Æвæццæгæн, ахæм адæймаг нæ разындзæн, йæ сабибонты хæстæй чи нæ хъазыд. Уæлдайдæр та мах, 60-70 азты сывæллæттæ — уæд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты мысинæгтæ сæ тæккæ тæмæны уыдысты. Изæрæй-иу ахуыры фæстæ махæн бацайдагъ ахъаззаг хæст. Æцæг-иу стыр хъаугъа расайдта ахсджиаг фарст: советон æфсæддонтæ æмæ фа-шисттæ чи уыдзысты. Æмæ-иу хъазæн советон автомат кæмæ уыд, уый-иу, æнæгуырысхойæ, уыд советон «æфсæддонты рæн-хъыты», иннæтæ та — хæлттæ æппарыны руаджы. Уымæ гæсгæ советон хъазæн автомат нæ кары сы-вæллæттæн уыд сæ царды иууыл сæйрагдæр бæллиц. Уый фæстæ, куы фембаргæ дæн, уæд-иу мæ фыды арæх афарстон: — Баба, нæ адæмы нымæцмæ гæсгæ махæй фылдæр Советон Цæдисы хъайтартæ никæцы нацийæ ис. Ау, æппын се ’хсæн иу лæг Тедетæй, нæ мыггагæй нæй? Уый мын дзуапп радта: «Нæ, хъæбул, Советон Цæдисы хъайтар дзы нæй, фæлæ дзы Польшæйы Адæмон Республикæйы хъайтар, бæгуыдæр, ис. Æцæг æй, стыр хъыгагæн, æз нæ зонын».

Афтæ цыдысты азтæ æмæ мæн дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг фæндыд базонын нæ мыггагæй хъайтары сæраппонд исты, фæлæ уæд ахæм фадат кæм уыд. Афтæ рауад, æмæ нæ фарон фæхуыдтой Мæскуыйы горæтмæ, «Альфа» æмæ «Вымпел»-æй чи фæмардысты, уыдоны номыл мысæн турнирмæ. Ацы турнир уагъд цыд Физкультурæйы централон университеты (РГУФК — ГЦОЛИФК). Турниры фæстæ мын лæппутæ афтæ, зæгъгæ, университеты фæстæ ис, университеты рауагъдонтæй чи бабын сты, уыдоны обелиск æмæ дзы, зæгъгæ, дæ мыггагæй — Тедетæй дæр чидæр ис. Уыцы бон мын уырдæм бацæуын нæ бантыст, дыккаг бон та нæхимæ здæхтыстæм.

Дыууæ мæйы фæстæ уырдæм акодтон ахуыр кæнынмæ ме ’ртыккаг фырт Батрадзы æмæ уыцы обелиск дæр федтам. Уæд бацыдтæн университеты историйы архивмæ æмæ мын уым фехъусын кодтой, уыцы Тедеты лæппуйы тыххæй сæм æппындæр информаци кæй нæй. Æрмæстдæр ын зыдтой йæ ном æмæ йæ фыды номы фыццаг дамгъæтæ — «Я. Г.». Уым ма мын загътой, ацы цыртдзæвæн 1975 азы ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны рауагъдонтæ — хæсты ветерантæ кæй сарæзтой, фæлæ сæм уыдоны тыххæй дæр бæлвырд зонæнтæ нæ уыд. Æз бадзырдтон семæ, исты куы базоной ацы лæджы сæраппонд, уæд мын æй æвæстиатæй кæй фехъусын кæндзысты. Æмæ мæ нæ фæсайдтой, æрæрвыстой мæм: «Тедеты Ясон Георгийы фырт, 1917 азы гуырд, Хуссар Ирыстоны Цъунары хъæуккаг, ацы ахуыргæнæндоны 1941 азы рауагъдон, паддзахадон фæл-варæнты хæнт фæстæ бархийæ ацыд хæстмæ æмæ фæмард 1944 азы. Ныгæд æрцыд Кемеровойы кæнæ Польшæйы».

1997 азы мæ ныййарджытæ балхæдтой Цъунары хъæуы гыццыл хæдзар æмæ мын дзы бирæ зонгæтæ ис, стæй дзы ме ’мкусджытæй бирæ цæры ацы хъæуы. Æз арафæрс-бафæрс кодтон æмæ бæлвырдæй базыдтон, Ясоны бинонтæ æртæ лæппу æмæ дыууæ чызджы кæй уыдысты. Æфсымæртæ се ’ртæ дæр фæмард сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты. Уæд райдыдтон агурын информаци интернеты. Тедеты Ясон Георгийы фырт 1942 азы кæрон Украинæйы зæххыл фашисттимæ тохы фæци уæззау цæф æмæ уый аххосæй бахауд уацары. Уырдыгæй æрвыст æрцыд Поль-шæмæ концлагермæ. Уым чысыл куы фæфидардæр, йæ цæфтæ куы байгас сты, уæд ын бантыст йе ’мбæлттимæ ралидзын. Афтæ ба-хауд, командир Алексей Ботан («Майор Вихрь»-ы прототип ) кæмæн къухдариуæг кодта, уыцы хæцæг партизанон къордмæ. Æз чысылæй уыцы кинонывмæ фыццаг хатт куы кастæн, уæд мын мæ фыд дзырдта, уыцы къорды ирон партизан дæр кæй уыд. Кæцæй йæ хъуамæ зыдтаин уæд, уыцы хъайтар мæ мыггагæй кæй уыд. Уый Ботанæн канд йæ къорды нæ уыд, фæлæ ма уыд йе ’ввахс хæлар æмæ æмтохгæнæг. Уыимæ иумæ сæ дыууæ дæр уыдысты ахуыргæнджытæ æмæ æмгæрттæ. Йе ’мхъæуккæгты ныхæстæм гæсгæ, Ясонæн бантыст æцæг хъæбатырдзинад равдисын. Уый Польшæйы горæттæй иумæ бабырста фыццаг æмæ йæ знагæн спырх кæнын нæ бауагъта — йе ’мтохгæнджытимæ горæтыл æрхъула кодтой æмæ фашистты ныддæрæн кодтой. Йæ номыл уыцы горæты уынгтæй иуыл æвæрд æрцыд йæ ном дæр. Æцæг, Советон Цæдисы ныппырхимæ чизоны ивд æрцыд, фæлæ 1965 азы Стыр Уæлахизы бæрæгбон-мæ Тбилисы горæтмæ æрцыд Польшæйы минæвар æмæ йемæ æрхаста «Витурия Милитария» — «Сыгъзæрин Дзуар»-ы орден. Хорзæхджын дзы æрцыд Тедеты Ясон Георгийы фырт. Йæ хъæбатыр ’мхъæуккаджы тыххæй 2010 азы диссаджы уац ныффыста Лохты Джамбулат, ис интернеты дæр. Ахæм зæрдæмæхъаргæ фыст у, æмæ цæстытыл ауайы Гио æмæ Даройы (Ясоны ныййарджытæ) цард, не ’ппæт дæр æй æнкъарæм, цæй стыр трагеди æмæ æгæрон зæрдæйы рис у æртæ фырты фесафын. Ныййарæг мад æмæ фыды сæ амæлæты бонмæ дæр уырныдта, сæ фыртæй иу уæддæр кæй æрыздæхдзæн Райгуырæн бæстæмæ фæстæмæ. Гио куы мард, уæддæр фидарæй ныффæдзæхста: «Кæд, мыййаг мæ фырттæй исчи æрыздæха, уæд-иу мæм мæ ингæныл мæрдтæм ныхъхъæр кæнут: «Ма тыхс, Гио, дæ фырт æрыздæхт æмæ хæдзармæ йæ хъус æрдардзæн!»

Цæй диссаг у: мæ сабибонты йæ кæцæй хъуамæ зыдтаин, 1997 азы мæ ныййарджытæ Цъунары хъæуы Къалаты бинонтæй цы хæдзар балхæдтой, уыдонæн сæ чындз Ясоны хойы чызг кæй уыд. Æмæ-иу уыцы хæдзары æрвылаз дæр мæ сывæллæттæ æрвыстой сæ сæрдыгон улæфтытæ, ныр та ме ’ртыккаг фырт Батрадз ахуыр кæны Мæскуыйы, Тедеты Ясон æнтыстджынæй цы уæлдæр ахуыр-гæнæндон фæци каст, уым.

Раст фæзæгъынц, алцы дæр Хуыцауы къухы ис. Дунескæнæг нын æххуысгæнæг уæд æмæ хæст макуыуал æруадзæд!

Тедеты Сослан, ОМОН-ы командир, милицийы булкъон.

Наверх