24-æм октябры Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты конференц-залы, уагъд æрцыд фыццаг ирон профессор, поэт, драматург, гуманитарон зонæдты уæрæх диапазоны ахуыргонд адæймаг, æхсæнадон архайæг, зынгзæрдæ патриот, рæстдзинадыл тохгæнæг Æлборты Барысбийы райгуырдыл 130 азы сæххæсты боны цытæн мысæн изæр. Мадзал бацæттæ кодта университеты ирон литературæйы кафедрæ, профессор Плиты Гацыры сæргълæудæй. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ирон кафедрæйы цур кæй райдыдта йæ куыст кæддæры студентон клуб «Къоста». Уымæн дæр къухдариуæгад кæны Плиты Гацыр. Ацы клубы фæлгæтты уагъд æрцыд Æлборты Барысбийы мысæн изæр. Плиты Гацыр нын куыд загъта, уымæ гæсгæ клуб «Къоста» куыста советон рæстæджыты дæр, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ йæ куыст æрнымæг ис. Ныртæккæ алы къуырисæры дæр клубы вæййы фембæлдтытæ студенттимæ. Клубы сæйраг нысан у, ирон æвзаджы райрæзын кæнын, афтæ ма студенттæ цæмæй исой фылдæр зонындзинæдтæ ирон литературæйæ æмæ æрбангом уой кæрæдзимæ…

Мысæн изæр бацæуæн ныхасæй байгом кодта университеты ректор Тедеты Вадим. Уый райдианы арфæ ракодта профессор Плиты Гацырæн, æрæджы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат кæй сси, уый сæраппонд. Тедеты Вадим ма стыр бузныг загъта ирон литературæйы кафедрæ æмæ ирон филологийы деканатæн, ацы мысæн изæр кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй. «Абон мах мысæм Æлборты Барысбийы рухс ном æмæ мæ тынг фæнды, цæмæй ацы мадзалы студенттæ дæр æмæ ахуыргæнджытæ дæр байхъусой цымыдисон докладтæм Æлборты Барысбийы тыххæй. Абон мах Ирыстоны рухстауджытыл куы нæ дзурæм, уæд сæ фæсивæд дæр нæ зондзысты» — загъта ректор.

Мадзал адарддæр кодта Плиты Гацыр. Уый æрбацæуджытæн бузныджы ныхæстæ загъта, арфæ йын кæй ракодтой йæ хорзæхы тыххæй, æмæ æрдзырдта Æлборты Барысбийы цард æмæ сфæлдыстадыл. «Æлборты Барысби у алыварсон курдиаты хицау. Уый цынæ зыдта æмæ йæ къух цæмæ нæ фæкодта, ахæм нæй. Æлборты фырт царды алыгъуызон фæндæгтыл рацыд æмæ бахауд дуджы уæззау тæрæнты. Абон мах Барысбийы бакæнгæ хъуыддæгтыл нæ аххæсдзыстæм, фæлæ йын уæддæр йæ ном ма æрымысæм, уый махæн рæсугъд нæ уыдзæн», — загъта профессор.

Дарддæр Плиты Гацыр бакаст цымыдисон доклад Æлборты Барысбийы тыххæй. — Ирыстоны фарон æмæ абоныл куы дзурай, уæд нæ ахиздзынæ, Ирыстоны дæр æмæ Цæгат Кавказы дæр зонады къабазы иууыл бæрзонддæрæй чи ракаст, уыцы Æлборты Барысбийы иувæрсты. Царды асинтыл хизгæйæ, адæймагæн æххуысгæнджытæ вæййы. Барысби та, æвзонгæй аныгъуылд хæдзарадон куыстыты, бинонты змæлды — активон хайадисæг, коммæгæс. Фæлæ ахуыры фæндагыл куы ныллæууыд, уæд ма æрмæст дæр хъуыста йæхи зæрдæмæ æмæ йын уый та загъта, зæгъгæ, раст фæндаг равзæрстой. Йæ дугмæ гæсгæ, Барысби стыр къахдзæфтæ сарæзта йæ национ культурон фронты, Ирыстоны кæмттæм рухсы тынтæ бауадзыны хъуыддаджы. Диссаг у, иу рæстæджы уай поэт, драматург, ирон æвзаджы дæсны, ирон литературæйы истори иртасæг, нæ хъæздыг фольклоры фарстытыл кусæг, этнографи æмæ ахуырады фарстытæм зилæг, ирон чингуытæ аразæг, нæ фыст цыртдзæвæнты иртасæг, Нарты хæзнаты бæстонгæнæг.

Æлборты Андырийы фырт Барысби райгуырд 1886 азы Цæгат Ирыстоны Ольгинскæйы хъæуы, мæгуыр, зæхкусæг бинонты хæдзары. Æлборты хæдзарвæндаг кæддæр, хæххон хъæу Хъæнийы цардысты, хуыздæр цардагур ралыгъдысты быдырмæ — Ольгинскæмæ, фæлæ ам дæр хуыздæрæй ницы уыдтой. Ацы ран æрцæргæйæ, цалынмæ революци фæуæлахиз, уæдмæ хастой «рæстæгмæ» цæрджыты ном. Барысби йæ сабион бонтæ дæр Ольгинскæйы арвыста, уым каст фæци динон ахуыргæнæндон. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы динон ахуыргæнæндоны. Ахуырмæ æвзыгъд уыд, иттæг хорз бæрæггæнæнтыл æй каст фæци. Йæ гæрзтæ рабаста дарддæр ацæуынмæ, фæлæ йын мæгуырдзинад йæ фæндæгтæ æхгæдта. Фараст сывæллон уыдысты мад æмæ фыдæн. Ахæм нымæц бинонты та дарын хъуыд.

1909 азы бацыд Дзæуджыхъæуы нæлгоймæгты гимназмæ. Йæ къухты бафтыд аттестат æмæ уæд йæ ных сарæзта Киевы университетмæ, сси историон-филологон факультеты славянаг-уырыссаг хайады студент. Ацы университет уæрæх фæндæгтæ байгом кодта Æлборты фыртæн. Уым базонгæ ис дуджы раззагон хъуыддæгтимæ, уырыссаг æвзаджы хъæздыг суа-дæттимæ. Хорзæн мысыд кæддæриддæр йæ профессор В. Н. Перетцы.

Уым фæцалх Барысби зонадон куыстыл дæр. Йæ дипломон куыст уыд «Терчы зылды станицæ Архонкæйы цæрджыты æвзаджы хиæдтæ. Йæ иннæ куыст та хуынд «Князь Скопин-Шуйскийы зарæг». Æмбæлон аргъ скодтой æвзонг лæппуйы куыстытæн йæ къухдариуæггæнджытæ.

Барысби ахуыры кæй аныгъуылд, уый ма баст у æндæр рахæцæныл дæр. Йемæ ахуыр кодтой, фæстæдæр зынгæ ахуыргæндтæ Борис Нейман, Дорошевич, Баранников, Белецкий, Гудрий æмæ æнд. Æвæццæгæн-иу, Барис йæхимидæг дзырдта, «сæр дæ бахъуыд, Ирыстонмæ дын æгадæй аздæхæн нæй».

Йæ университет каст фæци фыццаг къæпхæны дипломимæ.

Дарддæр æй йæ хъысмæт ахаста Украинæйы Каменец-Подольскы губернимæ. Уым Винницайы училищæйы райдыдта кусын уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыр-гæнæгæй. Бирæ дзы нæ бакуыста Барис. Йæ «къæйныхдзинад» сæ зæрдæмæ нæ цыд æмæ йæхи райста Ирыстонмæ, райдыдта кусын Мæздæджы ахуыргæнæндоны.Уый фæстæ кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы ахуыргæнджыты семинары уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Стæй йæ куыст адарддæр кодта Паддзахадон Хæххон педагогон институты (абоны Къостайы номыл университеты). Уыцы бонæй райдайгæйæ, Барис аныгъуылд ахуырхъомыладон æмæ æхсæнадон куысты. 1921 азы уыд ахуырады хайады сæргълæууæг Цæгат Ирыстоны, 1923 азы — Рухсады адæмон комитеты сæрдары хæдивæгæй, 1921-1926 азты та уыд Хæххон педагогон институты ректор.

Каст лекцитæ иумæйаг æвзагзонынадæй, архайдта ирондзинады кафедрæ сфидар кæ-ныныл. 1925-1927 азты куыста Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты директорæй. Ам дæр æрбæстон кодта аспирантурæйы куыст. Йæ тыхтæ радта кадртæ цæттæ кæнынмæ. Арæх цыд экспедициты, бирæ æрмæг æрласта Таджикистанæй ягнобты æвзаджы тыххæй.

Æвæллайгæ уыд Барысби куысты. Фæлæ, хъыгагæн, хæлæг æмæ æнæцæстуарзонтæн сæ цæстыты гагуытæ рабырыдысты Барысбийы æнтыстытæм кæсгæйæ. Æнæаххосæй йын 1938 азы æрцыд тæрхонгонд. Арвыстой йæ Свердловскы областмæ. Уый фæстæ реабилитацигонд æрцыд 1956 азы, æмæ уæдæй суанг йæ амæлæтмæ цард æмæ куыста Дзæуджыхъæуы. Йæ царды фæстаг азты куыста зонад-иртасæн институты. Барысби ахицæн йæ цардæй 1968 азы», — радзырдта Плиты Гацыр. Уый ма загъта, зæгъгæ Æлборты Барысби йæ тыхтæ фæлвæрдта драматургийы фадыджы дæр. Уыд Ольгинскæйы драмкъорды активон архайæг. Хъазыд-иу йæхи фыст пьесæты дæр. Барис фæныхас кодта ирон хæдархайгæ театры фæзынд æмæ йæ райрæзтыл суанг 1935 азмæ. Ома, 1935 азы байгом ис Цæгат Ирыстоны драмтеатр. Мæгуырау нæ уаид, нæ горæты скъолатæй иу Ба-рысбийы ном куы хæссид, уæд», — банысан кодта докладгæнæг.

Мысæн изæры ма раныхас кодта ирон æвзаг, иумæйаг æв-загзонынады кафедрæйы сæргълæууæг, доцент Дзиццойты Юри. Уый йæ раныхасы банысан кодта, æхсызгон ын кæй у Æлборты Барысбийы ном кæй арынц, уыцы хъуыддаг æмæ сæрмагондæй, бузныг загъта Плиты Гацырæн, ацы мадзал кæй срæвдз кодта, уый сæраппонд. «Хъыгагæн, мах Барисæн нæма йæ биографи, куыд æмбæлы, афтæ нæ зонæм. Барисы бинонтæ Ольгинскæмæ куы ралыгъдысты, уæд æрцардысты хъæугæрон. Уæд-иу мæ-хъæл арæх æрбабырстой ирон хъæутæм. Хæст-иу самадтой, афтæмæй. Барисæн йæ фыд амард мæхъæлимæ хæсты Ольгинскæйы хъæугæрон. Фæстæдæр рухстауыны хъуыддаг куы райтынг ис Цæгат Кавказы, уæд мæхъæл æмæ ирæттæн иумæ сарæзтой институттæ дæр. Барис æппæт дæр сарæзта, цæмæй мæхъæлмæ фæзындаид сæхи дзырдуæттæ, граматикæ, ахуыргæндтæ. Стæй ахицæн сты, фæлæ мæн фæнды зæгъын уый, æмæ Барисæн йæ удыхъæд, ацы хъуыддаджы хорз кæй разындис. Тугисыны фæндагыл нæ ныллæууыдис, фæлæ иу хъуыддаг бамбæрста, зæгъгæ, ацы адæммæ фæкæ-сын хъæуы, цæмæй сæ хъæд-даг митæ ныууадзой æмæ раст фæндагмæ рахизой.

Барис ахуыргонд лæг уыд, иттæг хорз зыдта французаг æмæ немыцаг æвзæгтæ дæр. 1963 азы Сухумы ауагътой Нарты кадджыты тыххæй зонадон конференци. Барис дæр дзы хайад райста æмæ, цæмæдæр гæсгæ, йæ доклад бакаст французаг æвзагыл. Ничи йæ бамбæрста, уымæн æмæ Советон дуджы уæды хуызæн ахуырад нал уыд, ома, паддзахы рæстæджы цы ахуырад уыдис, уыцы ахуырад чысыл фæцудыдта.

Æз Цæгат Ирыстоны архивы бирæ фæкуыстон, æрмæг æмбырд кæныны фæдыл. Барисæн ис хицæн фонд æмæ сæм æркастæн. Ныр ын дыууæ томæй рауагътой йæ уацмыстæ, иу фондз ахæм томы ма дзы нæмæнгæй рацæудзæн, мыхуыры чи нæма уыд, ахæмтæй. Барисæн рауадзын хъæуы мыхуыры йæ куыстытæ. Уымæн æмæ уым цы этнографи, фольклор, æвзагон æрмæг ис, уыдон ныртæккæ мах æндæр никуы ссардзыстæм. Барис йæхæдæг дыууæ хатты ныффыста йæ автобиографи. Уым ныффыста зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ йæ мады æрвадæлты тыххæй. Дзуццатæй уыдысты æмæ ирон æвзаг æмæ аивад, йæ мад, йæ мады æфсымæр Рæмон æмæ йæ мады хойæ базыдта Нарты кадджытæ. Нарты кадджытыл куы куыста, уæд æй уыдонæй ныффыста. Барис уыдис фольклорист, куыд æмбырдгæнæг, афтæ нæ, фæлæ ма фольклорист, куыд иртасæг дæр. Уæды рæстæджы уырыссаг фольклоры дыууæ фæндаджы уыдис. Иутæ дзы уыдысты мифологтæ, иннæтæ та фольклоры бындурыл истори чи агуырдта, ахæмтæ. Барис равзæрста историон фæндаг. Миллеры фæндагыл ацыд. 1937-1946 азмæ уыд хасты. Уым дæр райдыдта æрмæг æмбырд кæнын. Уæды рæстæджы уыдис афтæ, æмæ-иу адæймаг бирæ рæстæгмæ ацыдис зонадон экспедициты. Барис дæр дæс мæйы æмгъуыдмæ зонадон экспедицийы ацыд Таджикистанмæ. Ирайнаг æвзæгтæй ирон æвзагмæ æппæты æввахсдæр ягнобаг æвзаг кæй у, уый тыххæй ацыд уырдæм дæр, цæмæй сахуыр кодтаид ягнобаг æвзаг. Сарæзта ягнобаг-уырыссаг дзырдуат. Къаннæг дзырдуат у æмæ баззад æнæ мыхуырæй. Уымæй дарддæр ма Æлборты Барис райдыдта ахуыр кæнын таджикаг ныхасы здæхтытæ дæр æмæ уыдонæй дæр æрæмбырд кодта æрмæг, сарæзта дзы къаннæг дзырдуат æмæ уый дæр не ‘рцыдис мыхуыргонд. Ирон æвзаг æмæ ирон æвзагыл фыццаг грамматикæ рауагъта æмæ ирон лингвистикон терминологи сарæзта Æлборты Барысби 1925 азы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Барисы тыххæй бирæ ис дзуринæгтæ. Барисы тыххæй архивон æрмæджытæ дæс азы размæ рауагъта профессор Бзарты Руслан æмæ уым цы æрмæджытæ ис, уыдон сты диссаг, уыдон сахуыр кæнын хъæуы бындуронæй.

Барисы нæ уарзтой, уæлдæр Гацыр кæй банысан кодта, уыцы институттæ кæй арæзта, уый тыххæй. Хæлæгæй йæм мардысты. Иууыл диссагдæр та, хахуыртæ йыл чи фыста, уыдонæй иу, кæй тыххæй йæ сбадын кодтой, уый кæй уыдис йæ бинойнаджы хæрзæфсымæр. Уый дæр уыд профессор. Барисæн æфсон кæныны фадат дæр нæ уыд, уымæн æмæ йын йæ разы æрлæууын кодтой йæ хæстæджы æмæ йæ фарстой уый. Барис фыццаг «нæ» дзырдта, фæлæ стæй басаст йæ алы хъуыддагыл дæр. Кæй басастис, уый йæ аивæрзын кодта мæлæтæй. Тыбылты Алыксандыр, зæгъæм, нæ басаст æмæ йæ бабын кодтой.

Æз дæр мæ гæрзтæ рабæтдзынæн æмæ иу уац бацæттæ кæндзынæн Æлборты Барисы тыххæй», — загъта Дзиццойты Юри.

Барисы ном ма æрымысыдысты æмæ мадзалы раныхас кодтой университеты æндæр ахуыргæнджытæ: Хъазиты Мелитон, Дзабиты Зарбег æмæ Тыбылты Ингæ.

Студенттæ та аив бакастысты Æлборты Барысбийы фыст æмдзæвгæтæ. Мадзалы кæронбæттæны Плиты Гацыр фæн-дон бахаста, цæмæй Барисы номыл нысан æрцæуа стипенди дæр.

Цхуырбаты Ларисæ

Наверх