“Сценæ цард у” — критикты бардуаг Белинский йæ загъта… Зæххон адæм уыцы æмхуызонæй бузныг сты Хуыцауæй, цард сын кæй радта, уый тыххæй. Хъуамæ бузныг уæм Хуыцауæй, сценæ нын кæй радта, уый тыххæй дæр — уымæн æмæ цахæм стæм, ахæмæй нæхи æрмæстдæр уым уынæм. Сценæ нæ ахуыр кæны цæрын æмæ цард уарзыныл, уæлион дунейы цард цахæм у, ахæмæй йæ æрмæстдæр сценæйыл ис фенæн. Цыфæнды стыр куыстуаты дæр гæнæн ис кусой æрмæстдæр дыууыназдзыдтæ кæнæ æвдайаздзыдтæ… Сценæйы уый гæнæн нæй, хъуамæ дзы алы фæлтæр дæр уа, уымæн æмæ цард афтæ у: хъуамæ дзы адæймаг гуыра, цæра, мæла…

Хъæуы дзы алы кар, алы фæлтæр дæр, фæ-лæ цæмæн афтæ тагъд згъоры уыцы фæлтæривæн рæстæг, цæмæн?.. Уанеты Æхсары цыма нырма тæккæ знон базыдтон æйттмардзæ æвзонг лæппуйæ… Фæлæ фæкæс, æмæ йыл æвдай азы сæххæст, кæд ыл уыцы азтæ бынтондæр ницæмæй зынынц, уæддæр. Нырма — æлвæст кардау тæлтæг æмæ цæхæрзæрдæ артист, фæлæ азты куыд бамбæхсдзынæ, куыд, куыдзы сæр бахæрой!.. Зно-нæй абонмæ кæстæр фæлтæрæй хистæр фæлтæры смидæг…

Афтæ нæ абоны хъайтар Сослан дæр — Нæртон дунейы нæртондæр гуырдтæй сæ иуы ном-хæссæг. Нарты ‘хсæн Сослан куыд хауы рæбинагдæр цæджындзтæм, афтæ йæ номхæссæг нырыккон Сослан дæр  ирон сценæйы, ирон аивады рæбинагдæр цæджындзтæй у.

Фæндзай азы, дам, ыл сæххæст… Куыд?.. Уый дæр та кæстæр фæлтæрмæ нал хауы?.. Æмæ нырма тæккæ знон куы ныррухс кодта йæ цæхæр цæстытæй ирон сценæйы рæсугъд æмæ ныфсы фидæн… Фæлæ… Куы загътам, уый цард у, ахæм у, нæхæдæг кæмæй цæрæм, уыцы цард дæр æмæ сценæйыл кæй уынæм, уыцы цард дæр…

Уый, ацы æнæхайыры фæлтæривæн æгæр тагъд кæй згъоры, уый тыххæй хъуыр-хъуыр кæнын, æн-дæра алы фæлтæрæн дæр йæхи фидыц ис, Бибылты курдиатджын Сосланæн куыд ис сценæйыл йæхи фидыц, афтæ. Сфидыдта йыл йæ æрыгон фæзындæй, фидауы йыл йе ‘мбис кары дæр!

Æцæгæйдæр, цыма нырма знон уыд… Хæстарыд, блокадæйы рæхыстæй æлхъывдбаст, йæ хъæдгæмттæй хъæрзæг, æнæныфс Хуссар Ирыстон… Йæ иунæг æви нæ иунæг сагъæс: цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?.. Æмæ, цыма ныл Дунесфæлдисæг Хуыцау цъæхарвыдзаг сыгъзæрин хоры зæй рауагъта… Уый уыд 1994 азы. Мæскуыйæ æрыздæхтысты, цыппар азы размæ нæ театр Щепкины номыл театралон институтмæ цы ног фæлтæр арвыста, уыцы студийы ахуырдзаутæ.

Æрыздæхтысты нæм цæттæ, профессионалон артисттæй. Сæ иуæй се ‘ннæ — æвзонгдæр, сæ иуæй се ‘ннæ — рæсугъддæр æмæ курдиатджындæр. Се ‘хсæн уæлдай ирддæрæй чи зынд, уыдонæй иу уыд Сослан, нæ абоны юбиляр. Æниу сæ уæд нырма уадиссаг ничи никæй зыдта, цин сыл кодтам иууылдæр, фæлæ сын нæма фæцис сæхи нын сценæйæ хуыздæр базонгæ кæныны фадат, алкæй дзы нæма зыдтой номæй æмæ сæ хуыдтой: Джиоты Тамангойы лæппу, Гаглойты Ростикы лæппу, Бибылты Жорайы лæппу æмæ афтæ дарддæр.

Бибылты Жорайы лæппуйæн, абоны Республикæ Хуссар Ирыстоны Адæмон артистæн йæ ном хуынд Сослан. Бæрзонд, æлвæст, цæхæрцæст… Алы артист дæр æндæрты ‘хсæн цавæрдæр æрдзон бæрджытæй фæдары бæрæг — Сослан æндæрты ‘хсæн бæрæг дардта йæ цæстыты цæхæр æрттывдæй. Талынг, æнæрухс сценæмæ, цас дзы бацæуа, уыйбæрц артистты ракæн æмæ сæ æнæзмæлгæ, æнæдзургæйæ слæууын кæн, уæддæр залы бадджытæ се ‘хсæн Сосланы базондзысты. Йæ цæстытæй… Йе сфæлдисæджы цæст ын рæдауæй бауарзта диссаджы курдиат, сценæйон парахат авналæнтæ, ирд фæлгæндзтæ аразыны арæхстдзинад. Хуымæтæджы не свæййы алыгъуызон æмæ бирæнымæц театралон фестивалты лауреат.

Ныр æй æппæтварсонæй зоны алчи дæр: йæ цæхæр цæстытæй дæр æмæ йæ уæнгты темпераментон змæлдæй дæр, йæ комедион мидбылхудтæй дæр æмæ трагизмы æрхæндæг цæстæнгасæй дæр, йæ уæздан интеллектуалæй дæр æмæ арф мидисджын сныхасæй дæр, сценæйыл хъазын нæ, фæлæ цæрын зоныны арæхстдзинадæй. Фыццаг хатт æй Фандойы ролы хъазгæ куы федтон, уæд йæ удуæлдай хъазтæй риссаг æхцондзинад исыны æмрæстæджы тыхстæй хъуыды кодтон: «Йæ бон ма бауыдзæн ролæй рахизын, фæстæмæ ма Сослан суыдзæн?..».

Фæлæ алы спектаклы фæстæ дæр фæстæмæ свæййы Сослан. Йæ зæххон царды иу ролæй иннæйы ‘хсæн кæддæриддæр Сослан у, Бибылты Жорайы лæппу. Йæ сце-нæйон цардмæ куы бахизы, уæд йæ рагон нæртон ном рæстæгмæ фæскулисты ныууадзы, афтæмæй бацæуы кæйдæр удысконды — удуæлдай æмæ зæрдæбынæй.

Стæй йын уæлдай нæу: йæ фæлгондз сæйраг у æви фæрсаг, комедион æви трагедион, æвæрццаг æви æппæрццаг, ирон у  æви уæды онг хъусгæ дæр кæй никуы фæкодта, ахæм нацийы минæвар… Сосланæн ис фæлгæндзтæ, кæцытæ йын дихкæнинаг не сты, алкæй уды бынаты дæр сæ нывæры йæхи уд, уымæн æмæ уыдонæй алчи дæр хицæн адæймаг у, алкæмæн дæр дзы йæхи статус, йæхи æз, йæхи философон цæстæнгас ис цардмæ, дæлдæр-уæлдæры бынаты дзы никæй æрывæрдзынæ, сайгæ дзы никæй фæкæндзынæ… Бафæлвар æмæ иунæг хатт дæр дæ фæлгæндзтæй искæйы миддунейы куыдфæндыйы, ома, уæлæнгай цыд бакæн, йæ цин, йæ рис ын ма банкъар, афтæмæй йæ уазæгадтейы хъазт акæн!..

Нæ дын батайдзæн!.. Дæхæдæг тынг куы бацархайай йæ бамбæхсыныл, уæддæр æй фæлгондз æмæ сценæмæкæсæг фæхатдзысты æмæ дын нæ ныббардзысты ахæм гадзрахат…

Уый æз æцæг сценæмæкæсæгæй зæгъын, Фандо æмæ Лисы удхъизæ-марыл чи нæ чыр-чыр æмæ пыр-пыр кæны, аивады комулæфт чи æнкъары, театрмæ рæстæг арвитынмæ чи нæ бацæуы, фæлæ сценæ-йыл цард фенынмæ…

О, Фандойы тыххæй… Зындгонд испайнаг сценарист Фернандо Аррабалы уацмысмæ гæсгæ спектаклы кой кæнын. Цалдæр азы размæ йæ нæ театры сценæйыл сæвæрдта иу æвзонг, суинаг режиссер. Мах бæрц ницæмæй зонæм. Цы не ‘мбæлы, уыдæттæ ма нын æгæр дæр фæвæййынц, кæм нæ хъæуы, уым та — консерватортæ… Фыццаг премьерæйы фæстæ фæйнæрдæм фæдисы дзæнгæрджытæ ныццагътой, уымæй лæмæгъдæр спектакль, дам, никуыма æрцыд æвæрд нæ сценæйыл. Мæхи раз дæр мын бæндæнтæ айтыгътой: ма йæ  фен, бафынæй дзы уыдзынæ, театр дæ удхæссæг фестдзæн…

Адæймаг та цымыдисы къæдзилыл баст у… Федтон æй уæддæр… Федтон æй æмæ театр мæ удмæ феввахсдæр! Кæй мын смам кодтой, уыцы спектакль мæ йæхимæ нылвæста йæ арф мидис æмæ царды хъизæмаримæ удуæлдай тохæй. Сосланы федтон «Гамлет»-ы, «Мад Кураж æмæ йæ сывæллæттæ»-йы, «Годомæ æнхъæлмæ кæсгæйæ»-йы, «Чарлейы мады хо»-йы, «Юлий Цезарь»-ы æмæ бирæ, бирæ æндæр спектаклты, фæлæ мæм афтæ фæкаст, цыма ацы ролы райдыдта æргом кæнын йæ диссаджы курдиат. Спектакль уæззау у, æндзыгбаст кæны адæймаджы, фæлæ йæ лæмæгъæй нæ — примитив йæ удхæссæг кæмæн у, ахæм бæрзонд аивадæй. Уыцы æндзыгбаст уæз хæссынц дыууæйæ: Фандо æмæ Лис — Бибылты Сослан æмæ Натиа Чохели. Сæ уæззау уаргъы уæзæй сæхи удтау хъæрзынц æгомыг кулисæтæ дæр. Фæлæ… Кæсæн залы — иугай адæймæгтæ, уыдонæн дæр сæ фылдæр æнæсæрфат худт кæнынц, уымæн æмæ не ‘нкъарынц спектаклы трагизм, нæ йын æмбарынц йæ мидис, æвæццæгæн, нæма сырæзтыстæм аивадмæ профессионалон цæстæй кæсыны æмвæзадмæ. Хъусын уыцы æнæджелбетт пыррыччытæ, фæлæ мæ не ‘ндавынц — зæрдæйы рæбынтæм чи агайы, уыцы рыст удты хъарæггæнæг аивад мæ йæ уацары бакодта…

Бирæ дзурæн ис нырыккон нæртон Сосланы бирæнымæц фæлгæндзты тыххæй, фæлæ газетон æрмæг уый фадат нæ дæтты. Иуы койæн дзы уæддæр æнæскæнгæ нæй…

Нырма дæр мæ афæрсынц чидæртæ:

— «Фатимæ»-йы федтай, дæ зæрдæмæ куыд фæцыд?..

— Сослан дзы тынг у, — нырма дæр радтын уыцы иугъæдон дзуапп.

Уый йæхи рагбонты бæллиц уыд Сосланæн. «Фатимæ»-йы Дзамболаты ролы ахъазын. Æмæ йæ ахъазыд. Ахъазыд нæ — бацыд йæ уды æмæ нын фенын кодта  Дзамболаты æцæг миддуне. Ныры онг цыма цыдæр къуындæг æмæ æбæлвырд фæлгæтты æвæрд уыд… Уый Дзамболатæй зæгъын, куыд аивадон фæдгондз, афтæ. Фæлæ та Сослан сарæхст йæ хъайтары уды рæбынтæм философы, психологы цæстæй ныккæсынмæ æмæ та нын фенын кодта хуымæтæджы зæххон, фæлæ вазыгджын фæлгондз. Цæмæдæр гæсгæ театралон критикæйæн Дзамболатмæ кæддæриддæр уыд уыцы иугъуызон æппæрццаг ахаст: у цъаммар, тугмондаг,æнæууæнк, æгъатыр… Сослан ын æндæр, лæмбынæгдæр цæстæй ныккаст йæ хъысмæтмæ. Æмæ нын бауырнын кодта, Дзамболат йæхæдæг дæр царды æгъатырдзинад æмæ амондфæлдисæджы амæттаг кæй у, фенын нын кодта бынтон æндæр адæймаджы, йæхи хъысмæт, йæхи дудгæ рыст, йæхи трагикон ныхыфыст æмæ судзгæ уарзтимæ. Цыма нын уайдзæф кæны, цыма нæм сценæйæ комкоммæ дзуры: «Оу, мæнæ диссаг, цы дзы домут, цы — авд азы йæ къухы ныхтæй сыджыт чи къахта, цæмæй уацарæй раирвæза æмæ йæ Фатимæмæ æрцæуа, уый бафæрæзта уыцы авд азы хъизæмарæн, раирвæзт æмæ æрцыд йæ Фатимæмæ, фæлæ… фæлæ йæ йе ‘ххуырсты, йæ фыййауы усæй æрæййæфта… Сымах цы бакодтаиккат уый бынаты, арв уæ макуы ныццæва?!.».

Æниу, уый театрдзауæн æнæнхъæлæджы нæ уыд. Сосланы чи зоны, Сосланыл чи æууæнды, уыцы театрдзауты кæддæриддæр ныфс ис, цыфæнды фæлгондзы бæрны ма бацæуа, сарæхсдзæн ын йæ уды арф æвæрæнтæм ныккæсын…

Æмæ уыцы ныфс тыхджынæй-тыхджындæр кæны æнусы цыппæрæм хайы бæрц. Æрдæг æнус чи батыдта, уый æвзæнгтæм бæргæ нал хауы, фæлæ та ам дæр хъысмæт йæ къух ацарæзта рагон нæртон номы нырыккон номхæссæгæн: хуыцауы къахæргæвдæг цардæмбал ын ис, йæхæдæг æй «æрра талант» хоны — Сапиаты Зæлинæ. Æмæ уый кæуыл ныиииичъи уа, уымæн зæрондæй тас нæу, хъуамæ æвзонг уа цыфæнды кары дæр, æвзонг æмæ, Сосланыл куыд фидауы, афтæ: æвзонг æмæ цæхæрцæст. Æмæ афтæ куы уа, уæд æрмæст йæхæдæг нæ уыдзæн амондджын — уымæй ирон сценæ уыдзæн амондджын!

Гæбæраты Юри

Наверх