Нæ адæмæй никуы ферох уыдзæн 1941 азы 22 июнь. Уæд æнæнхъæлæджы райдыдта тугкалæн хæст. Стыр Фыдыбæстæйон хæст нæ бæстæйы æппæт адæмæн дæр уыдис тынг уæззау фæлварæн. Уыцы уæззау азты æмæ уæды рæстæджы цæрджыты, хæсты хъæбатырты тыххæй бирæ фыст æрцыд, фæлæ ахæм рæстæг никуы ралæудзæн æмæ уыцы хæсты нæ адæмы сгуыхтдзинæдты тыххæй ма æрымысæм, рохуаты аззайа. Абон мæ зæрды ис, уыцы хæстмæ иу хæдзарæй цы фондз хæстоны ацыд, уыдоны тыххæй радзурын. Уыдон уыдысты Цхинвалы районы Тъбеты хъæуккаг Бибылты Лексо æмæ Лизæйы байзæддаг.

Лексо æмæ Лизæйæн се ‘взонгад ивгъуыд æнусы райдианмæ æрхауд. Æмæ кæд сæ дыууæ дæр мæгуыр бинонтæй рацыдысты, уæддæр амонд хъæздыгдзинадæй нæ барстой. Амондджын уыдысты, кæрæдзийы кæй æмбæрстой æмæ ма сын уыимæ фырыхъулы хуызæн фырттæ кæй фæзынд, уымæй. Баисты сын æртæ, фæлæ ма уыдоны фæстæ ноджы дыууæ фаззон фырты куы фæзынд, уæд фырцинæй зæххыл нал лæууыдысты. Æмæ мæнæй-ма! Кæцы ирон хæдзары нæ фæбæллынц лæппуйы райгуырдмæ, уæззау куысты, стæй тыхы дуджы æдзух кæй сæр фæхъæуы. Ивгъуыд дуджы  тыхы сæр кæд нæ хъуыдис, уæлдайдæр та, нырма сабитæ чи уыдысты, уыцы фондз æфсымæры дуджы. Æртæйæ Октябры революцийы агъоммæ райгуырдысты, дыууæ фаззоны та — йæ фæстæ. Хæццæ дуг, змæст рæстæг. къласон тох, ирон адæмы 20-æм азты трагеди, мидхæст, колхозон арæзтады уæззау дуг… Æппæт зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, ныййарджытæ бахъахъхъæдтой сæ хъæбулты —  фондз фырты æмæ дыууæ хойы — рахъомыл сæ кодтой æмæ сæ сæ фадæттæ куыд амыдтой, афтæ сæ царды фæндагыл æфтыдтой.

Фыд æмæ фондз фырты. Æхсæз нæлгоймаджы. Æхсæз нæлгоймагæй райсомæй цы куысты уæлхъус æрлæууыдаиккой, уымæй ма цы хъуамæ аззадаид. Уыдысты иу хæдзары — зиуваг кусджытæ. Æмæ куыстой, архайдтой, цæмæй сæ цард хуыздæр кодтаид, æгæрыстæмæй, хъæубæсты лæгдыххъуаг бинонтæн дæр ныфс уыдысты Лексойы фырттæ.

Хорз фидæн кæй æнхъæлмæ каст æфсымæртæм, ууыл хъæубæстæ, хæстæджытæй ничи дызæрдыг кодта. Æмæ йæм уыдон дæр ныфсджынæй цыдысты. О, цыдысты. Фæлæ фондзæй дæр фæкалдысты. Фæкалдысты иумæ, иу бон — 1941 азы 22 июны. Уæд райдыдта хæст æмæ фондзæн дæр сæ рухс бæллицтæ авгау нызгъæлæнтæ сты. Царды сæрыл тохы бæсты сæ бахъуыд хæсты тугамæхст, судзгæ фæндæгтыл лæгæрдыны сæр.

Фаззон æфсымæртæ Илья æмæ Виссарионы хæст æрæййæфта Сырх Æфсады рæнхъыты службæ кæнгæйæ æмæ йæ райдианы уайтагъд бахаудтой йæ цæхæры. Хæстæн йæ дыккаг бон æрсидтысты хистæр æфсымæр Лонгинозмæ, уыцы аз декабры та — Самсонмæ. Сæ фæдыл ацыдис фæндзæм фырт Георги дæр…

Раафтид Бибылты хæдзар Тъбеты хъæуы. Раафтид æфсымæртæй. Раст сæ цыма мæгуыр, зæхкусæг ныййарджытæ хæстæн фæхъомыл кодтой, афтæ рауад. Хисдæрыл цыдис 31 азы, кæсдæр фаззæттыл та — 21-гай азтæ.

Фаззæттæ Илья æмæ Виссарион Украинæйы хицæн æмæ хицæн рæтты службæ кодтой. Хæсты райдианы Сырх Æфсад нæ урæдта знаджы размæбырст æмæ фæстæмæ лæууыд тохгæнгæ. Бирæ карз тохты иста хайад Илья. Цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый æрбафтыд Мæскуыйы цурмæ. Æмæ уым, Советон Цæдисы сæйраг горæт хъахъхъæнгæйæ, мæлæтдзаг цæф фæцис…

Виссарион кæсдæр командир уыдис. Командæ кодта 76 миллиметрон артиллерион æхсæн расчетæн. Фыццаг хатт знагимæ тохы фембæлд Львовмæ хæстæг. Фæлæ уымæн дæр бирæ тох кæнын нæ бантыст —  Киевмæ хæстæг фæмард знаджы нæмыгæй.

Куыд загътам, афтæмæй хæстæн йæ дыккаг бон — 23 июны æрсидтысты æртыккаг æф-сымæр Лонгинозмæ. Лонгиноз æфсымæртæн сæ хисдæр уыдис. Йæ фæндаг æй райдианы акодта Гурмæ, Бакомæ, стæй та — Иран æмæ Турчы арæнмæ. Ам дæр уæд сæвзæрыд тæссаг уавæр. 1942 азы фæззæджы, Лонгиноз цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый æвæстиатæй раппæрстой Туапсейы районмæ. Ам уæдмæ райтынг сты карз хъахъхъæнæн тохтæ. Бибылы фырт уыдис хæсты цæхæры. Фæлæ та уымæн дæр ам йæ тохвæндаг фескъуыдис — фæмард карз тохтæй сæ иуы. Фæстаг фыстæг ма дзы йæ ный-йарджытæ райстой уыцы азы 21 декабры.

Цыппæрæм æфсымæр Георгийæн бантыст фæстæмæ æрыз-дæхын. Хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къæпхæны орденæй. Бирæ хорз ныхæсты аккаг у Георги, æмбæлы  уымæн йæ цардвæндагыл сæрмагондæй æрдзурын. Хæсты агъоммæ каст фæцис Ленинграды финансон Академи. Фæстæдæр куыста Цæгат Ирыстоны æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты. Уыдис Кировы, стæй та Рахисфарсы райæххæсткомы сæрдар, райкомы фыццаг секретарь. Цæгат Ирыстоны финансты министры хæдивæг. Йæ царды фæстаг азты куыста Сунжæйы хъæуы колхозы сæрдарæй. Стыр кад ын уыдис, кæимæ куыста, чи йæ зыдта, уыдоны æхсæн. Фæлæ 1964 азы, йæ хæстæ æххæст кæнгæйæ, трагикон æгъдауæй фæмард 53-аздзыдæй. Сунжæйы хъæуккæгтæ йын йæ ном сæнусон кæныны тыххæй сæ хъæуы уынгтæй иуыл сæ-вæрдтой йæ ном.

Цыбыртæй базонгæ уæвын æмбæлы æхсæзæм æфсымæр Самсоны цардвæндагимæ дæр. Уымæн хæсты агъоммæ бантыст Цхинвалы рабфак каст фæуын. Ахуыргæнæгæй, акуыста Ленингоры районы Цъубены хъæуы, стæй та — Цхинвалы горæххæсткомы хайады хисдæрæй. Æфсадмæ йæм æрсидгæйæ, райдианы Самсоны арвыстой Сталинграды  æфсæддон  политикон ахуыргæнæндонмæ ахуыр кæ-нынмæ. Цалдæр мæйы фæстæ йæ каст фæцис æнтысгæйæ æмæ йæ снысан кодтой 309-æм æхсæг дивизийы полктæй сæ иуы политкусæгæй. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæмæй нысан æрцыд ротæйы командиры хæдивæгæй. Сæ полк немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ тох кодта Воронежмæ хæстæг. Знæгтæ бырстой размæ. Иу ахæм тохы Самсонæн йæ къух фæцæф, фæлæ тохы быдырæй нæ ацыд. Уый нæ, фæлæ ма ротæйы командир уæззау цæф куы фæцис, уæд командæ кæнын йæхимæ райста Бибылы фырт æмæ йæ хæстонтæ хъæбатырдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй сын полчы командæ-кæнынад загъта бузныджы ны-хæстæ.

1942 азы кæрон иу ахæмы полк абырста размæ, знагыл цыдис стыр зиæнттæ. Æрмæст Самсоны ротæ иу цæрæн пункты уацары ракодта 20 немыцаджы, æн-дæр ран та — 115 салдат æмæ афицеры. Хъæбатырæй кæй тох кодта, уый тыххæй хорзæхджын æрцыдис Сырх Стъалыйы орде-нæй.

Дарддæр йæ тохвæндаг Самсоны æркодта Курскы къæлæтаумæ. Æмæ хайад иста, ам цы историон тохтæ цыдысты, уыдоны, фæлæ йын кæронмæ нæ бантыст тох кæнын. 1943 азы 12 июлы уæззау цæф фæцис, судзгæ нæмыг сæмбæлд йæ фæтæн риуыл æмæ ахызт чъылдымæй, галиу рæуæджы æмæ оны фæхъæн кæнгæйæ. Афтæ-мæй бахауд госпиталмæ. Уæдмæ ма хорзæхджын æрцыдис Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къæп-хæны орденæй, æндæр хицауадон хорзæхтæй.

Госпиталы йын бæргæ схос кодтой, фæлæ йæ тохы фæндаг ууыл фæцис, нал сбæззыд хæстон архайдтыты хайад исынæн. Фæлæ æфсадæй уæддæр нæ ацыд — йе службæ адарддæр кодта Хуссар Уралы æфсæддон окруджы ахуыргæнæн артиллерион полчы, æндæр æфсæддон хæйтты.

1960 азы майор Бибылы фырт ацыд отставкæйы æмæ æрыз-дæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ. Бирæ азты дæргъы фæкуыста базарады системæйы. Уый æмрæнхъ кодта активон æхсæнадон куыст. Уыдис адæмон контролы Цхинвалы горæтон комитеты уæнг, областон тæрхондоны адæмон æмтæрхонгæнæг. Активон хайад иста профцæдисты областон Советы æмæ ДОСААФ-ы областон организацийы архайды, патриотон-хъомыладон куыст кодта рæзгæ фæлтæры æхсæн.

Активон æхсæнадон куыст кæй кодта, ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ æвзæрст кæй цыдис Гуырдзыстоны профцæдисты 13-æм съезды, афтæ ма областон партион организацийы 32-æм конференцимæ делегатæй.

Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыдис Самсон, цалынмæ йæ йе ‘нæниздзинад амыдта, уæдмæ. Фæлæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрста йæ царды. Йæ цыппар мадызæнæджы фæстæ бавзæрста йæ иунæг фырт  — Левайы уæззау маст дæр. Уый дæр æнæрæстæджы аивгъуыдта не ‘хсæнæй. Æмæ Самсонæн хъæбулы лæггад фæкодта йæ чындз Венерæ.

Самсонæн стыр зын уыдис, фондз æфсымæрæй хъæбатырæй кæй хъахъхъæдтой æмæ сæрыстыр кæмæй уыдысты, уыцы стыр Цæдис кæй ныппырх æмæ йæ райгуырæн Ирыстон дæр уæззау уавæры кæй бахауд. Йæ зæрдæ йын æхсыдта уыцы маст, стæй низ дæр йæхион кодта æмæ дæргъвæтин рынчыны фæстæ не ‘хсæнæй фæхъуыдис  партийы, хæсты æмæ куысты ветеран Бибылты Самсон Алек-сандры фырт.

Фондз æфсымæрæй алкæмæн дæр уыдаид йæхи царды даргъ фæндаг, йæхи хъысмæт, 1941 азы 22 июнь куынæ уыдаид, уæд…

Бестауты Валя

Наверх