Цымæ цы ис рæсугъддæр ирон уæздан кафтæй?! Чызджыты рог уæнгты змæлд, цæхæрцæст лæппуты къахфындзтыл кафт зæрдæйы гуырын кæны алыхуызон рæсугъд æнкъарæнтæ. Адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма хъазты архайджытæ кæрæдзийы кафты æвзагæй фембарынц.

Ирон хъазт ирон кафтæй фидауы. Фæлæ лæугæ чи фæкæны хъазты, уыдон кафджытæй фылдæр вæййынц. Чи æфсæрмы кæны кафын, чи та — нæ зоны. Æппæтæн дæр сæ хос у практикæ. Ирон кæнæ кавказаг кæфтытæ æххæст кæныны практикæ. Йæ сабибонты кафджыты къордмæ кæйдæр нæ фæндыди цæуын, æмæ ныр фæсмон кæны. Кæмæндæр фадат нæ фæцис. Æппæты дæр иу кæны кафын базоныны фæндон. Хъазтизæры æнæхъуаджы ма лæууын, фæлæ уæздан æмæ рæсугъд кафт ракæнын.

Хистæр кары адæм арæх фæхъуыды кæнынц, сæ рæстæг пайдаимæ кæм арвитой, ууыл.

Кафын базонын кæй фæнды, уыдонæн хорз æххуыс сты хореографион студиты хистæр къордтæ. Ахæмтæ ныртæккæ Цхинвалы алыхуызон ансамблты æмæ хореографион студиты бирæ ис. Хъазтизæрты канд ирон цагъд нæ вæййы — арæх дзы акæнынц сыхаг адæмты цæгъдтытæ дæр. Хорз у уый, æмæ ахæм хореографион къордты æрмæст ирон нæ, фæлæ кавказаг кæфтытæ  дæр фæахуыр кæнынц.

Ахæм къордтæм бирæ цæуджытæ ис: чызджытæ дæр, лæппутæ дæр. Сты иумæйаг рæзтæн пайда, фæскуыст, фæсахуыр рæстæг цымыдисæй арвитыны мадзал.

«Фæндондзинад куы уа, уæд цыфæнды кары дæр ис сахуыр кæнын кафын, — зæгъы ансамбль «Хуры тын»-ы хореограф Асаты Никъо. — Иутæ ацы аивады фыццаг къахдзæфтæ кæнынц,  фæлæ дзы ис ахæмтæ, æмæ ныронг дæр цыдысты æндæр къордтæм. Ма-хæн, хореографтæн, нæ хæс у æмæ кафджытæн кафты миддуне бамбарын кæнæм,  хиуылхæцгæ æмæ уæздан кæй хъуамæ дарой сæхи. Чызг кафгæ-кафын хъуамæ лæппуйы цæсгоммæ ма кæса, лæппу дæр æвдиса сæрыстырдзинад æмæ уæздандзинад».

Раджы заманы адæмы уырныдта, музыкæ æмæ кафтмæ знагæй бахизыны æмæ рынчыны низæй сдзæбæх кæныны тых кæй ис, уый. Уымæ гæсгæ  дины бæрæгбæтты рæстæг кафыдысты сæрмагонд кæфтытæ.

Кафтыты æвдыст æрцыд куысты цин, тохы тызмæгад æмæ хъæбатырдзинад, сгуыхты рæсугъддзинад, хъæлдзæг бахудт, уæздандзинад, æхсидгæ зæрдæйы уаг æмæ алы-хуызон æвзаг, арф фæлгонцтæ æмæ сюжеттæ, эмоционалон ахорæнтæ кæнынц аив æмæ зæрдæисгæ ирон адæмон кафтыты.

Кафты бындур у аив, пластикон змæлд, алы кафты дæр ис йæхирдыгон здæхтытæ, хицæндзинад.

Таурæгъмæ гæсгæ  незаманты нæ хæхты бынаты уыд тыгъд быдыр. Уым-иу æрæмбырд сты хъæбатыр нæртон адæм сæ зонд, тых æмæ арæхстдзинад бавзарынмæ. Ерысты фæстæ-иу сбадтысты фынгтыл æмæ таурæгътæй сæхи ирхæфстой.

Иу хатт симды куы бацыдысты, уæд сæм æнæнхъæлæджы æрба-лæбурдта знаг. Фæлæ нарты гуыппырсартæ сæ кафын нæ ныууагътой. Нæ симд æрдæгыл аскъуыныны бæсты мæлæт хуыздæр, — загътой уыдон æмхуызонæй, æмæ кафгæ-кафын фидар къæдзæхтæ фестадысты. Знаг йæ ных ныссаста уыцы къæдзæхтыл. Афтæ таурæгъмæ гæсгæ фæзындысты нæ хæхтæ. Ацы ран бæрæг дары, кафт фидар æгъдауыл баст кæй уыд, уый.

Абон арæхдæр кафынц «Тымбыл симд». Кафынц æй сылгоймæгтæ дæр æмæ нæлгоймæгтæ дæр. Кафджыты нымæц хъуамæ уа къайон, уымæн æмæ чызджытæ æмæ лæп-путæ фæкафынц къæйттæй. Симд фæкафынц сабыргай, кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ. Æцæг, нæлгоймæг-тæн дæр æмæ сылгоймæгтæн дæр сæ дыстæ хъуамæ æмбæрзой сæ къухтæ, ома,  сæ кæрæдзийыл  ма хъуамæ ныдзæвой. Тымбыл лæуд æркæнынц æмæ куы рахисырдæм, куы галиуырдæм кафынц заргæйæ. Уыимæ аразынц бæлвырд геометрион фигурæтæ.

Абон дæр нæ фæсивæдæй бирæтæ арæхсынц кафынмæ. Бирæтæм цæст кæсынæй нæ фефсæды. Фæлæ хатгай фенæм, зæрдæмæ чи нæ фæцæуы, ахæм нывтæ дæр. Зæгъæм, ирон чызгыл нæ фидауы, хъазтмæ хæлафы кæнæ æгæр цыбыр къабайы æрбацæуы, уæд. Ноджы ма кафгæ-кафын йæ дзабыртæ куы фелвасы æмæ бæгъæввадæй куы фæкафы, уый дæр.

«Æз дæр тынг уарзын ирон кафтытæ. Фæлæ фæстаг рæстæджы ирон хъазты арæхдæр уынæм кавказаг кафтытæ, хъусæм кавказаг адæмты музыкæ. Ноджы ма мæ зæрдæмæ нæ цæуы, чызг лæппуйы кафт куы фæкæны, уый. Чызг хъуамæ нæлгоймаджы гæпп-кафт ма кæна, нæ фидауы. Нæ фыдæлтæ афтæ нæ кафыдысты», — зæгъы æрыгон кафæг Хъуылымбегты Виктория.

Ирон адæмæн сæ кафтытæ баст сты сæ цæрдуаг æмæ æгъдæуттимæ æмæ сты сæ культурæйы ахсджиагдæр хай.

Ацы хъуыды хъуамæ арф ныххиза нæ фæсивæды минæвæртты — æрыгон чызджыты æмæ лæппуты зæрдæты. Ирон кафтмæ кæсгæйæ, зæрдæйы ссудзынц цины цырæгътæ, зæрдæ ныррухс вæййы. Уый æнæдзургæйæ иу фæлтæрæй иннæмæ дæтты фыдæлты фарны фæдзæхстытæ.

Дриаты Лейла

Наверх