы фæбæрзонддæр кæныныл.
Арфæ уын кæнын, зынаргъ æмбæстæгтæ, уæлахиз уæнт ирон адæм æмæ ирон æвзаг!

 

Наверх