Зын зæгъæн у, ацы ахсджиаг бонмæ, ома 2008 азы августы 26 æм бонмæ ирон адæм кæд райдыдтой æнхъæлмæ кæсын… Зын зæгъæн у, уымæн æмæ нæ царды цы бирæ ахсджиаг ивындзинæдтæ æрцыд, уыдонæй алкæцы дæр нæ адæмы зондахаст æмæ сомбоныл хъуыдыкæнынадмæ хаста йæхирдыгон æндæвдад. Зæгъæм, советон дуджы ирæттæй бирæтæн, бирæтæн цы — сæ фылдæр хайæн сæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыд, искуы ахæм бон æрлæудзæн, кæнæ йæм æнхъæлмæ кæсын хъæуы æви нæ, уыдæттæ.

Фæлæ, уыдæттыл хъуыды кæнынмæ нæ кæм не вдæлди, уыцы дуг, советон цардыуаг куы ныппырх, дуне куы сæмтъеры æмæ удисæг Советон Цæдис уæды онг æфсымæртæ цы адæмты хуыдта, уыдон кæрæдзимæ марæн кæрдтæ куы систой, тыхджындæр æдыхдæры аныхъуырынмæ куы ‘рхъавыд, уæд мах, ирон адæмы дæр, бахъуыд нæ хъысмæтмæ æндæр цæстæй акæсын, нæ кæс-тæрты фидæныл æндæргъуызон ахъуыды кæныны сæр.

Уый уыд уыцы рæстæджы, нæ разы Гамлеты фарст куы слæууыд: уæм ма æви мауал уæм…

Æмæ нæ цы фæндæгтæ æвзарын бахъуыд, уыдонæн се ‘ппæтыл дæр фæуæлахиз иу фæндаг. Иу фæндаг, фæлæ æртæгъуызон нысанмæздæхтæй: Гуырдзыстоны æфсондзæй фервæзын, Ирыстонæн йæ цæгат хайимæ баиу уæвын æмæ афтæмæй Уæрæсейы скондмæ бацæуын. Уыцы иунæг фæндаг официалонæй бафидар кодтой ирон адæм 1992 азы январы мæйы ауадзгæ референдумы дæр. Æмæ ныр абон чидæртæ, Ирыстоны дыууæ хайы баиу кæнын æмæ Уæрæсейы скондмæ бацæ-уыны фæндон фехъусгæйæ, сæ риутæ ныххойынц, нæ хъæбулты хуыздæртæ сæ цард нæ хæдбардзинады сæрвæлтау уый тыххæй нæ радтой, цæмæй искæйимæ баиу уæм, зæгъгæ. Уыдонæй рох фæцис æви æфсон кæнынц, уый зын бамбарæн у, фæлæ ис историон рæстдзинад, кæцыйæн аивæн нæй: нæ хъæбулты хуыздæртæ сæ цард радтой уый тыххæй, цæмæй Ирыстон хæдбар уа Гуырдзыстонæй!

Æмæ кæд махæн, Ирыстонæн йæ хуссар хайы цæрæг ирæтты бæрæг фылдæр хайæн, нæ сæйраг бæллиц æнæфæивгæ у, уæддæр нæ царды стырдæр æмæ ахсджиагдæр бонтæй иуыл ны-майæм 26 август, Уæрæсейы Федераци нын нæ хæдбардзинад куы банымадта, уыцы бон. Уый фæстæ нын нæ хæдбардзинад банымадтой ноджы æндæр паддзахадтæ дæр. Ис исы нæ мары, — зæгъы ирон æмбисонд: фæнды нæ, тынг нæ фæнды, ноджы ма нæ куы банымаиккой æндæр паддзахадтæ дæр, фæлæ нын уæддæр æмæ уæддæр сæйраг у, стыр æмæ нæ хъомысджын Уæрæсе кæй банымадта. Уæрæсеимæ иумæ уæвыны бæллиц æмæ фæндиаг, абон кæнæ знон нæ фæзындысты, уый нæ рагон, нæ зондджын æмæ куырыхон фыдæлты равзæрст фæндаг у. Æндæр, хуыздæр фæндаг дзы нæй, истори нын æй нæма фенын кодта. Нæ тугæйфыст истори, нæ географион равæрд æмæ дунеон геополитикæ дæр нын афтæ зæгъынц: æндæр, хуыздæр фæндаг дзы нæй!..

Бирæ зæгъинæгтæ нын ис абон, нæ ивгъуыды тыххæй дæр æмæ нæ абоны тыххæй дæр. Иууыл фылдæр зæгъинæгтæ та — нæ сомбоны тыххæй. Фæлæ уал абон нæ сæйраг зæгъинаг у, уыцы хъысмæтскъуддзаггæнæг боны тыххæй:

Уæлахиз уæд уыцы бон!

Сыгъзæрин фестæд, Уæрæсейы Федерацийы Президент æгас дунейæн нæ хæдбардзинад банымайыны тыххæй куы фехъусын кодта, уыцы бон!

Наверх