Нæ фыдыбæстæйы цасфæнды ма уарзæм, куыдфæнды сæрыстыр дзы ма уæм, уæддæр æй æмбарæм, Ирыстонæй хур раздæр кæй фæзынд. Фæлæ Ирыстоныл сæдæ æхсай азы размæ хур скаст æндæргъуызон кастæй, уал азы дæргъы нæ тавы, æндæргъуызон хъармæй, нæ фæндагмæ нын дары æнахуыр рухс, æмæ нæ уыцы рухсы фæд хоны æндæр, амондджындæр дунемæ. Уый у Къостайы хур. Уæдмæ дæр уыд Ирыстон — хъæздыг истори æмæ æвидигæ фарнимæ. Фæлæ Къостайы хурыскастимæ æндæргъузон фестад Ирыстон!.. Йæ ном æмæ йæ кад æндæргъуызон райдыдтой хъуысын дунейы адæмтæм. Махæн, Къостайы фæдонтæн, нæ разы æрмæстдæр иу хæс ис, цæмæй Ирыстон амондджын уа: уыцы хæс у Къостайы амынд фæндагыл цæуын.

Гъемæ нæ Бæстыфарн æмæ Къостайы фарн уыцы рухс фæндагыл бафтауæд!!!

Наверх