Бæрæгбонон зæрдæйы равгимæ ног ахуыры азыл сæмбæлдысты Дзауы районы скъола-интернаты. Ам куыд ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ, афтæ ныййарджытæ æмæ æмткæй районы цæрджытæ дæр, уæлдай цин кодтой ног ахуыры азы æрбалæудыл. Уымæн æмæ ныр байгом кодтой бирæ рæстæг кæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæм ногарæзт бæстыхай æмæ спортивон фæзуæттæ. Ардæм æрбацыдысты 10 фыццагкъласоны рæсугъд скъолайон дарæсы æмæ дидинджыты губактимæ. Уыдоны райзæрдæйæ скъолайы кæртмæ кодтой сæ ныййарджытæ æмæ сыл уым та æмбæлдысты райдиан кълæсты ахуыргæнæг — сæ фыццаг ахуыргæнæг æмæ æндæр ахуыргæнджытæ дæр. Фыццаг хатт чи æрбацыд скъоламæ, уыцы æнæуæндон чысыл ахуыргæнинæгтыл цин кодтой хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ дæр.
Скъола-интернаты кусджыты æмæ ахуыргæнинæгты стыр циныл бацин кæнынмæ æрбацыдысты æмæ йæ гом кæныны цытджын церемонийы хайад райстой нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, Дзауы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уы-рызмæг, РХИ-йы Уæрæсейы Федерацийы минæварады минæвар Жу-ров Александр, арæзтадон организаци «Кавказ»-ы аразджытæ æмæ Дунеон ахыгъдон банчы къухдариуæггæнæг Вадим Шадян.
Бæрæгбонон мадзал байгом Хуссар Ирыстоны Гимны зæлтæй. Скъолайы хæрзарæзт æмæ рæсугъд кæрты рæнхъæй лæууыдысты ахуыргæни-нæгтæ, ныййарджытæ æмæ педагогон коллектив. Ацы бон традицимæ гæсгæ фыццагкъласонтæн æмæ æппæт ахуыргæнинæгтæн арфæйы ныхæстæ загъта скъолайы директор Галуанты Залинæ. Уый банысан кодта, ахуыр-дзаутæ ногарæзт скъоламæ кæй æрбацыдысты æмæ ахуыргæнинæгтæй та кæй домы хорз, арф зонындзинæдтæ, цæмæй нæ сомбон уа арфæйаг. Директоры цæст ма сын бауарзта бирæ хорз фæндиæгтæ æмæ фидар æнæниз-дзинад. Уый ма арфæ ракодта скъолайы ахуыргæнджытæн дæр, ныр сæ куыстæн хуыздæр фадæттæ кæй уы-дзæнис, æмæ ивгъуыд азты куыд фыдæбон кодтой, афтæ кæй нал фыдæбон кæндзысты. «Абон мах гом кæнæм цалдæр хатты чи райгуырд, уыцы скъолайы агъуыст. Мæн æппæт педколлектив, ахуыргæнинæгты æмæ ныййарджыты номæй бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды нæ цытджын Президент Бибылты Анатолийæн, нæ уавæры кæй бацыд æмæ нæ фарсмæ кæй æрбалæууыд, уый тыххæй. Уый æмæ нæ цæстуарзон аразджыты руаджы мах абон цин кæнæм нæ ног райдзаст æмæ рæсугъд скъолайыл» , — загъта скъолайы директор.
Ног ахуыры азы райдианы тыххæй ма фыццагкъласонтæн арфæйы ныхæстæ загъта районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг дæр. Уый цыбыртæй æрдзырдта сæ къухы куыд бафтыд скъола саразыны хъуыддаг æмæ цы амæлттæ кодтой, стæй сын финансон æххуыс чи бакодта, æппæт уыдæттыл. Бузныг загъта Президент Бибылты Анатоли æмæ æппæт аразджытæн дæр. Зæрдиаг арфæтимæ фыццагкъласонтæм лæвæрттимæ рахызт республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы минæвар æмæ сын байуæрста портфелтæ.
Бæрæгбонон мадзалы ахуыргæнинæгтæн арфæйы ныхæстæ загъта Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. «Зынаргъ ахуыргæнинæгтæ, зынаргъ, ахуыргæнджытæ. Мæнæн абон тынг æхсызгон у Зонындзинæдты бон уæ фарсмæ кæй дæн æмæ иумæ кæй нысан кæнæм ацы бæрæгбон. Абон сымахæн у æцæг бæрæгбон, уымæн æмæ æрбацыдыстут рæсугъд скъоламæ, ногарæзт спортивон фæзуæттимæ æмæ уын æз дæр зæрдиаг арфæ кæнын ацы нысаниуæгджын боны цытæн. Ахуыры сæйраг у хорз зонындзинæдтæ исын æмæ, зынаргъ ахуыргæнджытæ, уый та, сæйраджыдæр, сымахыл баст у. Мæ зæрдæ уын зæгъы стыр æнтыстытæ уæ ахуыры, цы республикон конкурстæ æмæ олимпиадæтæ фæуадзæм, уыдоны-иу уæлахидзаутæ цы уат, уый уын мæ зæрдæ зæгъы. Лæвар ма уын кæны нæ министрад националон кафты дарæс 9 фæлысты», — дзырдта министр. Дарддæр скъола-интернаты ахуыргæнинæгтæн арфæ ракодта Журов Александр дæр. Уый йæ раныхасы банысан кодта, скъола аив æмæ райдзаст кæй у æмæ дзы сывæллæттæн æппæт уавæртæ дæр арæзт кæй æрцыд. Уый скъола-интернаты æппæт кълæстæн дæр балæвар кодта уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы чингуытæ. Уый фæстæ цытджын æгъдауæй Гасситы Натали æмæ Вадим Шадян алыг кодтой сырх лентæ æмæ бахызтысты скъолайы бæстыхаймæ. Уазджытæ азылдысты кълæсты æмæ баззадысты райгондæй. Уый фæстæ та байгом кодтой спортивон фæзуæттæ æмæ дзы, ирон æгъдаумæ гæсгæ, æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ скуывтой стыр Хуыцаумæ. Ахуыргæнинæгтæ уайтагъд фестадысты футболон фæзуаты æмæ сын хъазт бацайдагъ ис. Иуныхасæй, сывæллæттæ тынг фæцин кодтой сæ ног скъолайыл.
Зонындзинæдты боны цытæн уагъдцæуæг мадзал ма музыкалон номыртæй барæсугъд кодтой ацы скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Фыццагкъласонтæ та фыццаг хатт кастысты сæ бæрæгбонон æмдзæвгæтæ скъолайы тыххæй, стæй айзæлыдысты фыццаг дзæнгæрæджы зæлтæ.
Цхуырбаты Ларисæ
↑ Наверх