Рæстæг цæуы, аивад дæр ивы алыхуызонæй. Знон зæрдæмæдзæугæ чи æмæ цы уыд, уый абон кæмæдæрты хорз нал кæсы, æндæрхуызон цард сæ аразын фæнды, æмæ, хъыгагæн, æнтысгæ дæр сын кæны. Цард æддаг-мидæг ауайын кодтой, сызгъуыммæ йæ сæйраг апп — сабырдзинад æмæ рæсугъддзинад. Раца-рæзт æмæ афтæхуыйнæг демократи сæ кæнон бакодтой. Бæстæ, дуне змæст у, уæззау хабæрт-тæ хъуысы алы рæттæй, кæлы туг. Зын уый у, æмæ ахæм рæстæг фылдæр æнæаххос адæм кæй цагъды кæнынц.
Метроты, базарты, хæдтæхджыты, автобусты, скъолаты, хиирхæфсæн бынæтты теракттæ æрцыдысты. Æмæ дзы чи бабын фылдæр? Ницыгæнæг адæм. Рацарæзты дугæй фæстæ-мæ фæсивæд кæсынц фыдбылызхæссæг кинонывтæм, нæ Ныгуылæйнаг паддзахадтæ нын сæ хъарынц æмæ сæ мах дæр нæ экрантæй парахатæй æвдисæм.

«Чысыл Верæ»-йы хæлд, сæфтдзаг киноныв куы систой Уæрæсейы, куы йæ равдыстой, уæд адæм сыстадысты, уыдысты йæ сæхгæныны ныхмæ, фæлæ дæм чи хъусы, ахæлиу æнæ-хъæн Уæрæсейы. Телевизор баиу кæн, æмæ цы уынæм: хъахбай митæ, хæстытæ, дæвдтытæ, террористон акттæ æмæ… алы гуыбыннизтæ. Фæсивæд сæм кæсынц, ахуыр сыл кæнынц æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ зондахаст згъуыммæ ивы, лæмæгъдæр кæны иумæйагæй сисгæйæ. Ахæм рæстæджы æрлæмæгъ вæййы æвзонг фæлтæры хъуыдыкæнынад æмæ сыл æнæзæрдæмæдзæугæ митæ æнцондæрæй æндавынц, арæх бахауынц фыдбылызы дæрзæг æрмттæм!

Хъылма, экстремизм — уæрæх фæндаг сын ис экраныл æмæ ма дæ «хуыздæр» цы хъæуы? Нæ киноэкрантæй, телевизортæй кæлы бур-бурид марг æмæ йæ ныссæрфын сæ бон нал у нæ кæс-тæр кары фæлтæры иу хайæн. Рæдыд фæндагыл ацыдысты.
Æгуыст дæр-иу фесты: мæйгæйтты, афæдзгæйтты кæс фæсарæйнаг телесериалтæм «Хъæздыджытæ дæр кæуынц», «Сантæ Барбарæ» æмæ æндæртæм. Æгæрыстæмæй, цы мультфильмтæ æвдисæм, уыдонæй дæр бирæ-тæн нæй рæстмæ хъомыладон нысаниуæг.
Раздæр хорз цы уыд, ууыл абон цъыф ка-лынц, раст сæм нæ кæсы. Мæнгард Яковлев ма ЦК-йы секретарь куы уыд идеологион хайады, уæд йæ кæнон бакодта, исын кодта Советон цардарæзтады ныхмæ кинонывтæ. Уый стыр æхсызгон куыннæ уыд Ныгуылæйнаг паддзахадтæн æмæ сæ хæлд кинонывтæ парахат кодтой нæ бæстæйы. Абон дæр ма сæ уынгæджы стæм.
Паддзахады алы сæргълæууæгмæ дæр уыд æмæ ис цухдзинæдтæ. Æндæр бæстæтæм-ма акæсæм: рыг абадын нæ уадзынц сæ раздæры разамонджытыл, сæ ном сын æнусон кæнынц, махмæ та Лениныл бафтыдысты: кæд æй баныгæндзысты?
Гъе, уæууæй-гъе!

Цымæ Леонид Гайдай куынæ райгуырдаид, уæд цас цух уаиккам аивадæй? Сисæм-ма йæ зындгонд кинонывтæ «Кавказаг уацайраг чызг», «Алмасиджын къух», «Операци «Ы» æмæ æндæртæ. Цас юмор, тых дзы бавæр-дта зынгæ режиссер Гайдай. Адæмæн куыд уарзон систы! Уыдоны фæрцы сæ куырдиат æххæстæй райхæлд Никулин, Моргунов, Вицин, Варлей æмæ æндæртæн.
Кæнæ куыд адæмон систы ахæм кинонывтæ: «Салдаты фыд», Сергей Бондарчукы «Хæст æмæ фидыдад», «Лæджы хъысмæт» æмæ иннæтæ. Михаил Шолоховы «Сабыр Дон» æнæ-хъæн эпопея у.
Нæ зындгонд кинонывтæ бæрзонд систой æмæ кадджын нæмтты аккаг систы артисттæ Тихонов, Мордюкова, Лановой, Ульянов, Жженов, Никонов, Закариадзе, Леонов, Мкртчян æмæ бирæ-бирæ æндæртæ. Абоны ист кинонывгæн-дтæ афтæ бæрзонд никæцы-ма артистты систой.

Раздæр рæстæг махмæ, нæ Ирыстоны дæр фæзынд аивадон кинонывтæ, уыдон абон дæр æвдисынц телеуынынадæй: «Ох, уарзондзинад», «Ирыстоны хъæбул», «Хохаг», «Ирон легендæ», «Зæронд цуаноны хъыг» æмæ æндæртæ. «Грузия-фильм» систа Къостайы «Фатимæ»-мæ гæсгæ ист киноныв, федтам æй уырыссагау æмæ иронау, афтæ «Чермен»-ы дæр. Ацы æнæ æндæр кинонывты сæ рольтæ аив сæххæст кодтой Годжыцаты Исахъ, Тæбæхсауты Бало, Бекмæрзты Æхсар, Цихиты Мæирбег, Дзбойты Зойæ, Бирæгъты Къоста, Сланты Къоста, Уататы Бибо, Гæбæраты Дауыт, Еналдыты Инал… Нымад сæ чи фæуыдзæн?! Æмæ та ацы кинонывты дæр нæ артисттæн уыд стыр æнтыст. Науæд кæуылты уыд, Уататы Бибо таджикаг адæмон эпосæй «Рустам æмæ Сухраб»-ы сæйраг рольты куы ахъазыд, уый. Рудакийы номыл преми йын дзæгъæлы радтой?!!
Цымæ кæм сты нæ Ирыстоны абоны ист кинонывтæ?
Ныр нæм цалдæр азы аивадон киноныв ист не ‘рцыд, раздæр та куыд арæх уыдысты… Æниу дзуапп радтынæн æфсон ссарæн ис, фæлæ кæд раздæры уавæрты Дзбойты Баблейы хуызæн режиссертæн фадат уыд аивадон фильмтæ (æмæ канд аивадон нæ) исынæн, уæд ныр цы кодтам, кæм сты?
Æниу, кæд ныры хуызæн кинонывтау ницæ-уыл дзурæг, згъуыммæ уой, уæд нæ фæлтау нæ хъæуынц.

Кинойы аз. Æрмæст йæ кой дæр æхсызгон у зæрдæйæн, уымæн æмæ нæм аивады ацы фадыджы кæд исты фæивид хорзæрдæм. Бæстæ-йы хицауад æхцайы фæрæзтæ дæр хицæн кæ-ны. Кинойы азы тыххæй дзырд цыд бæрзонд æм-вæзадыл уагъд æмбырдты, фембæлдтыты. Æр-мæст ног ист кинонывтæ хъуамæ уой, адæмы хæттыты сæ кæрæдзийыл чи бæтты, фæсивæ-дæн раст зонд чи амоны, нæ абоны ахсджиаг проблемæтæ рæстырдæм чи æвдисы, царды æнусон фæтк — рæстдзинад парахатæй кæм зына, ахæмтæ. Кæннод мæнгдзинад кæй хъæуы.
Раст куы уа алцыдæр, зæрдæисгæ куы уой, уæд кинойæн раздæр цахæм аргъ уыд, уый æм-вæзадмæ та хъуамæ схиза, адæм та йæ бауарзой. Цард дихтæ, къордтæ кæнын та кинойы дæр нæ хъæуы мах. Ныйиугæйттæ уыдзыстæм.
Булат Окуджава уымæн сидтис:
Возьмемся за руки, друзья,
Чтоб не пропасть по одиночке.
Гасситы Моисей

 

Наверх