2008 азы 12 августы Хуссар Ирыстоны гуырдзиаг-ирон хæст кæй фæцис, уый цытæн медиа-центр «Ир»-ы ауагъдæуыд тымбыл фынг ахæм темæйыл «12 август — Уæлахизы бон».

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады батальонты раздæры командиртæ, кæцытæ хайад райстой гуырдзиаг-ирон хæсты.

Медиа-центры президент Гаглойты Иринæ куыд радзырдта, афтæмæй 1989 азæй 2008 азмæ рæстæг алы ирон адæймаг дæр йæ зæрдыл дардзæн куыд Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæст, афтæ. «Мах зонæм, абон дæр уавæр бынтон нывыл кæй нæу. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, адæймаг цæры мысынадимæ æмæ йæ алыварс цы цæуы, уый хъуамæ хъуыды кæна. Хъыгагæн, афтæ рауад, æмæ нæ календарон бонтæм æмбæлон ахаст нæй. Нæ ногдæр историйы алы бонæн дæр йæхи нысаниуæг ис, æмæ календары дæр нысан хъуамæ æрцæуа, куыд æмбæлы, афтæ. Цæмæй мысынад ма фесæфа, 20-æм азты цаутæ куыд рох кæнынц, уыйау, уый тыххæй уыцы историйы фæхæццæ хъæуы нæ фæстагæттæм», — загъта Гаглойты Иринæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2008 азы 12 август у Уæлахизы бон.

«Уый у, политикон уынаффæ цы бон райстæуыд, уыцы бон. Уæд Хуссар Ирыстоны адæм зыдтой, уыцы боны фæстæ цы ахсджиаг уынаффæтæ райст æр-цæудзысты, кæцытæ æркæндзысты 26 августмæ — нæ республикæйы нын Уæрæсейы Федераци куы банымадта, уыцы бонмæ», — банысан кодта Гаглойты Иринæ.

Экономикон рæзты министр Кокойты Геннадийы ныхæстæм гæсгæ, уыцы рæстæджы цы цаутæ цыд, уыдон баззайдзысты, нæ адæмæй уæд Хуссар Ирыстоны чи цард, уыдоны зæрдæты, никуы сæ ферох уыдзысты.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй 7-æм августы изæры Саакашвилийы ныхæстæ, ома, нæ уыдзæн хæст,  бирæты бауырныдтой, уыцы нымæцы нæ республикæйы къухдариуæгады дæр. Августы хæстмæ бацæттæ кæнынæн хъуыд рæстæг дæр æмæ адæм дæр. Батальонтæ ныхкъуырд радтаиккой знагæн, фæлæ ахæм æхстытæм, бомбæзгъæлстмæ цæттæ нæ уыдысты.  Уымæ нæ кæсгæйæ, горæты гуырдзиæгтæ нæ бацахстой, уымæн æмæ сæ дыууæ хатты асырдтой нæ лæппутæ.

«Дыууæ хатты нæ хæстонтæ горæтæй атардтой гуырдзиаг хæстонты. Нæ сæ бауагътой горæт æххæстæй бацахсын. 9-æм августы ма иу хатт гуырдзиæгтæ бавæлвæрдтой горæт бацахсын, фæлæ сын уæддæр нæ бантыст. 10-æм августы та мах сыгъдæг кодтам горæт, цы иугай гуырдзиаг снайпертæ ма баззад, уыдонæй», — загъта Кокойты Геннади

Уый банысан кодта хæсты рæстæджы хуссарирыстойнаг адæмон хæдæфсады ныфсхастдзинад æмæ хъæбатырдзинад.

«Раст у,  гуырдзиаг агрессийæн ныхкъуырд радтыны хъуыддаджы Уæрæсейы æфсад хъыс-мæтскъуыддзаггæнæн ролы ахъазыд, фæлæ уымæ нæ кæс-гæйæ, нæ хæдæфсады хæстонтæ цалдæр хатты аппæрстой фæстæмæ, сæхицæй бирæ хатты фылдæр æмæ бирæ хуыздæр гæрзифтонг чи уыд, уыцы гуырдзиæгты. Уый банысан кодта хæстон иртасæг Влад Шурыгин дæр. Уый куыд фыста, афтæмæй ирæттæ равдыстой, æмбал кæмæн нæй, ахæм хъæбатырдзинад. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, иуæй-иутæ дзурынц, зæгъгæ, ирæттæ бирæ ницы сарæзтой августы хæсты рæстæджы. Мах уыцы ныхæстæн дзуапп куынæ радтæм, уæд уыцы хъуыды цадæггай ныффидар уыдзæн, уыцы хæст йæхи цæстæй чи нæ федта, махау мæлæты цæстытæм чи нæ каст, нæ уыцы кæстæр фæлтæры ‘хсæн», — банысан кодта уый æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, 2008 азы августы хæсты иууыл стырдæр зиан æрцыд Хуссар Ирыстоны адæмон хæдæф-сады хæстонтыл. Уыдонæй фæ-мард 29 адæймаджы, дæсгæйттæ та цæфтæ фесты, уымæн æмæ хæсты фæтох кæнынц адæмон хæдæфсад, уыдон вæййынц иууыл тæссагдæр рæтты» — загъ-та Кокойты Геннади.

Дменисы батальоны командир Кокойты Валери дæр банысан кодта, 2008 азы августы тыххæй фылдæр дзурын кæй хъæуы фæсивæдæн.

«Ам чи нæ уыд, уыдон фæдзурынц, ома, нæм уыд фондзбонон хæст, фæлæ уый раст хъуыды нæу. Хæст махмæ райдыдта бирæ раздæр. Цæмæй нæ истори ма рох кæнæм, уый тыххæй мах арæхдæр хъуамæ дзурæм. Уыцы цаутæ хъуамæ фыст æрцæуой раст, уымæн æмæ йæ алчи дæр зоны, хуссарирыстойнаг хæстонтæ куынæ уыдаиккой, уæд уæрæсейаг æфсад кæдæм æрцыдаид, уый нал уыдаид. Нæ хæстонтæ бахъахъхъæдтой горæт. Августы хæсты тыххæй бирæ чингуытæ рауагъдæуыд,  фæлæ сæ бирæты раст информаци нæй, уый тыххæй мах нæхæдæг хъуамæ фыссæм æмæ дзурæм», — банысан кодта Кокойты Валери.

Уый ма бахахх кодта, знаджы раз хуссарирыстойнаг адæм сæ сæртæ кæй никуы æркъул кæндзысты, уæлахиз дæр нæ адæмы къухты уый тыххæй бафтыд.

Бæззаты Инал æмæ Бестауты Тамаз дæр радзырдтой хæсты эпизодтæй цалдæры тыххæй.

Йæ рады Бететы Юри дæр загъта йæ хъуыдытæ 12 августы боны тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 12 август хъуамæ нысан æрцæуа Уæлахизы бонæй. Ацы хъуыдыйы фарс рахæцыдысты мадзалы хайадисджытæ. Тыбылты Азæйы ныхæстæм гæсгæ «зыгъуыммæгонд цæуы нæ ногдæр истори. Нæ сæ фæнды дзурын, 19 азы дæргъы нæм цы хæст цыд æмæ 2008 азы 12 августы чи фæцис, уый тыххæй. 12 августы бон мах хъуамæ нысан кæнæм бæрæгбонæй. Гуырдзыстон капитуляцийыл йæ къух кæй нæ бафыста, уый нæ нысан кæны, æмæ уыцы бæстæйы æфсæдты нæ фæсырдтой нæ лæппутæ».

Кæронбæттæны мадзалы хайадисджытæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, æх-сæнады хъусдард аздахын хъæуы, цæмæй уыцы бон куыд æмбæлы, афтæ нысан цæуа, ома, Уæлахизы бонæй.

Осиаты Индирæ

 

Наверх