(Беджызаты Чермены райгуырды 120 азмӕ)

Ивгъуыд ӕнусы 70-ӕм азты Тбилисы ирон литературӕйы декадӕ ауагъдӕуыд. Мыхуыры рауагътой ирон фысджыты хуыздӕр уацмыстӕ, куыд прозаикон, афтӕ поэтикон жанрӕй. Мӕхи тӕлмӕцты ‘хсӕн уыд Беджызаты Чермены «Мӕсгуытӕ дзурынц» ӕмӕ йӕ хицӕн чиныгӕй ныммыхуыр кодтой. Тынг зӕрдиагӕй райста ацы новеллӕты чиныгкӕсӕг ӕмӕ та  цалдӕр азы фӕстӕ дыккагӕй рацыд. Чиныджы разныхасы  цыбыртӕй  базонгӕ кодтон ирон  литературӕйы классикы цард ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ  чиныгкӕсӕджы.

Чермен 1937 азы амӕттаг фӕци. Уыцы уӕззау азтӕ репресситы ном хӕссынц.

Репресситы азтӕ та зындоны азтӕ уыдысты – йӕ райгуырӕн бӕстӕйы, йӕ адӕмы иузӕрдион хъӕбулты  «адӕмы знӕгтӕ» рахуыдтой ӕмӕ сӕ ӕнӕвгъауӕй  ныццагътой, донӕн сын аласын кодтой сӕ зӕрдиаг куыст ӕмӕ сӕ лӕггад ирон аивад ӕмӕ культурӕйӕн.

Рӕстӕджы цалх та зилы, зилы ӕмӕ  рӕстдзинад цыфӕнды арф ныгӕд уа, уӕддӕр стондзӕн ӕмӕ раргом кӕндзӕн, рухсмӕ рахӕсдзӕн ӕцӕгдзинад. Тынг бирӕ рӕстӕг – ссӕдз азӕй фылдӕр репресситы амӕттӕгты нӕмттӕ скойгӕнӕн нӕ уыд, кӕд ӕй зыдтой, уыдон ирон ӕвзаг, ирон литературӕ, аивад, зонад, культурӕйы размӕцыдыл архайдтой, уӕддӕр.

Репресситы амӕттӕгтӕ фесты Къубалты Алыксандр, Хъуылаты Созырыхъо, Барахъты Гино, Фӕрнион Къоста, Косираты Сӕрмӕт, Малиты Гиорги, Тыбылты Алыксандр, Беджызаты Чермен ӕмӕ ноджы бирӕтӕ. Зӕгъӕн ис – ирон интеллигенцийы хуыздӕр минӕвӕрттӕн сӕ фылдӕр ӕмӕ хуыздӕр хай сыскъуыдтой.

Бинонтӕн сӕ дарӕг куы амӕлы ӕмӕ хӕдзары хъуыддаг фӕстӕмӕ-фӕстӕмӕ куыд ацӕуы, афтӕ ӕрцыд ирон ӕхсӕндзарды алы фадыгыл дӕр, къорд рӕстӕг банымӕг, цалынмӕ ног фӕлтӕр нӕ рахъомыл ӕмӕ уӕд чысылгай сындидзыдта къонайыл арт. Ралӕууыд рӕстдзинады рӕстӕг, радымдта ӕндӕргъуызон  уахъӕз ӕмӕ асӕрфта зынаргъ нӕмттӕн сӕ рохуаты рыг. Беджызаты Чермен дӕр, куыд ӕй загътам, растдӕр уыцы фӕлтӕрӕй уыд – йӕ радтӕг адӕм, йӕ райгуырӕн бӕстӕйы тыххӕй ӕхсаргард ӕмӕ фыссӕн сисӕй чи тох кодта цӕрӕнбонты.

Чермен райгуырд Дзауы районы Едысы хъӕуы. Ацы ком ӕгъуыстаджы рӕсугъд бынат у – арвмӕ ӕххӕссынц хӕхтӕ, зӕххӕн йӕ зӕрдӕйӕ кӕлынц цӕссыгау рӕсуг царддӕттӕг суадӕттӕ, цъӕх дарынц фӕзтӕ, сусу-бусу кӕнынц тархъӕдтӕ. Ам хур дӕр ӕндӕргъуызон ӕндавы ӕмӕ мит дӕр ӕндӕрхуыз урс-урсид ӕрттивы. Адӕм та, ам цӕрӕг адӕм, иннӕтӕй хицӕн кодтой сӕ уӕздан, хиуылхӕцгӕ,  рӕстылдзог, цины дӕр ӕмӕ хъыджыдӕр бӕрцзонӕг – сӕ алыварс  уӕвӕг ӕрдзмӕ гӕсгӕ зӕрдӕйы хаттӕй.

Чермены хӕдзарвӕндаг зындгонд уыдысты сӕ уазӕгуарзондзинадӕй ӕмӕ ноджы сӕ куырыхон хистӕрӕй – Беджызаты Леван, Черменӕн йӕ фыды фыд, адӕмон  таурӕгъгӕнӕг уыди. Йӕ ном дардыл хъуыстгонд уыд куыд бирӕ таурӕгътæ, аргъæуттæ, легендӕтæ, ӕмбисондтæ зонæг. Дзургӕ дӕр сӕ афтӕ химӕлвасгӕ ӕвзагӕй кодта ӕмӕ, дам, ӕм хъусынӕй не ‘фсӕстысты. Уыдонӕн сӕ фылдӕр мыхуыры рацыдысты ӕмӕ сӕ зоны ирон чиныгкӕсӕг.

Чермены фыд Дауыт та 1905-06 азты революцион змӕлды хайадисӕг уыд, дыууӕ азы ахӕстоны фӕбадт. Куы йӕ рауагътой, уӕд сауджынӕй кусын райдыдта, фӕлӕ 1917 азы ныууагъта йӕ куыст ӕмӕ фӕстӕмӕ революцийы фарс рахӕцыд, куыд йӕ бон уыд, афтӕ сын ӕххуыс кодта.

Куыд уынӕм, афтӕмӕй фидӕны фыссӕг ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг лӕгау-лӕг цӕмӕй рацыдаит, уымӕн ын хӕдзары хорз бындур уыд. Чермен фыццаг Рукъы  хъӕуы дыууӕкъласон скъола фӕци, стӕй Гуры дины семинарты адарддӕр кодта йӕ ахуыр. 1914 азы ацы семинар куы фӕци, уӕд та Тбилисы дины семинармӕ бацыд. Ам прогрессивонӕй хъуыдыгӕнӕг ӕвзонг фӕсивӕды къордимӕ баиу ӕмӕ стыр цымыдисӕй базонгӕ марксистон литературӕимӕ, активон хайад иста студентты политикон царды. Йӕ ахаст уӕды ӕхсӕнадон ӕмӕ политикон царды фӕдыл Чермен йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕйы равдыста.

Зынгӕ гуырдзиаг поэт Гиорги Леонидзе ирон фысджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы мысыд, Черменимӕ иумӕ Тбилисы семинары ахуыры азтӕ ӕмӕ зӕрдӕхӕларӕй дзырдта, куыд уӕздан, нымд, зондджын ӕмӕ ӕмгаруарзаг лӕппу уыд Чермен, ӕмдзӕвгӕтӕ, дам, семинары ахуыры рӕстӕджы райдыдта фыссын.

Тбилисы дины семинар Чермен каст фӕци 1917 азы. 1918 азы йӕм ӕфсадмӕ ‘рсидтысты. Гуры цы ӕфсӕддон ирон полкъ лӕууыд, уым службӕ кодта, фӕлӕ полк тагъд ныппырх ӕмӕ Чермен йӕ райгуырӕн хъӕумӕ –  Едысмӕ рафардӕг. Ам йӕ ӕмзонд хӕстонтимӕ  фыццаг большевикон къорд сарӕзтой ӕмӕ йӕ  уыцы аз, 1918-йы, большевикон партийы рӕнхъытӕм дӕр айстой.

Хуссар Ирыстоны Советон хицауад куы фӕуӕлахиз, уӕд Чермен ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон бынӕтты фӕкуыста. 1926 азы та Мӕскуымӕ ацыд ӕмӕ журналистикӕйы институтмӕ бацыд ахуырмӕ. Фӕци йӕ 1928 азы  ӕмӕ  фӕстӕмӕ Ирыстонмӕ ӕрыздӕхт. Уайтагъдӕй областон газет «Хурзӕрин»-ы редакторӕй сӕвӕрдтой. 1931 азы онгам фӕкуыста, стӕй йӕ ракодтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон рауагъдады сӕргълӕууӕгӕй. Фӕстӕдӕр та Хуссар Ирыстоны зонад-иртасӕг институты директор ссис, стӕй та журнал «Фидиуӕджы» редактор ӕмӕ Фысджыты цӕдисы сӕрдар.

Кӕмдӕриддӕр куыста Чермен, ӕхсӕндзарды ӕрцӕугӕ  иунӕг цау дӕр ын нӕ аирвӕзтаид, алцæуы фæдыл дæр йӕ хъуыды дзырдта фысгӕйӕ ӕви практикон архайдæй. Стыр эрудици ӕмӕ европӕйаг интеллигентондзинад, хӕххон лӕджы хиуылхӕцынад, фидар удыхъӕд афтӕ сиу сты Чермены характеры ӕмӕ цы уыд, уымӕй ноджы бирӕ химӕлвасгӕдӕр гоймаг зынд.

Хуссар Ирыстоны Фысджыты цӕдисы сӕрдарӕй  кусыны  рӕстӕджы Чермен бирӕ традицитӕн ӕрӕвӕрдта бындур. Бастдзинæдтæ сарӕзта Гуырдзыстоны фысджытимӕ. 1932 азы 27 сентябры Ирыстоны гуырдзиаг литературӕйы декадӕ ауагътой. Ирыстонмӕ ӕрцыдысты Галактион ӕмӕ Тициан Табидзе, Паоло Иашвили, Иакинте Лисашвили, Гиорги Леонидзе, Никъо Лорткипанидзе, Михаил Чиковани ӕмӕ ӕндӕртӕ. Беджызаты Чермен сын аккаг фысым фӕци ӕмӕ уазджытӕ тынг райгондӕй  кӕй баззадысты ирон уазӕгуарзондзинадӕй, уӕздан ӕгъдауӕй, уый ирдӕй равдыстой уӕды рӕстӕджы  прессӕйы фӕрстыл.

Чермен ма Ирыстонмӕ фӕхуыдта Абхазы фысджыты дӕр ӕмӕ сӕ фембӕлын кодта ирон фысджытимӕ, интеллигенцийы ӕмӕ областы раззагон адӕмимӕ. Прогрессивон хъуыдыгӕнӕг, интернационалист фыссӕг ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг алцы арӕзта, цӕмӕй ирон адӕмы культурӕ, литературӕ, аивад – иннӕ адӕмтӕн базонгӕ кодтаид.

Сфӕлдыстадон архайд Чермен ӕмдзӕвгӕтӕ фыссынӕй  райдыдта, уӕлдӕр куыд загътам, семинары куы ахуыр кодта, уӕдӕй. Йе сфӕлдыстады сӕйраг ратӕдзӕн уыди хъӕздыг ирон фольклор, фӕлӕ ӕрмӕст  адӕмон сфӕлдыстад нӕ уыд фыссӕгӕн йӕ сӕйраг бындур. Уый тынг хорз зонгӕ уыд, куыд ирон, афтӕ уырыссаг, фӕсарӕйнаг, дунеон литературӕимӕ. Ирон литературӕйы стыр классик Къостайы стыр традицитӕн табугӕнӕг, йӕ рӕстӕджы цардарӕзтмӕ ирд цӕстӕй касти ӕмӕ алы дзырдӕй  афтӕ уӕзданӕй пайда кодта, мӕнӕ зӕрингуырд куыд фӕархайы сыгъзӕринимӕ, афтӕ. Зӕгъын хъӕуы уый дӕр ӕмӕ Чермен фыццаг уыд, Ежен Потьейы «Интернацинал» чи ратӕлмац кодта ирон ӕвзагмӕ ӕмӕ йӕ журнал «Кермен»-ы чи ныммыхуыр кодта, уый. Тагъд уыцы газеты ныммыхуыр йӕ оригиналон ӕмдзӕвгӕ «Цагъары бӕллиц». Газеты уӕды редактор–поэт Барахъты Гино ацы  ӕмдзӕвгӕ абарста Хетӕгкаты Къостайы «Додой»-имӕ, Цомахъы ӕмдзӕвгӕ «Адӕм»-имӕ ӕмӕ сӕ  рахуыдта дуджы актуалон темӕйыл дзурӕг ӕмдзӕвгӕтӕ.

Æмдзӕвгӕты фыццаг чиныг Чермен рауагъта 1932 азы. Ацы чиныгмӕ цы ӕмдзӕвгӕтӕ бахаста автор, уыдоны ӕртӕ циклыл адих кодта: 1915-18 азты  фыст ӕмдзӕвгӕты рахуыдта «Кард кӕрддзӕмы», 1918-29 азты фыстытӕ – «Æлвӕст кардӕй» ӕмӕ  1920-30 азты цы ныффыста, уыдоны та – «Уады райгуырд цард». Сӕ равӕрдӕй, сӕ сӕргӕндтӕй ирдӕй зыны, кӕцы азты цы темӕ лӕууыд боны фӕткы, цы фарстытӕ йын нӕ лӕвӕрдтой ӕнцой ӕмӕ сыл куыд хъуыды кодта.

Чиныджы разныхасы автор фыста, ардӕм цы  ӕмдзӕвгӕтӕ ис хаст, уыдон иумиагӕй кӕд нӕ, уӕддӕр чысыл фенын кӕндзысты кӕсӕгӕн уыцы вазыгджын историон уавӕр, уыцы   зынцӕуӕн революцион фӕндаг, кӕцыйыл рацыд Ирыстон. Æмӕ, ӕцӕгӕйдӕр, рӕстӕджы цаутыл дзурӕг  сты ацы ӕмдзӕвгӕтӕ, рӕстӕджы ӕцӕг нывтӕ.

Уӕды критикӕ раст аргъ не скодта ацы чиныгӕн, йӕ  цӕстмӕ йын дардтой, зӕгъгӕ, бирӕ лӕмӕгъ ӕмдзӕвгӕтӕ дзы ис. Фӕлӕ зындгонд ирон поэт Гафез дзырдта: иугай лӕмӕгъ ӕмдзӕвгӕтæ нӕ тых кӕнынц, чиныджы  цы стыр аивадӕвдисӕг хуызджын ӕмдзӕвгӕтӕ ис, уыдоныл. Сфӕлдыстадон кусӕгӕн йӕ сисы бынӕй рацӕугӕ алы  хахх иугъуызон тыхджын ӕмӕ  уӕлвонг нӕ рауайдзӕн ӕмӕ йӕ уый тыххӕй  нӕ фӕзылын кӕндзыстӕм. Иумиагӕй сисгӕйӕ, Беджызаты Чермены сфӕлдыстад, Цӕголты Георги, Нигеры, Бӕгъӕраты Созыр, Барахъты Гинойы ӕмдзӕвгӕтимӕ иумӕ ирон революцион поэзийы зынаргъ хӕзнатӕ сты.

1928 азы Чермен прозӕмӕ рахызт. Фыссы радзырдтӕ, пьесæтӕ, очерктӕ, боныгтӕ.

1931 азы журнал «Фидиуӕджы» рацыд йӕ фыццаг гуырахстджын радзырд «Ссыгъди цард». Уый фӕстӕ бирӕ аивадон очерктӕ, чысыл радзырдтӕ, новеллӕтӕ ныффыста, кӕцыты арӕхстджынӕй ныв кӕны,  куыд зынтӕй цӕуынц революцион змӕлды фӕстӕ  ӕхсӕндзарды ногдзинӕдтӕ.

Адӕймаджы  хъуыдыкӕнынады, йӕ психикӕйы зӕронд ӕмӕ ногы ‘хсӕн тох ӕххӕстӕй ӕмӕ бауырнинагӕй ӕвдыст ӕрцыд йӕ гуырахстджын радзырды «Бирӕгътӕ»,  зӕгъгӕ, кӕцы мыхуыры рацыд 1934 азы. Ацы радзырды  ныхӕй-ныхмӕ лӕууынц рӕстдзинад ӕмӕ фыдӕхдзинад, хъӕздыгдзинад ӕмӕ мӕгуырдзинад. Цард нын куыд амоны, афтӕмӕй рӕстдзинад тых кӕны фыдӕхдзинадыл, ӕмӕ фӕуӕлахиз рӕстаг лӕг Бибо –зылын, сайӕгой фыдлӕг Бадилайыл.

Беджызаты Чермены сфӕлдыстады хицӕн бынат ахсы «Мӕсгуытӕ дзурынц». Ам автор фараст новеллӕ  баиу кодта. Хицӕнӕй сисгӕйӕ, алы новеллӕйӕн ис  йӕхи ном ӕмӕ сӕрмагонд темӕйыл дзурӕг уацмыс у. Литературон критикӕйы ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр хъуыды дӕр уымӕн ис. Иутӕм гӕсгӕ «Мӕсгуытӕ дзурынц» гуырахстджын уацау у, зӕгъгӕ. Иннӕтӕ та йӕ нымайынц новеллӕты циклыл.

Афтӕ чи нымайы, ома «Мӕсгуытӕ дзурынц» новеллӕты цикл у, уыцы критикты хъуыды  цыма раст хъуамӕ уа, уымӕн ӕмӕ дзы кӕцыфӕнды новеллӕ райс, алкӕцыдӕр кӕронмӕ конд у, хицӕн уацмыс у. Зӕгъӕм «Кодзыртӕ», «Туг», «Ахлеваты чындз», «Уанелы Тутыр» ӕмӕ иннӕтӕ дӕр, хицӕн темӕтыл сты амад ӕмӕ аив литературон уацмысы алы нысан хӕссынц. Фӕлӕ сӕм арф куы ныккӕсӕм ӕмӕ сыл лыстӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд рабӕрӕг уыдзӕн авторы хъуыды: историон цардуаджы рӕстдзинадыл амад таурӕгътӕй аив новеллӕтӕ снывӕзта ӕмӕ сын иумӕйаг рахӕцӕн – адӕймаджы ӕмӕ хӕхбӕсты ӕгъдӕутты ‘хсӕн уӕвӕг карз конфликт равзӕрста.

Æгъдау–хӕхбӕсты адӕмӕн ӕнӕфыст закъон – фидар ӕмӕ ӕнӕбасӕтгӕ у. Фӕлӕ ӕнусты мидӕг алы ӕгъдау адӕймӕгтӕн у, биноныг дӕр ӕй адӕм кӕнынц.  Адӕймаг та ӕнкъараг гоймаг у ӕмӕ арӕх халы ӕгъдау уарзондзинады  кӕнӕ фыдӕхдзинады охыл. Æгъдауы сӕрты ахизын та трагеди расайы. Ацы иумиаг хахх алы новеллӕйы дӕр ирдӕй зыны. Авторӕн ахӕм хъуыды куынӕ уыдаит ӕмӕ иу организмӕй сконд уацмыс сфӕлдыстаид, уӕд ма йӕ цӕмӕн бахъуыд бацӕуӕн хайы ӕмӕ финалы  фольклорон экспедицийы хайадисӕг цыппар студенты (Асиат, Андо, Дзыллӕ, Тугъан) хъуыддӕгтӕ ӕмӕ се ‘хсӕн уарзондзинады деталтӕ бахӕссын? Гъе, уымӕ гӕсгӕ автор иу фидар фӕлгӕты бакодта йӕ зӕгъинаг, йӕ зӕгъинаг та у ивгъуыд дуджы ӕмӕ ног рӕстӕджы‘рымных кӕнын кӕрӕдзимӕ, ивгъуыды ӕнӕхъӕуӕг баззайӕггӕгтыл къух сисын ӕмӕ раст, зӕрдӕмӕдзӕугӕ фӕткы фарс рахӕцын. Æмӕ ацы хъуыды растдӕр ӕвзӕнгты дзыхӕй загъта.

Беджызаты Чермен реалон хуызы зӕрдӕргомӕй равдыста Урстуалты комы адӕмы цард. Чиныгкӕсӕджы уд сызмӕлын кӕны зӕххы фӕдыл, уарзондзинады, иумӕйагӕй адӕймаджы уӕвынады тыххӕй ныккӕлгӕ туг.

Мыггаджы мӕсыгы фарсмӕ цъӕх нӕууыл бады зӕронд Баймӕт райсомӕй изӕрмӕ. «Мӕсыгы калд къулау йӕ сӕрыл зӕронд фысдзарм худ, йӕ уӕлӕ дӕр скъуыдтӕ кӕрц.

Æрмӕст иу цӕмӕйдӕр хицӕн кӕнынц кӕрӕдзийӕ  адӕймаг-мӕсыг ӕмӕ дурӕй мӕсыг – Баймӕты  зӕронд, ӕнӕдӕндаг мылытӕ ӕнӕхъӕн бон  зӕронд галау ӕууилынц тамакойы сыфтӕ… Адӕймаг-мӕсыг, дурӕй-мӕсыг, сӕ дыууӕ дӕр ӕнусы тарӕй ӕмбӕрзт, рагзаманы ӕвдисӕнтӕ, удӕгас ӕвдисӕнтӕ, сӕ иу – удӕгас ӕвдисӕн, иннӕ – ӕнӕуд. Фӕлӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕмыр ӕвдисӕнтӕ»

Ацы удӕгас ӕвдисӕны – Баймӕты сдзурын кӕнынц ӕвзонг студенттӕ ӕмӕ дзуры зӕронд дада уыцы  ӕгъуыстаджы хабӕрттӕ, ивгъуыд дуджы хабӕрттӕ, кӕцытӕ нын йӕ  фырты фырт Беджызаты Чермен – сыгъдӕг, рӕсугъд новеллӕты хуызы ныууагъта.

Ноджы йын цас зӕгъинӕгтӕ баззад (ӕрдӕг фыст роман) цас зондджын хъуыдытӕ фыссинаг. Фӕлӕ фыд дуджы амӕттаг фӕци 39-аздзыдӕй йе ‘мкъаимӕ.

Цхуырбаты Мери

Наверх