Работа Хугаева Сослана (17 лет), занявшая III место в республиканском конкурсе сочинений на тему «Геноцид осетинского народа в 1920 году… Что я о нем знаю?»

1920-æм ÆЗТЫ ИРОН АДÆМЫ ГЕНОЦИДÆЙ

Хуссарирыстойнаг ирæтты ныхмæ фыццаг геноциды цаутæ баст сты 1920 æзтимæ. Уæд, июны мæйы, гуырдзиаг меньшевикон гварди æрбабырста æмæ туджы зæйтæ рауагъта Хуссар Ирыстоны зæххыл. Фæлæ ацы фыдракæнды размæ 1918-1919 æзты дæр гуырдзиаг меньшевиктæ дыууæ хатты æрбабырстой Ирыстоны хуссар хаймæ.

1918 азы мартъы мæйы æрцыд «Цхинвайлаг растад», кæцы уыд дзуаппон къахдзæф Хуссар Ирыстоны гуырдзиаг хицауад æмæ сæ хæстон къордты фыдракæндон архайдтытæн. Уæрæсейаг Империйы ныппырх æмæ Гуырдзыстоны Республикæйы сфидар кæныны фыццаг бонтæй фæстæмæ гуырдзиаг хицауадæн уыд иунæг нысан — æппæт дæр саразын, цæмæй Хуссар Ирыстон фесæфа. Раст уынаффæ къухты бафтын кæныны фадат нæ уынгæйæ, ирæттæ сæхæдæг райдыдтой сæ райгуырæн къуымы хъысмæт скъуыддзаг кæнын. Национ Советы ног æххæстбарджын органы фæлгæтты аразын райдыдтой национ фæткдæттынады структурæтæ.

Гуырдзиаг хицауад аскъуыддзаг кодта Хуссар Ирыстоны политикон сæрибардзинад æруромын. Мартъы фыццаг бонты гæрзифтонг дæлхæйттæ бацыдысты, йæ протестон традицитæй  хъуыстгонд чи уыд, уырдæм — Хъорнисы хъæумæ. Ахст æрцыдысты  дæсгай нæлгоймæгтæ, фæлæ гуырдзиаг хæйтты бахъуыд хъæуæй ацæуын, уымæн æмæ хъорнисæгтæм æххуысмæ цæуын райдыдтой сыхаг хъæуты ирон хæстон къордтæ. Куынæггæнæг дæлхæйттæ  амынæттимæ сæ фæндаг ракодтой Цхинвалы ‘рдæм, фæлæ сыл  Арчънеты хъæуы цур æрхъула кодтой ирон хæстонтæ æмæ сын ныхкъуырд радтой. Æфсæдтæ фæйнæрдæм фæлыгъдысты, æмæ хъорнисаг амынæттæ сæрибар æрцыдысты.

Меньшевикты лидер, кæцыйы централон тифлисаг хицауад снысан кодта Хуссар  Ирыстоны диктаторæй, тырныдта административон центры фæтк æрæвæрынмæ. 18-æм мартъы гуырдзиаг æфсæдтæ бацыдысты Цхинвалмæ æмæ горæтгæрон, Дыргуисы хъæуы ауагътой митинг. Уырдæм æрцыдысты ирон фарсы минæвæрттæ дæр, сæ сæргъ — зынгæ революционер Хъуылымбегты Георги, афтæмæй. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны активонæй архайдта революцион зæхкусджыты цæдис, кæцыйы сæргъ лæууыд Хъуылымбегты Георги, цæдисы ма уыдысты Харебаты Исахъ, Гасситы Коте æмæ æндæртæ. Цæдисы дæлбар уыд хæстон къорд 300 адæймаджы скондæй.

Афтæ меньшевикты бахъуыд Цæдисы минæвæрттимæ ныхас кæнын. Æниу, уыцы бон меньшевикты пълæнттæ дард уыдысты компромис ссарыны фæндæй. Митинджы рæстæджы ирæттæй æрдомдтой сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрын æмæ национ змæлды активон фарсхæцджыты тæрхондонмæ радтын. Уымæн ирæтты ‘рдыгæй дзуапп уыд æнæразыдзинад, æмæ митинджы кæронмæ йæ хайадисджыты ‘хсæн райдыдтой ныхмæлæудтытæ, кæцытæ фæстагмæ рахызтысты  æхстытæм. Изæрмæ Цхинвалы сцырын сты хæстон архайдтытæ. Хъуылымбегты Георги ахст æрцыд митинджы иннæ хайадисджытæй цалдæримæ. Мæнæ куыд дзырдта йæ мысинæгты уыцы бонты тыххæй:

«Æрбакодтой мæ меньшевикты штабмæ. Меньшевик Нинидзе мын загъта: «Амынæтты ныхæстæм гæсгæ мах сбæлвырд кодтам, ды растадонты раздзог æмæ паддзахадыл гадзрахатæйцæуæг кæй дæ, уый. Ау, афтæ хъуыды кæныс æмæ Гуырдзыстоны нæ разындзæн ахæм тыхтæ, 80-минон Ирыстоны чи басабыр кæна æмæ 300 бунтгæнæджы чи фехса? Уæлвæткон къамис фæдагуырд фæцис дæ хъуыддаджы фæдыл æмæ аскъуыддзаг кодта дæу фехсын, куыд растадонты раздзог, афтæ». Дуар мыл сæхгæдтой штабы æмæ мæ хъахъхъæдтой 12 гвардионы. Меньшевиктæн уыд хæстон зæрдæйыуаг, цин кодтой æмæ дзырдтой: «Ныр кæрон скæнын хъæуы ирæттæн». Дзырдтой мæм алы цъаммар æвзагæй æмæ мæ хынджылæг кодтой. Меньшевик Машо Капанадзе мæм комкоммæ бартхъирæн кодта: «Ныххурх дæ кæндзынæн мæхи къухтæй».

Фæлæ сæ сау фæндтæ сæххæст кæнын сæ къухты нæ бафтыд. Дыккаг бон изæры растадонтæ батыдтой горæтмæ. Бацайдагъ сты уынгты хæстытæ. Цхинвалы 13 Коммунары уынджы мæрдтæ калдæй лæууыдысты, кæцыты ‘хсæн уыдысты гуырдзиаг дæлхæйтты къухдариуæггæнджытæ Георги Мачабели æмæ Сандро Кецховели. 800 гвардионы бæрц та раконд æрцыдысты амынæты, уыцы нымæцы меньшевиктæ Нинидзе æмæ Капанадзе дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хъуылымбегты Георги сæрибар æрцыд.

Уæлахизмæ нæ кæсгæйæ, растадонтæм нæ уыд хæцæнгæрзтæ, нæдæр хæстон æрмæджытæ æмæ нæдæр фаг адæм. Уымæ гæсгæ 22-æм марты Цхинвалмæ бацыдысты гуырдзиаг æфсæдты ног дæлхæйттæ, растадонтæ фæстæмæ алæууыдысты горæтæй. Æрмæст дзы иу хай баззад Цхинвалы, цæмæй рæстæгмæ æрурæдтаиккой ныхмæлæууæджы. Тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты æмæ ныхмæлæуды артдзæст саст æрцыд. Хъуылымбегты Георги æмæ йæ къорды фарсхæцæджæ ахст æмæ æрвыст æрцыдысты Гурмæ. Растадонты фæстæ цæугæйæ, гуырдзиаг æфсæдты дæлхæйттæ бацыдысты Дзауы онг, цыран сæмбæлдысты карз ныхмæлæудыл. Рæстæгмæ фæстæмæ алæуджытæн сæ бон ссис нарæг комы хъахъхъæнынады хахх сорганизаци кæнын æмæ гуырдзиаг æфсæдты æппæт атакæтæ фæстæмæ æппæрст æрцыдысты. Ныхмæлæууæг урæд æрцыд æмæ райдыдтой бадзырдтæ. 28-æм мартъы къухты бафтыд ныхмæлæууæг фæрсты ‘хсæн  фидыдад.

Меньшевиктæ сæхи Ирыстоны дæрæнгæнджытæй куы равдыстой, уый фæстæ Ирыстоны хуссары национ змæлды райдыдта пертурбаци. Национ Советы тыхджындæр кодта большевикты æндæвдад. 1918 азы Национ Советы абсолютон æлдариуæг рахызт большевиктæм, кæцытæ сæ къухтæм райстой Хуссар Ирыстоны политикон тохы къухдариуæгад. Фæлæ Хуссар Ирыстоны историйы трагикон фæрстæ фæлдæхт нæма æрцыдысты. Разæй уыд катайаг 1919 аз æмæ 1920 азы тугæйдзаг июны геноцид.

1920 азы та Гуырдзыстоны меньшевиктæ ирон адæмæн расидтысты ног геноцид: туджы зæйты бын фæкодтой Цхинвал æмæ йæ алфæмблай хъæуты, æгъатырæй цагътой сабыр цæрæг ирон адæмы, сыгътой хъæуты, нæ ауæрстой сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтыл. Уæлдай тынгдæр агуырдтой ахæм бинонты, кæцытæн хæрз чысыл бастдзинад дæр уыд уырыссаг адæмимæ. Ахæм бинонты-иу уайтагъд скуынæг кодтой хæдзарыдзагæй. Гуырдзиаг лæгмартæ бабырстой къуыдаргоммæ æмæ райдыдтой хъæуты судзын. Кæй-иу нæ фехстой, уыцы адæмы-иу сæ разæй скодтой æмæ-иу сæ сырдтой Часавалы ‘рдæм. Уым-иу сæ бакодтой, гуырдзиæгтæ бæхдон кæмæй сарæзтой, уыцы раздæры аргъуаны агъуысты, стæй-иу сæ фехстой.

Теблойты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, уæд йæ мады фыд Джусойты Сашино цард Цъоны хъæуы. Гуырдзыстоны нымад уыд зындгонд хъæбысæйхæцæгæй. «Дыууынæм азты геноциды рæстæджы Сашино гуырдзиаг тыхгæнджыты æгъатыр митæм кæсгæйæ, сфæнд кодта Гуырдзыстоны уæды хицау Ной Жорданиямæ фыстæг ныффыссын, цыран карзæй æрдомдта æнæаххос ирон æдæмы цæгъдынæн, Ирыстоны хъæутæ судзынæн кæрон скæнын. Жордания фыстæг бакаст. Сашиноимæ ныхас дæр акодта иудзæвгар, цыма дзы исты ракъахынмæ хъавыд, уыйау æм лæвæрдта, тынг æй чи нæ цымыдис кодта, ахæм уæлæнгай фарстатæ. Æмæ стæй бафарста Сашинойы, афтæ хорз кæм сахуыр дæ гуырдзиагау сыгъдæг фыссын æмæ дзурын, зæгъгæ. Куырыхон кардзыд лæг æмбæрста, йæ адæмы цард ын æппæты сæйрагдæр кæй у, æмæ йын дзуапп радта, зæгъгæ, ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ цæрæнбонты хæларæй цардысты, се ‘хсæн ис хæстæгдзинад, зонынц кæрæдзийы æвзаг, кæрæдзийы æгъдæуттæ æмæ традицитæ. Уыцы дзуапп бандæвта Жорданияйыл æмæ йын баныфс æвæрдта: «Хорз. Дæ хъæу æмæ йæ алыварс 10 хъæумæ нæ февналдзыстæм, иннæтæ сыгъд æрцæудзысты пъланмæ гæсгæ». Жордания сæххæст кодта йæ дзырд. Цъон æмæ йæ алыварс цы хъæутæ уыд, уыдоны нæ басыгътой, кæд дзы Сашино æнæхъæн Хуссар Ирыстоны куынæг кæнын æруромын домдта, уæддæр», — радзырдта Теблойты Сослан.

Гуырдзыстоны меньшевиктæ уæддæр не ‘рлæууыдысты ирон адæмы куынæг кæнынæй, цалынмæ Сырх Æфсады 292 полк æмæ Цæгат Ирыстонæй бархионтæ не‘рцыдысты æххуысмæ, уæдмæ. Уыдоны æххуысы руаджы   сырд баййæфтой Хуссар Ирыстонæй. Фæлæ ууыл нæ фесты сæ фыдракæндтæ гуырдзыйы меньшевикон хицауадæн. Ныккодтой Ирыстоны дыууæ дихы  æмæ йын йæ иу хай, туджы лæсæнты бын æй чи фæкодта, уыцы Гуырдзыстоны хъуыры нытъыстой. Уый та нысан кодта ирон адæмы иудзинадæн кæрон скæнын. Афтæ ныронг дæр Ирыстон баззадис дыууæ дихæй, кæд сты иу адæм, иу туг æмæ стæг, уæддæр дих кæнынц цæгат æмæ хуссарыл, се ‘хсæн та ис æнусон хох, æмæ сæ уый дæр дих кæны дыууæ кæрæдзимæ тырнæг бæстæйыл. Ацы цаутæ та баззадысты æнустæм ирон адæмы хъуыдыкæнынад æмæ историйы фыстæй.

Наверх