Ӕвӕдза, цас аивадон бынтӕ сфӕлдисын бантыст нӕ фыдӕлтӕн… Кӕд уӕззау, зынвадат уыд сӕ цард, уӕддӕр сӕ уӕгъд нӕ уагъта иу ахсджиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хъуыддаг: цард ӕрмӕст иу бонӕй нӕу, хъуамӕ хъуыды кӕнай канд дӕхиуыл нӕ, фӕлӕ сомбоны фарстатӕ скъуыддзаг кӕныныл дӕр. Ӕрмӕст аивады дӕснытыл цӕст ахӕсгӕйӕ дӕр мах сӕрыстырӕй ахъуыды кӕнӕм, Ирыстоны цудын кӕй нӕ уагътой, ӕдзухдӕр йӕ хӕрзӕбонӕн кӕй уыд сӕ тырнындзинад, аивады фадыджы размӕцыдмӕ сӕ хайбавӕрд кӕй хастой ӕмӕ йӕ кӕй хъӕздыгдӕр кодтой. Цы уадынгӕрзтӕ рантыст сӕ къухӕй, стӕй сыл цы диссаджы уацмыстӕ сфӕлдыстой, уыдон, кӕд иууыл нӕ, уӕддӕр нӕм абоны бон цы ис, уыдон сты диссаджы хъӕздыг ӕвӕрӕнтӕ.

Ирон уадынгӕрзтыл хорз чи цагъта, стӕй не сфӕлдыстадон къӕбицмӕ аккаг хуынтӕ чи бахаста, уыдоны нымӕцы сты Сланты Гаха, Саулохты Гӕбӕдз, Къӕбысты Баир, Гӕззаты Бетъре, Абайты Цицкъа, Джыккайты Аким, Челӕхсаты Пируз, Зыгъуыттаты Бибо, Наниты Андро, Таутиаты Дрис, Гуыриаты Уырысби, Баликъоты Аслӕмбег, Бӕззаты Майрӕм, Джусойты Кудза, Саулаты Дрис, Тобойты Цыцеу, Дзодзыккаты Харитон, Хӕдарцаты Эльбрус, Бестауты Серги, Ӕхболӕтты Георги, Темыраты Харитон, Хаймӕнты Афанас, Саппиаты Къола, Абайты Иликъо, Хъыргъаты Габо, Кокойты Таймураз ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ирон аивады къӕбицмӕ аккаг хуын чи бахаста, уыдоны нымӕцы ис Томайты Мысырби дӕр. Уымӕн Цӕгат Ирыстоны радиокомитет йӕ цӕгъдтытӕй ныффыста цалдӕр ӕмӕ сæм уыцы рӕстӕджы радиомӕхъусджытӕ хъуыстой тынг ӕхсызгонӕй. Йӕ репертуары ма дзӕвгар цӕгъдтытӕ уыд, радиокомитеты кусджытӕ дӕр ӕм арӕх хатыдысты, цӕмӕй иннӕты дӕр ныффыстаиккой, фӕлӕ бонӕмгъуыды аххосӕй уыдон фыст нал ӕрцыдысты. Мысырби кӕй ӕххӕст кодта, уыдоны нымӕцы уыдысты кадджытӕ «Хуха ӕмӕ Нарсау», «Бадилаты балц», «Иунӕг», «Ӕлдарты Куыцыкк», «Нарты Батрадз», «Софиайы зарӕг», «Къарджиаты фаззӕтты зарӕг», «Дзылаты Дзандзӕбӕхы зарӕг», «Бӕтӕйы фыртты зарӕг», «Къубалты Куыдзыгусы зарӕг», «Майрӕмыхъуаты Дзабойы зарӕг», «Кодзырты Дзӕрӕхмӕты зарӕг», «Уастырджийы зарӕг», кафыны цӕгъдтытӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Мысырби зарджытӕ кодта йӕхӕдӕг дӕр, зӕгъӕм, «Зарӕг Лениныл» рауад тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ.

Мысырби райгуырд 1904 азы Куырттаты комы, Къорайы. Хӕххон лӕппу чысылӕй арӕх цыд фыййау ӕмӕ-иу уырдӕм, стырӕй бафтгӕйӕ, йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты йӕ сабион бонтӕ. Хъыгагӕн, бинонтӕ уӕззау маст бавзӕрстой, ӕнӕхъуаджы сæ кӕй скулак кодтой, уымӕй ӕмӕ 12 азы фӕиппӕрд сты Ирыстонӕй. Мысырби хорз арӕхст къухӕй куыстмӕ, фӕлӕ ӕппӕты тынгдӕр йӕ зӕрдӕмӕ арф айста хъисынфӕндыр ӕмӕ ӕдзухдӕр уыд йе ‘мбӕлццон. Томайты Мысырби абон кӕд не ‘хсӕн нал ис, уӕддӕр цы фӕллӕйттӕ ныууагъта, уыдонимӕ йӕ хорзӕн мысдзысты йӕ раттӕг адӕм.

Хуыбиаты Никъала

Наверх