Ничи ферох — ницы ферохТеракт

Беслæн… Ам фынддæс азы размæ æрцыд, зæххы къорийы бындзармæ чи банкъуысын кодта, уыцы æвирхъаудзинад…Кæуæм æмæ дзыназæм, риссæм… Кæуæм уыцы æдзард хъæбултыл, риссæм сыл… Кæуæм æмæ нæхи нæ цæссыджы æвдылдæй фæрсæм:

Цæмæн? Цæмæн æрцыд афтæ, кæмæн цы кодтам?!.

Фæрсæм нæхи дæр, алкæй дæр, знаджы дæр æмæ хионы дæр, æгæрыстæмæй Хуыцауы дæр, фæлæ нын рæстмæ дзуапп ничи ма радта фынддæс азы дæргъы. Нæхицæн нæ дзурæнтæ ныффæсус сты фыркуыдæй, знаг нын йæ цæстыдзаг кæй федта, уымæй ноджы йæхимæ ныззынд, йæ сæрмæ хæсгæ дæр нал кæны дзуапп радтын… Хуыцау та æгомыгæй кæсы нæ цæссыгтæм, хъусы нæ мароймæ, фæлæ дзургæ ницы кæны…

Уæддæр цæмæн, цæмæн æрцыд?..

Хуссары зæгъай, цæгаты — дау нын кæнынц нæ фыдæлты зæххыл, марынц нæ, сурынц нæ, фæлæ сын марын дæр кæй нæ комæм æмæ сурын дæр, уый сæ ноджы знæтдæр кæны… Экстремисттæ нæ хуыдтой æмæ хонынц, фæлæ сын нæ гыццыл рæзинæгтæ та цы кодтой, цæмæн сæ ныккодтой ахæм æбуалгъы цагъд?.. Кæмæндæр йæ бæхыл йæ бон нæ цыд æмæ йæ саргъы надта?.. Æви йæхицæн сæрфат чи нæ зоны, уымæн йæ  цæхæрадон кæмæндæр дурæппарæн у?..

Фындæс кæуинаг, цæссыджы æвдылд азы рацыд уæдæй нырмæ, фæлæ нæхæдæг нæхи нæма бафарстам: цæмæн, куыд нæм бауæндыдысты?.. Нæхицæн нæу дзуапп радтын нæхицæн, уæддæр ма искæмæй домæм дзуапп.

Æмæ сæттæм не дыхыл. Æндæр нæ цы бон и… Фæлæ кæдмæ? Кæдмæ нæм уæнддзысты афтæ? Цы аразæм уый тыххæй, цæмæй нын дзуапп радтой, цæмæй нæм макуыуал бауæндой?

Хуыцау ын арфæгæнæг уæд,  нæ республикæйы ахуыры аз райдайæн бон фæстæдæрмæ чи аргъæвта… Уымæй уæддæр сраст кæнæм нæхи уыцы гыццыл хъæбулты раз. Нырмæ йын нæ уыд гæнæн, нырмæ  нæ  уыд   афтæ ахъуыды кæнæн: ахæм æвирхъаудзинад мысæн бон куыд кафæм æмæ куыд зарæм, хуыцауы хай нын нæй?..

Дарддæр цы кæнæм, куыд кæнгæ нын у — фæрсæм ма нæхи дæр æмæ не знæгты дæр, ахæм æгъатыр диссаг куыд æмæ цæмæн æрцыд, уый тыххæй?

О, хъуамæ  фæрсæм, хъуамæ агурæм дзуапп, цалынмæ ма иу ирон дзыхæйдзурæг уа, уæдмæ. Кæннод нæ адæмыл нæ нымайдзысты, нæ хъæбулты марджытæ дæр æмæ ныл кæй зæрдæ фæрыст, уыдон дæр…

Наверх