Этноочерк

Хъуамæ йыл басæттæм, ирон адæмы истори, нæ фыдæлты цардуаг æмæ царды хабæрттæй абоны онг цы зонæм, уыдонæн сæ фылдæр хай нæ къухы бафтыд æддагон адæмы, ома Ирыстонмæ-иу æнæнхъæлæджы кæнæ сæрмагонд экспедицийы фæлгæтты чи фæуазæг, ахæм фæндаггонтæ кæнæ ахуыргæндты фæрцы. Зæгъæм, нæ фыдæлты цардуаг æмæ историон хабæрттæн абон сæ бæрæг хай зонæм зындгонд уырыссаг ахуыргонд Всеволод Миллеры «Ирон этюдты» фæрцы. Нæ историйы ацы фадыджы стыр æмæ ахадæн сты, æндæр уырыссаг ахуыргонд Ковалевский Максимы фыстытæ.

Ковалевский уыд  историк, этнограф, юрист, социолог. Райгуырд 1851 азы Харьковы. Каст фæци Харьковы университеты — Уæрæсейы рагондæр ахуыргæнæндæттæй иуы — юридикон факультет. Хорз зыдта францаг, немыцаг, англисаг, испайнаг æвзæгтæ. Йæ ахуыр адарддæр кодта Францы, Англисы æмæ Германы университетты, уыцы-иу рæстæг куыста архивты æмæ библиотекæты, базонгæ бирæ ахуыргæндтимæ æмæ æхсæнадон кусджытимæ, хæлар ахастытæ йын уыд  Маркс æмæ Энгельсимæ.

1877 азы, Уæрæсемæ æрбаздæхгæйæ, райста магистры ахуырадон къæпхæн æмæ ссис Мæскуыйы университеты юридикон факультеты ахуыргæнæг. 1880 азы бахъахъхъæдта докторы диссертаци. Уæрæсемæ куы æрбаздæхт, уæд сси Мæскуыйы университеты профессор. Всеволод Миллеримæ уадзын райдыдтой журнал «Критическое обозрение». Ирыстонмæ дæр фыццаг хатт ссыди Миллеримæ 1883 азы сæрды. Йæ балцы рæстæджы йын æххуыс кодтой этнограф Кокиты Сауи, сауджын Гатуты Алыкси, Санаты æфсымæртæ Гацыр æмæ Гуыцыр. Ирон адæмы тыххæй ныффыста æмæ 1886 азы рауагъта монографи «Современный обычай и древний закон» дыууæ томæй. Монографи йæ заманы банымадтой Уæрæсейы хуыздæр иртасæн куыстыл.  Йæ фæллæйттæ тæлмацгонд æрцыдысты къорд европæйаг æвзагмæ æмæ сын кæнынц стыр аргъ. Нæ газеткæсджыты зонгæ кæнæм, Ирыстон æмæ ирон адæмы тыххæй Ковалевский 1883 азы цы хабæрттæ ныффыста, уыдонимæ.

Чырыстон ирæттæн номылус курыны бар кæй нæй, уымæ гæсгæ бирæтæ райсынц пысылмон дин. Ирон адæмæй чырыстон дин æппæты фыццаг райстой туаллæгтæ, æрбафтыд сæм гуырдзыйæ. Дыгурæн сæ фылдæр чырыстон сты: номылусы цот сæм хуыйны  хъуымийæгтæ. Чызджытæ куы фæуафынц, уæд усгур лæппутæн сæ цурмæ бацæуыны бар нæй.

Салыгæрдæйнæгтæ уæздæттæ æмæ сау адæмыл дихгонд нæ уыдысты. Дудараты (Слонаты) æлдæрттæ рацыдысты Уæлладжыргомы Æрхонмæ хæстæг Трайæ, Санаты æлдæрттæ та — Уæлладжыргомы Ксуртмæ хæстæг Сыкъаджынæй; Есенатæ дæр сты Уæлладжыргомы Мызурмæ хæстæг Ногхъæуккаг æлдæрттæ; Алыккаты æлдæрттæ — Бадæй рацæугæ, Кодзыртæ æмæ Хъуысатæ дæр — Джимийæ рацæугæ æлдæрттæ сты. Иууылдæр сæхи хонынц Тæгиатæй, уæвгæ та сты уæлладжырæгтæ.

Дударатæ Уæлладжыры цæрæг адæмы кæй хъыгдардтой, уымæ гæсгæ сæ уырдыгæй фæтардтой. Иу сылгоймагæн дзы йæ мой куы амарди, уæд родгæсæй бацыд æххуырсты. Фынæйæ йæм хъомгæс фæрæдыд æмæ басывæрджын. Сывæллон ын куы райгуырд, уæд æй схуыдтой Слонатæй, ома, сылгоймаджы, сылы фырт.

Салыгæрдæйнæгтæ Гозымты Абырæг æмæ Хъуылаты Иналыхъо мын радзырдтой мæнæ ахæм хабæрттæ:

Кодзыртæ æмæ Хъуысатæ Салыгæрдæнмæ æрбафтгæ уыдысты æмæ сæ уæлладжырæгтæ нымадтой сæ дæлбартыл. Санатæ, Хъуысатæ, Есенатæ æмæ  Алыккатæ уыдысты змæнтæг, адæмы хъыгдардтой æмæ сæ уымæ гæсгæ Уæлладжыргомæй фæсырдтой. Æрбынæттон сты Арвыкомы фæндаджы фæйнæфарс, Гуырдзыстонмæ æфцæг бацахстой.

Бынæттон адæмы уæздæтты бартæ раиртасыны къамис саразыны рæстæг æлдæрттæн сæ рагфыдæлтæ чи уыдысты, уый базонынмæ фæрсæг ацыдысты уæлладжыргомы хистæртæм.

Бадилайæн фæдзæхст уыд Æрæфгом хъахъхъæнын. Уæлладжыр æмæ гæлиатæгты æхсæн быцæутæ цыдысты хизæнуæтты тыххæй. Ахæм хъуыддæгтæ, искуы-иу хаттæй фæстæмæ, лыг кодтой хъæуты мидæг æвзæрст тæрхонылæгтæ.

Туджджынты хъуыддагмæ æркæсыны тыххæй æвзæрстой фараст тæрхонгæнæджы: фондз — тугагурджытæй, цыппар та — тугдартæй. Бафидауыны тыххæй тугдар хъуамæ бафыстаид 360 туманы, кæнæ уый аргъ радтаид фос. Тугдарæн йæ бон ахæм аргъ бафидын куынæ уа, уæд сæ бæсты хъуамæ тугагурæн раттаид æнæцыд чызг æмæ саргъыбæх. Мыггагмæ чындздзон чызг куынæ разындаид, уæд æй æлхæдтой искæмæй æмæ-иу ссис тугагуры мыггагæй искæй ус, æмæ-иу афтæмæй туджджынтæ нымад æрцыдысты фидыдыл.

Сæйраг тæрхондон уыди Дагомы. Тæрхонылæгтæ йын æвзæрстой хæстæгдæр æртæ хъæуæй — Дагомæй, Цъамадæй æмæ Урсдонæй. Бынæттон тæрхонылæгты уынаффæимæ разы чи нæ уыдис, уыдон сæ хъаст хастой Дагомы тæрхондонмæ. Уый хъуыддаг æвзæрста, Мадызæд кæй хуыдтой, уыцы бынаты. Дагомы тæрхонгæнджыты бахъуыды рæстæг æвзæрстой æртæ хъæуы цæрджытæй — æдæппæт фараст адæймаджы.

Хъастгæнджытæ кæм цардысты, уыцы хъæутæй тæрхондонмæ цыдысты æрмæст æвдисæнтæ æмæ хабархæсджытæ.  Дыгурæй æмæ туалтæй  фæстæмæ  иннæтæн се ‘ппæтæн дæр, ома, Тæгиатæн æмæ Уæлладжырæн, тæрхон хастой Дагомы.

Дагом ис Уæлладжыргомы. Хъæумæ нæма бахæццæ уыдзынæ, афтæмæй фæзы разыны егъау къæйдур. Уыцы тъæпæн дурыл бадтысты тæрхоны лæгтæ. Тæрхондон ис дыууæ комы саджилы. Хъастгæнджытæ ардæм цыдысты гæрзифтонгæй. Хъуыддаг æвзарынмæ бавналыны размæ сын-иу сæ хотыхтæ райстой. Хъастгæнджытæй иутæ кæнæ иннæтæ тæрхонимæ разы куынæ уыдаиккой, уæд-иу сын сæ хотыхтæ фæстæмæ нал лæвæрдтой. Æнæ хотыхæй æрбаздæхын æгадыл нымад кæй уыдис, уымæ гæсгæ-иу, бар-æнæбары, сразы сты тæрхонимæ.

Ардхæрджытæ дзуармæ цыдысты æртæ чъириимæ æмæ далысы кусартимæ. Дзуармæ-иу йæ номæй бакуывтой æмæ загътой:

«Ард кæй тыххæй хæрын, уый кæд аххосджын у, уæд мæ дæ фыдæх баййафæд».

Ард хордтой æнæ дзуармæ бацæугæйæ дæр:

«Кæд ард кæй тыххæй хæрын, уый, кæнæ мæхæдæг аххосджын стæм, уæд мæ мæрдтæн куыйтæ фæлдыст фæуæд!».

Аххосджыныл кæй нымадтой, уымæн йе ‘вдисæнты ныхæстæ тæрхонылæгтæм нымады нæ уыдысты, нымайын сæ райдыдтой, Уырысы хицауад куы æрфидар Ирыстоны, æрмæстдæр, уæдæй фæстæмæ.

Тæрхон фехъусын кæныны размæ тæрхонылæгтæ аххосджыны хæстæджытæй æвæрдтой «фидартæ». Уыдонæн фæдзæхст уыди тæрхон сæххæст кæнын. Кæд æмæ тæрхон æххæстгонд не ‘рцыдаид, уæд «фидар» дзуапп æвæрдта йæ исбонæй.

Тæрхонылæгтæ фæсаууонмæ уынаффæ ницæй тыххæй рахастаиккой, хъастгæнæг кæнæ дзуапдæттæг тæрхоны бон куынæ фæзындаид, уæд-иу  хъуыддаг аргъæвтой фæстæдæрмæ.

Зæххы фæдыл хъаугъа алыг кæныны тыххæй быцæугæнджытæ æвзæрстой дзырддзæугæ лæджы. Уый хъуамæ ракъахтаид, кæрдæг кæм нæй, ахæм зæххы гæппæлы иу белгом, йæ дыууæ къухмæ йæ систаид, хуымгæнды арæнтыл æрзылдаид æмæ, зæххы хай кæй у, уый загътаид.

Ирон адæммæ ис кæнгæ æфсымæрты ардбахæрд. Дыууæ æмгары кæрæдзийæ æфсымæртæ фæзæгъынц, иу агуывзæйæ арахъхъ бануазынц æмæ ард бахæрынц:

«Нæ дыууæйæ иу иннæуыл гадзрахатæй куы рацæуа, уæд æй ацы кадджын нуазæны азар басудзæд!».

Кæнгæ æфсымæртæн кæрæдзийы хотæ ракурыны бар нæй.

Туджы аргъæй мадырвадæлтæн хай нæ вæййы. Ирæд куы фæфидынц, уæд усгуры хардзæй æмбæлы мадырвады бæх, дыгурмæ та — мадырвады гал.

Ирмæ æгад у, ус чи нæ куры, уый: хонынц æй дзæдæл.

Ирæттæ чызджы тыххæй суанг авдæнмæ дæр фидыдтой, йæ усгур  йæхицæй дзæвгар хистæр куы уыдаид, уæддæр.

50-аздзыд сылгоймагæн ныййарын худинагыл нымад у, уымæ гæсгæ хатгай, Гатуты сауджын куыд зæгъы, афтæмæй æфхæлц дæр саразынц.

Чындзымойы ирон адæм ныххудинаг кæнынц мæнæ ахæм хуызы: аххосджыны хæрæгыл фæстæрдæм сбадын кæнынц æмæ йæ афтæмæй фæракæн-бакæн кæнынц уынгты, уыимæ алкæмæн дæр ис йæ бафхæрыны, дур кæнæ йыл фаджыс ныццæвыны бар.

Ирон адæм чындзаг æвзаргæйæ, чызгæн æппæтæй тынгдæр кæсынц йæ уынд æмæ йæ кондмæ. Афтæ дæр рауайы, æмæ усгур иунæг хатт йедтæмæ нæ фены чызджы (куывды кæнæ чындзæхсæвы), афтæмæй йæм минæвæрттæ барвиты дзырддзæугæ лæгты.

Раджы заманы ирæттæм чызгыскъæфт уыди тынг арæх, уæлдайдæр — дыгурмæ. Аскъæфыны фæстæ фидын хъуыд ирæд. Æгъдаумæ гæсгæ фæд-фæдыл ракурæн ис мадызæнæг хоты. Лæппу усгурыл нымад у æхсæрдæсаздзыдæй, чызг та чындздзоныл — æртындæсаздзыдæй. Чызджытæ моймæ лæвæрд хъуамæ æнæмæнг цæуой куыдхистæрæй. Чызг раттыныл хъуамæ разы уа канд йæ фыд æмæ хæдзары хистæр нæлгоймаг нæ, фæлæ суанг мыггаджы хистæр дæр. Чызгæн йæ мад разы куы уа, уæд хистæр сылгоймæгтæ фарсты нæ цæуынц.

Лæг æмæ усæн фырт куынæ вæййы, уæд скæнынц кæнгæ фырт. Кæнгæ фырт кæнынц æрмæст хæстæджытæй. Хатгай фырт фæзæгъынц сиахсæй дæр (сæ чызджы лæгæй). Кæнгæ фырт фæзæгъынц, ныгæнæг æмæ сын æгъдæуттæ кæнæг цæмæй уа, уый тыххæй. Кæнгæ фырт ноджыдæр фæзæгъынц, сæ мæлæты фæстæ сæ зæххы хай хæстæджыты æхсæн уаринаг цæмæй ма фæуа, уый тыххæй. Кæнгæ фыртæн йæ кæнгæ фыды чызг ракурыны бар нæ дæтты æгъдау.

Арæх чызджы æмæ лæппуйы фæрсгæ дæр нæ бакæнынц, фæндон сын у æви нæ, уымæй, афтæмæй бафидауынц сæ фыдæлтæ. Хи хъæуккаг кæнæ æндæр хъæуккаг чызджы куы ракура лæппу, уæд хъуамæ хъæубæстæн бафида æртæ сомы æмæ æрдæгæй фараст сомы онг — йæ дзыпп куыд амона, уымæ гæсгæ; уыцы фиддон хуыйны хъæувæндаг.

Иуæй-иу хæдзæрттæ сæ чызджы ирæдæй уæлæмæ хъæубæстæн домдтой 25 сомы аргъ саргъыбæх. Хуыдтой йæ фатыбæх, бацис-иу хæстæджыты.

Ирæд фыстой 250-300 сомы, ома, 30-35 галы аргъ, кæнæ æртæ галы бæсты — 30 фысы. Хъуг æмæ дыууæ фысы уыдысты галы аргъ. Ирæды хыгъдмæ раттæн уыди хъримаг — æхсæз галы аргъ; æхсаргард — дыууæ-æртæ галы аргъ; дыууадæсхъусыг бæгæныфыцæн цæдж-джинаг — 6-8 галы аргъ; къонайы рæхыс — æртæ хъуджы аргъ. Æфсымæртæ уæрст куынæ уой, уæд ирæд фиды хæдзар æнæхъæнæй дæр, уæрст куы уой, уæд та йæ фиды фыд. Чызджы хæдзармæ æндæр фæнд куы æрцæуа æмæ сæ чызджы куы нал раттой, уæд ирæд æнæхъæнæй дæр здæхт цæуы фæстæмæ, стæй ма хъуамæ уæлæмхасæн бафидой фондз туманы. Лæппуйы хæдзармæ куы ‘рцæуа æндæр фæнд, уæд та ирæдæй чызджы хæдзары ныууадзгæ уыди фондз туманы æхца, кæнæ та гал æмæ хъуг. Уыцы фондз туманы хуындысты ныууадзæггаг гал æмæ хъуг.

Чындзæхсæв арæхдæр аразынц ноябры кæнæ

январы — æвдæлон мæйты: иуæй хортæ æфснайд фесты, иннæмæй та фысвос уæтæрты сты.

Æнæус лæппутæ сæ фыды хæдзары куы цæрой æмæ уарынвæнд куы скæной, уæд дзы алкæмæн дæр бинонты иумæйаг исбонæй ирæдваг дихгонд цæуы, хистæр æфсымæр цас бафыста, уыйас.

Усгуры хъуамæ чызджы хæдзары хистæртæй мачи фена, чызг та æмбæхст усгуры бинонтæй се ‘ппæтæй дæр, уыимæ чызг æмæ лæппуйæн кæрæдзи феныны бар нæй. Афон куы ралæууы, уæд усгур чызджы хæдзармæ бацæуы йæ хæстæджытимæ, балæвар кæны саргъыбæх кæнæ 25-30 сомы æхца.

Раджы заман чызджы хæдзары лæбурдтой чындзхæсджытæм, скъуыдтой сын сæ цухъхъатæ, байстой-иу сын сæ худтæ. Ныртæккæ та чындзы куы рацæйхæссынц, уæд фæсивæд æрæхгæнынц кулдуар æмæ чындзхæсджытæй домынц лæвæрттæ. Чындз йæ райгуырæн хæдзарæй куы рацæйцæуы, уæд хъуамæ æртæ хатты æрзила къонайы алыварс æмæ бавнала Сафайы рæхысмæ.

Чындзы куы æрбахæссынц, уæд йæ сæрæй æртæ хатты ныллæг акувы хæдзары хистæр сылгоймагæн, йæ цуры зонгуытыл æрлæууы, йæ рахиз уæраг ын царв æмæ мыдызмæстæй айсæрды, зæронд ус та йын арфæ ракæны: «Амондджын къах æрбавæр, æмæ царв æмæ мыдау адджын цард фæкæнут дæ моимæ».

Чындзы æрбахæссынц цыллæ хызы бын. Дыккаг бон ын йæ хыз сисы йæ мойы мыггаджы кæстæр лæппутæй иу æмæ йын раарфæ кæнынц:«Хуыцау дæ фараст лæппуйы æмæ иу чызджы мад фæкæнæд!».

Чындзæхсæвы фæстæ лæг цасдæр рæстæг фембæхсы йæ ныййарджытæй, йæ усмæ дæр бахъуызы æрмæст æхсæвыгон, йæ къухылхæцæг дæр йемæ куыд уа, афтæмæй. Цалдæр боны фæцæры къухылхæцæджы хæдзары, уым ын кусарт акæнынц, стæй йын уæд йæхи хæдзармæ дæр фæндаг вæййы къухылхæцæгимæ æмæ хæстæгдæр æмгæрттимæ.

Чызгæн рагацау æрцæттæ кæнынц æмæ моймæ куы фæцæуы, уæд ын йемæ раттынц чындзы фæлыст: рон, хуыссæнгæрзтæ, æрхуы тас æмæ хъуывгъан, чырын, хæсгард, сæрвасæн æмæ алы лыстæг дзаума. Æппæт уыцы исбонæн хицау вæййы, цалынмæ йæ лæгимæ цæра, уæдмæ. Куы амæлы, уæд та баззайынц лæджы хæдзары.

Йæ лæджы хæдзарæй ацæуыны бар ис æрмæст æнæзæнæг сылгоймагæн. Лæгæн ис йæ усы ауадзыны бар. Уыимæ сывæллæттæ æдзухдæр баззайынц сæ фыды хæдзары. Лæг йæ усы куы ауадза, уæд ын йемæ дæтты йæ чындздзон фæлыст: рон, чырын, хуыссæнгæрзтæ æмæ иннæ дзаумæттæ. Ус йæхæдæг куы сыста лæджы хæдзарæй, уæд та йæм йæ чындздзон фæлыстæй æппындæр ницы хауы.

Ус хъуамæ æххæст кæна лæджы домæнтæ иууылдæр. Чысылдæр коммæ нæ бакасти, зæгъгæ, уæд баййафдзæн над. Раджы заманты лæгæн уыдис йæ усы амарыны бар дæр. Лæг разы куынæ уа, уæд усы бон нæу æфстау райсын, исты балхæнын кæнæ ауæй кæнын.

Сывæллæттæ мад æмæ фыды æвджид сты æмхуызонæй, фæлæ сæ хъысмæт лыггæнæг у æрмæстдæр фыд. Раджы заманы фыды бон уыдис йæ сывæллоны амарын дæр, æмæ йын уый тыххæй тæрхон нæ кодтой. Хи сывæллæттæн ауæйгæнæн нæ уыди, фæлæ кæддæр номылусы сывæллæтты уæй кодтой.

Цотæн сæ ныййарджытыл тæрхонмæ бахъаст кæныны бар нæй, сæ хъаст бахæссынц æрмæст хæстæгдæр къабæзтæм. Номылусы цоты хонынц кæвдæсæрдтæ; сæ фыды бынтæй сын хай нæ вæййы, фæндонæй сын балæвар кæнынц уæрдон, фæрæт, бæндæн æмæ æндæр дзаумæттæ. Уæвгæ та хæссынц сæ фыды мыггаг. Фидиссаг цæмæй ма уой æмæ сæ кæвдæсæрдтæ цæмæй ма хоной, уый тыххæй арæх райсынц сæ мады мыггаг, кæнæ та сæ мыггаг схонынц мады номæй. Лæджы амарды фæстæ цы сывæллæттæ райгуыры, уыдоны хонынц дзæгъæлзæдтæ.

Ис, 40-50 адæймаджы иумæ кæм цæрынц, ахæм бинонтæ. Æфсымæртæ байуарынц, файнустытæ кæрæдзиимæ кæй нæ фидауынц, уымæ гæсгæ. Фæстаг рæстæг ахæм хабæрттæ кæнынц арæхæй-арæхдæр. Бинонтæ цы бакусой, уый иууылдæр хæссынц иумæйаг къæбицмæ; ахæм фæтк се ‘ппæты зæрдæмæ нæ цæуы æмæ уæд байуарынц.

Уаргæйæ хистæр æфсымæрмæ æмæ кæстæр æфсымæрмæ хауы уæлæмхасæн хæйттæ. Хистæры уæлæмхасæн хай вæййы 300 фысы, гал æмæ хъуг, хæдзар, къонайы рæхыс æмæ аг; хæхбæсты та — зæххы хай.

Кæстæры уæлæмхасæн хай вæййы 25 сомы. Астæуккаг æфсымæртæм уæлæмхасæн хæйттæ нæ хауы. Лæгæн чызджыты йеддæмæ цот куынæ уа, афтæмæй куы амæла, уæд йæ исбон хауы йе ‘фсымæртæм. Идæдз ус йæ цотимæ куы цæра, афтæмæй куы амæла, уæд йæ кæндтытæн раттынц гал, хъуг, зæххы хай, фондз мæрты мæнæу кæнæ дæс мæрты хъæбæрхор.

Æфсымæртæ куы байуарынц, уæд сæ идæдз мад баззайы кæстæр фыртимæ. Æнæзæнæг идæдз хæдзарæй куы сысты, уæд йемæ ахæссы йæ хуыссæнгæрзтæ.

Алы ссæдз хæдзарæй дæр равзарынц иу æууæнкджын лæджы æмæ уый халæппæрстæй хуымзæххытæ байуарынц фондз азы æмгъуыдæй.

Æрбалидзæгæн æрцæрыны бар ис, хъæубæсты фылдæр хай разы куы уой, уæд. Фæлæ хъуамæ бафида 200-300 сомы æмæ йын афтæмæй раттынц æхсæны хизæнтæй æмæ хъæдæй пайда кæныны бар.

Туджы аргъ у æстдæс хатты æстдæсгай хъуццытæ. Уыдонæй фыццаг æстдæсы аргъ у фæйнæ 30 сомы, дыккаг æстдæсы — фæйнæ 25 сомы, æртыккаг æстдæсы — фæйнæ 20 сомы, цыппæрæм æстдæсы — фæйнæ 19 сомы, фæндзæм æстдæсы — фæйнæ 15 сомы, æхсæзæм æмæ уымæй фæстæмæ æстдæсты — фæйнæ 9 сомы. Ноджыдæр саргъыбæх, хуымзæххы дыууæ бонгæнды; цыты чызг — марæджы кæнæ йе ‘фсымæры чызджы æнæ ирæдæй хъуамæ радтой марды хæстæджытæй искæмæн. Уымæй уæлдай тугдартæ æвæрдтой цыты фынг — æргæвстой тæккæ хæрзхастдæр гал, фондз хæрзхаст фысы æмæ фыхтой бæгæныйы цæджджинаг.

Фæндагыл бастъигъынимæ абаргæйæ, хæдзары мидæг бастъигъыны тыххæй хæссынц карздæр тæрхон. Хæдзары дуар куы басæттай, афтæмæй адавыны тыххæй бафидын хъæ-уы, цы адавай, уый æртывæр аргъ, стæй хъуамæ сæвæрай фидыды фынг, æнæ дуарсастæй та — æртывæр аргъ æнæ фидыды фынгæй.

Дзуарæй исты чи радава, уый йæ хæдзармæ ничи уагъта. Уыйхыгъд сыхаг адæмтæй радавын, сæ фос сын раскъæрын нымад уыди лæгдзинадыл.

Чырыстонхъæуккаг Кокиты Сауи куыд радзырдта, афтæмæй 1862 азы Дыгургомы хуымæтæг адæм æмæ Цæргæсаты уæздæттæ фæбыцæу сты, Хæресы фосхизæнтæ кæй исбон сты, уый фæдыл. Хъаугъа ахаста дæргъвæтин рæстæг. 1877 азы Кокийы-фыртмæ, ноджы ма æхсæз дыгуронмæ, иу асыйагмæ æмæ иу тæгиатагмæ фæсидтысты быцæу алыг кæнынмæ. Æвдисæн уыдысты зæронд лæгтæ. Уыдон куыд радзырдтой, афтæмæй Хæресы фосх-зæнтæ незамантæй фæстæмæ иумæйаг уыдысты хуымæтæг адæмæн æмæ Цæргæсатæн. Майы кæрон, фос Хæресмæ скъæрыны рæстæг, Цæргæсатæ алы фыййауæн дæр раттынц фæрæт, аг, бæндæн, лалым, къæпытæ. Фысвос Хæресы фæхизынц августы кæронмæ, стæй сæ раскъæрынц æмæ æртæ æхсæвы фæвæййынц Цæргæсаты зæххыл.

Кокийы-фырты мадырвадæлтæ 1880–83 азты иу хæдзары мидæг цар-дысты 30 бинойнаджы бæрцæй, сæ мыггаг — Тæмутæ. Бинонты хицау уыди сæ фыд — хистæр нæлгоймаг. Уый æввастæй бинонтæн ницы саразыны бар уыди. Хонгæ дæр æй кодтой хицау. Къæбиц æмæ дæгъæлтæ уыдысты йæ усы — æфсины — къухы. Хæдзары хицау æмæ æфсин быдыры куыстытæм нæ цыдысты. Бинонтæн хæринаг файнустытæ цæттæ кодтой радыгай.

Бинонты иумæйаг исбон уыдысты хæдзар, хуымзæххытæ, уыгæрдæнтæ, фысвос æмæ стурвос. Хæдзары, зæххы æмæ фосы куыстытæй уæгъд рæстæг бинонтæй чи цы самал кæна, уый уыд йæхи исбон. Ноджы нæлгоймæгтæм æмæ сылгоймæгтæм лæвары хуызы цы æрбафта, уый дæр у сæхи исбон. Къуымбил сылгоймæгтæй вæййы, чи йæ бауафа, уый исбон.

Йæ фыд цалынмæ æгас уа, уæдмæ фырты бон æгъдаумæ гæсгæ нæу хæдзарæй байуарын. Æфсымæртæ байуарынц сæ фыды баныгæныны фæстæ. Арæхдæр байуарынц файнустыты аххосæй. Хæдзар хауы кæстæр æфсымæрмæ, йемæ цæргæ баззайы сæ мад дæр. Уарынмæ кæй æрбахонынц,уыдон мадæн дæр радих кæнынц исты хай.

Æфсымæртæ хатгай байуарын бадомынц, сæ фыд ма æгас вæййы, афтæмæй дæр. Уарджытæ вæййынц хæстæджытæй, сыхæгтæй, хъæубæстæй — хæдзары исбон хорз зындгонд кæмæн у, ахæм адæм. Фыдæн раттынц æфсымæртæй къаддæр хай æмæ цæргæйæ баззайы, фырттæй йæ кæимæ бафæнда, уыимæ. Фыд цалынмæ æгас уа, уæдмæ хæдзар кæстæр фыртмæ нæ хауы, фæлæ фыд куы амæлы, уæд баззайы мадæн, мад та кæстæримæ кæй фæцæры, уымæ гæсгæ хæдзар æппынфæстаг бавæййы кæстæры. Чызджытæн хай не ‘мбæлы. Байуарыны фæстæ æнæцыд чызг цæргæйæ баззайы, æфсымæртæй йæ кæимæ бафæнда, уыимæ.

Дыгур уæды заман Доныфарсимæ фыдæх хастой, уымæн æмæ сын-иу сæ фос аскъæрдтой. Дыгур Бадилайы сæ фосæн хъахъхъæнæг баххуырстой. Уæды онг топп нæма зыдтой, хæцыдысты фатæй. Бадиламæ та уыди хъыримаг. Доныфарсы фæсивæд иуахæмы дыгурон лæппуйы куы адавтой æмæ йæ куы фæцæйтардтой, уæд сæ Бадила хъыримагæй багæрах ласта. Давджытæн сæ сæр сæ кой сси, цы фæуыдаиккой, уый нал зыдтой: æнхъæлдтой, арв æмæ хæхтæ сæхæдæг сыстадысты сæ ныхмæ.

Уыцы хабары фæстæ дыгур Бадилайæн радтой Астаны байзæддæгты зæх-хы хай. Астаны æртæ фырты уыцы хай байуарын нæ фæрæзтой, хъаугъайы хос сын разынди æмæ йæ уæд ныу-уагътой æмæ ног цæрæнуæттæ агурæг ацыдысты: сæ иу — Урсхъæумæ, иннæ — Къæмынтæм, æртыккаг — Уæхъæцмæ. Бадила Дыгуры бæстæйы цæргæ баззад, ус ракуырдта æмæ дзæвгар цот рауагъта.

Дыгурмæ æввахсдæр уыди Уæллагком. Уæллагкомы æмæ Астаны царди фæйнæ æртæ хæдзары. Дыууæ хъæуы иумæ хуыдтой Дыгуры бæстæ, се ‘хсæн уыди æрмæст иунæг цыбыр ком. Иу хæдзары хицау уыд Алуан, иннæйы — Болат, æртыккаджы — Галаон æмæ Басил. Иннæ æртæ хæдзары хицæуттæ уыдысты Астаны фырттæ. Уыдоны байзæддагæй равзæрдысты Дыгуры бындурон цæрджытæ. Рæстæг куыд цыд, афтæ сæм æндæр рæттæй æфтын байдыдтой адæм. Хæхбæсты абон дæр фенæн ис бындурон мыггæгты гæнæхты пырхæнтæ. Адæм Дыгурмæ лыгъдысты Балхъарæй (ирæттæ сæ хонынц Асы). Фыццагдæр æрцæрæг мыггæгтæ æнæнцойæ хæцыдысты кæрæдзиимæ.

Бадила ардæм куы æрбафтыд, уæд дыгур уыдысты чырыстон, Бадила та — пысылмон, æмæ кургæ дæр ракодта доныфарсаг пысылмон чызг. Уыцы рæстæджыты райдыдтой иры æмæ кæсæджы фыдæх быцæутæ. Кæсæг архайдтой дыгурæн пысылмон дин райсын кæныныл. Бадила та пысылмон кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ хуыдтой сæхион, хæцыдысты йæ фарс.

Дыгур хохæй быдырмæ лидзын куы райдыдтой, уыцы рæстæгмæ кæсæг бацахстой дæлвæзтæ, æмæ дыгуры фидын бахъуыди хъалон — хæдзарæй иу фыс… Уæды заман алы хæдзарæн дæр уыдис, йæ бон цас бакусын у, уыйас зæхх æрцахсыны бар.

Кæсæг уыдысты Бадилайы фарс, дыгурæн иудадзыг дзырдтой, пысылмон дин райсут, зæгъгæ. Кæсæг давтой иры сывæллæтты, арæх-иу бастъыгътой ирон хъæутæ. Кæм фæфосгæнæн ис, уый кæсгон къниæзтæн амыдтой Бадилатæ. Куыдфæстæмæ ирон адæм Бадилатæн æнхъæлын райдыдтой кæсгæттæ æмæ сын сæ домæнтæ æххæст кодтой. Кæсæг æмæ Бадилатæ нæ æгæр æлхъивынмæ куы бавнæлдтой, уæд æххуысгур фæсидтыстæм Уырысмæ. Ацы зæххытæ Ермолов байста. Бадилатæ Уырысы хицауадæй курын байдыдтой, цæмæй сын быдыры зæххытæ банымайа сæ исбоныл, дзырдтой, зæххытæ, дам, балхæдтам Тасолтантæй, Мулдартæй æмæ Биаслантæй. Уæвгæ та ирон адæм ацы зæххытæ бацахстой Бадилатæй раздæр, Воронцов Тифлисы хицау куы уыдис, уæд. Хицауад ирон адæмы хистæртæй дыууæмæ фæсидтысты, æмæ уыдон ард бахордтой, Бадилатæ зæхх Тасолтантæй кæй нæ балхæдтой, уый тыххæй. Иннæ дыууæ æвдисæны — Гæбуты Гаги æмæ Агънаты Саханбег та хъæддыхæй загътой: дыгур Бадилатæм не ‘рбацыдысты, фæлæ Бадилатæ дыгурмæ æрбацыдысты. Уырысы хицауад зæххытæ Бадилатæй байста æмæ сæ ирон адæмæн радта.

Цæргæсатæ Гуырдзыстонæй æрбацыдысты Туалгоммæ. Æфсымæртæй иу — Цæразонты Гæуыс — ныр дæр ма цæры уым. Иннæ Цæргæсатæ æрбалыгъдысты Стыр Дыгурмæ, фысым сын фæлæууыд дыгурон лæг Хæмыц æмæ сын хъæумæ хæстæг Хæресы радта зæххы хай. Æмæ уыцы зæхх абон дæр у быцæйуаг — Стыр Дыгур æй хонынц иумæйаг, Цæргæсатæ та йæ хонынц сæхи.

1880 азы Терчы облæсты тæрхондон рахаста уынаффæ, ирон адæмы æхсæн тæрхоны системæ сфидар кæныны тыххæй. Уынаффæйы дзырдæуы:

Мах, Дзæуджыхъæуы зылды ирон адæмы минæвæрттæ, æрцыдыстæм ахæм фидар хъуыдымæ, æмæ не ‘гъдæуттæй бирæтæ зианхæссæг кæй сты æмæ гæвзыкмæ кæй тæрынц, уымæй уæлдай тæккæ стырдæр цæлхдур сты адæмы æнтыстджын рæзтæн. Уымæ гæсгæ сæ 1879 азы 20 декабры бындзарæй фесафинагыл банымадтам ацы уынаффæйæ.

1.Ирæд. Ирыстоны суанг рагзаманты сфидар чындз æрхæссыны тыххæй ирæд фидыны зианхæссæг æгъдау, куыд никуыма уыд, афтæ тынг скарз фæстаг рæстæг, бынтон мæгуырмæ тæры адæмы, у чырыстон дины æмæ европæйаг цивилизацийы ныхмæ.

Къаддæр хæрдзтæ нæ домы чындз æрхæссыны размæ сиахсыцыд дæр. Сиахс æппынкъаддæр ссæдз æмгаримæ бацæуы чызджы хæдзармæ æмæ сын фынгтæ æрæвæрыныл йæ каисты бахъæуы бынтон æнæхъуаджы егъау хæрдзтæ бакæнын. Пысылмæттæ та ирæдæй æмæ сиахсыцыдæй уæлдай фидынц нæчех дæр — бæрæгбæрц æхца. Нæчехæн ис граждайнаг къайады нысаниуæг: мыййаг, пысылмон сылгоймаджы йæ лæг æнæбындурæй куы атæра, уæд æм йæ æфхæрды хыгъдмæ баззайы нæчех æнæхъæнæй дæр.

Ирæд æмæ сиахсыцыд талынг æмæ æнæхъола æгъдæуттæ кæй сты, уымæ гæсгæ амæй фæстæмæ бынтондæр ивд æрцæуæд. Нæчех та пысылмон къайад фидар кæнынæн ахъаз кæй у æмæ йæ дин дæр кæй амоны, уымæ гæсгæ баззайæд, æрмæст ирæды хуызы куыннæ ацæуа, афтæмæй; чызджы ныййарджытæн дзы афонæй раздæр пайда кæныны бар ма уæд, фæлæ сæ чызг лæджы аххосæй куы рахицæн уа, уæд ын цæрæнхос куыд уа, афтæ.

Фиппаинаг: æфсымæртæ куы байуарой, кæнæ йæ лæг куы амæла, уæд пысылмон сылгоймагмæ амæй фæстæмæ нал ис нæчех домыны бар, фæлæ хъуамæ хъуыддаг лыггонд æр-цæуа граждайнаг тæрхондоны кæнæ шæриаты уагыл.

Ацы уынаффæ чи фехала, уый хъуамæ ивар бафида 200 сомы; ивары æхца, 10 процентæй фæстæмæ, ратгæ сты æхсæны хъуыддæгтæн.

2. Хист. Ирон адæм мардæн афæдзы дæргъы кæнынц цалдæр егъау хисты, æмæ хæдзар бынтон смæгуыр вæййы. Æппæт уыцы хистытæ амæй фæстæмæ ивд цæуынц æмæ сæ бæсты сауджын æмæ молло бацамондзысты: чырыстæттæн — мард ныгæныны бон уæлмæрды хæрнæг, хъуамæ дзы иу гал æмæ фондз фысæй фылдæр æргæвст ма уа; стæй дыууиссæдзæм боны хист — æрмæст иунæг фыс; алы хисты дæр, бæгæныйæ фæстæмæ, цас æмбæлы, уыйас арахъхъ æмæ сæн; пысылмæттæ та хистытæ кæндзысты комуадзæны æмæ хъуырманы бонты.

Ацы уынаффæ чи фехала, уыдон ивар бафиддзысты 100 сомы; ивары æхца 10 процентæй фæстæмæ, лæвæрд уыдзысты æхсæны хъуыддæгтæн.

3.Уымæй уæлдай ирон адæммæ ис мардмæ бынтон дæрддзæф рæттæй цæуыны æнæсæрфат æгъдау. Уыимæ мæрдджын хæдзар нæлгоймаг мæрддзыгойыл ницы уадиссаг бахардз кæны, фæлæ сылгоймæгтæ дæсгæйттæй æрцæуынц мæрдджынтæм æмæ хæдзар гæвзыккмæ æрцæуы; цæссыг сæ никæмæй æрхаудзæн, афтæмæй сæ кæуын æмæ æрдиаг дардмæ фæхъуысы, ноджы ма сæ цæсгом æмæ сæр тымбылкъухæй фæхойынц, сæрыхил рæдувынц, цæсгом сæ ныхтæй ныттонынц. Ахæм хъæддаг митæ кæныны бар амæй фæстæмæ нал и марды тæккæ хæстæгдæр къабæзтæн дæр.

Ацы уынаффæ чи фехала, уыдон ивар бафиддзысты 25 сомы; ивары æхца, 10 процентæй фæстæмæ, лæвæрд уыдзысты æхсæны хъуыддæгтæн.

4.Амæй фæстæмæ нал ис мардæн стыр дугъ, фысы дугъ æмæ æлæм аразыны бар. Ацы уынаффæ чи фехала, уыдон æхсæны пайдайæн бафиддзысты: стыр дугъы тыххæй — 100 сомы, фысы дугъы æмæ æлæмы тыххæй — фæйнæ 30 сомы æвзист æхцайæ. Бар нал ис фæндаггæрæтты цырт æвæрынæн дæр; чи сæвæра, уый ивар бафиддзæн 30 сомы.

5.Карз æфхæрд æййафдзысты чызгыскъæфджытæ, уымæн æмæ чызгыскъæфты аххосæй дыууæ мыггаджы сфыдæх вæййынц, се ‘хсæн суанг лæджы мæрдтæ дæр рауайы. Чызгыс-къæфты тыххæй тæрхондон цы уынаффæ рахæсса, уымæй уæлæмæ æхсæны пайдайæн усгур ивар бафиддзæн 200 сомы, скъæфджытæ та — фæйнæ 100 сомы.

6.Давыны, стъигъыны, фæливыны, фосы къæдзил лыг кæныны, холлагыл, бæстыхæйттыл арт сæндзарыны æмæ æндæр ахæм фыдракæндты тыххæй иумæйаг æмæ фидауынгæнæг тæрхон-дæттæ цы уынаффæ рахæссой, уымæй уæлæмæ æхсæны пайдайæн ивар бафидгæ уыдзæни 50 сомы. Ноджыдæр давджытæ, артæндзарджытæ æмæ фосы къæдзил лыггæнджытæ Терчы облæстæй хаст цæудзысты, фæстæмæ æрбаздæхыны бар сын никуал уыдзæн, афтæмæй.

Газет «Хурзæрин»


 

Наверх